Ирон адæмы истори хъæздыг у алыгъуызон традицитæ æмæ æгъдæуттæй. Уыдонæй мах сæрыстыр стæм, хъыгагæн, кæд абон уыцы рæсугъд традицитæ æмæ æгъдæуттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ нал цæуынц, уæддæр. Уыцы уæзгæ бынтæн кад æмæ аргъ хъæуы, уымæн æмæ, æцæгæйдæр, ивгъуыд чи нæ хъуыды кæны, уымæн фидæн нæй.

Нæ фыдæлты традицитæ сног кæныныл йæ тых æмæ йæ йæ уавæртæ куыд амонынц, афтæ архайы Къæбулты Ренат. Уый ныр æхсæзæм аз организаци кæны номарæн турниртæ бæхты дугътæй. Нæ фыдæлтæ бæхты дугътæ арæзтой дзуарыбонты, куыд чындзхæссыны рæстæджы, афтæ зианы номарынæн дæр. Номарæн бæхты дугътæ алыгъуызон уыдысты – æмбойны дугъ, стыр дугъ æмæ æндæртæ. Ацы традицион номарæн дугътыл бирæ дзурæн æмæ фыссæн ис, ууыл хицæнæй æрдзурын хъæуы, фæлæ нæ дзырды сæйраг нысан æндæр у. Ренат, æвзонг лæппу уæвгæйæ, йæ хъус æрдардта ацы рæсугъд æгъдау сæндидзын кæнынмæ… чизоны æмæ йæ йæ уæззау маст дæр баразæнгард кодта ацы хъуыддагмæ. Хæрзчысылæй æртæ æфсымæрæй баззадысты сидзæрæй. Куы рахъомыл сты, сæхи æмбарынхъом куы фесты, царды раст æмæ здыхст фæндæгтыл цæугæйæ, уæд та фæкъахыр сты æртæ æндон риу æфсымæры рæнхъытæ…. Сæ фарсмæ нал ис сæ кæстæр – Юри.

Ренат йæ фыд Хъазбег æмæ ‘йе фсымæр Юрийы ном арынæн æрвылаз дæр, ныр æхсæзæм хатт организаци кæны бæхты дугътæ.

Ацы аз бæхты дугъты хайад райстой фондз барæджы республикæйы алы районтæй. Хуыздæр барæгыл нымад æрцыд Знауыры районы Хъорнисы хъæуы цæрæг 16-аздзыд Плиты Аслан. Уый ацы мадзалы хайад райста фыццаг хатт. Дыккаг бынат бацахста, уый размæ дугъты хайадисæг Цхинвалы районы Гореты хъæуы цæрæг Куыдзеты Реуаз. Æмæ æртыккаг бынат та ахаста Цхинвалы районы Хъларсы хъæуы цæрæг Бестауты Ацæмæз.

Ацы аз та бæхты дугътæ уагъд цыдысты Цхинвалы районы Маралеты хъæуы. Банысан кæныны хъæуы уый, æмæ ацы мадзал алы аз дæр уагъд цæуы æндæр æмæ æндæр рæтты – дугъты хайадисæг барджытæн æнæзонгæ бынæтты. Уымæ гæсгæ тæрхонгæнджытæн дæр æнцондæр у уæлахизуæвджыты равзарын.

Ацы цымыдисон мадзалмæ бакæсынмæ æрæмбырд сты бирæ адæм, бирæтæ сты мадзалы æдзух хайадисджытæ, бирæтæ та фыццаг хатт систы дугъты æвдисæнтæ.

Плиты Аслан нын нæ басусæг кодта йæ зæгъинæгтæ. Уый рагон барæг дæр нæу, цыбыр рæстæг архайдта æмæ йæхи цæттæ кодта дугъты хайад райсынмæ æмæ йæ йæ сираг Цæргæс бæх дæр нæ фæсайдта.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон мын у, уæлахиздзаутæ кæй систæм», – йæ рæсугъд бæхы гуыр даугæйæ, дзырдта Аслан.

Ацы идеяйы автор æмæ организатор – Къæбулты Ренат ноджыдæр бузныг у, мадзалы хайад чи райста, йæхи чи батыхсын кодта æмæ ахæм бынтон раппæлинаг боныгъæды, гом арвы бын дугътæм бакæсынмæ чи æрбацыд, уыдонæн.

Бæхты дугътæ уагъд цæуынц æрвылаз дæр 2010 азæй фæстæмæ.

Къæбулты Хъазбеджы (Павлик), стæм адæймаг разындзæн, чи нæ зыдта, йæ риуы æмбæрц размæ чи цыд æмæ тас, фыдбылызæй чи нæ тарст, лæгдзинад æмæ хъаруйæ æххæст Павликы – ацы номæй йæ зыдтой йæ зонгæтæ, хиуæттæ æмæ æцæгæлæттæ дæр. Æмæ 1991 азы гуырдзиаг тæппуд сырдтæ Уанаты хъæуы сусæгæй фехстой Павлик æмæ йе ‘мбæлццоны бæхтæ æмæ афтæмæй бахаудта сæ къухмæ… Уæды рæстæджы кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг цыдысты хæдзари-хæдзар, хъæуи-хъæу гуырдзиæгтæ, зæгъгæ, нæ къухты бафтыд. Абон дæр йæ хъысмæт бæстон бæрæг нæу Павликæн – кæм æмæ цы фæцис, уымæн ничи ницы зоны, кæд æй йæ бинонтæ агурынц, уæддæр.

Йæ æдзард фыды æййæфта лæгдзинадæй дæр, аив бакастæй дæр æмæ уæнгты скондæй дæр цардмондаг Юри, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа – æнамонд цауы фæстиуæгæн 2009 азы 24 октябры бабын æвзонг лæппу.

Сæ ном арынæн турнир бæхты дугътæй дæр организаци цæуы уыцы бон 24 октябры.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцæуынц кубоктæ æмæ æхцайы фæрæзтæй. Ацы традицион бæхты дугътæ уадзыны хъуыддагмæ йæ хайбавæрд бахæссынц организацитæ, политикон партитæ. Ацы аз та бæхты дугътæ организаци кæнынæн сæ фарсмæ балæууыд Цхинвалы районы администраци.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.