Рæсугъд, йæхи куыд фæндыд, афтæ райдыдта йæ царды къахдзæфтæ аразын цардбæллон лæппу Козаты Аким. Бирæ рацæрын ын нæ бантыст, бæрцæй 19 азы, фæлæ йын уæдмæ дæр саразын бирæ бантыст. Уый райгуырд Уæллаг Машхарайы хъæуы. Йæ ныййарджытæ – Козаты Тъотъо æмæ Осианы цинæн кæрон нæ уыдис. Цин кодтой, ныфс сæ уыд, сæ фырт куыд рæза, афтæ сын хæххон куыстыты сæ къух кæй рог кæндзæнис.

Аким райдиан ахуырдзинад райста сæхи хъæуы, стæй бацыдис Дзауы зæхкусæг фæсивæды скъоламæ, уый фæстæ та  Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникуммæ.

Аким Остъаты хæрæфырт уыдис æмæ æвзонг лæппу арæх цыдис йæ мады ‘рвадæлтæм Сохты хъæумæ, æмбæлдис фыццаг ирон тæхæг Остъаты Алексиимæ. Алекси уыд хæларзæрдæ, амбырд-иу ыл сты кæстæр фæсивæд æмæ уарзта семæ ныхас кæнын. Фæуæндон æм ис йæ хæрæфырт дæр æмæ йæ цæмæй нæ бафарстаид. Уæдæ куыд тæхы хæдтæхæг, цы йæ кусын кæны, куыд æрбады æмæ æндæр ахæмтæ. Иудзырдæй, алцы дæр дзы цымыдис кодта Козаты Акимы. Уымæ сæвзæрыд тæхæг суæвыны фæндондзинад æмæ техникумы студент уæвгæйæ, уыцы иурæстæджы цыдис Цхинвалы аэроклубмæ дæр.

Цин æмæ амондæй байдзаг йе ‘рыгон зæрдæ, фыццаг хатт штурвалы раз куы ‘рбадт æмæ йæхæдæг йæхи хъæппæрисæй хæдтæхæг куы аскъæрдта, уæд. Нал æмæ-иу нал здæхт уæлдæфæй. Иуахæмы та, бар ын нæ уыд, афтæмæй афардæг Машхарамæ, йæ райгуырæн хъæуы сæрты цалдæр зилдух æркодта, фæлæ йын дзы æрбадæн фæз нæ уыд æмæ фæстæмæ раздæхт. «Хорз у цæргæсы базыртыл тæхын!» – дзырдта-иу Аким. Йæ хæдтæхæджы дæр æндæр ницы схуыдтаид: «Мæ цæргæсы базыртæ».

Æмæ тахти уыцы базыртыл, раст сæ цыма æрдзæй рахаста, афтæ. 1939 азы бирæ ирон лæппутимæ иумæ уый райста тæхæджы дæсныйад æмæ сæ уыцы аз арвыстой горæт Кировобадмæ сæ дæсныйад сбæрзонд кæнынмæ.

Аким ам йæхи равдыста дæсны тæхæгæй æмæ курсытæ каст куы фæцис, уæд æй саккаг кодтой Тбилисы Натлухы аэроклубмæ инструкторæй, фæлæ йын дзы бирæ акусын нæ бантыст. Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Аким йæ аэроклуб раивта фронтæй æмæ хайад иста цыфыддæр знаджы ныхмæ Севастополь, Керч, Краснодары сæрыл карз тохты. Æнауæрдонæй куынæг кодта знаджы хæдтæхджыты техникæ æмæ фистæг æфсады. Ахæм уавæрты-иу бахаудта æмæ-иу æй бахъуыдис судзгæ хæдтæхæгæй рагæпп кæнын дæр.

Иу ахæмы та Акиммæ йæхимæ басидтис йæ командир æмæ йын картæмæ амонгæйæ дзырдта:

Ахсæв хъахъхъæндзынæ мæнæ ацы квадрат. Махæн ам сæйраг у порт.  Булкъон къарандасы бырынкъæй фенын кодта денджызы былмæ.

– Знаг хъавы ардæм фистæг æфсад æрбакалынмæ… уый хъуамæ ма бафта йæ къухы. Науæд мах сафæм ахсджиаг стратегион пункттæ… Бастдзинад дын уыдзæн комкоммæ аэродромимæ.

Аким йæ цæст хаста картæйыл, афтæмæй хъуыста булкъонмæ. Стæй йæ рахис арм къæмисæнмæ схаста æмæ æфсæддон цыт дæтгæйæ загъта: Ацы атахт уымæн кæй уыдзæн 69 хæстон операци.

Æмæ та уыцы бон дæр Аким йæ хæстон æмбал, радист Потаповимæ стахтис уæлдæфмæ. Фæлтæрд тæхæг-разсгарæг йæ хъус дардта денджызмæ, куы-иу ныгуылæны ‘рдæм фæцарæзта йæ хæдтæхæджы, куы та – Хуссар-Скæсæны ‘рдæм… Йæ разы ауыгъд кæсæнмæ-иу ныккаст лæмбынæг. Зæрдæхсайгæ-иу куы ницæуыл схæцыд йæ цæст, уæд-иу йæхи фæстæмæ бæрзонд систа, йæхимид дзургæ:  «Зонæнтæ, зонæнтæ… Кæм сæ агура лæг? Кæуылты тæхын, уым дызæрдыггагæй ницы хатын»…

Фæлæ кæд знаг æндæр рæтты æрбахъуызыд, уæд та?». Ахæм хъуыдытимæ Аким йæ  хæдтæхæг уырдыгмæ рауагъта. Зилы ныллæджыты. Хъахъхъæны, бæрæг кæны, сгары… Æнцад у денджыз. Фæлæ уый тæхæджы зæрдæйæн æнцой нæ дæтты, – тыхсы йæхимидæг: хин æмæ кæлæн у знаг. Чи йæ зоны, кæцæй фæзындзæн?

Уалынмæ цыдæр знæт змæлд бакодта денджызы уæлцъар. Прибор æвдисы: æбæрæг уаццаг радаргъ скæсæн былгæронæрдæм. Цæй фæд хъуамæ уа уый?» – Йæхи фарстæн дзуапп нæма рауардта Аким, фæлæ йæ хъустыл ауад радисты хъæлæс.

Аким уайтагъд бамбæрста хъуыддаг. Бардзырд радта Потаповæн: – Тагъддæр фехъусын кæн аэродроммæ!

Уый фæстæ сæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нал бахъуыд. Уайтагъд аэродромæй стахти æнæхъæн экскадрили. Хæдтæхджытæ сæ ных сарæзтой ныгуылæны ‘рдæм. Акимы цинæн кæрон нал уыд, нæ хæдтæхджытæ знаджы катертыл бомбæтæ калын куы райдыдтой, уæд. Бæстæ гæрах ссис.

Тох куы ‘рсабыр, уæд Аким æмæ Потапов дæр рог сулæфыдысты. Знаг не ‘рбаирвæзт нæ портмæ –  ахицæн сæ хæстон хæслæвæрд. Бомбæзгъалæг хæдтæхджытæ здæхтысты фæстæмæ æмæ Аким дæр йæ хæдтæхæг сарæзта аэродромы ‘рдæм. Уалынмæ Акимы хъустыл ауад радисты фæдис хъæлæс.

– Æмбал хистæр сержант,  знаджы хæдтæхджытæ!  – Æрцæттæ кæн нæмыгзгъал. Хабар фехъусын кæн полчы штабмæ – уайтагъд Аким бардзырд радта Потаповæн. Дыууæ «Мессеры» тæхынц Акимы фæдыл. Æхсынц æй пулеметæй. Акимæн йæ хид калд йæ ныхæй. Хъæбатыр тæхæг нæ фæтыхстис. Тох та сцырын, уæлдæфон тох… Нæмгуытæ ихуарæгау кæнынц дыууæрдыгæй дæр. Аким йæ хæдтæхæг фæцаразы, Потаповæн хуыздæр æхсыны фадат куыд уыдаид, афтæ. Иуахæмы та йæ хæдтæхæг хæрдмæ фæцарæзта, æхстой йæ знаджы хæдтæхджытæ, фæлæ дзæгъæлы. Аким сæ сæрмæ цалдæр зылды æркодта æмæ сыл хæххон цæргæсау йæхи рауагъта. Потапов фæцарæхст æмæ «Мессертæй» иуæн йæ фæздæг скалд. Аким рог сулæфыд. Ныр ын иуимæ æнцондæр у тох кæнын. Фæлæ æндæр бæллæхы бахауд. Æртаг ма йæм баззад хæрз чысыл. Нал уыд æндæр фадат æмæ архайдта, цæмæй æрбада былгæрон, лæгъз бынаты.

Тындзы размæ, фæлæ йæ суры «Мессер». Суры æмæ йæ æхсы. «Фæлæ Потапов цæмæн ныхъхъус», – йæ зæрдæ фехсайдта Акимæн. Бирæ хъуыды кæныны фадат ын нал – хæдтæхæг зæххыл куыд сæмбæлд, уый нал базыдта Аким.

Аким рынчындоны куы æрчъицыдта, уæд йæ фыццаг фарст уыд. – Потапов?

– Дæ хæстон æмбал нал ис. Знаджы нæмыг сæмбæлд йæ риуыл, – дзуапп ын радта æфсæддон дохтыр. Дæ хæдтæхæг йæ чемыл нал уыд æмæ ма йæ куыд æрбадын кодтай, ууыл дис кæнынц фæлтæрд тæхджытæ дæр. Дæхæдæг дæр удæгас куыд баззадтæ, уый дæр диссаг у.

Тынг фæмаст кодта Аким йæ хæстон æмбалыл. Уыцы æрыгон хъæлдзæг лæппу йæ цæстыты разæй нал хицæн кодта. Кæмдæр æм афонмæ æнхъæлмæ кæсынц йæ уарзон чызг, йæ ныййарджытæ»….

Æниу ын йæхимæ не нхъæлмæ кæсынц йæ мад, йæ рæвдауаг гыцци? Стæй йæ сауæрфыг Верæ… Йæ хъуыдытæ йæ ахастой Леты хохмæ… Хохæн Скæсæны ‘рдыгæй фарс  бакъул ис Машхарайы хъæу… Хуыссы уæлгоммæ æмæ йæ цæстытыл уайынц йæ цыбыр чысыл царды нывтæ. Уалынмæ фæсæрæнис Аким. Цæфтæ æххæст нæма байгас сты, афтæмæй йæ фæнд сæргом кодта дохтырæн.

Домдта, цæмæй йæ ауадза йе ‘фсæддон хаймæ. «Æз хъуамæ уон раззаг хаххыл, дохтыр! Ныр æз тох кæндзынæн Потаповы тыххæй дæр».

Афтæ фыхтис хæстоны маст. Фæлæ дохтыр йæхион акодта, цалынмæ йæ цæфтæ дзæбæх байгас сты, уæдмæ йæ нæ рафыста госпиталæй.

… Æмæ та ногæй фронт. Ногæй хъæбатыр тохтæ. Иуахæмы та Аким, йæ хæстон хæслæвæрд куы сæххæст кодта, уæд æрбацæйздæхт йæ аэродроммæ. Фондз «мессеры» йæ æрбаййæфтой. Уæлдæф тохы быдыр фестад. Знаджы хæдтæхджытæ алырдыгæй æхстой Акимы. Уый дæр хъæбатырæй архайдта сæ ныхмæ, фæлæ, иуæн дыууæ – ‘фсад. Уæддæр йæ тох дзæгъæлы нæ уыд знаджы хæдтæхджытæ дыууæйы фæздæгкалгæ зæхмæ «рарвыста». Стæй йын æндæр гæнæн куынæуал уыд, уæд æртыккагмæ фæцарæзта йæ хæдтæхæг. Æмæ аныр дыууæ хæдтæхæджы кæрæдзийыл сæмбæлой, афтæ йæхæдæг æд парашют йæхи раппæрста кабинæйæ. Фæлæ Аким зæхмæ нал æрхæццæ.  Нал ын бантыст йæ райгуырæн зæххыл сæрыгасæй йæ къах æрæвæрын. Знаджы дыууæ «мессеры» йæ уæгъд нал уагътой, æхстой æмæ йæ æхстой… Туг цыхцырджытæ кодта, афтæмæй ма сæмбæлд хъæбатыр хæстон, йæ цард нывондæн кæй тыххæй æрхаста, уыцы Райгуырæн зæххыл…

Уый уыдис 1942 азы 27 сентябры. Уæдæй ардæм дзæвгар рæстæг аивгъуыдта. Фæлæ уæддæр нæ гас кæнынц сæ зæрдæйы хъæдгæмттæ Козаты Акимы æввахс хиуæттæн. Ныр дæр нæ газеты редакцимæ æрбацыд æмæ йæ хъыг махимæ адих кодта Акимы æввахс хион Козаты Палинæ. Уый нын радзырдта, йæ цард цыбыр, фæлæ мидисжын кæй уыд æмæ йе ‘взонг цард та нывондæн кæй æрхаста Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, цæмæй дзы амонд-джынæй цардаиккой йæ адæм, уый тыххæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.