Къоста махæн æрмæст нæ литературæйы бындурæвæрæг нæу, уый у мæгуыр хæххон адæмты сæрхъызой, сæ бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уыцы  æнæмæлгæ куырыхон лæг. Æппæт дзыллæтæн дæр Къоста уыди сæ сомыйы, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр. Йе мдугонтæ йæ базыдтой ахæмæй, афтæмæй йæ зонынц абоны дзыллæтæ, ахæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн.

Уый фæрыст дзыллæты рисæй, уый нæ бафæллад    сæ амондыл сæрыл тохы.  Ахæм адæймагæн та нæй мæлæт! Къоста баззад æнустæм цæргæйæ йæ адæмы зæрдæты, зонды, хъуыдыты æмæ бæллицты.            Къоста… Ирыстоны лæугæ хох, Ирыстоны цæугæ мæсыг! Æрмæстдæр ын афтæ схонæн ис. Уымæн æмæ уый у ирон адæмы ныфс, нæ литературæйы астæуккаг цæджындз.  Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзтæ æгас бæстæйыл, дунейыл…

Аргъæутты æнæбын фурдау у Хетæджы  фырты сфæлдыстад. Адæймаджы раз байгом вæййы поэзийы æбæрæг дуне… Къостайы уацмыстæ  уæле – исгæ, бынæй – ахадгæ сты. Цалфæнды хатты сæ бакæс,- фендзынæ сæ ногдзинад, кæй никуы фехъуыстай,ахæм диссаг.

Нæй сын ферохгæнæн. Ирыстоны къуымты ахæм адæймаг не ссардзыстæм, поэты уацмыстæй иу уæддæр чи нæ зона.  Уым ис Къостайы æнæрцæф курдиаты сусæгдзинад. Къостайы æрмдзæфæн бæрæг у йæ алы дзырд, йæ алы рæнхъ дæр.  Уыдон улæфынц фарн æмæ уарзты æнкъарæнтæй, тох æмæ сæрибарыл хъуыдытæй, хайджын сты зырнæйзилæджы дæсны къухы зынгæй.  Поэты алæмæтаг зарджытæн æмæ куырыхон сагъæстæн йæ райгуырæн зæхх уыди сæ царддæттæг суадон, уыдоны та хъуыдис стыр денджызы тыгъдад.  Цæгат Кавказы адæмтæ бирæ куырыхон таурæгътæ, бирæ рæсугъд зарджытæ æмæ зæрдæхалæн хъарджытæ скодтой сæ уæззау цардыл. Сæрыхъуын арц сбады, зæрдæ ныккæрзы уыдонмæ хъусгæйæ, фæлæ дзы, Хозиты Барисы загъдау, Нарыхъæуы «сау айнæджы рындзæй» цы Хæххон цæргæс стахт, уый хуызæн, Кавказы бæрзонд цъæх арвыл нывæфтаугæ ничи айтыгъта йæ базыртæ.  Æппæт дунейыл хъуыстгонд зарæггæнæг Расул Гамзатов  дæр æй «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæгыл» хуымæтæджы нæ банымадта.

Къоста бæллыдис, æппæт  адæм  дæр социалон æмæ национ ссæстдзинады хъадамантæ кæд аппардзысты, уыцы рæстæгмæ. Уый уырныдта, кæй сыстдзæни сæрибары уадтымыгъ, арвы риуыл тæмæнтæ кæй скалдзæн сæрибары стъалы.

Махæн Къоста тынг зынаргъ у, нæ зæрдæтæм хæстæг, куыд  адæмты хсæн хæлардзинады уадфидиуæг, адæмты сæрыл æгъатыр æмæ æвæллайгæ тохгæнæг, мæгуырты сæрхъызой æмæ сæ æфхæрджыты цæстысындз.

Къоста уыди парахат зæрдæйы хицау.

Алы адæмты минæвæрттæн цы стыр аргъ кодта, уырыссаг революцион демократтæм куыд уарзон цæстæй кастис, уый зындгонд у. Сæрыстырæй сæ хуыдта йæ ахуыргæнджытæ, йæ фæндагамонджытæ. Къоста йæхæдæг та уыдис æмæ баззайдзæн ирон фысджыты, суинаг фæлтæрты зондджын ахуыргæнæгæй. Куыд зонæм, афтæмæй Къоста йæ къорд рæстдзæвин уацмысæй стыр тас  бауагъта хæдхæцæг паддзахы тæрхоны лæгты.  Уый хыгъд, бæрзонддæр кодта Къостайы ном хæххон дзыллæты  мидсагъæсты. Æвæццæгæн, æй уымæн бауарзтой сæхи хъæбулау Кавказы адæмтæ дæр. Цæгат Кавказы сылгоймæгтæн цы иунæг скъола уыд, уый æхгæнын кæй нæ бауагъта Къоста, уый тыххæй æрвыст æрцыдис Ирыстонæй Хъæрæсемæ. Ам дæр поэт нæ ныууагъта йæ тох, хæцыдис бынæттон адæмты сæрыл æмæ бартыл. Къоста хорз зыдта Хъæрæсейæн канд йæ культурæ нæ, фæлæ бынæттон æвзаг дæр. Уымæ гæсгæ йын уæлдай стыр аргъ кодтой амы адæм. Иуахæмы  Къоста хуынд æрцыд хъæрæсейаг чындзæхсæвмæ. Йæ размæ рацыд иу рæсугъд чызг, фæндырæй цæгъдгæйæ. Уый та хъæрæсейаг æгъдаумæ гæсгæ амоны уый, æмæ æрмæстдæр кадджын уазæджы размæ  рацæуы  чызг – фæндырдзæгъдæг.

Бетъырбухы цыд газет «Дагестаны сæуæхсид», редактор ын уыд С. Габиев. Уый газеты ныффыста уац, кæцы ран фыста: «Хетæджы – фырт куыд Цæгат Кавказы фыццаг профессион фыссæг, афтæ стыр ахъаз у Дагестанæн. Уый ссис ахæм адæймаг æмæ йæ хъуамæ зоной нæ адæмтæ се ппæт дæр». Нырыккон дагестайнаг поэзийы дæр Къостайы фæлгонц æвдыст æрцыд ирдæй.

Стыр бынат æрцахста Къостайы фæлгонц  Кæсæг-Балхъары поэзийы дæр. Сæ фысджытæ ахуыр кодтой нæ поэты сфæлдыстадыл. Хачим Теунов – Кæсæджы зæронддæр фысджытæй иу – фыста  Къостайы тыххæй: «Хетæгкаты Къоста кæд Ирыстоны  хæдбындур национ поэт у,  уæддæр, куыд цытджын нывгæнæг, афтæ уый йæ уацмысты, уæлдайдæр та йæ публицистикæйы, хæцыди  æппæт Кавказы  адæмты фарс. Хурмæ хаста, Цæгат Кавказы  хохæгтыл даутæ  æмæ тугтæ чи мысыди, æнæвгъауæй сæ чи стыгъта, уыцы паддзахы администрацийы æмæ йæ фæсдзæуинты митæ».

Иннæ ахæм ын, йæхи фыдау аргъ кодта балхъайраг классик Хъайсын Кулиев дæр. Иу ахæмы йæ йæ хистæр фырт куы байардта, радзур мын бабайы тыххæй исты, зæгъгæ, уæд ын цы радзырдтаид, йæхææг дæр æй йæ мады ныхæстæм гæсгæ зыдта. Фæлæ ма  дзы къам дæр куы æрцагуырдта, уæд Хъайсын бынтон зын уавæры бахаудта. Гъе, фæлæ фæцарæхст æмæ йын равдыста Хетæгкаты Къостайы къам, цухъхъайы, кавказаг дарæсы.

Мæнæ куыд зæгъы Алим Кешоков та  йæ иу æмдзæвгæйы Къостайы тыххæй: «Къоста бирæ нæ фæцард, фæлæ йæ цард уыд егъау. Йæ фæстаг туджы æртахы онг æй радта йæ уарзон хохæгты сæрибармæ фæндаг кæнгæйæ».

«Æппæты тынгдæр бæллыди адæмты хсæн иузæрдиондзинадмæ, сæрибардзинадмæ» – ахæм хъуыдыйыл хæст уыди  иннæ кæсгон фыссæг Адам Шогенцуков.

Хъалмыхъ дæр сæхи хъæбулау бауарзтой Къостайы. Уый тыххæй Бося Сангаджиева афтæ фыста: «Хетæгкаты Къоста – уæ уарзон хъæбул –  ссис æппæт дунейы адæмты амондыл тохгæнæг поэт. Йæхи мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнгæйæ, уый хæцыд æппæт адæмты сæрибардзинадыл дæр. Хъалмыхъхъæгтæ, уырыссаг классикты æмрæнхъ, сæхи æвзагмæ тæлмац кæнынц цытджын Къостайы уацмыстæ дæр. Уæлдай бузныг стæм нæ адæмон поэт  Давид Кугультиновæй. Уый хæрзаив тæлмацы фæрцы Къостайы нæ адæм бауарзтой сæхи хъæбулау».

Къостайы тыххæй  зæрдæбын ныхæстæ цы кавказаг фысджытæ загътой, уыдоны тыххæй  Хозиты Барис тынг хорз загъта: «Къостайы тыххæй цы зындгонд адæймæгты ныхæстæ æрхастам, уыдон загъд æрцыдысты алы азты. Фæлæ абон дæр цардæгас сты. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хæххон поэтты хуыздæртæ иу ранмæ æрæмбырд сты Нароны тыххæй, семæ æрхастой, цыдæриддæр хорзæй уыд сæ адæмтæм сыхагæн, уый æмæ сæ ныр арфæйы хуызы дзурынц, «Кавказаг поэзийы зынгхъахъхъæнæджы» чи схъомыл кодта, уыцы фæрнджын адæмæн».

Къоста Цæгат Кавказы алыхуызон адæмты хъахъхъæдта дзыллон информацийы фæрæзты æфхæрдæй дæр. Хъахъхъæдта æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ Гуырдзыстоны, Кæсæг, Цæцæны æмæ æндæр регионты мæгуыр зæхкусджыты интерестæ. Уыдис ын арф бастдзинæдтæ гуырдзиаг адæмы минæвæрттимæ. Тынг хæларæй царди гуырдзиаг æхсæнадон  архайæг Хъипиани Михаилимæ. Сæ хæлардзинадæн сын бындур æрæвæрдтой иумæйаг интерестæ æмæ нысантæ. Хъипианийы фæрцы уæды рæстæджы  гуырдзиаг дзыллæ  базонгæ Къостайы сфæлдыстадимæ.  Къоста æмæ Хъипианиимæ хæлар уыдис гуырдзиаг дохтыр Топуриа Климентий. Йæ мысинæгты уый фыссы: «Хетæгкаты Къоста цардис  нæ фарсмæ сыхаг хатæны.  Тагъд æз йемæ схæлар дæн, æмæ канд æз нæ, фæлæ ме скъолайы æмгæрттæ  Моселиани, Кочинашвили æмæ ирæттæ Байаты æфсымæртæ… Мах Къостаимæ ахæм хæларæй цардыстæм æмæ не хсæн æппындæр хæрамдзинад нæ уыдис.  Уыцы азты ма Дзæуджыхъæуы  цардис Хъипиани Михаил. Бынæттон цæрджытæ йын кодтой стыр кад, бирæ йæ уарзтой. Мах Къостаимæ æрвылхатт цыдыстæм уымæ  цай цымынмæ.  Къоста æмæ Хъипиани уæддæр уыдысты æмæ цæрæнбонтæм баззадысты стыр хæлæрттæй». Фæстæдæр Хъипиани ацыдис Цæгат Ирыстонмæ, горæт Дзæуджыхъæумæ. Уый æххуысæй Ирыстоны бындур æвæрд æрцыдис сывæллæтты литературæ æмæ рауагъдадæн.  Хъипиани ма уыдис, Дзæуджыхъæуы библиотекæ байгом кæныныл зæрдиагæй чи архайдта, уыдонæй иу.

Гъе, уымæн равзæрын кодта, æвæццæгæн, ахæм стыр маст æмæ фыдохы  æнкъарæнтæ Хъипианийы амæлæт Кавказаг  мæгуыр фæллойгæнæг адæмы зæрдæты.

Мах зонæм,  Къостайы карзæй кæй æфхæрдтой паддзахы чиновниктæ. Сæ бон куыд уыдис, афтæ йæ  уыдонæй  хызтой йæ гуырдзиаг хæлæрттæ æмæ зонгæтæ дæр. Уыдонимæ Хъазбеги Александры мады хæстæг, гуырдзиаг инæлары æмкъай Тарханишвили Софья. Къостайы нал ахастой дард Сыбырмæ, фæлæ йæ ахастой Хуссармæ. Софья рынчын поэты фервæзын кодта адзалы дзæмбытæй.

Раст цыма йæ уарзон адæмы номæй зæгъынмæ хъавыд, уый хуызæн фæкæсынц адæймагмæ Раисæ Ахматовайы ныхæстæ: «Мах Къостайы арфхъуыдыджын цæстытæм куы фæкæсæм, уæд нæ разы сæвзæры ахæм фарст: кæцæй уыд ахæм егъау хъару хохогмæ? Кæцæй равзæрд  ахæм тых йæ фæлтæртæм, маст æмæ мæгуырдзинадæн бабыхсгæйæ, Къостайы æхсидгæ рæнхъытæ чи бахъахъхъæдта. Æппынфæстаг, «Ирон фæндыр» -ы  хæххон адæймаг федта йæхи хъæлæс, баууæндыд йæхиуыл».

«Леуаны фырт Къоста у гениалон поэт,- фыста Къониаты Юри. – Уый дæуццаг нæу. Фæлæ гениалон поэттæ  дзæвгар сты.  Къоста се хсæн лæууы къæдзæхау, æнæ фæцудгæ.  Æмбал ын нæй. Ранымайæм ма бæлвырдгæнæнтæ.   Къоста у гениалон поэт.  Уымæй уæлдай прозаик, драматург, публицист, фыццаг ирон нывгæнæг, театры архайæг, мыхуыры хайадисæг, чингуыты рауагъдады архайæг, адæмон ахуырадыл кусæг, рухсады архайæг, нывæфтыды аивады ахуыргæнæг, фæллойгæнæг адæмы сæрхъызой, сæрылхæцæг, æхсæнадон архайæг.

Уæхæдæг зæгъут: Къостайæн æмбал уынут гениалон поэтты хсæн? Æз нæ уынын. Æмсæр æмбал ын нæй».

Мариэттæ Шагинян та афтæ фыста Къостайы тыххæй: «Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта, уый тыххæй Къоста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæларæй кæм цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг».

Хъыгагæн, хъысмæт Къостайæн бирæ  азтæ цæрынæн нæ радта. Цыппор авдаздзыдæй ахицæн йæ цардæй. Къоста йе знæгты фæндиаг фæци. Æгъатыр низ ын банцайын кодта йæ зæрдæйы куыст, йæ булæмæргъы хъæлæс – йæ фыд Леуаны хæдзары Лабæйы. Ныгæд æрцыд йæ фыды ингæны фарсмæ. Фæстæдæр ын йæ мард сластой Ирыстонмæ уæды раззагдæр интеллигенцийы руаджы æмæ йæ стыр кадимæ бавæрдтой Ирыхъæуы аргъуаны кæрты.

Ирыстоны намысджын фырт æмæ уарзон поэты амæлæтыл тынг фæхъыг кодтой æгас Кавказы фæллойгæнджытæ дæр. Къостайы марды уæлхъус загъд æрцыдис бирæ хорз ныхæстæ гуырдзиаг, уырыссаг, сомихаг æмæ æндæр адæмты æвзæгтыл.

Дзапарты Хасанбеджы загъдау, йæ уд чи суæлдай кодта мæгуыр адæмы сæрибардзинадæн, уыдонæн нæй мæлæт. Уыдонæн æрмæстдæр вæййы райгуырæн бон.

Абон нæ бирæнацион райгуырæн бæстæ ирон адæмимæ иумæ стыр кад кæнынц, Кавказы æвæджиау хъæбул, генион ирон поэт Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайæн, йæ æппæт цард, йæ диссаджы курдиат  æфхæрд фæллойгæнæг адæмты рухс фидæнæн чи снывонд кодта, уымæн.

Ирон адæм  фæзæгъынц, зæгъгæ, ком фидауы йæ мæсгуытæй, адæмыхатт – йæ фарны лæгтæй. Комы мæсгуытæ дæр фарны лæгты фæрцы амад æрцæуынц, адæмыхатт дæр уыдон скадджын кæнынц.   Царды æппæт дæр æнцой кæны фæрнджын адæмы хид æмæ удвæллойыл, зонд æмæ рæсугъд тырнындзинадыл. Адæмы хъæр аив фæндагыл аразынц фæрнджын лæгтæ æмæ уыдонæй хъуаг никуы уыдысты ирон адæм.  Уый зыны сæ дунеæмбарынадыл, сæ хорз удыхъæдыл, нæ иумæйаг царды мидисджын æгъдæуттыл. Ирон адæм цыфæнды зын уавæрты дæр сæхи ивазынц сæ фарны лæгты хорз хъуыддæгтæм, уый фæрцы сæ адæймагдзинад, сæ зондахаст хуыздæр кæны.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.