Президент Гаглойты Алан фембæлд æмбæстæгтимæ, кæцытæ сæ куырдиæттимæ бахатыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон химæисæнмæ.

Боны фæткы сты æхсæнадон ахсджиаг фарстатæ – республикæйы хъæуты фæндæгты арæзтад æмæ донифтонгад, цæрæнуæттæ сцалцæг кæнын, кæцытæ бахъыгдард сты бæстæйы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы, афтæ ма хисæрмагонд фарстатæ, кæцытæ хауынц цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ куыстæй сифтонг кæнынмæ.

Хетæгкаты Къостайы уынджы Равдыстыты залы цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ бакæныны тыххæй æххуысы фæдыл бахатыд Республикæ Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæрдар Битеты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæстыхайы уагъд æрцыд демонтажгæнæн куыстытæ æмæ ныртæккæ фæуд кæнынц.

«Астæрды плиткæ балхæдтам кредитæй æмæ йæ мах, нæхæдæг, фиддзыстæм. Æнæмæнгхъæуæг у бæстыхайы фасад сцалцæг кæнын. Равдыстон зал байгом кæнынæй адæм фендзысты, абоны бонмæ æрмадзты цы нывгæнджыты куыстытæ ис, уыдон. Уый у сфæлдыстадон гоймагæн тынг ахсджиаг», – загъта уый.

Ацы фарсты фæдыл паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта æввахс рæстæджыты уынаффæ райсынæй.

Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ Гаглойты Аланмæ бахатыдысты куыстмызд фæфылдæр кæныны тыххæй фарстимæ, афтæ ма ведомствæйы техникон ифтонгады тыххæй дæр.

Президент ныфс бавæрдта ацы фарст аскъуыддзаг кæнынæй.

«Ацы фарст ист æрцыд боны фæткæй. Ацы аз октябры мæйы сымах райсдзыстут фæфылдæргонд куыстмызд, 1-æм мартæй йæ банымайгæйæ. Куыстмызд фæфылдæр уыдзæн 74 проценты. Хъæуы ма бадзырдыл къух æрфыссын. Уый фæстæ куыст цæудзæн кусджыты пенсион ифтонгады фæдыл дæр», – загъта уый.

Уымæй уæлдай ма, паддзахады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, куыстмызд фæфылдæр уыдзæн хъахъхъæнынады министрады, паддзахадон таможнæйон комитеты æмæ хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæн.

Æмбæстаг Æлборты Еленæ президентмæ бахатыд Хуссар Ирыстоны реабилитацион медицинон центр саразыны идеяимæ.

«Фæнды мæ пайда æрхæссын мæ республикæйæн. Æрдз, климат, доны хосгæнæн дæтты гуырæнтæ æмæ æндæртæ, фадат дæттынц проект саразынæн. Уыимæ иумæ, проект фæахъаз уыдзæнис, медицинæйы, хъæууон хæдзарады,  æмæ æндæр фадгуыты æмвæзад  фæбæрзонддæр кæнынæн», – загъта уый.

Гаглойты Алан позитивонæй саргъ кодта ацы идеяйæн æмæ ныфс бавæрдта ацы темæйыл лæмбынæг бакусынæй.

Республикæйы æмбæстаг Хаситы Дзерассæ президентмæ бахатыд горæт Цхинвалы Маяковскийы уынгыл хæдзары æмбæрзт æмæ рудзгуытæ раивыны тыххæй куырдиатимæ, кæцы бахъыгдард 2004 азы хæстон архайдтыты рæстæджы.

«Къамис федта хæдзар, фæлæ уый фæстæ нæ хъуыддагмæ йæ хъус ничи æрдардта. Кæд ис ахæм фадат, уæд уæ курæг стæм, цæмæй нын баххуыс кæной», – загъта уый.

Гаглойты Алан бахæс кодта ацы фарст сахуыр кæнын, уый фæстæ та ист æрцæудзысты уынаффæтæ.

Фæмардуæвæг бинонты комитет «Мемориал»-ы сæрдар Гаглойты Аленæ бахатыд, цæмæй сæ организацийæн рахицæн кæной бæстыхай. Президент бахæс кодта ацы куырдиат æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын.

Уымæй уæлдай ма, Гаглойты Аленæ радзырдта фæмардуæвджыты бинонтæн æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады хаххыл иурæстæгон материалон æххуыс бакæныны процедурæйы зындзинæдтæ æмæ æндæр льготæты тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ ацы фарстмæ хъæуы индивидуалон ахаст.

«Ис цалдæр категорийы: фæ-мардуæвджыты бинонтæ, æххуысхъуаг бинонтæ, инвалидтæ, бирæсывæллонджын бинонтæ. Алы категорийы дæр ис ахæмтæ, æххуыс фылдæр кæй хъæуы. Уый хъæуы хынцын, æмæ фыццаг рады, хъæуы уыдонæн баххуыс кæнын», – загъта уый.

Гаглойты Алан бахæс кодта, отставкæйы тæрхонгæнджыты æхцайы ифтонгады тыххæй фарсты сæвзæргæ ныхдуртæ аиуварс кæныны фадæттæ сбæрæг кæнын,  афтæ ма æруынаффæ кодта республикæйы æрхуы къахæнтæ æмæ йæ бакусыны темæйыл дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.