Нигер – 125 азы

Уый уыд, адæмы хуыздæрты мингæйттæй нæ, милуангæйттæй куы цагътой, фæлæ уæддæр сæ фæтæг Джугъашвили Иосебæн сæхи куы нывонд кодтой, уыцы æвыдон-дывыдон дуджы: иу сихорафон Мызуры шахтерты хæрæндонмæ бацыд, фыдгъуыз, удысмаг дзы нал ис, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм фыдмæллæг, цардæфхæрд лæг. Фæйнæрдæм тарстгъуызæй аракæс-бакæс кæныны фæстæ йæхицæн райста тæнæг кæрдзыны лыггаг æмæ хуымæтæджы хъæрмхуыппы къус. Куыддæр хæрыныл æрбадт, афтæ хæрæндонмæ бахызтысты æмæ, йæ фарсмæ ма цы афтид фынг уыд, уый цур æрбадтысты дыууæ лæджы. Лæг фæфиппайдта, сæ цæстызул йе рдæм арæзт кæй у, уый, æмæ йæм афтæ фæкаст, цыма уымæ æрбацыдысты ахсынмæ – йæ къусыл иуварс ахæцыд, сыстад æмæ сæм йæ дыууæ къухы бадардта: «Гъа, акæнут мæ…» Уыдон æм джихæй скастысты, стæй худынмæ фесты, æвæццæгæн æй зондцух фехъæлдтой. Худын райдыдтой хæрæндоны иннæ бадджытæ дæр. Лæг нал зыдта, цы ма фæуа, уый… Æнæвнæлдæй ныууагъта йæ «сихор» æмæ сæргуыбырæй æддæмæ ахызт… Куыддæр ахызт, афтæ уæдыонг хæрæндоны иу къуымы æрхæндæгæй чи бадт, уыцы зæронд лæг фестад æмæ йæ хъæлæсыдзаг ныхъæр кодта иннæтыл: «Гормæттæ, кæуыл худут, уый чи у, уый зонут?.. Уый Нигер у, Нигер!..» Хæрæндоны бадджытæ цавддуртау фесты… Уыдонæй дæр йæ хай ничиуал бахордта, уыдон дæр сæргуыбырæй араст сты хæрæндоны дуары рдæм…

Нигер уыд Ирыстоны фарны лæг, курдиатджын поэт, ахуыргонд æмæ рухстауæг. Æрдзæй рахаста сфæлдыстадон курдиат, йæ цæст уыди уынаг, йæ зæрдæ – æнкъараг, уыцы миниуджытимæ поэт æххæст æмæ ифтонг уыд зонындзинæдтæй, ахуырадæй. Уымæн ын бантыст йæ рæстæг æмæ йæ адæмы цард парахатæй равдисын. Нигер уыди ныфсхаст поэт, гуманист, сæрибары зарæггæнæг, æргом æмæ хъæрæй дзырдта рæстдзинад. Уымæ гæсгæ нæ йæ поэзи хоны размæ, рухс нысанмæ, рæстдзинадмæ.

Нигер (Дзанайты Иван) райгуырд 1896 азы 2 ноябры Нары зылды. 1908 азы каст фæци Нары райдиан скъола,уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы дины скъола.  1913 азæй 1917 азмæ ахуыр кодта Æрыдоны семинары. Уый уыди ахсджиаг рæстæг йæ зондахасты рæзтæн. Семинары цы æвзыгъд æмæ зæрдæргъæвд фæсивæд ахуыр кодта, уыдон уадзын райдыдтой къухфыст журнал «Фидиуæг», йæ аразджытæй иу уыдис Иван, йæ фæсномыг – Сау лæппу. Ацы журналы фæзындысты поэты иннæ фæсномыгтæ Ололи æмæ Нигер дæр. Æрыгон поэт тынг сагъæс кодта ирон адæмы хъысмæтыл, нæ культурæйы рæзтыл, тырныдта цардæн аргъ кæнынмæ. Йæ зæрдæмæ арф иста Къостайы зарджытæ, цымыдисæй каст уырыссаг æмæ европæйаг литературæ. Фæлæ Нигер агуырдта йæхи фæндаг, йæхи поэтикон хъæлæс.

Фæстæдæр, Æрыдоны семинары фæстæ Нигер ахуыр кæнынмæ бацыд Саратовы университетмæ. Ам ахуыр кодта æвзæгтæ, арфдæр базыдта литературæ, архайдта сфæлдыстадон æмæ зонадон къордты. Каникулты фæстæ йын Саратовмæ аздæхыны фадат нал фæци – мидхæст бацыд йæ тæмæны. Поэт йæ бæстæ федта зындоны уавæры, æфхæрæг тыхты бын. 1920 азы Цæгат Ирыстоны æрфидар Советон хицауад. Уыцы азты лæуд уыди æхсæнадон хъуыддæгты, архайдта адæмон ахуырады органты куысты. 1927 азы Нигерæн фадат фæци Хæххон педагогон институты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ бацæуынæн. Институт каст куы фæци, уæд æй айстой аспирантурæмæ, уый фæстæ куыста институты. Нигер уыди дæсны ахуыргæнæг, хорз зыдта дунейы литературæ. Уыцы-иу рæстæджы куыста Цæгат Ирыстоны Зонад-иртасæн институты литературон хайады сæргълæууæгæй дæр. Разамынд лæвæрдта аспирантты ахуыртæн, йæ кусджытимæ æмбырд кодтой адæмон сфæлдыстад, арæзта ахуыргæнæн чингуытæ.

Фæлæ ралæууыдысты 1937-1938 азтæ. Фыдгæнджытæ, козбаутæ, фæлитойтæ курдиатджын поэтыл фыстой хахуыртæ, кодтой йыл даутæ. Мæнæ ацы рæнхъытæ – «Кæмттæн сæ нарджытæй нал хъуысынц хъарджытæ, Нал кæуы сидзæр сыдæй. Мæгуыры къæхты бын ниуынц йæ марджытæ, Фидынц сæ бонтæ фыдæй» – йе сфæлдыстады сæйраг девиз кæмæн уыдысты, уыцы поэты хуыдтой советон æхсæнады знаг. Ахæм уавæрты рыст йæ зæрдæ, саст йæ хъару. Фæлæ уыцы уавæрты дæр поэт йæ зæрдæ дардта фидæныл, фæндыд æй адæмæн лæггад кæнын, æмæ куыста. Бирæ тых бахардз кодта 1939 азы Къостайы уацмысты фыццаг академион рауагъд цæттæ кæныныл. Уыд Нарты эпос ныбиноныг кæныны комитеты уæнг æмæ ахъаззаг куыст бакодта эпосы иугонд текст аразыныл, ныффыста цалдæр мидисджын уацы эпосы бындурон фарстаты фæдыл, тæлмац кодта æндæр адæмты фысджыты уацмыстæ ирон æвзагмæ. Фæлæ фыдцард æмæ уæззау куыстæй рафтгæйæ,  кæд æй æрцахсдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ (Мызуры хæрæндоны куыд уыд, афтæ), хæрамзæрдæ адæмæй æвзаргæ мæстытæ æмæ сфæлдыстадон сагъæстæй рафтыдысты йæ тыхтæ, æмæ Иры номдзыд фырт цардæй ахицæн 1947 азы.

Нигер йæ рæстæджы афтæ загъта: «У фадат аразæг». Фæлæ цыфæнды уавæры дæр хъуыдыгæнæг æмæ аразæг адæймаг кæны уæлахиз. Поэт гуманист æвдисы адæймаджы стырдзинад, йæ уды рухс, йæ зонды тых – уыдон раргом вæййынц тохы. Адæймаджы рæсугъддæр идеал у сæрибар, йæ нысан – адæм æмæ фидæны фарныл кусын. Уымæн загъта:  Адæм, дæ фырт дæн, дæ хъæбул дæн æз, Адæм, дæ туг æмæ де стæг дæн æз.

Йе сфæлдыстады тыххæй бирæ фыст æрцыд. Объективондæр аргъ ын чи скодта, уыдонæй иу уыд Дзуццаты Хадзы-Мурат. Бирæ радзур-бадзуртæ фæчынди, поэты æрхæндæг мотивты аххоссæгтæ цы сты, уый тыххæй æмæ алы æфсæнттæ мысыдысты. Мысын та ницы хъуыд – æппæт аххостæ дæр цардæй цыдысты: «Ой, цы мыртæ уыд мæ риуы!.. Ой, цы хæзна уыд мæ сæры!.. Фæлæ арв зымæг нæ нæры, Булæмæргъ хъызты нæ цæры, Уæд æрмæст ыстонг сырд ниуы…».

Ацы рæнхъытæ Нигер ныффыста 1938 азы Уæд æцæгæй дæр «хъызт» замантæ уыд æнæхъæн Советон Цæдисы дæр: ахстой æмæ сæфтой адæмы хуыздæрты, нацитæ буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдысты, уыдоны. Нигеры алыварс дæр сæвзæрди маргæйдзаг атмосферæ. «Æбуалгъ æмæ æнæбауромгæ тохы бацæуынц курдиатæй цух адæм, сæхицæй уæлдæр, намысджындæр чи у, уыдонимæ», – фыста Бальзак. Нигерыл дæр, йæ ронбастмæ дæр чи не ’ххæссыд, уыцы литературон дзиглотæ сагъуыдысты, фыстой йыл алы хахуыртæ, хуыдтой йæ, советон фыссæджы номы аккаг чи нæу, ахæм. Бирæ цæмæйдæрты фæфыдæнхъæл кодта поэты ног дуг. Хъодзаты Æхсары загъдау, æлгъаг æдзæсгæмттæ, цъаммартæ уынаффæгæнæг систы æмæ социализмы идеалтæ цæсты бафтыдтой, бабын кодтой. Ахæм заман поэт хъæлдзæг зарджытæ куыд хъуамæ кæна? Ирæн се ’взаг, сæ фарн сæфты къахыл ныллæууыдысты, адæмы хуызæн нал сты, цагъартæ сæ рауади. Фæлæ дæ уыдæттыл фыссын нæ уадзынц, дæ зæрдæйыл – гуыдыр, мыхуыр – дæ былтыл (Нигерæн йæхи ныхас). Ахæм рæстæг поэт булæмæргъ куыд хъуамæ басгуыха?

«Мæнмæ гæсгæ, Нигер йæ мидуавæр, йæ дунеуынынад, йæ уды хъуырдухæнтæ æппæтæй хуыздæр равдыста, уырыссагау кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæ «Исповедь»-ы (джиппы уагъд æрцыди поэты амардæй 41 азы фæстæ «Литературная Осетия»-йы; МАК-ы кусджытæ йын æй йæ удæгасæй куы базыдтаиккой, уæд Нигер дæр æнæмæнг 37-æм азы амæттæгты хал ахордтаид). Ахæм ныхæстæ дзы ис: «Мне слышатся стоны и горестный плач и жертвы на плаху влекущий палач… Веселые песни неведомы мне». Æмæ ноджы: «Тоска мое сердце и душу гнетет за мой изболевший осколок-народ: великий в минувшем, он завтра готов исчезнуть в бездонной пучине веков…» Уыцы бæллæхтæ аразæг системæйы ныхмæ лæууын Нигеры бон иудадзыг нæ уыди (зæгъæм, Малиты Геуæргийæн куыд баци йæ бон, афтæ) æмæ-иу бар-æнæбары рахызт, идеологи цы зарджытæ домдта, ахæмтæ фыссынмæ. Уый уыд йæ трагеди. Уæвгæ уырысы номдзыд поэттæ Мандельштам, Ахматова æмæ Пастернакы дæр басыгъта уыцы бæллæхы азар: æнæбары стауæн æмдзæвгæтæ ныффыстой æппæт адæмты фæтæгыл. Маяковский йæ зарæджы хурхыл кæй лæууыд, уый йæ хорзмæ не ’ркодта. Афтæ рауади Нигеры хабар дæр: «рæстæджы домæнтæм гæсгæ» кæй ныффыста, уыцы уацмыстæ абон нал ахадынц. Фæлæ йæ уды æмæ адæмы ристæ, утæхсæн кæм равдыста, уыдонæн ис æнусы цард», – зæгъы стыр ирон поэт Хъодзаты Æхсар.

Нигер искуы Хуссар Ирыстоны уыд æви нæ, ахæм фарст бирæтæм сæвзæры йæ хауæггаг цардмæ цымыдисгæнджытæй. О, уыдис. Йе сфæлдыстадæн табугæнæг æмæ æввахс хæлæрттæй сæ иу Дзесты Куыдзæг йæ мысинæгты фыста:

«1933 азы фæззæджы Иван, Фæрнион Къоста æмæ æз сфæнд кодтам Октябры революцийы бæрæгбонты Цхинвалмæ ацæуын. Ацыдыстæм автобусы. Цхинвалы Иван æмæ æз æрфысым кодтам уазæгдоны, Къоста та йæ каистæм бацыд. Уазæгдон уыд Леуахийы хиды цур. Радтой нын хицæн уат. Бæрæгбоны размæ изæр уыдыстæм Культурæйы галуаны (ныртæккæ – драмтеатр).

Æмбырды фæстæ уыд стыр концерт. Бонæй дæр та уыдыстæм галуаны æмæ бирæ бафæстиат стæм Тугъанты Махарбеджы ног ныв «Зæйластыты агургæйæ»-йы раз. Иван нал фæрæзта йæ цæстытæ атонын уыцы æбуалгъ цауы нывæй. Рацæй-иу цыдыстæм, фæлæ та-иу фæстæмæ фездæхт æмæ-иу нымдзаст нывмæ. 1932 азы зымæджы. Хуссар Иры Къуыдаргомы хъæу Арасенда фæцис зæйы бын. Цæргæ-цæрæнбонты ацы комы зæй никуы рацыд, фæлæ уыцы зымæг мит фыдбирæ ныууарыд, æмæ раст аходæнафон бабын æнæхъæн хъæу. Дыууæ æви æртæ адæймагæй фæстæмæ æгас хъæубæстæй удæгас ничиуал баззад.

Иван тынг бирæ фæкаст нывмæ, Культурæйы галуанæй куы рацыдыстæм, уæддæр бирæ рæстæг нæ хицæн кодта йæ хъуыдыйæ Махарбеджы ныв.  (Фæстæдæр, 1934 азы журнал «Мах дуг»-ы фыццæгæм номыры фæзынд йæ хъуыстгонд æмдзæвгæ «Хур – фæдисон» Арасендайы сæфты тыххæй). Æртæ боны фæстæ рацыдыстæм фæстæмæ. Райгонд уыдыстæм не ’ппæт дæр нæ балцæй. Фæндагыл Иван заргæ дæр бакодта. Млетмæ ма нæ хъуыдис иу-ссæдз километры бæрц, афтæ скастыстæм Бæрзæфцæгмæ, æмæ нæ зæрдæтæ бауазал сты. Урс-урсид дары æфцæг æмбисæй уæлæмæ. Рацæй-рабон, æмæ дыууæ боны раздæр рауарыд мит. Нæ автобусы шофыр басагъæс кодта, мах дæр хъуыдытыл фестæм. Уæлвæзмæ дзæбæх схæццæ стæм, фæлæ уырдыгæй суанг æфцæджы сæрмæ зæнгбæттæны онг мит. Фыдæбонæй амардыстæм. Сæлæф миты-иу машинæйы цæлхытæ сæ мидбынаты зилдух райдыдтой æмæ та: «Фæстейæ рахæцут!», «Цæлхыты бын дуртæ баппарут!». Ацу æмæ ды агур дуртæ миты бын! Гъе, фæлæ уæддæр машинæ тыххæй-фыдæй æфцæджы сæрмæ стылдтам».

Æртынæм азты райдайæны онг Ирыстоны астæуккаг скъолатæ æмæ институтты ирон æвзаджы факультетæн нæ уыд ирон аив литературæйы хрестоматитæ.  Цæгат Ирыстоны Адæмон ахуырады хайады курдиатмæ гæсгæ хицауад бауынаффæ кодта, цæмæй æвæстиатæй уагъд æрцæуой ирон литературæйы хрестоматитæ астæуккаг скъолаты алы къласæн дæр.

Æртæ æви цыппар къорды арæзт æрцыд хрестоматитæ аразджыты автортæй. Октябры революцийы агъоммæйы литературæйы хрестомати саразын бахæс кодтой Нигер æмæ Дзесты Куыдзæгæн. Къостайы «Ирон фæндыр» йедтæмæ иннæ авторты чингуытæ ссарынæн тынг бирæ рæстæг бахъуыди. Къухфыст «Октябры Революцийы агъоммæйы ирон аив литературæ» куы сцæттæ, уæд та сæ разы февзæрд æндæр зындзинад: Бирæ радзур-бадзуры сæр бахъуыд Кочысаты Розæйы «Гæды лæджы» тыххæй: цы у йæ хъуыды, цæуыл дзурæг у? Уымæй ноджы дæргъвæтиндæр рауад Елбыздыхъойы «Худинаджы бæсты – мæлæт»-ы хабар. Хрестомати аразджытæ раст æмбæрстой авторы хъуыды: пъырыстыф ныццавта Хъырымы. Хъырым уыцы худинаг йæ сæрмæ не ’рхаста æмæ амардта пъырыстыфы. Худинаджы бæсты ауæлдай кодта йæ цард. Ахмæт йæ быгъдуан бакодта сæ хъæуы рæгъау. Рæгъауæй исты куы фесæфа (давд æрцæуа æви тыхæй ист – уæлдай нæу), уæд уый сæ гæсæн худинаг у. Æмæ Ахмæт дæр уыцы худинаджы бæсты райста мæлæт.  Цыбырныхасæй, сæ иу дæр худинаджы бæсты йæхицæн саккаг кодта мæлæт æмæ иннæ дæр. Фæлæ уый раст нæ фæкаст облæсты ахуырады сæргълæуджытæй кæмæдæрты. Уыдон дзырдтой: Хъырым амардта паддзахы фæсдзæуин пъырыстыфы. Уымæй уый бакодта революционеры ми. Ахмæт та фæстæзад зондахастыл хæцæг адæймаг у, нæ баххуыс кодта революционерæн. Ома, Хъырым – æвæрццæг хъайтар, Ахмæт та – æппæрццæг хъайтар…

Уый уыд стыр поэты ныххурх кæнынмæ бафæлвæрды райдайæн. Æмæ уæдæй фæстæмæ райдыдтой йæ хъизæмæрттæ Нигерæн, фæлæ, Куыдзæг куыд зæгъы, афтæмæй, уæддæр йæ къух нæ иста йæ фæрнджын удысконды рæсугъддæр миниуджытыл…

«Иу хатт та йæм бауадтæн куыстмæ. Иван уыцы аз институты студенттæн лекцитæ касти рагон бердзенаг литературæйæ. Урок уыд йæ тæккæ тæмæны. Аудиторийы дуар йе ’мбисæй уæлæмæ авгæй уыд, æмæ мæм Иван дзæбæх зынд. Лæууыд кафедрæйы фæсте æмæ дзырдта рагон бердзенаг литературæйы тыххæй.  Ацы ныв мæ зæрдыл уæлдай ирддæрæй уый тыххæй баззад, æмæ Иваны уæды онг ахæм хуызы дзургæ никуыма федтон. Нæ иумæйаг æмбырдты куыд ныхас кодта, уый цал æмæ цал хатты федтон æмæ фехъуыстон! Цыма-иу тæрсгæ кодта, ома, исчи афтæ куы зæгъа, йæхицæй æппæлы, иннæтæй йæхимæ зондджындæр кæсы, уыйау-иу йæ ныхæстыл арæх æфтыдта ахæм дзырдтæ: «мæнмæ гæсгæ», «чи зоны», «афтæ мæм кæсы» æмæ æндæр уыдон æнгæс дзырдтæ. Сæрмæт ма-иу æй хатгай амæстæй марынмæ дæр рахъавыд: «мне кажется», «может быть» – уыцы дзырдтæ, дам, æгæр бирæ вæййынц дæ ныхасы. Иттæг хорз цы зыдта Иван, æппындæр гуырысхо цæуыл нæ кодта, уыдæтты тыххæй дзургæйæ дæр цыма æфсæрмы кодта комкоммæ зæгъын (искæмæ афтæ куы фæкæса, йæхицæй æппæлы). Ныр æм лекци кæсгæйæ куы байхъуыстон, уæд æй нал базыдтон. Иван афтæ æнæфæкъæзгæйæ дзырдта, æмæ мæм фæкаст, цы уыд, уымæй дыууæ хатты бæрзонддæр, мæхæдæг та,  цыма скъоладзау фестадтæн æмæ йæм хæлиудзыхæй хъуыстон… Нæ уарзта Иван хиппæлой æмæ, «æз», «æз» чи кæны, ахæм адæймæгты, хи стауын æмæ ’вдисын йе ’нæуынон уыдысты».

Поэт 1922 азы цы æмдзæвгæ ныффыста (мыхуыргонд уыд 1927 азы «Зиу»-ы дыккаг чиныджы), уым афтæ загъта: «Мæн мæ зæрдæ никæд сайы: зонын, зарын хъæуы ныр. Фæлæ зарæгæн йæ хуызæн ницыма зонын бæлвырд. Йе цæй фæдыл, йе куыд уыдзæн арвы нæрынау мæ дзырд». Фæстæдæр æндæр хъуыдытæ фæзынд поэтмæ: Хæхбæстæ… Арф, æнтъыснæг ком… Сау мылазон мигътæ сау нымæт æрæмбæрзтой кæмттыл. Æрра дымгæ къæйтæ æмæ дуртæ хойы къæдзæхтыл. Нарæг æмæ тæссонд хид – хохæн йæ иу фахсæй иннæмæ. «Дымгæ рæдувы бæрзонд хохы къæйты! Уайтагъд фæзылдтон мæ бæрзæй æз размæ: нал ис фæстæмæ здæхæн, нæй, нал ис: зындонмæ чи здæхы барæй йæхæдæг, хи къахæй чи цæуы ингæны хуылфмæ!?» Иу уысм фемдзаст бæлццон, хиды бын гуылфæй цы дон цæуы, уымæ æмæ йæм бахæлæг кодта: «Зары ’мæ хъазы зæрдæбынæй хъал дон. Размæ куы скодта йæ фæндаг æдыхстæй, катай нæ кæны, фæйнæрдæм нæ кæсы. Размæ – йæ цæстæнгас, размæ – йæ тындзыд». Бафæзмыдта бæлццон дæр, катай чи нæ кæны, уыцы хъал доны, æмæ фесхуыста хидыл размæ…

Иу ахæмы – 1931 азы уалдзæджы мæхъхъæлæттæ Иваны ахуыдтой сæхимæ, Галашкæ, зæгъгæ, уыцы хъæумæ (ныртæккæ Комгæроны æддейæ цы рагъ ис, уый фæстæ). Хъæуыл цæуы стыр цæугæдон Ассæ. Иваны хорз суазæг кодтой йæ фысымтæ, уыдонæн ма сæ сыхæгтæ дæр, æмæ уазæджы зæрдæ барухс, бахъæлдзæг, æмæ уайтагъд Ассæйы (Ессæйы) былгæрон йæ хæлар зæрдæйы бæллицтæ æмæ йæ хъуыдытæ гæххæтмæ ныффæдис кодтой. Тыхджын æмæ аив фæлгонц у æмдзæвгæ «Ессæ». Поэт ныхас кæны Ессæимæ, дæтты йын салам æмæ зæгъы: «Зонын, ирон лæджы салам ды никуыма фехъуыстай ам». Æмдзæвгæйы кæрон поэт сиды Хъулгъа, Ир, Кæсæг, Хъæрæсе, Абхаз, Дагъыстанмæ: «Дæларм-уæларм абон æрцæут мæ куывдмæ æмхуызон – сылæй уæд, нæлæй!» Æмдзæвгæйæн хорз аргъ скодтой критиктæ æмæ чиныгкæсджытæ, уæлдайдæр та уымæн, æмæ нæм уæды рæстæджы бирæ литературон уацмыстæ нæма уыд интернационалон темæйыл.

Æртынæм азты фыццаг æмбис бæркадджын уыд Нигеры сфæлдыстады. Уыцы рæстæджы йе  мдзæвгæты æмрæнхъ Иван бабуц кодта чиныгкæсджыты зæрдæ йæ зындгонд поэмæтæ «Мулдар», «Гыцци», «Уæхатæджы фырт чысыл Гуйман», «Бадилон симд» æмæ æндæртæй. Уыдон се ’ппæт дæр уыдысты æмæ сты стыр хæзна нæ аив литературæйы хæзнадоны. Фæлæ Нигер  йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй йæ кадæг «Мулдар»-ы фылдæр уарзта æмæ йын фылдæр аргъ кодта иннæтимæ абаргæйæ. «Нæ тæрсын æз дæуæй, мæлæт, уый зон!» – фыста Иван 1934 азы, фæлæ йыл æртындæс азы фæстæ мæлæт фæтых. Æниу цæй мæлæт ис ахæм лæгæн! Раст загъта Иван йæхæдæг дæр уыцы æмдзæвгæйы: «Мæ фæд хæрзарф æмæ уæрæх зындзæн, Ирыстон, зон, дæ риуыл. Æууæндын абон æз мæхиуыл, Æмæ мын нæй мæлæн».

«Дыууиссæдз азы рацыд, фæстаг хатт ма куы сæмбæлдыстæм, уыцы рæстæгæй. Чысыл рæстæг нæу дыууиссæдз азы. Фæлæ ма абон дæр мæ цæстыты раз ирдæй лæууы Иваны рухс цæсгом. Цыма ныртæккæ дæр ныхас кæны мемæ сыгъдæгзæрдæ, цæстуарзон, æнæхин, æфсæрмдзæстыг æмæ уæздан ирон разагъды лæг, курдиатджын фыссæг, адæймаджы ном æмæ кадæн стыр аргъ чи кодта, æппæлой, дывзагон, дыдзæсгом, хахуыргæнæг æмæ былдауæг адæймæгтæ æнæуынон кæмæн уыдысты, уыцы Иван» – фыста йæ мысинæгты Куыдзæг.

Раст зæгъы Хозиты Барис: «Дзанайты Иван-Нигеры хуызæн поэтты алы райгуырæн бон дæр хъуамæ суа Ирыстоны æппæтадæмон бæрæгбон. Алы адæмыхаттæн дæр ахæм хъæбулы фыд уæвын стыр кады хос æмæ уазнысан у. Чи зоны, гъе уымæн, Фыдызæххы азфыстау, карз у йæ фысты хъæд. Фæлæ нæ, уыцы-иу рæстæг, разæнгард кæны йе сфæлдыстады карз рæстдзинад. Æмæ алкæмæн дæр уый тынг вазыгджын æвдисæн у: поэзи адджын хæринаг нæу, фæлæ æргом зæрдæты тæмæн, рæстæг, дуг æмæ адæймаджы сурæт, куыддæриддæр сæ Хуыцау сфæлдыста, афтæмæй. Æппынфæстаг, поэзи – ивгъуыд, абон æмæ фидæны æхсæн монон хид у. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд зæххон дунейы цæугæ мæсыг æмæ лæугæ хох никуы суыдаид. Æнæмæнгæй, гъе уымæн Нигеры уацмыстыл арф фæд ныууагъта карз историйы разуынады комулæфт. Уымæн нын æлхæны абон дæр нæ зæрдæ йæ удварны бæркад æмæ æнкъарæнты дуне».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.