Амондджын сты, йæ ивгъуыд хорзæн чи фæмысы, фæстæмæ акæсгæйæ, дзы дзаджджын хуынтæ чи бацагуры. Мах, ирон адæм дæр нæхи нымайæм амондджыныл, уымæн æмæ нын ис, буц æмæ сæрыстыр цæмæй стæм, ахæм æвæджиауы хæзнатæ, нæ сæртæ бæрзонд кæй фæрцы хæссæм, Ир æмæ сæ иубæстон адæмæн кад æмæ цыт чи скодта, æндæр адæмтæ сæ хорзы кой кæмæн кæнынц, ахæм гоймæгтæ. Уыдон фыццæгтæй у Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста. Канд Ирыстоны хъæбул нæу, уымæн йæ ном раджы ахъæр æндæр адæмты ‘хсæн дæр. Уый йæ цард снывонд кодта йæ радтæг адæмы рухс царды сæрвæлтау, бакодта сын æгæрон лæггæдтæ. Йæ поэзи уарзон сси канд йæхи адæмæн нæ, фæлæ æндæр адæмты поэзиуарзджытæн дæр. Къостайы фæллæйттæ уарзон систы æмæ сæ æхсызгоны æнкъарæнтимæ зонгæ кодтой раздæры Советон Цæдисы бирæ адæмтæ. Къоста аккаг бынат æрцахста дунейы бирæ адæмты ‘хсæн дæр, йæ уацмыстæ тæлмац æрцыдысты   англисаг, французаг, немыцаг, китайаг, швециаг, туркаг, арабаг, норвегиаг, исландиаг, болгайраг, польшæйаг, чехаг æмæ æндæр адæмты æвзæгтæм.

Æрæджы мæ хæдзарон библиотекæйæ райстон, цалдæр азы размæ дзы цы æртæ конверты бафснайдтон, уыдон. Æмæ та зæрдæ ныррухс, цины æнкъарæнтæй байдзаг, Хетæджы фырты сурæт ауынгæйæ. Цæвиттон, 1989 азы 28 июны Пермы фабрикæйы цæттæ æрцыд, уыцы рæстæджы фыстæджытæ цæй фæрцы æрвыстой, ахæм конверттæ. Конверты галиуæрдыгæй ис Къостайы къам, йæ быны фыст сты йæ райгуырды æмæ амæлæты азтæ, уыдон фæстæ та ахæм фыст «Основоположник осетинской литературы Коста Хетагуров». Ныв скодта нывгæнæг Джыгкайты М. Æртæ конверты дзы кæй бафснайдтон, уымæн дæр ис йæхи нысаниуæг, уымæн æмæ нæ адæммæ ацы нымæц ис кады бынаты.

Уыцы азты фыстæджытæ, зарæджы ныхæстау, урс бæлæттау, тахтысты не стыр бæстæйы алы къуымтæм дæр. Цал æмæ цал хæдзармæ бахастой уæд ацы конверттæ цины фыстæджытæ! Фыццаг-иу фыстæджы хицау бацин кодта стыр поэты къамыл, стæй фыстæг æрвыста йæ уарзон, æввахс адæймагмæ. Афтæ у стыр гоймаг, цæры алы æнусы, алы рæстагон адæмты зæрдæты дæр. Æмæ сын зары сæ цин æмæ сæ мæстытыл, тох кæны уыдон рухс царды сæраппонд.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.