Рæстæг размæ тæхы æмæ нæ дардæй дарддæр кæны гуырдзиаг-ирон хæсты удхайраджы рæстæгæй. Абон, 18-æм марты Ереды трагедийыл сæххæст 30 азы. 30 азы та цъус не сты, цæмæй ацы æбуалгъы трагедийы амæттæгты хиуæтты, зонгæты æмæ æппæт хуссарирыстойнаг адæмы зæрдæты хъæдгæмттæ байгас уыдаиккой, фæлæ 18-æм март куы æрхæццæ вæййы, уæд та нын гуырдзиаг сырдон митæ уæлдай  сног вæййынц.

1991 азы ацы æнамонд боны гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ фыдмардæй амардтой æнæаххос дыууадæс лæппуйы. Уыдонæн сæ аххосаг уыд, æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый æмæ дыууадæсæй иумæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиаг лæгхорты къухæй. Уыцы бон уыдон рацыдысты сæ фæстаг тугæрхæм фæндагыл. О, стыр Хуыцау, цæмæннæ сæ бакъуылымпы кодтай истæй æфсон, цæмæн сæ бауагътай сæ мæлæты фæндагыл рацæуын. Кæнæ гуырдзиаг лæгхорты цавддуртæ цæмæннæ фестын кодтай? Фæмардуæвæг хъизæмарджынты ‘хсæн уыд сатихъайраг лæп-пу Дыгъуызты Иван. Кæм ис рæстдзинад! Уый йæ цыбыр цæрæнбоны мæлдзыджы хъыджы дæр куы никуы бацыд, фысы комæй хал куынæ райстаид, уæд ахæм удхайраджы мардæй, афтæ æвзонгæй йæ мæлæт цæмæн ссардта æнæадæймæгты къухæй. Йæ хъæр ныхас ын никуы ничи фехъуыста. Йæ зонгæтæ йæ иууылдæр зыдтой æнахуыр уæздан адæймагæй æмæ йæ афтæмæй бахъуыды кодтой цæрæнбон-тæм. Уый рацард  æрмæстдæр 33 уал-дзæджы, æцæг ын йæ 33-æм уалдзæг ссис фæстаг уалдзæг. Абон Дыгъуызты Иван бацыдаид йæ тæккæ лæджы кары, ноджы фæкуырхондæр уыдаид æмæ йæ хиуæт-тæн, хъæубæстæн уыдаид ныфсы адæй-маг, фæлæ… Иванæн нæ бантыст йæхи-цæн бинонтæ æркæнын, хъæбулы тыхджын уарзт банкъарын. Уас, йæ марджытæ уыйау æвæстаг фæуæд.

«Иван ацы рæстæгæн гуырд нæ уыд, æгæр æгъдауджын æмæ размæдзыд уыд, иууыл фылдæр домдта йæхицæй, уыд моралон æмæ хæрзæгъдау принциптыл хæст адæймаг. Уый йæ рæстæг æнæхъуаджы никуы сæфта. Æз Иваны хæрæфырт  уыдтæн, фæлæ не ‘хсæн  5 азы йедтæмæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ тынг хæларæй цардыстæм. Уыд ирон æгъдауыл хæст адæймаг. Никуы ничи хъуыды кæны æмæ йæ дзыхæй æнæуаг ныхас схаудтаид, кæнæ йæ цуры исчи æнæуаг дзыхæй сдзырдтаид. Алчи дæр ын кад кодта», – дзырдта Иваны æфсымæры чызг Дыгъуызты Лианæ.

Уыд ын стыр плæнттæ, цин кодта цардыл æмæ æндæрты æнтыстытыл, фæн-дыд æй йæхи хоккейæн снывонд кæнын. Фæлæ æппæт уыдæттæ баззадысты йæ ивгъуыд царды бæллицты æмæ йын цард та æндæр хъысмæт сныв кодта. «Спорты  йæ уарзон хуыз уыд хоккей. Тынг æй фæндыд Мæскуымæ ацæуын æмæ хоккеист суæвын. Йæ уарзон хоккеист уыд Владислав Третьяк, кæцы йын уыд цæвиттойнаг. Фæлæ йæ фæндтæ йæ хъуыры фæ-бадтысты, сæ сæххæст кæнын ын нæ бантыст», – загъта уый.

Дыгъуызты Иваны институт каст фæуыны фæстæ бафæндыд йæ царды æнахуыр идейæтæ ныббиноныг кæнын æмæ ацыд Ригæмæ афтæхуыйнæг «дальнее плавание» саразынмæ æмæ йын бантыст. Æхсæз мæйы дæргъы науыл ленк кодта алыгъуызон дард бæстæтæм. Фæлæ йæ бон нæ бацис уым баззайын, кæд дзы йæхицæн карьерæ сарæзтаид, уæддæр. Йæ Райгуырæн Ирыстон æй магнитау йæхимæ æлвæста æмæ фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд йæ бирæ хиуæттæй алкæмæн дæр æрхаста лæвæрттæ. Иван уыд бинонты кæстæр. Цасдæр рæстæджы кодта амалиуæггæнæджы куыст. Бæргæ цыдысты йæ хъуыддæгтæ йæхи фæндиаг, фæлæ уæдмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон хæст. Æмæ æгæрон уарзтæй йæ Фыды-бæстæ чи уарзта, уыцы патриот слæууыд хæстон лæппуты фарсмæ æмæ афтæмæй хъахъхъæдта йæ Райгуырæн бæстæ. Гуырдзиаг боевиктæ лæбурын райдыдтой ирон хъæутæм, уыцы нымæцы Сатихъар, Дменис, Хелцуа æмæ æндæр хъæутæм. Бæрæг куыд у, афтæмæй ацы хъæутæй Цхинвалмæ фæндаг уыд, гуырдзиæгтæ компактонæй кæм цардысты, ахæм цæрæн пункттыл. Ацы уавæрæй пайда кæнгæйæ-иу гуырдзиæгтæ æдзухдæр æрæх-гæдтой фæндæгтæ, Цхинвалы районы ирон хъæутæн-иу бастдзинад нал уыд æд-дагон дунеимæ. Хъуыдис сæ æндæр фæндæгтыл – Уанат, Залда, Гуфта, Зары хъæутыл Цхинвалмæ цæуын æмæ ахæм маршрутыл фæстæмæ здæхгæйæ, хастой (бирæ хатт – лæгдыхæй) хæстон æрмæджытæ, медикаменттæ æмæ продукттæ.

«Рацыд 30 азæй фылдæр, фæлæ мæ цæстыты раз алы хатт дæр слæууы иу тæссаг ныв. 1990 азты мæ чысыл сывæл-лонимæ уыдтæн Сатихъары мæ ныййарджытæм. Гуырдзиæгтæ та радон хатт фæндаг кæй æрæхгæдтой, уый фæстиуæгæн мæ бон не ссис Цхинвалмæ рацæуын. Æхсæвы нæм æрбацыд Иван скъуыдтæ, чъизи уæлæдарæсы, уыд бæгъæмвад. Фырфæлладæй йæ къæхтыл тыхæй лæууыд. Мæ фыд мæм бахатыд, цæмæй  тасы дон рахæссон. Йæ къæхтæ уыдысты тугæйдзаг æмæ тынг рæсыд. Тыххæйты, йæ рыст уромгæйæ, йæ къæх-тæ нывæрдта доны, фæлæ йæ рыст ноджы фæтынгдæр.  Куыд федтам, афтæмæй йæ риу æмæ йæ гуыбын дæр уыдысты тугæйдзаг, уымæн æмæ уый йæ гуыбыны цъарыл фæбырыд, йе ‘ккой хæстон æрмæджытæ хæсгæйæ. Ацы ныв мæ цæстытæй нæ хицæн кæны абон дæр, бахъуыды йæ кодтон цæрæнбонтæм», – радзырдта Дыгъуызты Лианæ.

Иван йæ хъæбатырдзинад равдыста уыцы æлгъыстаджы бон – 1991 азы 18-æм марты дæр, гуырдзиаг бандитон къордтæ сын Ереды хъæуы сæ машинæ куы æрурæдтой, уæд. Уый уайтагъд бамбæрста уавæры тæссагдзинад æмæ  ма бæргæ хъæр кодта уырыссаг салдаттæм, зæгъгæ, «Фехсут уæлдæфмæ!», фæлæ уыдон нæ баууæндыдысты. Дзуаппæн ын гуырдзиаг бандиттæ йæ сæр фæцæф кодтой автоматы хъæдæй æмæ уадзыгæй æрхаудта. Гуырдзиаг лæгсырдтæ йæ хæрхæргæнгæ баластой мæнгагъуыстмæ.

«Иван Ригæйæ куы æрцыд, уæд нæм лæвæрттимæ æрбахаста иу авг коньяк «Наполеон», зæгъгæ, кæцы абоны онг дæр, 37 азы æвæрд уыд скъаппы. Йæ амæлæты фæстæ нæ зæрдæйæн зын уыд йæ бакæнын. Ванийы коньяк æй хуыдтам. Ме ‘фсымæр Вало цæры Уæрæсейы æмæ та æрæджы æрцыд мах, йæ хиуæтты абæрæг кæнынмæ. Аскъуыддзаг кодтам, цæмæй  18-æм марты ацы коньякæй рухс зæгъæм куыд Иванæн, афтæ иннæ æнамонды гуырдтæн дæр», – загъта Дыгъуызты Лиа-нæ.

 Адæймаджы зæрдæ фæцæйтоны, ацы 12 нæлгоймаджы сæ амæлæты размæ цы стыр хъизæмæрттæ бавзæрстой, ууыл ахъуыды кæнгæйæ. Дыууæ азы æмæ авд мæйы сæ хиуæттæ цы бавзæрстой сæ агурынæй, ууыл дзурын уæлдай у. Цæмæй сын, кæм ныгæд сты, уыцы бынат бацамыдтаиккой,  уый тыххæй гуырдзиаг æнæ-адæймæгтæ æрдомдтой стыр суммæ, кæцыты рахицæн кодта РХИ-йы хицауад.

Тæригъæд никæмæн батайы æмæ сæ тæригъæд сæ марджыты фæстæ æфтыд фæуæд, уадз, сæ тæригъæд сын хæссæд  фæлтæрæй-фæлтæрмæ, афтæ фыдмар-дæй сæ чи амардта, уыдон. Адæймаджы фехстой æмæ йæ афтæмæй амардтой, уæд та йын цы у!? Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ уæм фехъуысæт, абон Ирыстон сæрибар хæдбар паддзахад кæй у, уыцы хабар æмæ йыл уымы бæсты цин кæнут. Рухсаг ут!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.