А.П. Чехов куыд дзырдта, уымæ гæсгæ дохтыры професси у сгуыхтдзинад. Дохтыры професси домы уды сыгъдæгдзинад æмæ  зонды ирддзинад. Дохтыр  монон æгъдауæй хъуамæ уа сыгъдæг. Кæцыфæнды æхсæнады дæр дохтыры професси у уæлдай ахсджиагдæр.

Рагон грекъаг  философ Сократ дзырдта, зæгъгæ, а-дунейы æртæ профессийы сты хуыцауæй ратгæ професситæ. Философы хъуыдымæ гæсгæ, уыцы професситæй иу у дохтыры дæсныйад. Дохтырæн  адæймаджы цард ирвæзын кæнын у йе ‘рвылбонон уæззау куыст. Дохтыр суæвыны тыххæй фæхъæуы бирæ тыхтæ бахардз кæнын, иудадзыг фæхъæуы ахуыр кæнын, æгæрыстæмæй суанг пенсийы ацæуыны онг дæр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ æцæг дохтырæн фаг кæй нæу æрмæст медицинæ хорз сахуыр кæнын. Дохтыр хъуамæ æмбара адæмы раз ыл цы бæрнон  хæс æвæрд ис, уый. Рынчыны фæхъæуы ахæм дохтыр, кæцы йын зæрдæйæ бамбара йæ рыстдзинад æмæ йын, æгæрыстæмæй, йæ сусæгдзинæдтæ дæр раргом кæна.

Мæ абоны уацы хъайтар æппæт уæлдæр ранымад миниуджытæй у хайджын, куыд йæ адæймагдзинадæй, афтæ йæ профессийы зонындзинæдтæй дæр. Фæлæ уал уæ цыбыртæй базонгæ кæндзынæн йæ биографиимæ. Гасситы Константин райгуырд горæт Цхинвалы интеллигентон бинонты ‘хсæн. Йæ фыд Гасситы Батыр бирæ азты дæргъы фæкуыста завод «Эмальпровод»-ы парторгæй, йæ мад Пухаты Еленæ та  «Тагъд æххуыс»-ы хистæр медицинон хойæ. 1974 азы Константин тынг хорз нысæнттыл каст фæци нæ горæты 6-æм астæуккаг скъола. Уый фæстæ æнтыстджынæй фæлварæн-тæ радта горæт Дзæуджыхъæуы медицинон институты хосгæнæн (лечебный) факультетмæ. Ацы уæлдæр ахуырадон уагдоны ахуыр кæнгæйæ дæр уайтагъд фæбæрæг лæппу тынг æвзыгъд кæй у ахуырмæ, уый. Ахуыр кодта æрмæстдæр хорз нысæнттыл, активон хайад иста институты æхсæнадон царды дæр. Медицинон институт каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Кемеровойы областы горæт Новокузнецкмæ. Интернатурæйы ахуыр кæнгæйæ, уыцы иурæстæджы куыста ацы горæты рынчындоны иумæйаг хирургæй. Зæгъæн ис афтæ дæр æмæ ацы дæсныйадмæ кæй хауы алцыдæр, сæйраджыдæр та «полостная хирургия» кæй хонынц, уыцы низтæ. Иу азы фæстæ интернатурæ каст фæци æнтыстджынæй, фæлæ ма уæддæр ацы горæты рынчындоны бакуыста ноджыдæр иу аз йæ зонындзинæдтæ баххæст кæныны тыххæй.

Цæттæ специалистæй æрæздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта республикон соматикон рынчындоны нейрохирургæй. Медицинæйы къабазы ацы дæсныйад нымад цæуы иууыл вазыгджындæртæй сæ иуыл. Ацы бынаты Гассийы фырт бакуыста 20 азы бæрц. Фæлæ йæ фыд кæй фæрынчын, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд йæ куыст ныууадзын, уымæн æмæ-иу йæ куысты баззад æнæхъæн суткæты дæргъы æмæ йæ фыдмæ та зилын хъуыд. Уыцы азты уый бирæ ба-лæггад кодта куыд йе ‘мтуг ирон адæмæн, афтæ гуырдзиæгтæн дæр. Рынчынты йæм кодтой Гуры районæй дæр. Уæд æй кæцæй зыдта, искуы  нæ гуырдзиæгтæ афтæ рауæлдай кæндзысты æмæ нæ дæргъвæтин азты дæргъы фыдудæй  мардзысты, уый.

Райдыдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуд æмæ бынтон уын-гæджыйы бонтæ ныккодтой хуссарирыстойнаг адæмыл, уæлдайдæр та нæ хъæбатыр лæппутыл. Бахъуыд сæ æхсæвæй-бонæй сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæныны сæр. Нæ сахъ лæппутæ бахаудысты уæззау уавæры. Хæцæнгарз дæр сæм нæ уыд, афтæмæй лæууыдысты знаджы ныхмæ æмæ сын аккаг ныхкъуырд лæвæрдтой. Гасситы Константин æмæ йæ коллегæтæ дæр удуæлдай лæггад кодтой цæф лæппутæн. Бирæ хатт-иу къуыригæйтты дæр баззад рынчындоны Ирыстонæн уæззау рæстæджыты.

«1992 азы июны мæйы иу рæстæджы гуырдзиæгтæ ба-цахстой  ТЭК æмæ сæ хъуамæ нæ лæппутæ уырдыгæй фæсырдтаиккой. Фаг хæцæнгарз сæм нæ уыд, афтæмæй мæлæтдзаг тохы бацыдысты знагимæ. Июны мæйы тынг бирæ лæппутæ фæмард сты, цæфтæ дæр фесты дæсгай лæппутæ. Иу ахæмы рынчындонмæ æрбаластой Куыдзейы фырты. Уымæн карз тохы рæстæджы фæцæф йæ сæр. Æмæ мæнæ кран куыд бакæнай, афтæ йæ туг цыд. Лæппуйæн хъуыд æвæстиатæй йæ тугцыд æруромын, науæд ын тас уыд мæлæтæй. Фæцæф йæ фæскъæбут, «поперечный синус» кæй хонынц, уыцы бынат.  Ахæм цæф тынг уæз-зау цæфыл нымад цæуы. Æз ын уайтагъд ме ‘нгуылдз, йæ сæр цыран фæхуынкъ, уым фæтъыстон æмæ йæ афтæмæй аластам операцигæнæн-мæ. Цалынмæ операцийæн цы процедурæтæ хъуыдысты, уыдон цæттæ кодтон, уæдмæ та лæппуйы цæфыл хæцыд медицинон хо. Сарæзтон ын тынг вазыгджын операци. Теоретикон æгъдауæй йæ зыдтон, ахæм операци куыд аразгæ у, уый, фæлæ йæ практикон æгъдауæй никуы сарæзтон. Куыдзейы фырты къæмисæны   хæцъæфæй ралыг кодтон æмæ йын уымæй бампъызтон, йæ сæр нæмыгæй кæм фæхуынкъ, уыцы бынат. Рынчын сдзæбæх. Фæстæдæр æркодта цардæмбал, ис ын сывæллæттæ дæр», – йæ зæрдыл æрлæууыд курдиатджын дохтырæн. Куыдзейы фырты бинонтæ йын уыцы бон нымайынц йæ дыккаг райгуырæн боныл æмæ абоны онг дæр арфæ кæнынц Константинæн, се ‘ввахс адæймагæн сын дыккаг цард кæй балæвар кодта, уый тыххæй.

Æрмæст ацы цауæй дæр бæрæг у Гасситы Константин йæ дæсныйады иттæг хорз специалист кæй у, уый. Кæд дзурынмæ зивæг кодта, уæддæр ма мын ра-дзырдта ноджы цалдæр цауы тыххæй. «1992 азы июны мæйы карз тохты рæстæджы рынчындонмæ æрбаластой ОМОН-ы службæгæнæджы, æз æнхъæл дæн, Къацтæй уыд, фæсномыгæй йæ Гималай хуыдтой. Уымæн та фæцæф йæ сæргæхц. Сарæзтон ын вазыгджын операци. Лæппу бæргæ сдзæбæх, фæлæ фæстæдæр трагиконæй фæмард.

Гуырдзыстон нын алыварсон блокадæ куы сарæзта, фæндæгтыл æдæрс-гæйæ ацæуæнтæ куынæуал уыд, уыцы рæстæджы Дзауы районы Кърозы хъæуккаг Харебаты Хетæг йе ‘фсымæримæ ацыд хъæдмæ суг кæнынмæ, фæ-лæ йыл æрцыд уæззау хабар. Хетæг суджы бын фæци æмæ йæ сæр ныппырх. Æрластой йæ Дзауы районы рынчындонмæ, фæлæ уæдмæ комайы ныххауд. Мæнмæ æрцыд йе ‘фсымæр æмæ мæ иу зæронд «Виллис»-ыл акодта Дзаумæ Зары фæндагыл. Рынчыны фенгæйæ бамбæрстон хъуыддаг цæй мидæг ис, уый. Сæвæрдтон ын раст диагноз  «гематома», йæ сæрымагъзы туг ныттагъд. Рынчыны хицæуттæн загътон, зæгъын, ын хъæуы æвæстиатæй операци саразын. Йе ‘фсымæримæ йæ сæвæрдтам ацы зæронд «Виллисыл», йæ быны йын хъæццул бакодтам, афтæмæй æмæ йæ æрластам республикон рынчындонмæ. Уыцы изæр ын сарæзтон операци. Уый ма къуырийы бæрц уыд комайы, фæлæ стæй радзæбæх æмæ абон дæр цæры. Æркодта цардæмбал, ис ын сывæллон дæр.

1992 азы июны тугуарæн бонты нæм иу рæстæджы рынчындонмæ æрбаластой 15 лæппуйы мардбуары.  Куыд дохтыр, афтæ мын кæд фидар зæрдæ ис, уæддæр уыцы ныв фенгæйæ мæ зæрдæ бахъарм, бауадзыг дæн. Куы æрчъицыдтон, уæд хуыссыдтæн зæххыл, æддæмæ мæ рахастой уæлдæфмæ, афтæмæй. Иу рæстæджы нæм уæззау цæфæй æрбаластой мæ коллегæ, дæндæгты дохтыр Михайленко Сашайы. Уымæн нæмыг йæ хъуыры ахызт æмæ рагъыстæгыл сæмбæлд. Уæззау цæфы фæстиуæгæн йæ бон дзурын дæр нал уыд. Æз æй уайтагъд бамбæрстон, удæгасæй кæй нал аирвæздзæн, уый, фæлæ йын уæддæр ныфсы ныхæстæ дзырдтон. Уымæн æмæ дохтыр хъуамæ йæ пациенттæн уа ныфсы хос, æгæрыстæмæй, йæ куы зона йæ мæлæт йæ фæскъæбут ис, уæддæр. Тынг цардуарзон æмæ зæрдæхæлар лæппу уыд. Тынг ыл мæ зæрдæ фæрыст, мæ зæрдæ суынгæг йæ уæззау уавæрмæ кæсгæйæ æмæ мæ рустыл æруадысты нæлгоймаджы уæззау цæссыгтæ дæр», – радзырдта уый.

Ацы уацы автор йæхæдæг дæр уыд æвдисæн Гассийы фырт нейрохирургæй куы куыста, уыцы рæстæджы æрцæугæ дыууæ цауæн. Цæвиттон, æвзонг сылгоймаг нæ горæты кафетæй сæ иуы фæцис хылгæнджыты ‘хсæн. Хылгæнджытæй сæ иу уæззау цыдæр мигæнæн фехста иннæ хылгæнæгыл æмæ уый бæсты сæмбæлд сылгоймаджы сæрыл. Æз æнхъæл дæн, цæфы фæстиуæгæн йæ сæры фæзынд гематома. Æвæстиатæй йын Гассийы фырт сарæзта операци. Сылгоймаг аирвæзт æмæ абон дæр у сæрæгас. Иннæ цау та уыд ахæм: Цхинвалы районы хъæутæй сæ иуы цæрæг  рахауд бæласæй æмæ йæ астæуымагъз аскъуыд. Фæлтæрд нейрохирург уайтагъд бамбæрста нæлгоймаджы уæззау уавæры тыххæй, сæвæрдта йын раст диагонз. Йæ хиуæттæн ын загъта, зæгъгæ, йын операци аразæн нæй æмæ йæ кæдæмфæнды ма аласат, уæддæр ын нæ баххуыс кæндзысты. Рынчыны хиуæттæ уæддæр сæхион бакодтой æмæ йæ аластой Мæскуымæ. Фæфыдæбон кодтой, фæлæ уæгъды. Иу мæйы фæстæ рынчыны мардбуар ласгæ фæци Мæскуыйæ. Уыдис-иу ахæм рæстæджытæ дæр æмæ-иу фæндаг нæдæр Дзæджыхъæумæ уыд æмæ нæдæр Тбилисмæ æмæ-иу рынчынтæн операцитæ арæзта иууылдæр йæхæдæг. Мæ уацы уын ракодтон цалдæр цауы кой, фæлæ чи фæнымайдзæнис, уал азы дæргъы Константин цал адæймаджы цард аирвæзын кодта, цал адæймагæн баххуыс кодта, уыдоны. Уыдон тынг бирæ сты…

Гасситы Константин кæмфæнды ма куыстаид, фæнды республикон рынчындоны нейрохирургæй, фæнды «Тагъд æххуыс»-ы хистæрæй, кæнæ ВТЭК-ы хистæрæй, алыран дæр ныууагъта хорз фæд. Иу азы бæрц та уыд республикон рынчындоны компьютерон томографион хайады хистæр. Фæлæ Тодуайы лæвар томограф зæронд кæй уыд, уымæ гæсгæ тагъд фехæлд. 2012 азы Гассийы фырт нысан æрцыд Дзауы районы рынчындоны сæйраг дохтырæй æмæ абон дæр кусы ацы бынаты. Ам дæр ын кад кæнынц йæ коллегæтæ, уымæн æмæ сын йæхæдæг дæр кад кæны æмæ сæ уарзы. Архайы, цæмæй йæ дæлбар-уæвæг  рынчындоны  коллектив æнгом æмæ хъæрмудæй цæрой æмæ уыцы хъуыддаг йæ къухты æфтгæ дæр кæны. «Константин у тынг хорз адæймаг. Йæ дæсныйад дæр зоны тынг хорз. Коллектив æй айста хорз, кад ын кæнынц иу-уылдæр», – загъта Дзауы районы рынчындоны терапевт Дзадтиаты Фатимæ.

Гассийы фырты хуызæн хæдæфсарм адæймæгтæ, цыфæнды стыр пайдатæ ма æрхæссой сæ  радтæг адæмæн, уæддæр сæхи размæ никуы фестауынц æмæ алыхатт дæр аззайынц аууоны. Айрох вæййынц æмбæлон органтæй дæр, цæмæй сын сæ архайдæн æмбæлон аргъ скæной. Цæмæдæр гæсгæ хорзæхджын не ‘рцæуынц хицауадон хорзæхтæй,  фæлæ уый хыгъд цух нæ вæййынц адæмы хорзæхæй æмæ арфæтæй. Æмæ нæ царды та иууыл ахсджиагдæр  у адæмы хорзæх.

Гасситы Константинæн ис хорз бинонтæ. Йæ цардæмбал Хæбæлаты Азæимæ схъомыл кодтой  æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой дыууæ хъæбулы – Тимур æмæ Мадинæйы. Уыдон дæр сæ ныййарджытау сты хæрзæгъдау æмæ адæмуарзон. Дыууæ дæр Мæскуыйы каст фесты уæлдæр ахуыртæ æмæ кусынц нæ горæты æндæр æмæ æндæр ведомствоты.

18-æм июны у медицинон кусæджы бон æмæ  арфæ кæнæм Константинæн йæ профессионалон боны цытæн. Нæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ йæ ахсджиаг æмæ бæрнон архайды.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.