Ныр дыууæ къуырийы дæргъы горæт Цхинвалы скъола-интернаты йæ куыст кæны сывæллæтты сæрдыгон улæфæн лагерь. Фыццаг къордмæ райстой улæфынмæ 140 сывæллоны бæрц 7 азæй 11 азмæ кары, кæцытæ дих æрцыдысты 7 дæлхайыл. Къуырисæры та райсдзысты дыккаг къорды, фæлæ уыдонæн сæ нымæц нырма бæрæг нæу. Лагеры сæргълæууæг Коцты Аннæйы ныхæстæм гæсгæ лагеры арæзт ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй сывæллæттæ мацæуыл тыхсой æмæ сæ рæстæг арвитой хъæлдзæгæй.

«Лагеры улæфыны æмгъуыд у дыууæ къуырийы. Сывæллæтты нæм æрбакæнынц райсом 9 сахат-мæ æмæ сæ акæнынц изæры 6 сахатыл. Кæд æмæ-иу иннæ азты лагертæ куыстой изæры 5 сахатмæ, уæд нæм ныр бирæ ныййарджытæ æрбахатыдысты, цæмæй изæры 6 сахатмæ кусæм æмæ уыдонæн дæр фадат уа сæ куыстытæй рацæуыны фæстæ сæ сывæллæтты лагерæй ракæнынæн. Ныййарджытæ тынг райгонд сты лагеры улæфыны уавæртæй æмæ ма сын сæ сывæллæттæм ахæм хъусдард кæй ис, уымæй. 30 сывæллоны бæрц дзы сты нæхи интернаты хъомылгæнинæгтæ. Интернаты бæстыхайы æхсæвиуат кæны æрмæстдæр иу сывæллон, – нæхи скъолайы хъомылгæнинаг, кæцыйæн нæй, чи йæ акæна сæ-химæ, ахæм хиуон», – зæгъы лагеры сæргълæууæг.

Лагеры хистæр раздзог Харебаты Маринæ та банысан кодта милицийы кусджыты куыст.

«Райсомæй суанг изæрмæ милицийы кусджытæ хъахъхъæнынц сывæллæтты æдасдзинад, сæ хъус дарынц уагахастмæ, нæ сæ уадзынц галиу кæнын. Немæ рацæуынц экскурситы, балцты, стæй ма нын баххуыс кæнынц хиирхæфсæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы дæр. Сæхæдæг дæр ма фæхъазынц семæ алыгъуызон ерысты рæстæджы», – бафиппайдта Маринæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, сывæллæтты хъазæн фæзмæ ахизгæйæ, фенæн уыдис милицийы кусджыты, кæцытæ лæууыдысты лагеры улæфæг скъоладзауты уæлхъус, кастысты сын сæ архайдмæ. Милицийы æнахъомты куысты фæдыл инспектор Тедеты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ иумæйагæй сисгæйæ, галиу не сты.

«Ис дзы цалдæр галиу сывæллоны, кæцытæм нæ хъус дарæм æппынæдзух. Уыдон æдзух архайынц, кæм цы разнаггад кæной, ууыл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ лагеры алыварс æмбонд рæстмæ арæзт кæй нæу æмæ йæ сæрты сывæллæттæ æнцонтæй кæй абырынц, уый. Æрæджы дæр ма дзы иу сывæллонæн йæ дзабыр ауыдтон, афтæмæй агæпп кодта æмбонды сæрты, магазинмæ, дам, цæуын. Фæлæ йæ æз, кæй зæгъын æй хъæуы, фæстæмæ раздæхтон. Уымæй уæлдай ма лагермæ æрбацæуынц сывæллæтты æмбæлттæ, кæцытæ сæ фæразæнгард кæнынц горæтмæ ацæуыныл, кæд æмæ улæфæг сывæллæттæн нæй бар лагеры территорийæ ахизынæн æнæ хистæрты бафæрсгæйæ. Мах æппæт ацы фæткхалæн цаутæ иуварс кæнæм, цæмæй лагеры кусджытæн æнцондæр уа сæ хæстæ æххæст кæнын», – банысан кодта милицийы инспектор.

Ацы лагермæ, фыццаджыдæр, исынц æххуысхъуаг, бирæсывæллонджын бинонты сывæллæтты, сидзæрты æмæ ма кусгæ чи кæны, ахæм ныййарджыты сывæллæтты. Лагеры дыууæ къуырийы дæргъы скъоладзаутимæ кусынц педагогтæ специалон хиирхæфсæн програм-мæтимæ, уадзынц сын алыгъуызон спортивон ерыстæ, ныв кæнынæй конкурстæ, кæнынц сæ музейтæм, библиотекæтæм. Сæ физкультурæйы ахуыргæнæг Козаты Аидæйы ны-хæстæм гæсгæ сывæллæтты фылдæр хай тынг уарзынц футбол.

«Сывæллæттæ алкæцы хъазтæй дæр фæхъазынц стыр цымыдисимæ, фæлæ сын футбол уæддæр ис фыццаг бынаты. Иумæйагæй сисгæйæ, иууылдæр сты тынг тæлфаг сывæллæттæ æмæ сæ æдзух хъæуы ирхæфсын. Ис сæм спортивон азарт æмæ рамбулынмæ тырнындзинад. Адæймаг æхцондзинад исы сæ фезмæлдæй, сæ эмоцитæй», – зæгъы Аидæ.

Горæтмæ рахизынц къордтæй æмæ кæд сывæллæттæ хорз зонынц фæндагон змæлды фæткой-тæ, уæддæр сын милицийы инспектортæ феххуыс кæнынц фæндæгтыл æдæрсгæйæ цæуынæн. Уымæн æмæ йæ алчи дæр зоны, не ‘мбæстæгтæй кæцыдæртæ рæстмæ кæй нæ рæхсынц машинæ скъæрынмæ æмæ афтæмæй фыдбылызы кæй баппарынц иннæты дæр. Милицийы инспектортæ ма лагеры улæфæг скъоладзаутимæ кæнынц профилактикон куыст дæр, – амонынц сын экстремалон ситуациты сæхи куыд хъуамæ дарой, се ‘мкарæнтимæ куыд хъуамæ дзурой, горæты цæугæйæ, сæхи куыд хъуамæ хъахъхъæной фыдбылызæй. Æппæт ацы зонындзинæдтæ сын стыр ахъаз фæуыдзысты сæ дарддæры царды фæндагыл.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.