Ирон адæмæн сæ уарзондæр хæринæгтæй иу у цыхт. Фæстаг азты та уымæн йæ кад дæлæмæ кæй æруагътам, йæ аразыны технологи йын кæй фехæлдтой, уый сусæггаг никæмæн у. Уымæн æмæ йæ куы балхæнай, суары йæ куы сæвæрай, уæд, дыууæ къуыри дæр нæма рацæудзæнис, афтæмæй йæ ад фесафы, смаст вæййы æмæ хæрынæн нал фæбæззы.

Йæ ад æмæ йæ гъæдмæ гæсгæ ирон цыхтæн стыр кад уыд æмæ абон дæр ис, канд ирон адæмы `хсæн нæ – рагæй фидауын кæны æндæр нациты фынгтæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, фæстаг азты ирон цыхт, куыд æмбæлы, афтæ нал ахсынц. Мæгуыраудæр кæны йæ гъæд æмæ уыимæ ныллæгдæр кæны йæ кад. Уымæн та йæ аххосаг у, сæйраджыдæр, хæхбæстæй цæрджытæ æндæр рæттæм цæрынмæ кæй фæлыгъдысты, куыстхъом адæм дзы кæй нал ис, æмæ уыимæ цыхтахсынмæ чи цымыдис кодта, уыдон зынгæ кæй фæкъаддæр сты, уый. Раздæр кæд бирæ уыдис, йæ хъуыддаг хорз чи зыдта, ахæм фæлтæрд цыхтахсджытæ, уæд ныртæккæ ахæмтæ цъус сты.

НОМДЗЫД ЦЫХТАХСÆГ ДЗÆНÆТТАГ БИАЗЫРТЫ ДАНИЕЛЫ АМЫНДМÆ ГÆСГÆ

Цыхтахсæг цыхтахсыны технологиимæ зонгæ куы нæ уа, уæд нæ уыдзæн хæрзгъæд цыхт дæр. Афтæмæй та нæ æхсызгонæй фæхъæуы ацы продукт.

Æз, номдзыд цыхтахсæг, Даниелæй арæх хъуыстон, зæгъгæ, æхсыр цалынмæ цæттæ цыхт не суа, уæдмæ йæм æдзух хъæуы хъусдарын, зилын. Фыццаджыдæр, зæгъын хъæуы уый æмæ урсаджы куыст уарзы сыгъдæгдзинад. Мигæнæнтæй пайда кæныны размæ хъуамæ æхсад цæуой тæвд донæй, кæннæд сыл цы фæлм абады, уый цыхты хæрзадыл, гæнæн ис, æмæ фæзына. Хæрзæфснайд хъуамæ уа, цыхт кæм ахсынц, уыцы бынат дæр. Афтæ ма цыхтахсæгæн йæ уæлæ дæр хъуамæ уа сæрмагонд дарæс – халат æмæ худ.

Ахсæн ныккæныны размæ  æхсыры температурæ хъуамæ уа 34 градусы. Къаддæр куы уа, уæд æй хъарм кæнын хъæуы, тæвд доны мидæг мигæнæн æд æхсыр нывæргæйæ. Комкоммæ йæ пецыл ма хъуамæ сæвæрай, уымæн æмæ йæ быныл асудздзæнис æхсыр æмæ йæ ад фæивдзæн. Ахсæн æрцæттæ кæнын хъæуы иу суткæ раздæр. Ныппарын æй хъæуы сæрмагонд мигæнæны хъæстæлы (туаг сылыйы), стæй уыцы хъæстæл ауадзын хъæуы æхсырыл, ахсæныл та фæстæмæ ныккæнын хъæуы хъæстæл. Иу ахсæн фаг у цалдæр хатты бацахсынæн.

Кæд пепсинæй ахст цæуа, уæд та 100 литры æхсырыл  хъæуы 3 граммы. Батайын кæнын æй хъæуы иу литр хъæстæлыл, æхсырыл йæ ныккæнынæй 6 сахаты раздæр. Фæлæ пепсин алыхатт иугъуызон нæ вæййы æмæ йын йæ тых цæмæй базонай, уый тыххæй развæлгъау, гæнæн ис æхсыры 100 граммыл иу грамм уыцы хъæстæлæй æркæнай æмæ кæд 15 минутмæ бацахса, уæд хорз у, кæд нæ, уæд ма пепсинмæ чысыл бафтауын хъæуы.

Куыдфæнды ма уа, цахæмфæнды ахсæнæй ма пайда кæнай, æхсыр æнæмæнг хъуамæ бацахса 15 минутмæ. Уæд сылы ахицæн вæййы бынтон сыгъдæгæй, йемæ цыхтæй нæ баззайы.

Æхсыр æххæстæй бацахст, уый цæмæй базонай, уый тыххæй змæнтæн хъил гуымбылы астæу æрсадз æмæ кæд раст лæууа, кæннæд та йæ къухæй арæхстгай чысыл  азмæнт æмæ кæд дихтæ кæна, æмæ дзы кæд къухыл ницы фæхæца, уæд ахст у. Куы бацахса, уæд æй сызмæнтын хъæуы, афтæмæй йæ 10 минуты бæрц бауадз, сис рахицæнгонд сылы, стæй та йæ дыккаг хатт сызмæнт, цæмæй хуыздæр рахицæн уа сылы. Инджынтæ куы æрбадой, уæд сæ сисын хъæуы цыхтахсæн къусмæ æмæ нылхъивын, хуыздæр у, кæй зæгъын æй хъæуы, прессæй.

Ахæм хуызы цыхт, цыхтахсæн сæрмагонд къусы хъуамæ фæуа иу суткæ, стæй йæ сисын æмæ сæвæрын хъæуы тæрхæгыл, уæлдæфы умæлад 90 проценты кæм уа, ахæм бына-ты. Афтæмæй, æнæцæххæй хъуамæ фæуа дыууæ суткæйы бæрц. Уайтагъд æй цæххæй сæрдын æмæ суары дæр ныппарын нæ хъæуы, уæд йæ цъар асудзы æмæ цæхх мидæмæ нал бауадзы. Кæд тæвд рæстæг уа æмæ цыхт туаг кæна, уæд æй, гæнæн ис, иу суткæйы фæстæ байсæрдай цæххæй. Уый фæстæ цыхтмæ ис дыууæ хуызы базилæн – комкоммæ тæрхæгмæ æмæ суары. Тæрхæгмæ зилгæйæ йæ цæххæй сæрдын хъæуы 10-15 суткæйы, куы йæ иу фарсыл æрзилгæйæ, куы – иннæйыл. Стæй хъуамæ æппæрст æрцæуа астæуккаг цæхджын суары (5 литр доныл иу килограмм цæхх – ахæм нымадæй). Кæд суар зæронд уа, уæд æй хъæуы рафыцын æмæ йын йæ сыгъдæг дон рахицæн кæнын, кæннæд та ног суар саразын. Суары цыхтыты æрвылбон дæр хъæуы базмæлын кæнын.

Суармæ зилгæйæ хъусдарын хъæуы куыд цыхтытæм, афтæ суарæн йæхимæ дæр. Хъуамæ ивд цæуа, кæннæд та йыл рæстæгæй-рæстæгмæ кæнай цæхх. Уымæн æмæ цыхты-тæ сæхимæ исынц цæхх, суар æдзæхдæр кæны æмæ тас у, куы стæф кæна, уымæй. Цыхтытæ суарæй уæлæмæ ма хъуамæ зыной – дон сæ æмбæрза.

Афтæ хъуамæ цыхтмæ фæзилай 15 суткæйы. Стæй сфидар вæййы æмæ йын æвзæр кæнынæй тас нал вæййы. Цыхт кæм уа, уым дæр хъуамæ уа уазал, сыгъдæг, бындзытæ йæм ма тæхой, мацы тæфгæнаг буарадтæ дзы уа, кæннæд цыхт кæны “улæфгæ”, алы тæф дæр исы йæхимæ æмæ сæ ахæм тæфæй бахизын хъæуы. Цыхт хъуамæ “улæфа” сыгъдæг уæлдæф.

Уæдæ, куыд федтам, афтæмæй ирон цыхтахсын, æрмæст æхсырыл ахсæн ныккæнын æмæ йæ бацахсыныл нæ фæуд кæны. Уымæн дæр ис йæхи фæткойтæ æмæ, уыдон нæ бахынцгæйæ, нæй райсæн хæрзгъæд продукт. Ацы хъуыддагмæ хъуамæ цымыдис кæниккой фосдарæг хæдзарадты разамонджытæ, фæлæ, хъыгагæн, фæстаг рæстæджыты уый не `нкъардæуы.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.