6-æм апрелы нæ горæты Хъайтарты уынгыл байгом ис сывæллæтты ног сцалцæггонд цæхæрадон №20. Нырмæ ацы сывæллæтты цæхæрадон йæ куыст кодта тынг æвзæр уавæрты. Бæстыхай ахæм уавæры уыдис дыууын азæй фылдæр. Йæ иу хай уыд сыгъд æмæ пырх, йæ иннæ хай – кæм куыстой, уым нæ уыд хуымæтæджы уавæртæ дæр, пайда кодтой, суг кæм æндзарынц, ахæм пецтæй, йæ доны хæтæлтæ дæр æдзæллаг уавæры кæй уыдысты, уымæ гæсгæ дон хæссын дæр  хъуыд кæртæй. Иу дзырдæй, ацы сывæллæтты цæхæрадоны ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн сæ куысты уавæртæ уыдысты тынг æвзæр. Фæлæ ныр нæ республикæйы къухдариуæгады руаджы капиталонæй цалцæг æрцыд.

Сывæллæтты цæхæрадон байгом кæныны цытджын мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан, нæ республикæмæ æрцæуæг не ‘мбæстæгтæ – зынгæ тренертæ Тедеты Дзамболат æмæ Мæргъиты Анатоли æмæ æндæртæ. Уазджытыл цины æнкъарæнтимæ сæм-бæлдысты ацы ахуыргæнæндоны коллектив æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ сæ ныййарджытимæ.

Уыдонæн арфæйы ныхæстæ загъта Президент Тыбылты Леонид:

– Мæнæ мах абон цы хъуыддаг аразæм, уый у хорз хабар, уымæн æмæ махæн нæ хæс у, цæмæй нæ кæстæртæн æппæт уавæртæ дæр аразæм. Æз æй куыд зонын, уымæ гæсгæ ацы скъолайы агъоммæ уагдоны куыст уыдис хорз. Абон сын сæ куысты уавæртæ фæхуыздæр кодтам, æмæ йæм цы чысыл хуртæ цæуынц, уыдон дзы зæрдæрухсæй цы рæзой æмæ ахуыр кæной, уый амонд сæ уæд. Кæстæртимæ чи куса, уыдонæн сæ куыстæй сæ зæрдæтæ райæд. Мæнæн, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг зыниу уыдис ацы мæгуырау уавæры кæй уыд, уый. Фæлæ абон куысты уавæртæ æмбæлон уагмæ æркодтам, æмæ ацы хъуыддагмæ йæ хайбавæрд чи бахаста, уыдонæн дæр зæгъын стыр бузныг.

Президент ма бахæс кодта, цæмæй йæ алыварс территори дæр хæрзарæзт æрцæуа.

Нæ республикæйы зонад æмæ ахуырады министр йæ арфæйы ны-хасы банысан кодта, зæгъгæ, ма ацы сывæлæтты цæхæрадоны фæзындзысты ног къор-дтæ, æмæ йæм цæудзæнис фылдæр сывæллæттæ.

Сывæллæтты цæхæрадон цалцæг кæнынæн сын чи баххуыс кодта, уыдонæн, сæрмагон-дæй, нæ республикæйы къухдариуæгадæн бузныджы ныхæстæ загъта директор Цхуырбаты Гульнарæ.

Цытджын уазджытæн сывæллæттæ та балæвар кодтой музыкалон номыртæ. Сывæллæтты цæхæрадонæн нæ республикæйы къухдариуæггæн-джытæ балæвар кодтой хъазæн фæзуатæн алыгъуызон хиирхæфсæнтæ, афтæ ма иннæ уазджытæй дæр райстой æндæр лæвæрттæ.

Ацы сывæллæтты цæхæрадоны бакондыл зæрдиаг цин бакодтой сывæллæтты ныййарджытæ дæр, æмæ уыдон бузныджы ныхæстæ дзырдтой нæ республикæйы къухдариуæгадæн.

Ныридæгæн уал ацы скъолайы агъоммæ уагдонмæ райстой 50 сывæллонæй фылдæр æмæ уыдон тагъд рæстæджы æнæзивæгæй уайдзысты ног сцалцæггонд цæхæрадонмæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.