Æрвылаз дæр 5-æм октябры дунейы 100 бæстæйæ фылдæры банысан кæнынц ахуыргæнæджы бон. 1994 азы ЮНЕСКО сфидар кодта ахуыргæнæджы дунеон бон æмæ уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр цытджын æгъдауæй нысан цæуы 5-æм октябры.  Ахуыргæнæг… Цас фарн ис ацы дзырды.  Ахуыргæнæджы професси у хъæуæг æхсæнадон професситы ахсджиагдæртæй сæ иу.  Рагон грекъаг зынгæ философ Сократы хъуыдымæ гæсгæ,  ахуыргæнæг йæ курдиат райсы Хуыцауæй.

Ахуыргæнæджы дунеон боны ИНО фæфæдзæхсы ныййарджыты æмæ æппæт æмбæстæгты, цæмæй-иу иу уысмы бæрц, уæддæр æрхъуыды кæной сæ уыцы ахуыр-гæнджыты, кæцытæ сын сæ цардвæндаг фæивтой хуыз-дæрырдæм. Æмæ æнæ ИНО-йы бафæдзæхстæй дæр  адæймаг цыфæнды кары дæр ма уа, уæддæр арæх æрæмысы йæ сабибонтæ, йе скъолайон æвæлмас азты, йæ ахуыргæнджыты.

Никуы ферох кæндзысты йæ ахуыргæнинæгтæ Дзауы скъола-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Мурадаты Фатимæ Харитоны чызджы дæр. Уый ныр 45 азы дæргъы кæны хъомыладон ахсджиаг куыст æмæ уарзон ахуыргæнæг ссис сæдæгай ахуыргæнинæгтæн.

Мурадаты Фатимæ райгуырд Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæн уыд цыппар сывæллоны – дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы, кæцыты бафтыдтой царды раст фæндагыл. 1972 азы Ногиры астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фæсарæйнаг æвзæгты факультеты, ахуыр кодта французаг æвзаг. Каст æй фæцис 1977 азы. Хъысмæт диссаг у. 1978 азы амондагур чызг чындзы фæцыд Дзауы районы цæрæг Бежанты бинонтæм. Ацы районы скъолаты французаг æвзаджы предмет кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ  фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны педагогон институты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ. Уыцы иурæстæджы кусын райдыдта Дзауы поселочы сывæллæтты рæвдауæндоны æмæ дзы бакуыста 1991 азы апрелы мæйы онг, цалынмæ тыхджын зæххæнкъуыст сабидоны бæстыхай нæ ныппырх кодта, уæдмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæххæнкъуысты рæстæджы бахъыгдард Бежанты бинонты хæдзар дæр, цæрынæн нал бæззыд. Уымæ гæсгæ уал Фатимæ йæ дыууæ сывæллонимæ, кæцытæ ахуыр кодтой Дзауы астæуккаг скъолайы, рæстæгæмæ ацыдысты Ногиры хъæумæ. Сылгоймаг кусын райдыдта ацы хъæуы 2-æм астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаджы ахуыр-гæнæгæй. Ацы скъола каст фесты йæ дыууæ сывæллоны дæр.

«Ногиры 2-æм астæуккаг скъолайы мæ фыццаг рауагъдонты (уыд сæ къласгæс) абоны онг дæр хъуыды кæнын, арæх сæ фæлгæндзтæ дæр мæ цæстыты раз сыстынц, кæд 20 азы рацыд, уæддæр. Алчидæр сæ царды йæ фæндаг ссардта. Тынг хорз травмотолог рацыд Калоты Сослан, уый ныртæккæ у Æрыдоны рынчындоны сæйраг дохтыр. Гæззаты Ирмæ кусы сывæллæтты дохтырæй. Се ‘хсæн ис зынгæ спортсментæ, курдиатджын ахуыргæнджытæ æмæ инженертæ дæр. Уыдон 2-æм октябры æрбамбырд сты æмæ банысан кодтой сæ рауагъды 20 азы юбилей. Мæн дæр тынг зæр-диагæй хуыдтой, фæлæ мын ацæуыны фадат нæ фæцис æмæ сæ хатыр ракуырдтон», – радзырдта  Мурадаты Фатимæ.

Сылгоймаг йæхæдæг дæр уыйбæрц баззайыны æнхъæл нæ уыд, афтæмæй Ногиры скъолайы бакуыста 16 азы бæрц. Фæлæ бинонтæ иумæ хъуамæ цæрой. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ йæ цардæмбал Зелим иу бон дæр никуыдæм ацыд йæ уарзон Ирыстонæн уæззау рæстæджыты. Æппынæдзух лæууыд постыты. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ Дзаумæ æрæздæхт сæ фырт Алан дæр, загъта, зæгъгæ, мæ фыд уым знæгты ныхмæ хæцы æмæ æз та ам куыд хъуамæ уон. Лæппу фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд ХИПИ-йы юридикон факультетмæ. Афтæ ма балæууыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. 18-аздзыдæй службæ кæнынмæ бацыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады ОМОН-мæ æмæ абоны онг дæр службæ кæны уым. Ныр фондз азы бæрц у Дзауы ОМОН-ы командир.  2008 азы Фатимæ дæр фæстæмæ æрæздæхт Дзаумæ æмæ 2009 азы кусын райдыдта Дзауы скъола-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй æмæ ныр 13 азы дæргъы рæдауæй йæ зонындзинæдтæ амоны хъæбулты хуызæн ын чи свæййынц, уыцы ахуырдзаутæн. «Тынг хорз коллективмæ бахаудтæн. Кæдфæнды дæр кæрæдзийы фарсмæ балæууынц. Бузныг сæ дæн, коллектив дæ куыд айсой, афтæ ацæудзæн дæ дарддæры хъуыддаг дæр. Уæд дзы директорæй куыста Хæбæлаты Галинæ. Абон та скъола-интернатæн арæхстджынæй разамынд кæны Галуанты Галинæ», – радзырдта Мурадаты чызг.

Ахуыргæнæджы дæсныйад ын бауарзын кодта Ногиры скъолайы уæды французаг æвзаджы ахуыргæнæг Тыбылты Дуня, кæцы ныртæккæ ис пенсийы æмæ йæ равзæрст дæсныйады тыххæй фæсмон никуы фæкодта. «Къласмæ бахизгæйæ уыныс, сывæллæттæ дæм куыд кæсынц се ‘нæхин цæстытæй, уый. Домынц дæ, цæмæй сын радтай зонындзинæдтæ, царды сæ раст фæндагыл бафтауай. Дæ професси, дæ хъомылгæнинæгты куынæ уарзай, уæд дæ бынат скъолайы нæй. Алкæмæн йæ бон хорз ахуыр кæнын нæу, фæлæ уый хыгъд хъуамæ ахуыргæнинæгтæ уой æгъдауджын æмæ сæ бон цас у ахуыр кæнын, афтæ архайой. Алкæйы зæрдæмæ дæр сæ фæндаг ссарын хъæуы. Иннæ ахæм, рæстæгимæ æмдзу кæнын хъæуы. Ахуыргæнæг æппынæдзух йæхиуыл хъуамæ куса, цæмæй фаг зонындзинæдтæ радта йæ хъомылгæнинæгтæн. Конфуций æнæхъуаджы куынæ загъта, зæгъгæ, ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинаг иумæ рæзынц», – загъта Фатимæ.

2020 азы скъола-интернаты рауагъдонтæ уыдысты Фатимæ къласгæс кæмæн, уыд, уыцы къласы фондз ахуырдзауы. Уыдонæй цыппар адæймаджы ахуыр кæнынц ХИПУ-йы æмæ дзы иу чызг та йæ ахуыр адарддæр кодта Дзæуджыхъæуы Хæххон Металлургон институты арæзтадон факультеты. Тынг  фæцин кодта йæ рауагъдонтæ студенттæ кæй систы, ууыл. Мурадаты чызджы хъомылгæнинæгтæ арæх хайад райсынц куыд районы, афтæ республикæйы æмвæзадыл уагъдцæуæг олимпиадæты, алыгъуызон мадзæлтты. Ивгъуыд аз Россотрудничествойы хъæппæрисæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн уагъд æрцыд мадзал-конкурс. Фатимæйы хъомылгæнинаг, 10-æм къласы ахуырдзау Гаглойты Владик тынг аив бакаст скъола-интернат кæй ном хæссы уыцы хъайтар Санахъоты Гришикыл фыст æмдзæвгæ æмæ райста 3-аг къæпхæны диплом. Фатимæйы дæр схорзæхджын кодтой дипломæй. 2018 азы уырыссаг æвзагæй уагъд æрцыд бирæпрофилон инженерон олимпиадæ «Звезда», зæгъгæ. Олимпиадæйы фыццаг тур уагъд цыд Цхинвалы, цыран хайад райста Фатимæйы хъомылгæнинаг Хъоцыты Белæ. Уым чи фæуæлахиз, уыдон ‘хсæн уыд Белæ дæр. Уый фæстæ уæлахиздзаутæ хайад райстой олимпиадæйы дыккаг туры, кæцы уагъд цыд Дзæуджыхъæуы Хæххон Металлургон институты, цыран Хъоцыты Белæ бацахста фыццаг бынат.

Йæ профессийы æцæг дæсны арæх йæ ахуырдзаутæн ауадзы уæлæмхас уроктæ дæр. Банысан кæнынц ахæм нысаниуæгджын бонтæ, куыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæ-джы бон, Мады бон æмæ æндæртæ. Ауадзы гом уроктæ дæр. Уырдæм фæхонынц районы скъолаты ахуыргæнджыты, районы администрацийы ахуыры хайы минæвæртты. Вæййы сын «предметты къуыритæ» дæр, кæцытæ уагъд фæцæуынц конкурсы хуызы. Фæхонынц ныййарджыты æмæ æндæр уазджыты. Цалдæр азы размæ ауагъта интегративон гом урок Ирыстоны истори æмæ уырыссаг æвзагæй. Урокмæ хуынд æрцыд бирæ уазджытæ, уыцы нымæцы РХИ-йы Ахуырады министрады цур ахуыргæнджыты квалификаци бæрзонддæргæнæн институты минæвæрттæ дæр. Уыдон райгондæй баззадысты урок бæрзонд æмвæзадыл уагъд кæй æрцыд, уымæй.  Фатимæ ацы ахуыры аз та у 5-æм къласы къласгæс, цыран ис 9 сывæллоны. Дызæрдыггæнæн нæй, Фатимæ та уыдонимæ дæр куыд къласгæс æмæ уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг, афтæ семæ иттæг хорз кæй бакусдзæн æмæ сомбоны Ирыстонæн аккаг хъæбултæй кæй басгуыхдзысты, ууыл. Ныр та ской кæндзынæн Фатимæйы дзæнæттаг цардæмбал Бежанты Зелимы кой. Уыд «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг». Уый дæр йе ‘ппæт цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæры хъомыладæн.  Зелим куыста Æхслебы хъæуы астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй. 1991 азы тыхджын зæххæнкъуысты фæстиуæгæн скъолайы бæстыхай кæй ныппырх, уымæ гæсгæ сæ ракодтой Дзауы скъола-интернатмæ, цыран бакуыста 2019 азы онг, ома йæ трагикон амæлæты боны онг. Зелим бирæ сарæзта рæзгæ фæлтæрæн спорты къабазы. Куыста Дзауы районы администрацийы спорткомитеты хистæрæй дæр. Йæ хъомылгæнинæгтæ-иу алыгъуызон ерысты бацахастой призон бынæттæ. Цалдæр азы размæ Сочийы скъола-интернатты хъомылгæнинæгты ‘хсæн уагъд цыд турнир футболæй. Уым Зелимы хъомылгæнинæгтæ бацахстой 2-аг бынат. Йæ мæлæн боны дæр Дзæуджыхъæумæ фæцæйцыд спортивон инвентарь балхæныны тыххæй, фæлæ йын нал бантыст. Райсомы 8 сахатыл йæ хæдзарæй рахызт дзæбæхæй æмæ иу сахаты фæстæ райхъуыст йæ трагикон амæлæты хабар. Тынг ыл фæмаст кодтой иууылдæр, уымæн æмæ цард Зелимы хуызæн адæймæгтæй фидауы. Ирыстонæн уæззау рæстæджыты уый æппæт дæр сарæзта, цæмæй рæзгæ фæлтæр архайдтаиккой спортæй. Ныр  æртæ азы фæд-фæдыл Дзауы поселочы уагъд фæцæуы Бежанты Зелимы номарæн турнир футболæй.

Уæдæ дыууæ æгъдауджын хъомылгæнæджы Фатимæ æмæ Зелим куыннæ хъуамæ схъомыл кодтаиккой аккаг хъæбулты. Сæ чызг Анжелæ каст фæцис ЦИПУ-йы ирон æвзаг æмæ журналистикæйы факультет. Кусы Дзæуджы-хъæуы сабидæттæй сæ иуы методистæй. Ис ын цардæмбал æмæ иу фырт Цомайты Марат. Лæппу равзæрста йæ кадджын дада Зелимы дæсныйад.  Ахуыр кæны ЦИПУ-йы физикон культурæйы факультеты, хорз æнтыстытæ йын ис хъæбысхæстæй. Æрæджы уый 2-аг бынат бацахста Сочийы уагъдцæуæг ерысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæ фырт Алан дæр у  цæвиттойнаг йæ  алы хъуыддагæй дæр. Йæ радтæг Ирыстонæн уæззау рæстæджыты активонæй тох кодта  знæгты ныхмæ. Хъайтардзинад равдыста 2008 азы августы тугуарæн хæсты рæстæджы дæр. Фæлæ уый тыххæй радзурдзыстæм æндæр хатт. Хорзæхджын у Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы орденæй. Алан æмæ йæ цардæмбал Кокойты Маринæйæн ис дыууæ хъæбулы. Сæ чызг Аланæ ахуыр кæны Санкт-Петербургы медицинон академийы 3-æм курсы, нымад цæуы тынг хорз студентыл. Сæ лæппу Владик та ахуыр кæны нæ горæты 1-æм астæуккаг скъолайы 11-æм къласы. Æрæджы йæ дада Бежанты Зелимы номарæн турниры уый  нымад æрцыд турниры хуыздæр бомбардирыл.

Мурадаты Фатимæйæн кад кæнынц йæ коллегæтæ дæр. «Фæлтæрдджын ахуыргæнæг у. Сывæллæттæ йæ уарзынц æмæ уый та сæйраг у ахуыргæнæджы куысты. Ныййарджытæ дæр ын тынг кад кæнынц. Тынг куыстуарзаг у, куыстæй æппындæр фæллайын нæ зоны. Фæцин кæны йæ ахуырдзауты æнтыстытыл», –  загъта Дзауы скъола-интернаты дирек-тор Галуанты Зæлинæ.

«Уæздан æмæ æгъдауджын у нæ хорз коллегæ. Хорз сывæллæтты схъомыл кæны. Æмхуызон уарзæгой ахаст дары йæ хъомылгæнинæгтæм иууылдæр. Ныййарджытæ дæр ын райгонд сты йæ хъомыладон куыстæй», – банысан кодта скъола-интернаты уырыссаг æвзаджы ахуыргæнæг Цхуырбаты Наирæ.

Мурадаты Фатимæйы йæ хорз куысты тыххæй районы администраци, скъола-интернаты æмæ районы ахуыры хай схорзæхджын кодтой алыгъуызон хорзæхтæй.  Ныр та йæ скъола-интернаты коллектив РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрадмæ бавдыстой, цæмæй йын лæвæрд æрцæуа «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг»-ы кадджын ном. Мах дæр арфæ кæнæм Фатимæйæн ахуыргæнæджы дунеон боны цытæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй йын саккаг кæной сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном.

«Ис мын тынг хорз коллегæтæ æмæ къухдариуæггæнджытæ. Арфæ сын кæнын ахуыргæнæджы дунеон боны цытæн. Мæ зæрдæ сын зæгъы æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ сæ бæрнон хъомыладон архайды», – загъта Мурадаты Фатимæ.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.