Дыццæджы закъондæттæн органы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æвдæм сессийы иуæндæсæм рабадт. Уагъта йæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Депутатты æруынаффæ кæнынмæ рахастой æртæ фарсты.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон политикæйы фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Плиты Александр уынаффæ кæнынмæ рахаста «Куыстмызды минималон бæрцы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Плийы-фырт куыд банысан кодта, афтæмæй радон азмæ куыстмызды минималон бæрц нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны иумæйагæй куыстхъом цæрджыты  фæцæрыны  минимумæй (13 242 сомы) æмæ ацы азы куыстмызды минималон бæрцæй фылдæр.

«Куыстмызды минималон бæрцы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект райсын ахъаз кæндзæн куыстмызд фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ бахъæудзæн бæстæйы Паддзахадон бюджетæй уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæнын», – банысан кодта комитеты сæргълæууæг.

Плийы-фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы ма ис кусгæ æмбæстæгты ахæм категори, кæцытæн сæ куыстмызд нæ хизы куыстмызды минималон бæрцмæ, æмæ Хицауад уый хъуамæ сраст кæна.

«Кусгæ чи кæны, уыдон хъуамæ ма исой 13 242 сомæй къаддæр», – загъта Плийы-фырт.

Афтæ ма депутаттæ ивындзинæдтæ бахастой 2022-2025 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты Паддзахадон программæмæ.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Тъехты Алан банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ хаст цæуынц Хицауады уынаффæмæ гæсгæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады уынаффæ цæттæ æрцыд экономикæйы приоритетон фадгуыты сæудæджерадон архайд кæнынæн инфраструктурон арæнтæ иуварс кæнын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны инвестицион здæхт фæбæрзонддæр кæныны нысанæн.

«Бахæсгæ номхыгъдмæ хауынц фæндагон хæдзарады фадыджы инфраструктурон арæнтæ аиуварс кæнын, горæт Цхинвалы æмæ Хуссар Ирыстоны районты донифтонгад æмæ донцæуæнты проблемæ аскъуыддзаг кæнын, Зонкъары донæмбырдгæнæны реконструкци, оптико-тагон хахх ауадзын ахæм здæхтыты: Цхинвал-Ленингор, Цхинвал-Рукъ-Едыс, Гуфта-Къуайса-Къоз æмæ Цхинвал-Знауыр-Ныфсыхъæу æмæ афтæ дарддæр», – банысан кодта Тъехы-фырт.

Уый ма загъта, зæгъгæ, бавдисгæ мадзæлттæ фадат ратдзысты 2023-2025 азтæн Республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы хай аразын 2022 азы 5-æм марты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдарты уынаффæйы 6-æм пункты 2-æм дæлпункты домæнтæ сæххæст кæнынæн.

Парламенты депутаттæ ма байхъуыстой Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Зазайы информацимæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл къамисы рабадты тыххæй.

Рабадты куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг-Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонды сæрдар Тедеты Олеся, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Цоциты Аллæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.