Бирæ дæсныйæдтæ ис нæ царды æмæ дзы алкæцыдæр хъæуæг у, фæлæ дзы уæддæр кæцыдæрты рахицæн кæнæм, ахсджиагдæрыл сæ фæнымайæм. Ахæмтыл нымайæм ахуыргæнæджы, дохтырты æмæ бирæ æндæр дæсныйæдты. Нæ фæрæдидзыстæм, уыцы дæсныйæдты æмрæнхъ хъæд хъахъхъæнæджы дæсныйад куы æрæвæрæм, уæд. Алчидæр нæ хорз зоны, хъæдæн нæ царды цахæм стыр нысаниуæг ис, уый. Хъæд нæ æрмæст суг, хъæдæрмæгæй кæй нæ ифтонг кæны, фæлæ ма кæй улæфæм, йæ туаггуырæй дæр. Уæдæ хъæдыл аудын, хæдзардзинæй йын йæ бирæ хæрзиуджытæй пайда кæнын æрмæст паддзахады хæс нæу, фæлæ алы адæймаджы хæс дæр. Хъыгагæн, уый алчи не ‘мбары æмæ йыл бирæтæ хи уды пайда-йæн фыдаудæн кæнынц. Ахæмты ныхмæ ист цæуы мадзæлттæ, фæлæ нæ ныхасы сæр ныртæккæ уыдоныл нæу. Фæнды нæ радзурын, йæ цард æгасæйдæр нæ хъæдтæ бахъахъхъæнынæн, адæмы домæнтæ дзы æххæст кæнынæн чи снывонд кодта, ахæм адæймаджы тыххæй.

Уый та у РХИ-йы хъæды хæдзарады управленийы хистæры хæдивæг Къæбулты Инал.

Йæ цардæй уый 45 азæй фылдæр схæлар кодта ацы хæрзиуæгон хъуыддагæн æмæ йæ абон дæр дарддæр кæны. Фæлæ уал райдайæм… футболæй.

Хистæр фæлтæрæй спортмæ чи цымыдис кодта, уæлдайдæр та футболмæ, уыдон абон дæр хорз хъуыды кæнынц æрыгон лæппу Иналы хъазт Цхинвалы «Спартак»-ы. Нæ горæты дыккæгæм астæуккаг скъолайы ахуыр кæнгæйæ, уый бирæ бауарзта футбол дæр æмæ йæм тренертæ сæ хъус æрдардтой. Алыхуызон ерысты-иу уый нымад æрцыд хуыздæр размæбырсæгыл. Цалынмæ йæм æфсадмæ не ‘рсидтысты, уæдмæ та хъазыд Гуырдзыстоны ССР æрыгæтты æмбырдгонд командæйы. Йе спортивон цардыл дзургæйæ æнæ банысангæнгæ нæй, дыууæ азы кæй хъазыд Воронежы футболон командæ «Труд»-ы

Чи йæ зоны йе спортивон карьерæ адарддæр кæнгæйæ, цахæм æнтыстытæ бафтыдаид йæ къухы, фæлæ йæ царды фæндæгтæ æндæргъуызон рауадысты. Æфсады баслужбæ кæныны фæстæ аскъуыддзаг кодта уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын. Раст уыцы рæстæджы йын фадат фæцис Ленинграды Хæххон институты геолого-развæдсгарæн факультетмæ бацæуын. Инал спайда кодта уыцы фадатæй æмæ ссис ацы уæлдæр ахуыргæ-нæндоны студент. Фæлæ фæстæдæр бамбæрста, йæ равзæрст дæсныйад йæ зæрдæмæ æввахс кæй нæ лæууыд. Æмæ фыццаг курсы фæстæ ныууагъта йæ ахуыр.

Цы професси равзæрста фæстæдæр, уый Иналæн æнæнхъæлæджы нæ уыд. Кæд горæты райгуырд æмæ уым ахуыр кодта, уæддæр скъоладзау уæвгæйæ, уый арæх цыд йæ хæс-тæджытæм Хъуыриамæ. Хъæуы уæвгæйæ, уый арæх цыдис хъæдмæ, хызта фос æмæ ба-уарзта хъæууон цард. Хъæдмæ уарзондзинад ын йе ‘взонг зæрдæйы æвзæрын кодта йæ фыдыæфсымæр дæр. Æмæ раст уыцы азты аскъуыддзаг кодта, ахæм дæсныйад равзарын.

Уыцы рæстæджыты нæ адæмæй бирæтæ цыдысты кусынмæ Уæрæсемæ. Æфсадæй æрыздæхыны фæстæ Инал иу ахæм къордимæ ацыд Воронежы областмæ æмæ куыста арæзтады. Ам уый базыдта поселок Слободайы кæй ис хъæды техникум æмæ аскъуыддзаг кодта, уырдæм ахуырмæ бацæуын. Æмæ бацыдис, фæцис æй каст. Уый фæстæ та Воронежы йæ ахуыр адарддæр кодта хъæды хæдзарады институты фæсаууонмæ æмæ йæ каст фæцис æнтысгæйæ. Райста хъæды хæдзарады инженеры дæсныйад.

Иналæн фадат уыдис Воронежы баззайын æмæ йæ дæсныйады фæдыл кусынæн. Фæлæ йæ нæ бафæндыд йæ райгуырæн бæстæйæ дард уæвын æмæ 1973 азы æрыздæхт Ирыстонмæ хъæды хæдзарады инженеры дипломимæ. Æмæ уæдæй фæстæмæ йæ фæллойадон цард сбаста хъæды хæдзарадимæ. 1974 азы уый кусын райдыдта Дзауы хъæды хæдзарады биолабораторийы сæргълæууæгæй. Абон дæр ма  ацæргæ нæлгоймæгтæ нæ рох кæнынц, уыцы рæстæджы назхъæдтыл низ куы сыстад æмæ хус кæнын райдыдтой. Тынг тæссаг уыд се скуынæг кæнынæй æмæ адæм катайаг фесты. Уæд Дзауы биолабораторийы бирæ кæнын райдыдтой хъæндил-ризофаг, уый куынæг кодта нæзыты чи хус кодта, уыцы хъæндилты æмæ сæ къуыртты дæр. Афтæ-мæй бахъахъхъæд æрцыдысты назбæлæстæ. Уым та стыр уыдис йæ хайбавæрд Къæбулты Иналæн.

Дзауы районы хъæды хæдзарады хайады 13 азы бакусыны фæстæ йæ ракодтой Цхинвалы районы цæрджыты цардуагон лæггæдты управленийы хистæрæй. Фæстæдæр та – «Югосетавтодор»-ы хистæр товарзонæгæй. Фæлæ йæ зæрдæ æхсайдта йæхи дæсныйадмæ æмæ 1997 азы кусын райдыдта Цхинвалы районы хъæды хæдзарады сæйраг хъæдгæсæй. 2003 азæй та уыд йæ директор. Ацы бынæтты кусгæйæ, Инал стыр куыст бакодта хъæд æн-дидзын кæныныл. Уыцы хъуыддаг бахынцгæйæ нæ республикæйы разамынад 2009 азы Иналы ракодтой РХИ-йы Æрдзон ресурстæ æмæ экологийы министрады хъæдæй пайда кæныны æмæ хъæд æндидзынады управленийы хистæрæй. Æмæ, æцæгæйдæр, йæ разамындæй бакуыстæуыд хъæд æндидзын кæныны фæдыл тынг бирæ. 300 гектарæй фылдæр фæзуатыл ныссагъдæуыд хъæды культурæтæ. Дзауы районы Дзалабеты хъæуы иу гектары фæзуатыл йæ инициативæйæ арæзт æрцыд талахъомылгæнæндон. 2012 азæй абонмæ та Инал кусы хъæды хæдзарады управленийы хистæры хæдивæгæй.

Инал куыд зæгъы, афтæмæй советон дуджы хъæдхъахъхъæнын æмæ уымæ зилын уыдис æмбæлон æмвæзадыл æвæрд. Уæд нæ автономон  областы хъæдхъахъхъæныны къабазы куыстой 180 кусæджы, фæлæ Цæдис куы ныппырх, уæд уыдон бирæ фæкъаддæр сты æмæ ма ныртæккæ сты – 50 адæймаджы бæрц. Хуссар Ирыстоны хъæды фондæн иууыл уæззаудæр рæстæг уыдис ивгъуыд æнусы 90 азты æмæ ног æнусы райдиан. Гуырдзыстоны хæстон агресси æмæ энергетикон блокадæйы фæстиуæгæн, хъæды массивтæ æнауæрдонæй цагъд цыдысты. 2008 азæй фæстæмæ хъæды хæдзарады кусджытæн цадæггай бантыст ацы хъуыддаджы фæстæ фæтк æрæвæрын æмæ хъæды хæдзарад сæндидзын кæнын. Уавæр зынгæ фæхуыздæр газы хахх Дзуарыхъæу-Цхинвал эксплуатацимæ радтыны фæстæ. Уæд урæд æрцыдис хъæд æгъатырæй цæгъдыны хъуыддаг.

«Хъæды фæзуæттæ фæхуыздæр æмæ фæфылдæр кæныныл стыр куыст цæуы, 2012 азы, хъæды хæдзарады управленийы сæргъ Чилæхсаты  Таймураз куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ. Уыцы азты нæ республикæйы районты сагъд æрцыдис 20 мины бæрц æндæр æмæ æндæр сорт талайы. Фæтыхджындæр хъæд æгъатырæй чи цагъта, уыдоны ныхмæ тох», – банысан кодта  ныхасы Инал.

Инал ма куыд загъта, афтæмæй Ленингоры районы уыдонæн бантыст 1200 нæзы æмæ 700 бæрзы талайы бæрц  1 гектары фæзуатыл ныссадзын. Цхинвалы районы та – 1800 нæзы талайы бæрц.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æмткæй Хуссар Ирыстоны хъæды фæзуæттæ фæфылдæр кæныныл цæуы стыр куыст. Фæлæ хъæды массивты уавæр рабæрæг кæныны тыххæй хъæуы инвентаризаци. Ахæм процедурæ ауадзын фæхъæуы 10 азы иу хатт, фæлæ фæстаг хатт уый ауагъд æрцыд 1982 азы. Республикæйы нæй ахæм специализацигонд организаци æмæ лæууы зынаргъ – 45 милуан сомы аргъ. Уый бæрц æхцайы фæрæзтæ та хъæды хæдзарады нæй.

Республикæйы хъæды хæдзарадæн стыр проблемæтæ уыдис, техникæ сын кæй нæ фаг кодта, уымæй. Къæбулты Инал куыд зæгъы, афтæмæй паддзахады сæргълæууæджы æх-хуысæй балхæдтой 2 тракторы æмæ 1 бульдозер æмæ уымæй сæ хъуыддæгтæ фæрæвдздæр сты.

Йæ адæймагдзинады хорз миниуджытæ Къæбулты Иналæн рабæрæг сты 2008 азы августы хæсты рæстæджы дæр. Уæд Инал йæ сæр кæйдæртау нæ бафснайдта, фæлæ уыд йæ адæмы фарсмæ. Уымæн æвдисæн у ахæм цау дæр. 2008 азы нæ горæт пиллон арты куы сыгъд, уæд Островскийы уынджы 88-æм бирæфатерон цæрæн хæдзарыл дæр сæмбæлдысты «Град»-ы снарядтæ æмæ ссыгъд хæдзар. Æмæ кæд сæ удтæн стыр тæссаг уыд, уæддæр Инал йæ фырт Батрадз æмæ Фæрниаты Аликимæ цырд фæлæууыдысты æмæ нæ бауагътой хæдзар басудзын. Афтæ куынæ уыдаид, уæд уыцы рæстæджы цы бирæ адæм баззадысты æнæхæдзæрттæй, уыдонмæ ма бафтыдаиккой ацы бирæфатерон цæрæн хæдзары цæрджытæ дæр. Уый тыххæй дзы æгæрон бузныг сты йæ сыхæгтæ.

Къæбулты Иналæн йæ 75 азы йæхи æрдыгæй фесты, фæлæ уæддæр у уæнгрог. Йæхи цы хъуыддагæн снывонд кодта, уый дарддæр кæны.

«Хъæд махæн дæтты цард. Уый раджы бамбæрстон æмæ аргъ кæнын йæ рæсугъддзинадæн. Хъæд махæн дæтты уæлдæф æмæ мæ зæрдæйæн зын вæййы, æгæрыстæмæй, бирæтæ горæты дæр бæлæсты цæнгтæ куы ралыг кæнынц, уый. Уыцы бæлæстæ ныхъуырынц рыг æмæ нын дæттынц туаггуыр. Хъыгаг у, æрдзы хъæбысы улæфгæйæ адæм сæ фæстæ брæттæ куы ныууадзынц. Махæй алчидæр хъуамæ хъахъхъæна хъæды, ауда йыл. Цæй æмæ аргъ кæнæм нæ республикæйæн æрдз цы рæсугъддзинад радта, уымæн», – загъта Къæбулы фырт.

Инал йæ царды рæсугъддæр азтæ снывонд кодта æрдзæн, хъæдæн. Æрдзмæ æввахс чи лæууы, уый та удыхъæдæй дæр рæсугъд вæййы. Æмæ ацы бонты йе ‘ввахс адæмæй цы арфæтæ райса, уыдон ыл дзæбæхæй æрцæуæд, цæмæй йæ хæрзиуæгон архайд дарддæр кæна йæ адæмы пайдайæн.

Амондджын уыд Инал бинонты царды дæр. Фæлæ йын æгъатыр низ йæ хъæбул Батрадзы цард аскъуыдта хæрзæвзонгæй. Фенкъард сты бинонтæ, фæлæ йæ зæрдæ рухс у йæ иннæ фырт æмæ йæ хъæбулы хъæбултæй. Уыдон ын дæттынц ныфс, уæраджы магъз æмæ куыстхъомдзинад. Æмæ, уадз амондджын уæт йæ фæрныг бинонтимæ Къæбулты Инал.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.