Стыр сты номдзыд дохтыр-уролог, Хуссар Ирыстоны урологийы бындурæвæрæг Пæррæстаты Иналы лæггæдтæ йæ адæмæн. Мими –  афтæ йæ хуыдтой фæсномыгæй æппæт Хуссар Ирыстоны цæрджытæ. Уый уыдис Хуыцауæй ратгæ дохтыр æмæ рынчынтæн хос кодта канд йæ зонындзинæдты руаджы нæ, фæлæ сæ тавта йæ зæрдæйы уарзтæй æмæ дзыхы ныхасæй дæр. Чи сæ банымайдзæнис, Инал цал æмæ цал рынчыны байста мæлæты дзæмбытæй, цал æгъуыссæг æхсæвы арвыста сæ уæлхъус. Нæ адæмæн стыр ныфс уыдис æмæ сæ фыдæнхъæл никуы фæкодта, карз тохы-иу бацыд æгъатыр мæлæтимæ. Йæ иу фендæй дæр-иу мæлæтдзаг рынчынты бацыдис царды ныфс. Уымæн æй мысынц абон дæр, нæ адæмæй бирæтæн сæ уыргтæ сæ куыст куынæуал кæнынц, уæд. Æмæ  уæд сæ хицæуттæн сæ зæрдыл æрлæууы зынгæ уролог, зæгъгæ, уый ма куы цæрид, уæд афтæ не стыхстаиккам.

Пæррæстаты Инал уыдис тынг æнкъараг адæймаг. Скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд райдыдта хъуыды кæнын цард æмæ мæлæты ‘хсæн цы тох цæуы, ууыл. Уымæн æмæ йæ ныййарджытæ дæр дохтыртæ уыдысты æмæ æрвылбон дæр уыдта тыхст рынчынты. Йæ фыд Геча уыд Хуссар Ирыстоны фыццаг гинеколог, йæ мад Уарзиаты Мария та уыдис фыццаг офтальмолог. Йæ мад рæуджыты низæй фæрынчын æмæ раджы ацыдис а-дунейæ. Уый уыдис 1942 азы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Баззадысты 13-аздзыд Инал æмæ йæ 8-аздзыд æфсымæр Сослан сæ фыд Гечайы æвджид. Фæлæ Геча дæр, рынчындоны рынчынты уæлхъус лæугæйæ, æрвыста фылдæр йæ рæстæг. Уымæ гæсгæ йæ кæстæр æфсымæрмæ йæ хъус дардта Инал, афтæмæй ахуыр кодтой нæ горæты 2-æм астæуккаг скъолайы. Æвзист майданыл æй бакаст æмæ фæлварæнтæ æнтысгæйæ радта Тбилисы паддзахадон медицинон институтмæ. Диссагæн ын хастой йæ ахуырфæразондзинад. Уымæ институты программæ фаг нæ кастис, цымыдис кодта дунейы зындгонд ахуыргæндты медицинон трактаттæм æмæ-иу арæх, уыдон кæсгæйæ, йæ рæстæг арвыста библиотекæйы. Уымæ гæсгæ-иу фæлварæнты рæстæджы йæ дзуаппытæй дисы æппæрста институты профессорты.

1954 азы Инал æрбаздæхт йæ уарзон горæтмæ æмæ кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны рынчындоны хирургион хайады. Уыцы рæстæджы дохтыр-хирургы æххуыс хъуыдис Къуайсайы поселочы дæр æмæ Иналы арвыстой уырдæм. Дыууæ азы дзы бакуыста. Стæй йæ фыд Гечайы фæндонмæ гæсгæ æрвыст æрцыд квалификаци бæрзонддæргæнæн курсытæм урологийы хайадмæ. Уæдмæ нæ горæты рынчындоны æрбакодтой урологийы хайад æмæ Пæррæстайы фырт слæууыд йæ сæргъ. Уый йæ алыварс æрбамбырд кодта, куыстуарзаг æмæ йæ хъуыддаджы дæсны чи уыд, ахæм дохтыртæ: Коцты Людвиг, Дзигойты Шота, Бестауты Жаннæ, Гасситы Сергей æмæ Джиоты Виталийы. Уыцы дохтырты хъуыдымæ гæсгæ уый бæрæг хицæн кодта алкæмæй дæр йæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæй, йæ арф хъуыдыкæнынадæй. Афтæ сæм кастис, цыма уый æнæ аппаратурæйæ дæр рафæлгъауы, рынчыны организмы цы процесстæ цæуы, уыдон æмæ йæ бон у интуицийы руаджы уыдонæн разамынд кæнын.

Пæррæстаты Инал цыбыр рæстæгмæ ссис фæлтæрд, æцæг дæсны дохтыр. Уымæй дарддæр ма йæм уыдис адæймаг-уарзондзинады миниуæг, рынчыны раз æнкъардта бæрндзинад, арæхст рынчыны миддуне, уымæн йæ психологи рафæлгъауынмæ. Дзырд дæр ыл нæй, дохтыр ахæм куынæ уа, уæд йæ куыстæн ахадгæ фæстиуæг нæ уыдзæн. Рынчынтæм ын ахæм аудгæ ахаст уыд  æмæ-иу операцийы размæ цыдæриддæр анализтæ хъуыд, уыдон арæзт цыдысты лæмбынæг. Хынцыдта рынчынæн йæ кар, йæ тых, йæ организмы хиæдтæ… Алцæуыл дæр лæмбынæг ахъуыды кæнгæйæ-иу æрмæстдæр уый фæстæ аскъуыддзаг кодта рынчынæн схос кæныны амæлттыл. Арæх нæ пайда кодта нар-къозæй. Уый дæр, зæгъгæ, рынчынæн тæссаг хъуыддаг у, фæлæ-иу ссардта æндæр фæрæзтæ рынчыны операцимæ бацæттæ кæнынæн. Æвæццæгæн, медицинæйы хирурджы куыст у иууыл зындæр дæсныйад. Адæймагы лыг кæныны процесс моралон æмæ психологон æгъдауæй дæр æндавы дохтырыл. Фæлæ Иналæн сæйраг уыдис рынчыны сдзæбæх кæнын.

Иналæн ахæм курдиат лæвæрд уыд æрдзæй. Уымæн æдзухдæр йæ аудинаг уыдысты æрмæстдæр йæ рынчынтæ. Уæззау рынчынты фарсмæ-иу сбон кодта, афтæмæй-иу карз низимæ бацыдис тохы. Иналы тыххæй адæмы ‘хсæн цæуын райдыдтой легендæтæ дæр, зæгъгæ йæм ис цавæрдæр æнæуынгæ тых. Йæ фæзындæй-иу рынчын æрсабыр ис, йæ уавæр-иу фæхуыздæр. Йæ царды нæ уыд ахæм иунæг цау дæр, æмæ йæ хуыссæнуатæй сыстынмæ базивæг кодта æмæ рынчын адæймагæн ма баххуыс кæна. Йе ‘мкусджытæ дис кодтой йæ куыстфæразондзинадыл. Пæррæстайы фырт мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уыдоны ‘хсæн уыдис, йæ цард ма æрдуйыл кæмæн хæцыд, ахæмтæ дæр.

«Æртын æртæ азы фæкуыстон шахты æмæ мыл никуы ницы зиан æрцыд, никуы мæ ницы срыст, – фыста йæ рæстæджы йæ арфæйы гæххæтты Дзауы районы Бзиты хъæуы цæрæг Зассеты Александр, – фæлæ æвиппайды рарынчын дæн, срыст мæ хуылф, цагътон мæ гæндзæхтæ… Фæхæццæ мæ кодтой нæ горæты соматикон рынчындонмæ æмæ мын фæлтæрд хирург-уролог Пæррæстаты Инал æвæстиатæй сарæзта операци. Фондз суткæйы дæргъы мард уыдтæн æви æгас, уый æз нæ зонын, фæлæ Иналы фæрцы æрыздæхтæн мæрдтæй. Уый канд хостæй нæ хос кæны рынчынтæн, фæлæ уæздан ныхасæй дæр».

Куыд ма загътам, Инал æмбисæхсæв дæр никуы базивæг кодта йæ уатæй рахизынмæ. Уыд ахæм цау дæр, æмæ йæ тарф фынæйыл куы уыд, уæд телефоны дзæнгæрæгмæ йæ сынтæджы куы фæбадæг. Æфсæддон лæгау акодта йæ дарæс æмæ уайтагъд февзæрд рынчындоны. Уырдæм æрбаластой, арс кæй ныцъæл кодта, ахæм дыууæ цуангæнæджы. Хъуыд æвæстиатæй операци скæнын. Сарæзта сæ иуæн уæззау операци, бафæллад, фæлæ æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд – иннæ рынчыны уавæр æвзæрдæр кодта æмæ æрывнæлдта дыккаг операци аразынмæ дæр. Уæд нырма æвзонг дохтыр уыд. Операцион столы фарсмæ фæцис фондз сахаты дæргъы. Йæ куыст куы фæцис, уæд æрбарухс æмæ фыццаг хуры тынтæ рудзынгæй æрбакастысты рынчынтæ æмæ сæ ирвæзынгæнæгмæ. Уыцы æхсæв мæлæты дзæмбытæй стыдта дыууæ цардбæллон уды.

 Ахæм цаутæ Иналы царды бирæ уыд. Афтæмæй уый ссис фæлтæрд, æцæг дæс-ны дохтыр. Йæ кусæн хатæн уыд музейы хуызæн. Уым бирæ уыдис, рынчынты ми-сындзæгтæй кæй фæиста, ахæм дуртæ. Иуæй-иу дуртæ сæ асæй дисы æфтыдтой адæймаджы.

Пæррæстаты Иналæн йæ хорз куысты тыххæй лæвæрд æрцыд Республикæйы сгуыхт дохтыры ном. Уый йæ зонындзинæдтыл нæ феввæрсыд. Уый хорз æмбæрста, цардимæ медицинæ дæр размæ кæй цæуы æмæ бирæ хæттыты ацыдис Мæскуымæ йæ зонындзинæдтæ фæбæрзонддæр кæныны тыххæй курсытæм.

Инал тынг бирæ уарзта æрдз. Уый хорздзинад у. Ахæм хъуамæ уа махæй алчи дæр. Иуахæмы, цуангæнгæйæ, Инал бамбæлд сæгуыттыл. Фæкастис сæм дзæвгар. Фæлæ сæ нæ фехста. Фæтæригъæд сын кодта, æрмæст сæм йæхи равдыста, цæмæй алидзой.

Пæррæстаты Иналæн йæ райгуырæн Ирыстон æмæ йæ раттæг адæм зынаргъ кæй уыдысты, уый ноджы ирддæрæй разынд, йæ адæм мæлæтдзаг тасы куы бахаудтой – гуырдзы нæм куы æрбабырстой, уæд. Ацы уæззау бонты Инал кæйдæртау нæ фæуагъта йæ адæмы, нæ фæлыгъдис æдас бынат агурæг, фæлæ баззад се ‘хсæн цæргæйæ æмæ ноджы æнувыддæрæй дарддæр æххæст кодта йæ хæрзиуæгон архайд.

Йæ царды фæстаг азтæм Инал тох кодта йæ раттæг адæмы æнæниздзинадыл. Уыргты дохтыр уæвгæйæ, цыдæр диссагæн йæхицæн дæр срыстысты йæ уыргтæ. Диагноз куыд фенын кодта, афтæмæй уыргты фæзынд æгъатыр низ – рак. Фæлæ Инал, йемæ тохгæнгæйæ, уæддæр йæхи нæ ауагъта. 12 азы йæхи низимæ архайгæйæ, уый цыдис йæ куыстмæ æмæ дзæбæх кодта æндæр рынчынты дæр. Фæлæ, хъыгагæн, æдых у ацы низы ныхмæ медицинæ. Æмæ йæ æгъатыр мæлæт атыдта йæ хиуæттæй, адæмæй. Ацы бонты Иналы райгуырдыл сæххæст уыдаид 90 азы…

Пæррæстаты Инал кæд йæ адæмы æхсæн нал ис, уæддæр йæ рухс ном цæры се ‘хсæн. Мысынц ын йæ цард, йæ куыст, йæ зонд, йæ уды хæрзиуджытæ. Мысын та йæ уымæн хъæуы, цæмæй дзы фæстагæттæ исой цæвиттон, уа сын фæзминаг.

Йæ фарн уыдис – йæ уарзондзинад. Уарзгæ та иууыл фылдæр кодта йæ рай-гуырæн зæхх, йæ адæмы.

Æнæзæгъгæ нæй, дохтыры дæсныйад сæ хæдзарвæндаджы Инал æмæ йæ ныййарджытыл кæй нæ фæуд кæны, уый тыххæй дæр.

Иналы фырт Сæрмæт дæр каст фæцис медицинон институт æмæ фыд æмæ фырт куыстой иумæ. Уый та нысан кæны, æмæ Пæррæстаты æртыккаг фæлтæр дæр дохтыр рауад: Геча – Инал – Сæрмæт.

Уадз, æмæ фылдæр уæнт Пæррæстаты Иналы хуызæн дохтыртæ нæ адæмæн. Сæ цард та-иу уæд дæргъвæтин.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.