Республикæ Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 25 азы сæххæсты боны цытæн 21-æм февралы паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хицауады уæнгтæ, Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ æмæ нæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, нæ республикæйы кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Цытджын мадзалы ма уыдысты Уæрæсейы Федерацийæ — йæ сæргъ УФ-йы Гарзджын тыхты Хуссар Федералон æфсæддон зылды командæгæнæджы хæдивæг инæлар-лейтенант Александр Романчук, æфсымæрон Абхазы республикæйæ, йæ сæргъ лæууыд Абхазы Республикæйы Гарзджын тыхты министры фыццаг хæдивæг инæлар-лейтенант Беслан Цвижба, Донецкы Адæмон Республикæйæ — Гарзджын тыхты министр Владимир Кононовы сæргълæудæй, афтæ ма Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов æмæ РХИ-йы Гарзджын тыхты раздæры министр Валери Яхновец.

Мадзалы райдианы сценæмæ рахызт Хъахъхъæнынады министрады Цытджын хъарагъул æмæ бахастой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æмæ Хæстон тырысатæ, уый фæстæ мадзал байгом Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæй.

Цытджын церемонийы фæстæ залы уæвджытæн æвдыст æрцыд цыбыр киноныв, цыран æвдыст цыдысты нæ республикæйы иууыл уæззаудæр хæстон азтæ. Киноныв зæрдыл æрлæууын кодта 1993 азы цаутæ. Уæд республикæйы Хъахъхъæнынады министрадæн, йæ фыццаг министр ссис Республикæ Хуссар Ирыстоны номдзыд хъæбул Хуыбылты Валери æмæ йæ фыццаг командæгæнæг та Ирыстоны адæмы хъайтар Джиоты Алан. Кинонывы дзырдæуы, Гуырдзыстоны ’рдыгæй ирон адæм æппынæдзух агресси æмæ геноцид кæй æвзæрстой, уый. 1989-92 азты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты слæууыдысты бирæ æвзонг фæсивæд, кæцыты равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ æгæрон патриотизм.

Уый фæстæ цытджын æмбырды ныхасы бар лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагимæн. Уый арфæйы ныхæстæ загъта бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, абоны бæрæгбон арæзт цæуы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты цытæн дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, Фыдыбæстæ знагæй бахъахъхъæнын у алкæйы цытджын хæс æмæ алы æвзонг хъахъхъæнæг дæр хъуамæ æххæст кæна уыцы ахсджиаг æмæ патриотон хæс. Гассеты Ибрагим æрдзырдта æндæр æмæ æндæр хæстыты ветеранты стыр хайбавæрды тыххæй бæстæйы бахъахъхъæныны хъуыддагмæ: «1941-45 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон æфсæддонтæ уæлахизы сæрыл цы хъайтардзинад æмæ патриотизм æвдыстой, уый абоны фæлтæрæн у фæзминаг. Цытджын ветерантæ, сымах фæрцы советон адæм æрмæст сæ Райгуырæн зæхх не ссæрибар кодтой, фæлæ ма æгас Европæ сæрибар æрцыд фашизмæй. Фæлæ кæд уыцы хæстæй бирæ азтæ рацыд, уæд та фæстæмæ Хуссар Ирыстоны бахъуыд фашизмы ног хуызы ныхмæ тох кæнын. Нæ сыхæгтæ нын уырнын кодтой, зæгъгæ, сæ зæххыл кæй сты уазджытæ, æмæ нын расидтысты цалдæр геноциды. Уыцы геноцидты руаджы Иры адæм бавзæрстой уæззау рæстæджытæ. Нæ республикæйы алы фæлтæртæ сæ царды хуыздæр азтæ радтой республикæйы æнæфæцудгæ райрæзтæн. Кад æмæ сын цыт!». Йæ раныхасы ма Гассеты Ибрагим сæрмагондæй æрдзырдта 2004-2008 азты нæ республикæйы хæстон архайдтыты фæдыл, уый банысан кодта, знагæн йæ фæнд кæй уыд ирон адæмы скуынæг кæнын: «2004 æмæ 2008 азты хæстон архайдтыты рæстæджы нæ Гарзджын тыхты дæлхæйтты службæгæнджытæ, афтæ ма нæ республикæйы бархионтæ æнæмсæр тох кодтой знагимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы æфсæддон дæлхæйтты æххуысы руаджы махæн бантыст нæ адæмы бахъахъхъæнын. Æмæ нæ къухты бафтыд æрмæст æфсæддон нæ, фæлæ ма политикон стыр уæлахиз дæр. Абоны бон дæр уæрæсейаг æфсады руаджы нæ зæххыл ифтонг цæуы сабырад æмæ æдасдзинад, кæцыйæн мах кæнæм егъау аргъ».

Гассеты Ибрагим ма æрдзырдта нæ республикæйы бирæ æмбæстæгтæ сæ интернационалон хæс намысджынæй кæй æххæст кодтой æфсымæрон Республикæ Абхазы, Цæгат Ирыстон-Аланийы, Афганистаны, афтæ ма Фидауынгæнæг тыхты егъау миссийыл дæр, нæ зæххыл сабырад бæстон кæныны хъуыддагмæ цы хайбавæрд бахастой, ууыл. Банысан ма кодта, нæ Гарзджын тыхты службæйы уавæртæ хуыздæрæй хуыздæр кæй кæнынц æмæ нæ республикæйы уæлдæр къухдариуæгад æмбæлон хъусдард кæй здахы æфсадмæ, уый дæр.

Уый фæстæ мадзалмæ æрбацæуджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй сæ сæртæ нывондæн чи æрхаста, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ.

Дарддæр цытджын мадзалы раныхас кодта Республикæйы Гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг Президент Бибылты Анатоли.

Фыдыбæстæйы цытджын хъахъхъæнджытæ, Гарзджын тыхты ветерантæ! Республикæ Хуссар Ирыстоны зынаргъ уазджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Фыдыбæстæйы хъахъхъæнæджы боны цытæн!

23 февраль сæрмагонд бынат ахсы Республикæ Хуссар Ирыстоны бæрæгбонты æмæ зæрдылдарæн бонты къæлиндары. Уый у, пъагæттæ æмæ æфсæддон дарæс чи хæссы, уыдоны профессионалон бæрæгбон. — Фæлæ уыимæ уый у, æцæгæйдæр, æппæтадæмон — Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæн, æнæ стыр ныхасæй, кад кæны æппæт Республикæйæн. Бæстæйы алы цæрæджы дæр чысылæй, стырæй куы бафæрсай, уæд дзуапп ратдзæн, цавæр бæрæгбон у, уый, уымæн æмæ 23 февралы мах кад кæнæм уыдонæн, кæцытæ сæ царды аргъæй нæ зæхмæ æрхастой, афтæ бирæ кæмæ æн-хъæлмæ кастыстæм, уыцы сабырад, кæцытæ абон дæр хъахъхъæнынц сæ Райгуырæн бæстæ æмæ сæ адæмы.

Адæмы æмбарынады сымах, зынаргъ хæлæрттæ, стут, æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинадæй, стыр патриотизмæй æмæ уды фидардзинадæй хайджын чи сты, ахæм.

Æмбæлттæ! Кæй зæгъын æй хъæуы, арфæтæ фыццаг рады зæгъын хъæуы Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæн.

Æнусы цыппæрæм хайы размæ, паддзахадон хицауиуæгады æххæстгæнæн органтæ аразгæйæ, фыццæгтæй сæ иу уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад.

Ацы ведомствойы раздæр саразыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрыдис, уæд цы критикон уавæр уыдис, уымæй. Æрхъулагонд Цхинвал æмæ Хуссар Ирыстоны хъæуты хъайтаронæй хъахъхъæдтой хицæн хæстон къордтæ, кæцытæн нæ уыд иууон командæкæнынад æмæ архайдтыты координацикæнынад. Ног сырæзгæ министрады æнтысгæ куыстæй бирæбæрцæй кæнгæ уыдис Республикæйы хъысмæт, Хуссар Ирыстоны адæмы хъысмæт.

Ног министрады сæргъ слæууыдысты, сæрмагонд æфсæддон ахуырад кæмæ нæ уыд, фæлæ æцæг хъæбатырдзинадæй æмæ æгæрон æхсардзинадæй æххæст чи уыдысты, ахæм патриоттæ. Рæстæг куыд цыд, афтæ æрбæстон РХИ-йы Гарзджын тыхты дырыс организацион æмæ барадон системæ, хуыздæрæй хуыздæр кодта профессионалон, штабон æмæ оперативон-тактикон куысты фæлтæрддзинад. Абон мах, азты сæрты кæсгæйæ, Хъахъхъæнынады министрады архайдæн аргъ кæнгæйæ, фидарæй зæгъæн ис, цы мисси сыл æвæрд æрцыд, уый иттæг хорз æххæст кæй æрцыдис.

Фæнды мæ банысан кæнын, Хъахъхъæнынады министрадыл 25 азы кæй сæххæст ивгъуыд азы ноябры мæйы. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад саразыны тыххæй» уынаффæйыл 1992 азы 17 ноябры йæ къух æрфыста Уæлдæр Советы Сæрдар Хъуылымбегты Тъорез. Фæлæ йæ нысан кæнæм абон, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны.

Æмбæлттæ салдаттæ æмæ афицертæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ветерантæ!

Сымах ныхæстæй нæ, фæлæ реалон хæстон уавæрты бахъуыд бæлвырд кæнын Райгуырæн бæстæйыл уе ’нувыддзинад æмæ уарзондзинад, тохы быдыры йæ хъахъхъæнын. Сымахæн уæ фылдæр абон лæуд сты сабырадон куысты, хъомыл кæнынц сывæллæттæ æмæ уыдоны сывæллæтты. Уыцы фадат та фæцис фидар сабырады уавæрты, кæцыйы æрхастат растдæр сымах, бирæ туг кæуыл ныккалд, нæ уыцы зæхмæ. Сымах ныр дæр, чысыл æддагон тасдзинады растæджы дæр цæттæ кæй стут Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ, уый зон-гæйæ, мæн ныфс ис, уый сæр мах сымахимæ кæй никуыуал бахъæудзæнис.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны арфæтæ исынц ветерантæ дæр, кæцытæ аккаг цæвиттон равдыстой Дыккаг дунеон хæсты фронтты, Венгрийы цауты, Афганистаны хæсты æмæ æндæр хæстон операциты. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт, зынаргъ ветерантæ. Цæрут бирæ æмæ амондджынæй райгуырæн зæххыл!

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон традицион æгъдауæй нымад цæуы нæлгой-мæгты бæрæгбоныл. Фæлæ махæн нæ бон нæу ма банысан кæнæм уыцы удуæлдайдзинад, кæцыйы нæлгоймæгты æмрæнхъ равдыстой нæ зынаргъ, бакæсгæйæ талас чызджытæ. Тохы быдыры сымах равдыстат нæ дард фыдæлты — хæстæмхиц скъифаг ус-паддзæхтæ Амага æмæ Заринæйы хуыздæр миниуджытæ. Зæрдыл лæууын кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр хæстон хорзæх — «Уацамонгæ»-йы орденæй хорзæхджын кæй æрцыдысты Цоциты Зарæ, Шоре-нæ Декъаноидзе æмæ Плиты Мадинæ. 2008 азы уæрæсейаг хæстон хорзæх-майдан «За отвагу» Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведевы къухæй кæй райста Бестауты Майя. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт, Фыдыбæстæйы зынаргъ хъахъхъæнджытæ-сылгоймæгтæ!

Абон Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны нысан кæнынц Уæрæсейы дæр. Хорздзинад зæрдыл дарæг Хуссар Ирыстоны адæм кæддæриддæр хъуыды кæндзысты, уырыссаг салдат йæ ирвæзынгæнæг кæй уыд. Мах нæ сæртæ къул кæнæм Уæрæсейы æфсады уыцы салдаттæ æмæ афицерты рухс нæмтты раз, кæцытæ фæмард сты нæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы.

Уæрæсейаг Гарзджын дæлхæйттæ абон дæр ныфсджынæй хъахъхъæнынц Республикæйы цæрджыты сабыр цард. Нæ хæстон æфсымæрдзинад рацыд рæстæджы фæлварæнтыл. Мæн ныфс ис, нæ адæмты хæстон æфсымæрдзинад дарддæр дæр кæй фи-дардæр кæндзæнис.

Æхсызгон у банысан кæнын, абон махимæ хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады бæрæгбон кæй нысан кæнынц æфсымæрон Абхаз æмæ хъайтарон Донбассы минæвæрттæ. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын ам, Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Цытджын хæлæрттæ! Ацы бæрæгбоны сымахæн иууыл зæрдæбындæр арфæтæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны дзургæйæ уын мæ цæст уарзы фидар сабырад. Уадз, уæ зæрдæты, уæ бинонты ’хсæн кæддæриддæр уæт амонд æмæ фæрныгад.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæт!

Цытджын æмбырды рæстæджы бæрæгбоны цытæн цы арфæйы телтæ бакастысты, уыдон æрвыст цыдысты нæ республикæйы разамынады, хъахъхъæнынады министрады æмæ æмткæй хуссарирыстойнаг адæмы номыл.

Хæлардзинад æмæ æмгуысткæ-нынад рæзын æмæ фидар кæнынмæ сæ сæрмагонд хайбавæрды тыххæй Хæлардзинады орденæй хорзæхджын æрцыдысты Александр Романчук æмæ Владимир Кононов. Кады орденæй та хорзæхджын æрцыд Валери Яхновец. Республикæ Абхазы делегацийы минæвæртты схорзæхджын кодтой иу цалдæр хуссарыстойнаг æфсæддонты майдантæ æмæ ордентæй. «За укрепление боевого содружества»-йы майданæй ма хорзæхджын æрцыд Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим. Æфсæддон ведомствойы хуыздæр кусджыты къорд хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй.

Цытджын церемонийы фæстæ æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд концерт.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.