Фыццаг ирон профессионалон скульптор Кокойты Уасилы райгуырдыл сæххæст 100 азы

23-æм сентябры нæ горæты Национ музеймæ æрбамбырд бирæ адæм. Уыцы  бон мысыдысты фыццаг ирон профессионалон скульптор æмæ Стыр адæймаг, Советон Цæдисы Нывгæнджыты цæдисы уæнг, Советон Гуырдзыстоны сгуыхт нывгæнæг Кокойты Уасил Никъалайы фырты рухс ном. Зæрдæхæлар, цæсгомджын, æфсæрмдзæстыг, уæздан æмæ куырыхонæй бахъуыды кодтой Кокойты Уасилы, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр.

Ацы аз 21-æм сентябры Уасилы райгуырдыл сæххæст 100 азы æмæ уый цытæн музейы организаци æрцыд курдиатджын скульпторы куыстыты равдыст. Сорганизаци йæ кодтой Хъотайты Григорийы номыл культурæйы фонды сæрдар, Уæрæсейы аивадзонæдты ассоциацийы уæнг Хъотайты Еленæ, Национ музейы къухдариуæгад æмæ Уасилы чызджытæ Кокойты Маринæ æмæ Иринæ. Зынгæ скульпторы куыстытæ равæрд æрцыдысты музейы фойейы. Йæ композици «Хъынцъымгæнæг мад» та æвæрд æрцыд дыккаг уæладзыгмæ схизæны. Скульптурæтæ æрæмбырдуæвджытæм сæвзæрын кодтой стыр цымыдисдзинад. Куыстытæй  алкæйы цур алæугæйæ дæр адæймагмæ афтæ каст, цыма йе скульптурæтæ удæгас сты, дзурын зонынц æмæ дæм ныртæккæ сдзурдзысты. Ко-койы фыртæн æрдзæй лæвар уыд йæ диссаджы курдиат, кæцымæ чифæнды дæр батæхуды кодтаид. Афтæ ма йын йæ 100-азы юбилеймæ йæ чызджыты хъæппæрисæй æмæ финансон фæрæзтæй  рухс федта чиныг-альбом «Василий Кокоев. Жизнь и творчество», зæгъгæ, кæцы рауад тынг аив.

Мадзалмæ æрбацыдысты Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Культурæйы министр Зассеты Жаннæ, Генералон прокурор Багаты Магомед, зонадон кусджытæ æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Национ музейы директор Зассеты Мераб. Уый æхсызгонæн банысан кодта, зæгъгæ, музейы ахæм мадзæлттæ уагъд кæй цæуынц, уый дзурæг у, ирон адæм курдиатджын кæй сты, ууыл. Загъта, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæ дарддæр дæр уагъд цæудзысты æмæ, зæгъ, арæхдæр цæут музей-мæ. Зассейы фырт ма банысан кодта, зæгъгæ, Кокойты Уасилы куыстытæ реставраци æрцыдысты æмæ сæ йæ чызджытæ лæвар кæнынц музейæн.

Уый фæстæ раныхас кодта Бекъойты Геннади. «Нæ республикæ-йы цæрджыты, уыцы нымæцы кæстæр фæлтæры дæр æнæмæнгæй зонгæ кæнын хъæуы ахæм курдиатджын скульпторты сфæлдыстадимæ. Ахæм мадзæлттæ хъæуы арæхдæр уадзын. Абон мах нысан кæнæм зынгæ скульпторы райгуырды 100-азы юбилей æмæ уый у  ахсджиаг цау нæ республикæйы культурон царды. Уымæн йæ курдиат алывæрсыг у. Ноджы дæр стыр бузныг зæгъын ацы диссаджы мадзалы организатортæн», – загъта Хицауады Сæрдар.

Зассеты Жаннæ дæр хъарм ныхæстæ загъта Кокойты Уасилы тыххæй. «Кокойы фырт у ахæм адæймаг, кæцыйы сфæлдыстадыл дзырдтой, дзурынц æмæ дзурдзысты.  Уый  Стыр адæймаг æмæ æгæрон курдиаты хицау кæй уыд, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ нæ горæты Кады аллеяйы цы хъайтарты бюсттæ лæууынц, уыдон кæй сты Уасилы къухтæй арæзт. Уый сфæлдыста ахæм куыстытæ, кæцытæ цæрдзысты æнустæм. Цал фæнды азы ма рацæуа, цахæмфæнды бæрæгбон ма нысан кæнæм, уæддæр адæм цæудзысты Кады аллеямæ æмæ афтæмæй сæ зæрдыл дардзысты,  100 азы размæ Хуссар Ирыстоны Дзауы хъæуы кæй райгуырд Кокойты Никъалайы фырт Уасил. Коллегийы уынаффæмæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтам Кокойты Уасилы сфæлдыстад национ культурæйы  хæзнадонмæ бахæссын. Уый фæдыл сертификатыл къухтæ фыст æрцæудзысты, Национ музейы минæвæрттæ æмæ Кокойты Уасилы чызджыты хайадистæй»,-  загъта уый.

Культурæйы министр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтой 21-æм сентябры – Кокойты Уасилы райгуырæн боны Хуссар Ирыстоны Скульпторы бон нысан кæнын. Уыцы бон уагъд цæудзысты конкурстæ фæсивæды ‘хсæн хуыздæр куыст сбæрæг кæныны тыххæй.

Хъотайты Еленæ загъта: «Абон сымах базонгæ уыдзыстут ирон культурæйы ирддæр минæвæрттæй иу, Тугъанты Махарбеджы фыццаг ахуыргæнинæгтæй иу – Кокойты Уасилы сфæлдыстадимæ. Абоны экспозицийы сты историон гоймæгты скульптурон портретты сери, кæцытæ æххæст æрцыдысты алыгъуызон техникæйы. Тынг зæрдæмæхъаргæ у йæ графикæ дæр. Республикæйы хъæуты æвæрд æрцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы не ‘мбæстæгтæй чи фæмард, уыдоны цыртытæ, кæцыты сфæлдыста зынгæ скульптор æнæ аргъæй. Хæрзæгъдаудзинад, намыс, хæдæфсармдзинад, хуымæтæгдзинад сты Кокойты Уасилы характеры сæйраг æууæлтæ, – фыста Анастасия Санжеровская. Академик Кибальников Уасилы тыххæй æхсызгонæй дзырдта,  «уый у æцæг скульптор, Вася у тынг курдиатджын!».

Абоны экспозици, альбом, куыстыты реставраци сарæз-той йæ  чызджытæ Маринæ æмæ Иринæ. Уыдон бакодтой егъау куыст. Æхсызгон нын у, культурæ æмæ зонады зынгæ архайджыты сывæллæттæ афтæ бæрнон ахаст кæй дарынц сæ зынгæ фыдæлты исбонмæ, уый», – загъта Хъотайты Еленæ.

ЙÆ НОМ ЦÆРГÆЙÆ БАЗЗАДИС ÆНУСТÆМ…

Мадзалмæ Цæгат Ирыстонæй æрцыд аивадзонæдты кандидат, РХИ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, РЦИ-Аланийы фæдыл аивадзонæдты ассоциацийы регионалон хайады къухдариуæггæнæг, Хъотайты Григорийы номыл культурæйы фонды уæнг Плиты Маргарита. Уый æрдзырдта скульпторы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадыл. «Æз куыд чиныг «Василий Кокоев Жизнь и творчество»-йы аразæг æмæ бацæуæны автор, афтæ мæ бузныг зæгъын фæнды, кæй мыл баууæндыдыстут, уый тыххæй. Уæлдай  тæлмæнтæ мын мæ зæрдæйы ныууагътой 1937 азы репрессигонд адæмы  тыххæй йæ саразгæ фæлгæндзтæ, кæцыты ‘хсæн уыд йæ фыд Никъала дæр. Уымæ гæсгæ репрессийы темæ у йæхи сæрмагонд драмæ. Йе сфæлдыстады стыр нысаниуæг ис уырыссаг нывгæнæн скъолайæн, кæцы йын уæлдай тынгдæр раргом кодта йæ курдиат. Институты фæстæ цалдæр азы йæ куыстытæ фæлдыста зынгæ А. Кибальниковы æрмадзы, кæцы стыр аргъ кодта æвзонг ирон скульпторы курдиат æмæ куыстуарзондзинадæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды Цыбырты Людвигæн Кокойты Уасилы тыххæй йæ мысинæгты тыххæй, Тыбылты Леонид æмæ Зассеты Мерабæн мемæ æмгуыстад кæй кодтой, уый тыххæй. Фидæны скульптортæн та мæ зæгъын фæнды уый, æмæ Уасилы сфæлдыстад кæй у æвидигæ. Уымæн йæ ном æнустæм бацыд ирон æмæ уæрæсейаг аивады историмæ», – загъта йæ раныхасы Плиты чызг.

1939 азы Кокойты Уасил бацыд Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады институтмæ, фæлæ бæрæг аххосгæтæм гæсгæ фæстæмæ æрæздæхт æмæ куыста паддзахадон драмон театры нывгæнæг-æвæрæгæй, æмæ уыцы иурæстæджы ахуыргæнæгæй куыста Сталиниры нывгæнæн ахуыргæнæндоны. 1942-44 азты сфæлыста ахæм спектаклтæ, куыд К.Симоновы «Русские люди», В.Тэны «Герой» æмæ «Кузнец», Саулохты Мухтары «Партизаны» æмæ æндæрты. Кокойты Уасилы автопортретты ирдæй зыны хуымæтæгдзинад æмæ хиуылхæцындзинад. 1944 азы фæстæмæ ахуыр кæнынмæ аздæхт Мæскуыйы прикладон æмæ декоративон аивады институтмæ. Уымæн бастдзинад уыд йæ фыццаг ахуыргæнæг Тугъанты Махарбегимæ.  Дипломон проектæн Кокойты Уасил сарæзта æмбæстагон хæсты хъайтар, революционер Айдарты Знауыры цырт, кæцыйæн паддзахадон фæлварæнты къамис саргъ кодта тынг хорз нысан. Цырт абон дæр лæууы Знауыры поселочы. Кибальников стыр аргъ кодта Уасилæн æмæ йæ райста йе сфæлдыстадон бригадæмæ Сталины бюст аразыны рæстæджы. Уанелы хъæуæн Хетæгкаты Къостайы цырт аразгæйæ, уый кусын райдыдта поэты портретæй. Хæххон ландшафты  хъæздыгдæр колорит ссис монументы бындурон хуыз. Скульптурæйы къабаз у  зын, æрмæджы хъуамæ равдисай æрмæст æнгæсдзинад æмæ адæймаджы харктер нæ, фæлæ йæ мидæггагон дунейы вазыгджындзинад, æрцахсын дзы хъæуы, æрцахсæн цæмæн нæй, уый дæр. Кокойы фырт æнтыстджынæй аскъуыддзаг кодта ацы хæс культурæйы архайджыты портретты серийы: Тугъанты Махарбег, Галаты Барис, Хетæгкаты Владимир æмæ æндæрты портретты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты знаджы ныхмæ хъæбатырæй тох кодтой хуссаРирыстойнаг 20 мин хæстоны бæрц. Кокойы фырт уыд фыццаг монументты автор, кæцытæ æвæрд æрцыдысты хæсты хъайтартæн. Уыдоны ‘хсæн сты Цоциты Уасил, Кобылты Сергей, Остъаты Алекси, Цхуырбаты Иван, Плиты Иссæ æмæ æндæртæ. Скульпторы ноджы иу нысаниуæгджын куыст у 1965 азы Зары хъæуы цы монумент æвæрд æрцыд, уый. Ацы монументы тыххæй Цыбырты Людвиг йæ мысинæгты загъта: «Зары хъæу у чысыл æмæ иу бинонтæй 20 сомы райсгæйæ æрæмбырд кодтам 2 мин сомы, кæцытæ фаг нæ уыдысты монумент саразынæн. Уæд æз бахатыдтæн Уасилмæ æмæ йын радзырдтон уавæры тыххæй. Уый мын загъта, зæгъгæ, цы цырт агурут, ахæм мæм ис, фæлæ йæ æз сарæзтон æндæр адæймæгтæн закъазмæ гæсгæ. Фæлæ мæм дæ ныхæстæ афтæ тынг бахъардтой æмæ уын æй лæвар кæнын. Закъазы тыххæй та исты æрхъуыды кæндзынæн. Цырт Зармæ куы æрбаластам, уæд Уасил уыд немæ, æххуыс кодта монтажгæнджытæн. Уыцы цауæй рацыд 37 азы, фæлæ мæ райгуырæн хъæуы куы вæййын æмæ цырты куы фенын, уæд мæ цæстыты раз слæууы курдиатджын скульпторы фæлгондз. Уый ма мын уый фæстæ дæр сæххæст кодта мæ куырдиат, сарæзта Тыбылты Алык-сандры бюст ХИПУ-йы сæвæрынæн». Кокойы фырт цырт сарæзта курдиатджын поэт æмæ тæлмацгæнæг Бестауты Гиуæргийæн дæр.

ЙÆ НОМ ЦÆРГÆЙÆ БАЗЗАДИС ÆНУСТÆМ…

Кокойты Уасилы цард æмæ сфæлдыстадон архайд уыдысты æнæфæхицæнгæнгæ. Иу дзы иннæйы æххæст кодта. Æмæ йæ цард та  уыдысты йæ бинонтæ. Йæ цардæмбал уыд æнахуыр хæларзæрдæ сылгоймаг Тедеты Юля, Советон Цæдисы журналистты цæдисы уæнг, бирæ азты дæргъы фæкуыста газет «Советон Ирыстон»-ы уацхæссæгæй, йæ фæлмæнзæрдæйы, алкæмæндæр тæригъæд кæй кодта, уымæ гæсгæ йæ «мæгуырты мад» хуыдтой йе ‘мкусджытæ. Йæ хистæр чызг Маринæ каст фæцис ХИПИ-йы историон-фæсарæйнаг æвзæгты факультет, Иринæ та  – Цæгат Ирыстоны медицинон институт. Дыууæ дæр сты сæ ныййарджытау хæрзæгъдау æмæ хæларзæрдæ.

«Хъынцъымгæнæг мад»-ы скульптор равдыста ирон сылгоймаджы фæлгондз. Сылгоймæгты портретты ‘хсæн иууыл лирикондæр сты йæ чызджыты портреттæ. Æмхъæуккæгты царды характер равдыста йæ композицитæ «Сенокос», «Жажда» æмæ «Хъуыбады»-йы. Афтæмæй иу рæнхъæй иннæмæ хизгæйæ, гранит, бронзæ, гипсы, соцреализмы карз фæлгæтты йæхи ссаргæйæ, скульптор фыста йæ адæмы æмæ йæхи биографи. Кокойты Уасилы фæрцы Хуссар Ирыстоны истори ссардта æцæг поэт æмæ энтузиасты. Уый уыд, советон нывгæнæн скъола чи арæзта, уыдоны фыццаг рæнхъыты. Кокойты Уасилы ном æнустæм цæрдзæн  йæ диссаджы сфæлдыстады фæрцы. Мадзалы ма раныхас кодтой философон зонæдты кандидат Дзугаты Къоста, Абайты Зарæ, Гаглойты Лианæ. Хиуæтты номæй раныхас кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта  Тедеты Æхсар. «Бузныг музейы къухдариуæгад æмæ мадзалы организатортæн, йæ ном ын кæй ссардтой, уый тыххæй. Хуыцау зæгъæд æмæ нæ республикæйы фылдæр цы уа Уасилы хуызæн скульптортæ æмæ адæймæгтæ», – загъта уый.

РХИ-йы Генералон прокурор Багаты Магомед фæндон бахаста, цæмæй Уасилы куыстытæ бæрæг æрцæуой табличкæтæй æмæ сæ афтæмæй адæм зоной. Кокойты Уасил цардæй ахицæн 1991 азы 16-æм январы. Уыцы рæстæджы Згъудеры уæлмæрдмæ гуырдзиаг лæгхортæ фæндаг кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ уал ныгæд æрцыд йæ уарзон æрмадзы кæрты. Фæстдæр ныгæд æрцыд уæлмæрды. Хорзæхджын уыд бирæ паддзахадон хорзæхтæй. Сæ кадджын фыдæн кады митæ фæкодтой йæ хъæбултæ æмæ сыл хæрзмæ аудæт уымы бæстæйæ.

Мадзалы кæрон музейы директор Зассеты Мераб бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой Саулохты Тамарæйы рухс ном, кæцы йæ цардæй ахицæн ацы бонты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.