Уалдзæджы райдиан… 8-æм март… Æппæт дунейы сылгоймæгты цытæн цы бæрæгбон фæнысан кæнынц, уый у уалдзæджы бæрæгбонтæй сæ иууыл рæсугъддæр, хъармдæр æмæ цинхæссæг бæрæгбон. Ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбоны алкæй дæр бафæнды, цæмæй сæ уарзон, се ‘ввахсдæр сылгоймæгтæн, сæ ныййарджытæн, хотæн, æнатæн зæрдæбын арфæтæ, хъарм, рæсугъд ныхæстимæ бакæной адæймаджы зæрдæйæн æхцонхæссæг зæрдылдарæн лæвæрттæ дæр.

Махмæ, ирон адæммæ кæддæриддæр стыр аргъ кодтой æмæ кæнынц ирон уæздан сылгоймагæн. Ирон адæм бæрзонд хастой сылгоймаджы ном æмæ йын ныр дæр стыр кад кæнынц, сæрыстыр дзы сты. Æмæ уый та хуымæтæджы нæу. Раттæг Хуыцау цард афтæ сфæлдыста æмæ зæххыл æнæ сылгоймаг цæрæн æмæ уæвæн нæй. Уымæн æмæ сылгоймаг у царддæттæг, цардаразæг æмæ хæдзары фарн хъахъхъæнæг. Ныры дуджы дæр куыд уынæм, уымæ гæсгæ сылгоймаг цардарæзты алы фадыджы дæр исы активон хайад, ис ын егъау нысаниуæг æхсæнадон царды. Уыдоны æхсæн вæййы уæлдай цæ-виттойнагдæртæ æмæ ахæмтæн сæ ном айхъуысы дардыл, æгас дунейыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сæ кадæй кадджын вæййынц куыд сæ бинонтæ, афтæ æгас паддзахад дæр.

Уæдæ нæ Ирыстоны сылгоймæгтæ дæр сæ уалдзыгон бæрæгбоны цытæн æрвылаз дæр райсынц бирæ алыгъуызон зæрдæбын арфæтæ. Ацы аз дæр 7-æм марты Сылгой-мæгты æппæтдунеон боны цытæн горæт Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы уыд цытджын мадзал. Хуынд æм æрцыдысты нæ республикæйы дзыллæйад.

Арфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды сæргъ-лæудæй.

Мадзалы райдиан бæрæгбонмæ æрбацæуæг сылгоймæгтыл киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы æмбæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады «Россотрудничествойы» минæвæрттæ,  афтæ ма, кадетон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Се ‘ппæт дæр арфæйы ныхæстимæ алкæмæн дæр мидбылхудгæйæ лæвар кодтой дидинджытæ æмæ Президент Тыбылты Леониды къухфыстимæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Иудзырдæй, алкæуыл дæр æмбæлдысты цины æнкъарæнтимæ æмæ афтæмæй алы сылгоймаг дæр йæ бынат ссардта аив фæлыст залы.

Цытджын мадзал райдыдта бæрæгбонон æмдзæвгæтæй, цыран дзырд цыдис уалдзæгыл, ныййарæг мадыл, йæ бæрзонддзинад сылгоймагыл. Сылгоймæгтæм арфæтимæ рахызт чысыл Лебеденко Алексей, кæцы ирон æвзагыл радзырдта йæхи тыххæй æмæ уый фæстæ аив бакаст æмдзæвгæ дæр зынаргъ сылгоймæгтыл. Уый фæстæ сценæмæ фæхуыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды. Уый æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн загъта арфæйы ныхæстæ æмæ банысан кодта:

– Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ! Абон мах нысан кæнæм уалдзыгон бæрæгбон – сылгоймæгты бæрæгбон. Æмæ мах хъуамæ бæрæгбоны цытæн ссарæм рæсугъд ныхæстæ, уый аккаг сты нæ зынаргъ сылгоймæгтæ. Нæ диссаджы сылгоймæгтæ сарæзтой уыйас, цæмæйдæриддæр мах сымахимæ абон иумæ нысан кæнæм бæрæгбонтæ. Сымах сарæзтат уый, цæмæй фервæзтаиккам уыцы стыр хъизæ-мæрттæй, кæцытæ нæм æрцыдысты дыууынæм æнусы нæуæдзæм азтæй фæстæмæ. Сымах алы хатт дæр уыдыстут нæ фарсмæ, нæлгоймæгты фарсмæ æмæ уæ ныхасæй, уæ бахудтæй, уæ цæстæнгасæй разæнгард кодтат нæлгоймæгты, цæмæй æмхуызонæй бахъахъхъæдтаиккам нæ бæстæйы. Æмæ абон ахæм сæрибар бæстæйы нæ сомбоны фæлтæр, нæ фидæнæн сæ бон у ныхас кæнын иронау дæр æмæ уырыссагау. Мæнæн тынг æхсызгон уыд, Стыр Уæрæсейы чысыл минæвар сценæйыл нæ зынаргъ сылгоймæгтæн арфæйы ныхæстæ кæй загъта иронау, уый. Уымæн ис егъау нысаниуæг æмæ нæ дыууæ бæстæты ‘хсæн цы бастдзинад ис, уый кæй у нæ адæмы стыр сомбон. Сылгоймаджы тыххæй бирæ загъд æмæ фыст æрцыдис, фæлæ уыдон дæр, æвæццæгæн, фаг не сты йæ лæггæдтæ бафидынæн. Уымæ гæсгæ æз мæ сæрæй ныллæг кувын сымахæн. Лæвар уын кæнæм бирæ хъарм ныхæстæ æмæ хорз зæрдæйы уаг. Ут нын кæддæриддæр æнæниз æмæ æнæмаст. Царды цыдæриддæр хæрзиуджытæ ис, уыдонæй та кæддæриддæр ут хайджын. Цард æй куыд равдыста, уымæ гæсгæ сымах иууылдæр стыр арфæты аккаг стут æмæ уæ цæсгæмттыл кæддæриддæр уæд мидбылхудт, – загъта Президент Тыбылты Леонид.

Ацы диссаджы бæрæгбоны цытæн ма Ирыстоны æппæт сылгоймæгтæн музыкалон арфæтæ кодтой нæ республикæйы популярон зарæггæнджытæ дæр. Уыдон æхсæн уыдысты: Тасойты Игорь, Гуыцмæзты Георги, Æлборты Малхаз, Санахъоты Алан, Зассеты Алан æмæ æндæртæ. Цытджын мадзалы ма сылгоймæгты сæ юмористон сценкæйæ бахъæлдзæг кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Хаситы Вильгельм æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Наниты Витали.

Мадзалы кæрон та нæ зынаргъ сылгой-мæгтæн арæзт æрцыд фуршет, цыран ноджыдæр хъæлдзæгæй ссардтой бæрæгбоны ном.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.