Революцийы агъонмæйы Ирон адæмы истори æмæ культурæйы рæзтыл чи дзура, уый нæ ахиздзæн, йæ рæстæгмæ гæсгæ, зынгæ ахуыргонд, Ирыстонæн культурон фронты егъау лæггæдтæ чи бакодта, уыцы епископ Иван Чепиговскийы иувæрсты.  Ирыстонмæ куы ‘рцыд, Иры дзыллæимæ куы базонгæ, ирон æвзаг куы сахуыр кодта, егъау æхсæнадон æмæ ахуырадон хъуыддæгтæм куы бавнæлдта, уæд йæхи хонын райдыдта Иосиф Владикавказский дæр.

Чепиговский Иван Иры интеллигенцийæ иууыл æввахсдæр уыдис Колыты Аксоимæ. Ирондзинады Аксойæн саразын цы бантыст, уым Иваны хайбавæрд егъау уыд.

Аксойы стыр хъуыддæгтæй иу уыд Туркмæ лидзæг адæмы æруромын, уыдон ацу æмæ ма æрцуйы фæндагыл кæй цæуынц, уый бамбарын кæнын. Уый стыр лæгдзинад уыд Аксойæн, Аксо та Къуындыхаты Муссæйæн стыр цæлхдур кæй разынд, уый бæлвырд у сæ фембæлдæй. Цæвиттоны хъуыддагæй, Муссæ йæ урс бæхыл æрцæйцыд проспекты, уæлæмæ та къахæй фæцæйцыд Аксо, фесты хæрхæмбæлд, кæсынц кæрæдзимæ – Муссæ уырдыгмæ, Аксо – хæрдмæ. Муссæйы ныхас уыд ахæм йæ æхсаргарды сæрыл хæцгæйæ: – ды мæ ныхмæ афтæ куы цæуай, уæд дын ацы æхсаргардæй дæ бæрзæй ахауын кæндзынæн. Аксо йæ мидбылты бахудт, йæ кърандас систа æмæ йын зæгъы: – æз та дын амæй дæ былтæ фæнæмдзынæн.

Аксойы дзуаппы нысаниуæгыл нæ дзурдзыстæм, ам зæгъын хъæуы, ацы уæззау æмæ карз дуджы Аксойæн йæ фарсмæ, Аксойæн æххуысгæнæг уыдис Иван Чепиговский.

Гæдиаты Секъайы цæсты хуымæтæг Ирæттæ нæ уыдысты Аксо æмæ Муссæ. Секъа Аксойы схуыдта чырыстон ирæтты фæтæг, Муссæйы та – пысылмон ирæтты фæтæг. Секъа фыссы: «Сæ дыууæ дæр Ирыстоны уарзондзинады рохтыл рахæцыдысты æмæ йæ райваз-байваз кæнынц….».

Секъа дæр Аксойы æвварс уыд æмæ йæ афтæ зæгъы: «Аксойы æнæнхъæлæджы мæлæт куынæ æрцахстаит, уæд Муссæйæн йæ фæндтæ сæххæст кæнын нæ бантыстаит….». Аксойы руаджы лидзæг адæмæй бирæтæ сæ фæнд куыд аивтой, уый дæр бæлвырд, йемæ йæ агитацион куысты Иван дæр кæй уыд, уый дæр бæлвырд у.

Кæд Иван Чепиговскийы тыххæй нæ къухы фаг æрмæджытæ нæй, уæддæр мах хæсджын стæм йæ райгуырды 200 азы бон уый ном ссарын, цæмæй йæ зонæм, ацы лæг нын зынаргъ цæй тыххæй у.

Чи уыдис Иван Чепиговский (Иосиф Владикавказский)?

Иван Чепиговский уыдис украинаг. Райгуырдис 1821 азы Днепропетровскы, Ивановкайы хъæуы. Йæ дугмæ гæсгæ, ахуыргонд лæг уыд. Нырма каст фæцис Херсоны семинар, фæстæдæр та Киевы духовон академи.

Кавказ йæ рæсугъддзинадæй рагæй хуыдта йæхимæ, куыд Уæрæсейы зынгæ адæймæгты, афтæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ æмæ бæлццæтты дæр. Кавказы рæсугъддзинад фыццаг хатт Иван федта 1847 азы, куыд хуымæтæг бæлццон нæ, фæлæ куыд ахуыргонд адæймаг. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, академийы фæстæ æрвыст æрцыд Тифлисмæ инспектор æмæ ахуыргæнæгæй. Тифлисмæ æрцыд ын фæцис масты хос, Телауы духовон ахуыргæнæндонмæ йæ æрхуыдтой, афтæмæй дзы сæрибар бынат нæ уыд.

Иван аззад цалдæр мæйы æгуыстæй, стæй йæ арвыстой Фæскавказы институтмæ. Бинойнагæн æркодта гуырдзиаг чыз-джы. Уæдмæ Тифлисы экзархы къухы ссис дъякон, лæвæрд ын æрцыд хорзæхтæ дæр, йæ усы руаджы ахуыр кæнын райдыдта гуырдзиаг æвзаг, уый æмрæнхъ  йæ хъус дарын райдыдта ирон æвзагмæ дæр.

Бирæ тых, бирæ фыдæбæтты бахауд Иван, аргæ-арын амард йæ бинойнаг, стыр сагъæсты фæстæ сфæнд кодта нæлгоймæгты моладзандонмæ бацæуын, алвыдта йæ рихитæ, йæ боцъо, арахау-бахау кодта цард æмæ куыстагур. Ном æмæ йын кад уыд Тифлисы къухдариуæгады раз. 1856 азы Тифлисы экзарх Иваны кусынмæ арвыста Владикавказмæ, духовон ахуыргæнæн училищæмæ. 1857 азы та йæ снысан кодтой Ирыстоны приходты хистæрæй. Йæ бынат уыдис Салыгæрдæны (Алагиры).

Иван Чепиговский Ирыстонмæ куы цыд, уæд æй бафæдзæхстой æгъдæуттæ æмæ аргъуаны закъæтты ныхмæ чи уа, уыдонмæ карз мадзæлттæ ма ис, зæгъгæ. Иван зондджын æмæ уæзданæй равдыста йæхи ирон адæмы раз, зылдис хъæутыл, бæрæг сын кодта сæ царды уаг. Йæ куысты сæйраг рахæцæнтæ уыдысты Ирыстоны аргъуантæ. Зын уа-вæры кæй бахауд, уый бамбæрста Иван, аргъуанты кусджытæ иууылдæр уыдысты гуырдзиæгтæ, ирæттæй дзы баййæфта æрмæст дæр Колыты Аксойы.

Аргъуанты куыст цыдис гуырдзиаг æвзагыл, адæм не мбæрстой æвзаг, æмæ уый аххосæй уæлæхох кодтой аргъуантыл. Иван агуырдта фæрæзтæ, уæдмæ Аксойæн ссардта æмбæлттæ. Уыдон та уыдысты: дъякон Алежыхъуаты Алексей, ахуыргæнæг Жускъаты Соломон, сауджын Сохиты Дрис, ахуыргæнæг Хъараты Георги, ахуыргæнджытæ Хъантемыраты Георги, Мжедлов Иван, Д. Чъонкъадзе æмæ æнд.

Иван Чепиговский Ирыстоны æрыййæфта æрмæстдæр иу ирон скъола Алагиры. Иу хи сæрмагонд скъола та Владикавказы, хуыдтой йæ Аксойы скъола (Аксойы тыххæй нæ цыбыр ныхас у ахæм: ирон лæгаулæг уыд Аксо, йæ куыст æмæ йæ цард снывонд кодта ирондзинадæн, Туркмæ фæндаг банымадта Иры сæфты фæндагыл. Ирон сылгоймаг, цæмæй царды размæ рацæуа, уый тыххæй сын йæ мæгуыр хæдзары 1862 азы байгом кодта скъола. Ахуыр сæ кодта йæ мæгуыр фæрæзтæй). Уыцы скъолайы бындурыл фæстæдæр сырæзт сылгоймæгты приют. Егъау аргъ ын скодта Къоста, куы йæ сæхгæдтой, уæд йæ сæрыл хъазуат  тох самадта.

Иван Чепиговский фыццаг бонтæй фæстæмæ йæ тыхтæ радта ног ирон скъолаты нымæц рапарахат кæнынмæ.

Хъуыддаджы лæг уыд Иван, дзæвгар скъолатæ байгом Ирыстоны къуымты, сæ хорзы кой ай-хъуыст Салыгæрдæн æмæ Джызæлы скъолатæн. Иннæ хорз хъуыддаг та Иванæн уый уыд, кæй æрвыста хуыздæр ахуыргæнинæгты Уæрæсейы скъолатæм ахуыр кæнынмæ.

Ирыстоны уæвгæйæ, Иван федта, æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, Владикавказы училище æхгæд кæй æрцыд, уыцы хъуыддаг. Бирæ йыл фæмаст кодта, цы пайда радта æмæ йæ сæхгæд цытæ базиан кодта, уыдæттыл фысгæ дæр кодта.

Стыр лæджыгъæдыл Чепиговскийæн банымайæн ис æндæр ахсджиаг хъуыддаг дæр: аргъуаны чингуыты ирон æвзагмæ раивын. Уæдмæ йæхæдæг хорз базыдта иронау кæсын æмæ фыссын. Æнхъæл куыд нæ уыд, ахæм цинимæ адæм сæмбæл-дысты ирон ныхасыл аргъуанты мидæг.

Нæ адæм та курдиатджын кæй сты, уый æргомæй, стæй цингæнгæйæ загъта йæ рæстæджы Иван: «… тынг æнувыд æмæ æмбаргæ уагахастимæ сæмбæлдысты Ирæттæ аргъуаны ирон куывдыл, иу хатт сын цы бакæсай, уый дæ хæд фæстæ иумæ, æмхъæлæсæй фæзæгъынц дзырдæй дзырды уонг».

Ирондзинады тыххæй шрифт дæр йæхæдæг самал кодта. Æхцайы фæрæзтæ кæй нæ уыд, уый фæдыл бирæ хъаст кодта, фæлæ йын йæ къух нæ арæзтой. Уæддæр амæлттæ кодта, фæзындысты къаннæг чингуытæ, газет «Катехизисаг таурæгътæ».

Сфæлдыстадон куыстыл æнувыд уыд, Ирыстоны уæвгæйæ, тынг тыхст нæ адæмы уавæрыл. Архайдта ууыл, цæмæй сывæллæттæ скъолаты ахуыр кæной сæ мадæлон æвзаг, егъау уыд йе ххуысы хай уæды интеллигенцийы минæвæрттæн, уæлдайдæр та Колыты   Аксойæн.

Иван Чепиговскийы  руаджы цы ирон чингуытæ фæзынд (уыдысты 15), уыдоны мидис кæд аргъуан æмæ чырыстон динимæ баст уыдысты, уæддæр сæ хорздзинад уый мидæг уыд, Иры сывæллæт-ты ахуыр кодтой сæ мадæлон æвзагыл кæсын æмæ фыссыныл. Уыдоны хсæн иууыл егъаудæр æмæ ахсджиагдæр куыстыл нымад цæуы йæ уырыссаг-ирон дзырдуат, кæцыйыл фæкуыста æнæхъæн 25 азы. Дзырдуатмæ ма бахаста цыбыртæй грамматикон æрмæг дæр. Йæ рæстæджы йын бантыст Иры сабитæн дамгъуат саразын сæхи мадæлон æвзагыл. Ацы дамгъуатыл куыста дарддæр дæр, сарæзта дзы 1862 азы «Ирон дамгъуат уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй» æмæ йæ рауагъта Тифлисы. Æххуысгæнджытæ йын уыдысты Колыты А, Сухиты М., Алæджыхъуаты Ал., Жускаты С æмæ æнд.

Бирæ тых, бирæ рæстæг бахардз кодта Иван Ирæтты сомбоныл хъуыдыгæнгæйæ. Ирыстоны хъæуты хъысмæт йæ къухы уыд (управляющий осетинскими приходами), культурон фронты рæзт Ирыстоны, йæ дугмæ гæсгæ, рæгъмæ цы чингуытæ рахаста, уыдон ахсджиаг æмæ зынаргъ сты Иры дзыллæйæн. В. Миллер йæ рæстæджы егъау аргъ скодта Иваны «Ирон уырыссаг дзырдуат» æмæ йæ «дамгъуат»-æн.

Тынг цин кодта Чепиговский, йæ рæстæджы кæй байрæзт Иры интеллигенци, уыцы хъуыддагыл. Стыр ныфс дзы бацыд, ацы интеллигенци Ирыстоны культурæ бæрзонд кæй сисдзысты, уымæй. Йæ рæстæджы ахсджиаг хъуыддагыл банымадта А. Шегрены грамматикæйы фæзынд.

Дзырд дæр ыл нæй, уæззау куысты фæллайгæ дæр кæй бакодта, фæцудыдта йе нæниздзинад дæр. Йæхи куырдиатмæ гæсгæ сæрибар æрцыд управляющийы бынатæй. Иван йæ куыст адарддæр кодта, фæстæдæр Владикавказы цы епископон кафедрæ байгом, уым.  Уым кусгæйæ, йæ тыхтæ радта чингуытæ фыссын æмæ сæ рауадзынмæ. Йæ зынгæ куыстытæ уæд фæзындысты рухсмæ.

Йе нæниздзинад æй 1889 азы æркодта йæ куыст ныууадзынмæ, радтой йын æмбæлон пенси. Æрыздæхт  Мæскуымæ, уым йæ цардæй ахицæн 1890 азы июны 25 боны. Ныгæд æрцыд Новоспасскы монастыры кæрты. Йæ ингæны дурыл фыст æрцыд «Апостол Осетии».

Цæрæнбонтæ йын даргъ нæ уыд Иосиф Владикавказскийæн. Фæцард æдыппæтæй 69 азы. Уыдонæй 32 азы схай кодта Ир æмæ Ирыстоны цардуаг йæ къахыл сæвæрыны хъуыддагæн.

Ир йæ хорзгæнджыты никуы ферох кодта, йæхи Иосиф Владикавказский кæй рахуыдта, уый дæр бирæ цæуылдæрты у дзурæг.

Мысинаг у махæн Иосифы ном. 200 азы рацыд йæ райгуырды бонæй. Цы сарæзта, цы бафыдæбон кодта Ир æмæ Ирыстоныл, уыдон абоны бон дæр зынаргъ сты махæн. Уыдис Ирыстоны зиууон.

 

Плиты Гацыр,

РХИ зонад æмæ аивады

къабазы сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.