Бæрæг куыд у, афтæмæй 6 мин азы размæ авг куы фæзындис, уæд цадæггай фæзындысты уымæй арæзт мигæнæнтæ дæр, уыдон æмрæнхъ – алыгъуызон формæ фæрдгуытæ. Уыдон тынг фæцыдысты уæды рæстæджы сылгоймæгты зæрдæмæ æмæ-иу сæ активонæй пайда кодтой рæсугъддзинадæн. Цард размæ куыд цыдис, афтæ адæймагад  тырныдта ногдзинæдтæм, уæд фæзындис бисер дæр. Бисер фыццаг хатт фæзындис Рагон Египеты,   уырдыгæй апарахат æмæ æрхæццæ мах онг. Ныртæккæ дæр бисерæй пайда кæнын нæ фесæфта йæ нысаниуæг, активонæй дзы пайда кæнынц, куыд дарæс æмæ дзаума срæсугъд кæнынæн, афтæ æрмæст бисертæй алыгъуызон мигæнæнтæ, бæлæстæ, дидинджытæ, нывтæ æмæ æндæр ахæмтæ аразынæн.

Бисерæй бийыны хъуыддаг нæ республикæйы скъоладзау фæсивæды ‘хсæн тынг апарахат фæстаг азты, кружоктæ нæм кæй бакодтой, уый тыххæй æмæ уымæ гæсгæ ныридæгæн уыцы хъуыддагыл лæуд чи у, уыцы къухджын адæймæгты нымæц   фылдæрæй фылдæр кæны. Ацы ног хъуыддагмæ се ‘ргом аздæхтой куыд æрыгон, афтæ фæлтæрд хуыйджытæ æмæ бийынмæ чи рæхст, уыдон дæр, æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй сын ис æнтыстытæ. Се сфæлдыстадæн фенæн вæййы алы рæтты, равдыстыты, бирæтæ та сæ заказмæ гæсгæ фæкæнынц уæй. Ахæм хъуыддагыл лæуд у не ‘мбæстаг чызг, курдиатджын æрмдæсны  Тедеты Аланæ. Уый ныридæгæн социалон хызæгты руаджы базыдтой, аивады ацы хуызмæ чи цымыдис кæны, уыцы бирæнымæц аргъгæнджытæ æмæ æлхæнджытæ. Æрыгон чызг бисерæй бийыныл фæхæст, Гуфтайы скъолайы ма куы ахуыр кодта хистæр кълæсты, уæд. Уый-иу цы алыгъуызон рæсугъд æрмæджытæ сфæлдыста, уыдон кодта коллекци, цин сыл кодта йæ бинонтимæ, йе ‘мбæлттимæ. Скъоладзау чызджы фыццаг куыстытæн аргъгæнæг уыд йæ кружокы ахуыргæнæг Джиоты Иринæ. Ахуыргæнæг-иу алыхатт дæр раппæлыд йæ хъомылгæнинагæй æмæ афтæмæй сывæллон зæрдæргъæвдæй тырныдта, йæ зæрдæ кæмæй рухс кодта, уыцы бисерæй бийыны хъуыддагмæ. Сфæлдыстадон адæймаджы архайдæн æмбæлон аргъ куы цæуа, уæд ын уый разæнгарды хос у. Æгæрыстæмæй, хатт рæвдаугæ, хорз ныхас дæр фаг вæййы, цæмæй йæхиуыл феууæнда æмæ банкъара сфæлдыстадон куысты тых. Аланæйы та бирæ разæнгардгæнджытæ уыдис æмæ абон ахæм архайдыл лæуд кæй у, ууыл фæсмон нæ кæны æмæ йын хæссы пайда, куыд моралон, афтæ материалон æгъдауæй дæр. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй чысылæй фæстæмæ уарзы ныв кæ-нын æмæ ныр архайы йæхи æрымысæггаг æмæ арæхстдзинады руаджы.

2008-æм азы хæсты фæстæ Гуфтайы хъæуы астæуккаг скъолайы базæйыл цы ног рæвдауæндон бакодтой, уым лæвары хуызы сывæллæтты хатæнты къултыл Аланæ сныв кодта аргъæуттæй ист цымыдисон æмæ хуызджын нывтæ.  «Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд нæм бакодтой    бисерæй бийыны кружок. Уæды онг никуы федтон бисерæй бийгæ. Ацы ран æз куы федтон цæхæркалгæ бисерæй цы рæсугъд æрмæджытæ гуыры, уæд уайтагъд мæ зæрдæмæ фæцыдис йемæ архайын. Фыццаг мах райдыдтам чысыл бæлæстæ бийын æмæ мын йæ саразын куы бантыст, уæд дзы райстон стыр æхцондзинад. Фæндыдис-иу мæ, æппынæдзух куы бадтаин æмæ бисеримæ куы архайдтаин, уый. Уæд мæхæдæг бахызтæн интернетмæ æмæ дзы уæлæмхасæн ссардтон уроктæ, кæцытæ уыдысты тынг цымыдисон, бæстонæй-иу сæ кæй амыдтой, уый тыххæй. Мæ цæст дзы фыццаг схæцыдис рæсугъд быд уардитыл. Балхæдтон, дидинæг саразынæн мæ цыдæриддæр æрмæджытæ хъуыд, уыдон æмæ æрæвнæлдтон мæ куыстмæ. Мæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты æмæ сæ уайтагъд райдыдтон, уым сæ куыд амыдтой, афтæ аразын. Афтæ сындæггай райдыдтон мæхиуыл кусын», – зæгъы Аланæ.

Æрыгон чызджы арæхсджын къухтæ тынг æнцонæй снывæзтой  уарди дидинæг, кæцы йæ рæсугъддзинадæй барухс кодта йæ аразæджы зæрдæ. Афтæ хорз ын кæй рауад, уый ноджы тынгдæр баразæнгард кодта аивадуарзаг чызджы, цæмæй дарддæр архайдтаид. Алыгъуызон дидин-джытæ бийын сахуыр кæныны фæстæ Тедеты чызджы бафæндыд ацы æрмдæсныйады вазыгджындæр æрмæджытæ сахуыр кæнын æмæ райдыдта, метрæй фылдæры бæрзæнд чи уыдысты, ахæм бæлæстæ æмæ алыгъуызон дидинджытæ бийын. Уыдонæй-иу арæх балæвар кодта йæ хиуæттæн æмæ æмбæлттæн.

Аланæ йæ куыстыты спайда кæны бисеры ахæм хуызтæй æмæ адæймаджы цæстæнгас сæхимæ фелвасынц сæ аив нывæзтæй. Уыцы куыстыты автор бавæры куыд бисеры зынаргъдæр æмæ рæсугъддæр хуызтæ, афтæ йæ зæрдæйы уарзон ахаст йæ куыстмæ æмæ сæ уымæй скæны ноджы аивдæр. Аланæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ скъоладзау уæвгæйæ, цалдæр хатты хайад райста, Дзауы районы æмæ-иу Цхинвалы цы сфæлдыстадон конкурстæ æмæ равдыстытæ сорганизаци кодтой, уыдоны æмæ-иу ын жюрийы уæнгтæ æмбæлонæй саргъ кодтой. Бацахста-иу аккаг бынæттæ æмæ-иу ноджы амондджындæрæй йæхи банкъардта. Уæды Ахуырад æмæ зонады министр, дзæнæттаг Цыбырты Маринæйы къухтæй райста йæ фыццаг хорзæх – Кады грамотæ æмæ хъарм, зæрдæбын арфæйаг ныхæстæ дæр. «Мæнæн мæ зæр-дæмæ тынг фæцыдис ахæм рав-дыстыты хайад исын, уымæн æмæ ахъаз уыдис не сфæлдыстады дарддæры размæцыды хъуыд-дагæн. Сæйраджыдæр-иу дзы зон-гæ кодтон æндæрты куыстытимæ, мæхицæн-иу дзы райстон, пайда мын чи уыдис, уыцы ногдзинæдтæ. Иудзырдæй, кæрæдзи æрмæджытимæ зонгæ кодтам. Ссардтон дзы мæхицæн хæлæрттæ дæр», – хъæлдзæгæй дзуры Аланæ.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæллиц у, цæмæй сын æрæ-джы Дзауы районы цы ног фатер радтой, уым сæ уазæгдон хатæны сæвæрой, цармæ чи æххæсса, ахæм егъау йæхи къухтæй быд рæсугъд бæрзбæлас. Уый йæ би-нонтæн уыдзæнис йæ зынаргъдæр æмæ зæрдылдарæн лæвар. «Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ районы цы æртæуæладзыгон социалон нысаниуæджы хæдзар сырæзт, уыцы фатертæй махæн дæр кæй рахицæн кодтой, уый тыххæй стыр бузныг стæм, фыццаджыдæр, сæрмагонд къамисæй æмæ нæ республикæйы къухдариуæгадæй. Мах тынг фæцин кодтам нæ ног фатерыл, уымæн æмæ нырмæ цардыстæм нæ хæстæджыты хæдзары, нæхи хæдзар нын кæй нæ уыдис, уый тыххæй. Нæ фатер у уæрæх æмæ райдзаст æмæ мæ фæнды, цæмæй йæ барæсугъд кæнон мæхи къухтæй конд бæрзбæласæй. Бирæ рæстæг ыл бахъæудзынæн, фæлæ уыдзæнис, цæстæвæрынæн чи фæуа, ахæм. Бæлæстæ бийын зындæр у, рæстæг дæр сæ фылдæр хъæуы, фæлæ уыдоныл кусын мæ зæрдæмæ фæцыд тынгдæр, фылдæр арæхстдзинад кæй домы, уый тыххæй. Адæймаг ма сæ райсы фæлтæрддзинад, арфдæр фæкæнынц ацы фадыджы зонындзинæдтæ. Æнæуи та адæймагыл бисерæй бийыны хъуыддаг æндавы æвæрццагæй. Куы райдайын кусын, уæд мæ æппæт дæр айрох вæййы æмæ мæ куыстæй та райсын стыр æхцондзинад. Æххуыс ма у адæймаджы фантази æмæ хъуыдыкæнынадæн, æвæрццагæй æндавы нуæрттыл дæр. Уый канд æз нæ рахатыдтæн, фæлæ ма йæ фæзæгъынц фæлтæрд æрмдæснытæ», – зæгъы хæларзæрдæ чызг.

Аланæйæн куыддæр Инстаграмы ног куыстытæ фæзыны, афтæ сын уайтагъд фæзыны æлхæнджытæ. Райдианы, дыууæ азы размæ, интернеты Аланæ йæ куыстытæ куы равæрдта, уæд æм бынтондæр нæ уыдис ахæм хъуыды æмæ сæ уæй кæна. Фæлæ уыцы аив æмæ цымыдисон бисерæй конд æрмæджытæ адæмыл куы апарахат сты, уæд æм райдыдтой фыссын, зæгъгæ сæ сувениртæн лæвар кæнынæн кæй хъæуынц æмæ дзы рауæй кæна. Æвзонг чызг æфсæрмы кодта йæ куыстытæ уæй кæнын, фæлæ йын зынаргъ кæй лæууыд се ‘рмæг, уый тыххæй ахъуыды кодта æмæ сразы ис. Дуканиты ахæм уæййæгтимæ абаргæйæ сæ зынаргъ кæй нæ кæны, уый бæрæг у æмæ йын бирæ рæстæг нæ алæууынц.  Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уымæн фылдæр йæ куыстыты хицæуттæ свæййынц нæ республикæйы уæвæг Уæрæсейы Федерацийы ‘мбæстæгтæ. Æлхæнынц сæ не ‘мбæстæгтæ дæр. «Фылдæр заказтæ райсын бæрæгбонты размæ нæлгоймæгтæй, уæлдайдæр 8-æм март æмæ Ног азы бæрæгбонмæ. Æдæппæтæй сарæзтон сæдæйæ фылдæр бисерæй быд æрмæ-джытæ», – зæгъы Аланæ.

Æрæджы Аланæйы аив куыс-тытæй сæ иуы хицау бацис нæ редакцийы кусæг дæр. Авторы ацы куыст тынг фæцыд æнæхъæн коллективы  зæрдæмæ. Аив быд даргъхæцæн къалатийы мидæг сагъд уыдис дидинджытæ, кæцытæ ма фæлыст уыдысты рухс-гæнæнтæй. Аланæ уыцы бон райста ног заказ дæр. Фæлæ катай кодта, зæгъгæ, карантины хъуыддаг бандæвта йæ куыстыл дæр, уымæн æмæ нæм арæхæй не сты уæййаг чехаг бисертæ. «Арæх фæцæуын иу дуканимæ, уыдонмæ вæййы равзарæн алыгъуызон рæсугъд бисер, фæлæ ныр коронавирус кæй апарахат, уый тыххæй арæх нал æфтынц ног товар æрласынмæ, мæн фылдæр цы хуызтæ фæхъæуы, уыдон дзы нал сты æмæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсын се ‘рластмæ. Ацы бонты дæр сæ абæрæг кодтон, фæлæ нырма ницы райстой», – банысан кодта Аланæ.

Тедеты Аланæйы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг цы дæсныйад уарза, цы хъуыддагыл лæуд уа, уымæн йæ сусæгдзинæдтæ хъуамæ рæдауæй амона æндæртæн, сæйраджыдæр та сомбоны фæлтæрæн. Ныртæккæ йæхæдæг Аланæ кусы Гуфтайы астæуккаг скъолайы хореографæй, уыцы хаххыл ахуырмæ дæр бацыдис нæ горæты Æлборты Феликсы номыл ахуыргæнæндон-мæ хореографион хайадмæ. Ивгъуыд аз та æнтыстджынæй каст фæцис Тыбылты Алыксандры но-мыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, рацыдис визажисты курсытæ дæр Цæгат Ирыстоны, у рæсугъд æмæ хæларзæрдæ чызг. Фæнды йæ, цæмæй скъолайы ахуыргæнинæгтæн кружокы фæлгæтты амона ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Уымæй та йын ныфс бавæрдтой Гуфтайы скъолайы разамынад æмæ ныридæгæн фæндтæ æмæ плæнттæ кæны йæ уыцы куыстæн дæр.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.