Уалдзæджы æрбалæудмæ адæм кæд æнхъæлмæ кастысты хъарм бонтæм,  уæддæр афтæ нæ рауад. Уæндонæй райста зымæджы бартæ æмæ уазал, митуарæн бонтæ адаргъ сты. Ахæм рæстæджы уæлдай æнæвдæлондæр æмæ тыхстдæр вæййы фосдарæг, æдзухдæр фæхъуыды кæны, йæ фос сæрвæтмæ кæд аирвæздзысты, ууыл. Фæлæ уыимæ иумæ ахæм боныгъæдты фæлтæрд фосдарæг хорз æмбары, йæ фос, фыццаджыдæр, кæвдæсы холлагцух кæй ма хъуамæ уой, уый. Фæлæ зæгъын хъæуы, ивгъуыд аз нæ фосдарджытæ фаг холлаг æрæввонг кæныны тыххæй кæй бавзæрстой бирæ зындзинæдтæ. Уымæн æмæ æрдзон кæрдæг зад нæ уыдис æмæ хъуыд æндæр рæтты холлæгтæ æлхæныны сæр.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы фосдарæг Хуыбиаты Гамлет дæр бынаты æрцæттæ кодта холлæгтæ, фæлæ уыдон фаг нæ уыдысты æмæ æлхæнгæ дæр бакодта дзæвгар. Ныртæккæ кæд боныгъæд фосдарæджы къух нæ аразы, цæгатвæрсты мит нæма атад, уæддæр дæлвæз рæтты æрдзон кæрдæг йæ сæр сдардта æмæ ууыл та фысвос æхсызгонæй фæхизынц. Æххæст нæма æрбабон вæййы, афтæ æвзонг куыстуарзаг фосдарæг вæййы сæ уæлхъус. Кæй зæгъын æй хъæуы, бынтон æввахс æм не сты, хæдзарады хъулон мыггаг, стуртæ цы типон скъæты уыдысты раздæр азты, уым æрбынат кодтой йæ фос. Нырыккон типыл арæзт уыд ацы скъæт, алы стурæн дæр кæвдæсы цур уыд дондарæн, астæуты цыд лафетджын трактор æд холлаг æмæ дзы алы стурæн дæр фосдарæг лæвæрдта йæ хай. Ныр уыцы хорздзинæдтæ фæстейæ аззадысты. Фæлæ уæддæр хорз у æмæ скъæты агъуыст хъахъхъæд цæуы, хъæуы цæрджытæй фосдарды куыст чи кæны, уыцы æртæ адæймаджы фæрцы. Ам иу ран сты фыстæ конд, уыдонæй дæлдæр – стуртæ æмæ дарддæр та – хуытæ. Хуыбиайы фырты фысвос сæхи рады дих сты æртæ хайыл, ома, уæрыччытæ, сæ мадæлтæ æмæ æввахс рæстæджы цот кæнын чи райдайдзæн, уыдон. Мадæл фысты нымæц у 160, иу ахæм та сты сæ цот æмæ 70 сæры та – иннæтæ. Йæ зæрды ис, цæмæй йæ фысты дзуг схиза 500 сæрмæ.

Кæд фыстæ хизынц бонрæфты, уæддæр фосдарæгæн ууыл йæ куыст нæ фæуд кæны. Уый хорз æмбары, йæ фос æрмæст сæрвæты æвджид ма хъуамæ уой, уæлдайдæр – ахæм боныгъæдты. Цæмæй хæрзхаст уой, уый тыххæй сæ кæвдæсмæ дæр цух нæ уадзы алыгъуызон холлæгтæй. Фысвосæй дарддæр ма Гамлеты хæдзарады ис 18 стуры, уыдо-нæй хъуццытæ сты 9. Уыдон сæрды хиздзысты хæххон сæрвæтты.

Хуыбиаты Никъала

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.