Президент Бибылты Анатоли байхъуыста Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мураты хыгъдмæ, æруынаффæ кодтой автотранспортон фæрæзты рæстæгмæ ввоз саразын фарстытыл.

«Сымах бирæ рæстæджы кусут ацы проблемæтыл, кæцытæ сты таможнæйы. Сæйраджыдæр, уый хауы ввозмæ, стæй пенситæй сифтонг кæнын, куыстмыздтæ фæбæрзонддæр кæнынмæ. Зонын æй, махæн ис æнтыстытæ æмæ ногдзинæдтæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Цхуырбаты Мурат радзырдта, уæрæсейаг коллегæтимæ бадзырдты фæстиуæгæн кæй райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн автотранспортон фæрæзты документацийы арæзт фæхуымæтæгдæр кæныны фæдыл сразыдзинад.

«Сразыдзинæдтæ ист æрцыд, кæцытæм гæсгæ абоны бон транспортон фæрæзты рæстæгмæ ввозтæ лæвæрд цæуынц уадзæн пункт «Дæллаг Зæрæмæджы» иу азæн. Уыдон сты иухаттон ввозтæ, æмæ траснпортон фæрæзты хыгъдон карточкæтæ, ома, бирæхаттон ввозтæ. Афтæ ма скъуыддзаг цæуы фарст, кæцыйы фæрцы ввозтæ лæвæрд цæудзæн горæт Цхинвалы Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйон комитеты.

«Ныртæккæ мах архайæм чысыл техникон фарстытыл. Не ‘мбæстæгтæн фадат ис ввоз рагацау райсынæн, арæныл ахизыны размæ фондз боны æмгъуыдмæ», – банысан кодта Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг.

Йæхи фарсæрдыгæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ввоз саразыны ног уавæртæ фæхуымæтæгдæр кæндзысты æрмæст машинæты хицæутты цард нæ, кæцыты нал хъæудзæн æрвылмæй дæр арæныл хизын, фæлæ ма таможнæйон пункт «Дæллаг Зæрæмæджы»  сæвзæргæ радтæ фæкъаддæр кæнын дæр.

Президенты ма бацымыдис кодта товартæн документтæ саразыны фарст.

Цхуырбаты Мурат ныфс бавæрдта, фæстаг рæстæджы, уæзтæ æмæ товартæ ласын æмæ документтæ аразыны фæдыл проблемæ нæ уыдзæн.

«Товарты фæдыл документтæ арæзт цæуынц таможнæйон минæвæрттæм, афтæхуыйнæг брокертæм. Проблемæтæ нæй товарласджытæн. Амалиуæггæнджытæ сты райгонд,  кусынц закъоны фæлгæтты. Фæстаг рæстæджы нæм хъæстытæ нæ уыд», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.