Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны байгом Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, публицист, драматург, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг, филологон зонæдты доктор, академик, ирон дзыллæ сæрыстыр кæмæй уыд æмæ у, уыцы куырыхон гоймаг Джусойты Нафийы цырт. Ацы бынатмæ æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, фысджытæ, ахуыргæндтæ, æхсæнады минæвæрттæ, Цæгат Ирыстонæй делегаци Национ хъуыддæгты фæдыл министр Цуциты Аланы сæргълæудæй.

Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон митинг гом кæнгæйæ, банысан кодта,  зæгъгæ, Нафийы хуызæн стыр гоймæгтæ цардæй куы ацæуынц, уый стыр трагеди у æрмæст йæ æввахс хиуæттæн нæ, фæлæ йæ радтæг адæмæн дæр. Уый, зæгъгæ, хæрзæвзонгæй æрæвнæлдта æмдзæвгæтæ фыссынмæ, йæ фыццаг чиныг та мыхуыры рацыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй фæстæмæ куы  æрыздæхт, уæд.

«Ирон адæмæн уый ссис, нæ литературæйы йæхи цæсгом кæмæн ис, ахæм фыссæг. Нафи уыцы хъуыды фидарæй бафидар кодта йæ поэтикон сфæдыстады. Мыхуыры цыдысты йæ æндæр чингуытæ æмæ æмбырдгондтæ, цæй руаджы йæ базыдтой æгас дуне. Уый йæ уацмыстæй скад кодта æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ æгас Ирыстонæн дæр», – дзырдта Мелитон.

Банысан кодта, Нафи кæй фыста æндæр нациты минæвæрттыл, сæ литературæйыл. Кæд Къостайы рох кæной ирон адæм, науæд Секъайы, Елбыздыхъойы, уæд Нафи дæр уыдзæн рохы. Уыдонæн та сæ кад бæрзондæй бæрзонддæр кæны, ирон æвзагимæ æнустæм цæрдзысты ацы Стыр лæгтæ. Нафийы номыл цыртытæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, æвæрд цæудзысты ноджыдæр Ирыстоны.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, цы адæм сафынц ахæм зындгонд адæймæгты, куыд Хетæкгаты Къоста, Абайты Васо, Джусойты Нафи, уыдон уыцы нацийæн стыр сæфт сты. Фæлæ аннæрдыгæй та хъæздыг адæм стæм, уымæн æмæ нын Дунескæнæг радта уыйбæрц фысджытæ, поэттæ, нывгæн-джытæ æмæ æндæр алыварсон зындгонд гоймæгты.

«Ирыстон сæрыстыр у Нафийæ, уый йæхæдæг дæр у Ирыстоны уарзон хъæбул. «Нæхи Нафи» – афтæ йæ хонынц алчидæр, афтæ йын аргъ кæнынц не ‘мбæстæгтæ. Цалынмæ мах сæрæгас уæм, уæдмæ уый махæн уыдзæн нæхи Нафи. Æмæ йын аргъ кæндзыстæм æмæ йæ нæ ферох кæндзыстæм.

Йæ цард æмæ сфæлдыстады тыххæй дзырд цæудзæн бирæ азты дæргъы, уымæн æмæ йæ фæстæ ныууагъта ахæм бынтæ, кæцыйы ахуыр кæндзысты æмæ æвзардзысты. Æмæ уыцы куыстыты алчидæр ардзæн  йæхицæн ногæй цыдæртæ. Йæ æгæрон сфæлдыстад та цæрдзæн æнустæм, уымæй мах стæм сæрыстыр æмæ йе сфæлдыстады руаджы уый махæн уыдзæн кæддæриддæр сæрæгас», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Уый фæстæ цытджын уавæры Джусойты Нафийы цырт байгом кодтой Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдæрттæ Хъазиты Мелитон æмæ Æгъ-наты Гæстæн. Цырты раз мадзалы хайадисджытæ сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Иу зонадон институты кусджытæ цас сарæзтаиккой, уый-бæрц бантыст Джусойты Нафийæн йæхицæн  дзырдта Æгънаты Гæстæн. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Нафи аивад, зонад, литературæ æмæ нæ адæмы царды ныууагъта стыр фæд, кæцы абарæн ис, æрмæстдæр, Æрфæны фæдимæ.

«Уый хауы сыгъзæрин фысджыты рæн-хъытæм, кæцытæ æгас дунейы сты зындгонд. Нафи æрмæст ирон адæмæн не скад кодта, фæлæ – æгас Советон Цæдисы адæмтæн дæр. Абоны бон дæр æй зонынц, хъуыды кæнынц æмæ йын аргъ кæнынц», – дзырдта Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар. Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Нафи Ирыстоны никуы дих кодта цæгат æмæ хуссарыл. Уымæн ын кад кæнынц Ирыстоны дыууæ хайы дæр, уый у нæ адæмы иумиаг уарзон хъæбул», – банысан кодта ныхасгæнæг.  

Журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетæгкаты Оксанæ дзырдта, Нафи йе сфæлдыстады стыр хъусдард кæй здæхта рæстдзинадмæ.

Æрæджы журналы юбилей нысан кæныны рæстæджы дæр йæ хайадисджытæ мысыдысты Нафийы. Хъæрæсе-Черкессийæ сæ коллегæтæ М. Лермонтовы номыл цы дунеон фонды майдан æрхастой, уый Хетæгкаты Оксанæ радта Нафийы хо Джусойты Клавæмæ. Уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ ныр дæр Нафийы ном кæй æнгом кæны Цæгат Кавказы адæмты.   Ирон литературæйы кафедрæйы сæргъ-лæууæг, профессор Плиты Гацыр йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, Нафи Ирыстоны, ирон адæмы хуыздæр миниуджытæ сæрбæрзондæй хаста йæ уды. Уый не ‘взаг, не ‘гъдæуттыл къæм абадын нæ уагъта. Ныхасгæнæг Нафийы банымадта нæ сæрбосыл æмæ дарддæр дæр ирон адæмæн сæ хæс у Нафийы бафæзмын. Мадзал, Нафи кæй зарыд, ахæм зарæгæй кæй æрбайгом, уый дзурæг у ноджыдæр Нафийы алыварсон курдиатыл. Уымæн æмæ уый алы хъуыддагмæ дæр рæхст,  уый уыд ирон фынджы лæг, ирон æмгар, ирон хисдæр, кафынмæ, зарынмæ рæхсаг.

«Нафи кæмæн ис, уыцы адæм хъæздыг сты. Æмæ кæмæн нал ис, уыдоныл стыр зиан æрцыдис. Дунейы фарн нын уыйбæрц амонд радтæт, æмæ мах Нафийы уацмыстæ цы кæсæм, цы ахуыр кæнæм. Нафи цы фæдзæхста, уыдонæн аргъ цы кæнæм, ахæм арфæ мах уæнт. Уыдон уыдысты – ирон иронæй куыд баззайа, не ‘взаг йæ раны куыд уа æмæ не  ‘гъдæуттыл нæ къух ма исæм, цæмæй алы нацитимæ нæ хæлардзинад ныллæг ма уа», – дзырдта Гацыр.

Уый бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн, ахæм кад кæй скодтой Нафийæн. Уадз, зæгъгæ, Нафийы зарæг Ирыстоны зæлæт æмæ нырæй фæстæмæ Ирыстон æнæ фыдбылыз уæт.

Хуссар Ирыстоны ахуыргæнджыты номæй митинджы раныхас кодта Плиты Риммæ. Нафийы стыр лæггæдтæ ирон адæмæй кæй никуы ферох уыдзысты уый тыххæй та дзырдта  ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Æлборты Эммæ. Уый, зæгъгæ, дзырдта фидæнмæ:  «Дуар бакæн, Фидæн, Æз Нафи дæн». Æмæ байгом Фидæны дуар ацы гоймаджы рухс цардæй. Уым баззад цæргæйæ Нафи йæ адæмы хæрзиуæгæн.

 Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасæн институты конд æрцæудзæн Джусойты Нафийы номыл Мемориалон кабинет йæхи кусæн кабинеты, – уый тыххæй фехъусын кодта институты директор Гаглойты Роберт.

 «Институты ахуырадон советы рабадтыты Нафи цы кусæн стъолы фарсмæ бадт, уым æдзух ис йæ папкæ, куыд цæрæнбонтæм советы уæнг, афтæ. Институты ист æрцыд уынаффæ, цæмæй дунеон конференциты форматы аз дыууæ хатты уагъд цæуой «Нафийы номыл бакастытæ». Йæ номыл цырт гом кæнын та нысан кæны, Ирыстоны аккаг хъæбулæн нæ æхсæнад стыр кад кæй кæнынц, уый», – загъта уый.

Джусойты мыггаджы номæй бæстæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Джусойты Георги.

Горæты скъолаты ахуыргæнинæгтæ кастысты Нафийы фыст æмдзæвгæтæ. Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы уæнг Чехойты Оля бакаст, стыр поэт Нафийы номыл йæхи фыст æмдзæвгæтæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæджы ном, паддзахадон æфсæддон хорзæхты кавалер, авиацийы майор, горæт-хъайтар Цхинвалы «Æнæмæлгæ полчы» фыццаг рацыды хайадисæг Джусойты Нафийы ном æнустæм хаст æрцыд уыцы полчы рæнхъытæм. Уыцы бардзырд бафарстой, Нафийы номыл цырт гом кæныны митинджы рæстæджы, æхсæнадæ-мон змæлд «Æнæмæлгæ полчы» сæрдар Сергей Глущенкойы бахæсмæ гæсгæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Национ понтеон арæзт кæй æрцыд 2017 азы июны мæйы. Джусойты Нафийы цырты автор та у  хуссарирыстойнаг скульптор Бекъойты Алан.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.