Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 24 азы сæххæсты боны цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли, Хицауады бæрнон кусджытæ, Хъахъхъæнынады министрады службæгæнджытæ.

Цытджын мадзалмæ æфсымæрон Абхазы республикæйæ æрцыд делегаци инæлар-лейтенант Беслан Цвыжбайы сæргълæудæй.

Сценæмæ Хъахъхъæнынады министрады Цытджын караул бахастой Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æмæ Хæстон тырысатæ. Цытджын мадзал байгом РХИ-йы Паддзахадон гимны зæлтæй.

Хъахъхъæнынады министр инæлар-лейтенант Гассеты Ибрагим йæ доклады æрдзырдта алы хуызы ветеранты стыр хайбавæрд бæстæйы бахъахъхъæныны хъуыддагмæ.

«Абон цы бæрæгбон нысан кæнæм, уый арæзт цæуы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты цытæн. Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у алкæйы цытджын хæс дæр æмæ алы æвзонг хъахъхъæнæг дæр хъуамæ æххæст кæна уыцы ахсджиаг æмæ патриотон хæс.

Алы фæлтæртæ сæ царды хуыздæр азтæ радтой нæ бæстæйы æнæфæцудгæ рæзтæн, нæ зынаргъ Хуссар Ирыстонæн.

Кад æмæ сын цыт!», – дзырдта Ибрагим.

Фыдыбæстæйы æвзонг хæстонтæ, зæгъгæ, равдыстой, 1941-45 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон æфсæддонтæ уæлахизы сæрыл цы хъайтардзинад æмæ иузæрдиондзинад æвдыстой, ахæм æнæмæлгæ дæнцæгтæ.

Сымах руаджы, зæгъгæ, советон адæм æрмæст йæ Райгуырæн зæхх не ссæрибар кодтой, фæлæ æгас Европæ фервæзын кодта морæгъуыз емынæйæ.

Уый зæрдыл æрлæууын кодта, уыцы хæстæй дæсгай азтæ рацæуыны фæстæ нæ адæмы кæй бахъуыд фашизмы ног хуызы ныхмæ тох кæнын. Нæ хуссайраг сыхæгтæ фехъусын кодтой, ирон адæм уазджытæ кæй сты сæ зæххыл. Æппынæдзух агресси æмæ геноцид æнкъардтой ирон адæм Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. Ирон æфсæддон хуыздæр традицитæ хынцгæйæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæныны рæнхъыты слæууыдысты 1989-92 азты æвзонг лæппутæй конд хъахъхъæнынады къордтæ, кæцытæ æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинад. Банысан ма кодта Фидауынгæнæг тыхты егъау мисси дæр, нæ зæххыл сабырад бæстонкæныны хъуыддаджы.

Зæрдыл æрлæууын кодта, 1993 азы республикæйы Хъахъхъæнынады министрады сырæзт, управленийы органтæ æмæ æфсæддон дæлхæйттимæ, кæцыйæн йæ фыццаг министр сси, ирон адæмы хъæбатыр хъæбул Хуыбылты Валери, æмæ йæ фыццаг командæгæнæг та – Джиоты Алан.

Дзырдта, 2004 æмæ 2008 азты агрессийы рæстæджы та, зæгъгæ, знагæн уыд иу фæнд –  ирон адæмæн геноцид саразын. Фæлæ нæ Гарзджын тыхты дæлхæйттæ, бархионтæ æнæмсæр тохы фæлæууыдысты, æмæ Уæрæсейы эффективон æмæ рæстæгыл æфсæддон æххуысы руаджы, махæн бантыст нæ адæмы, нæ бæстæйы бахъахъхъæнын.

«Нæ къухты бафтыд æрмæст æфсæддон нæ, фæлæ политикон стыр уæлахиз дæр.

Абоны бон дæр уæрæсейаг æфсады руаджы нæ зæххыл ифтонг цæуы сабырад æмæ æдасдзинад. Нæ адæмы номæй сын бузныг, уымæн æмæ уыдон кад æмæ намысджынæй нæ зæххыл хæссынц сæ службæ», – дзырдта Ибрагим.

Банысан кодта, нæ бæстæйы бирæ æмбæстæгтæ намысджынæй кæй æххæст кодтой сæ интернационалон хæс Афганистаны зæххыл, Абхазы, Цæгат Ирыстоны – æвдыстой ирон лæджы хъæбатырдзинад.

Дарддæр Гассеты Ибрагим радзырдта нæ Гарзджын тыхты абоны службæйы уавæртыл  кæй бæрзонд кæнынц сæ æфсæддон æвзыгъддзинæдтæ æмæ ныфсджынæй хъахъхъæд кæй цæуынц националон интерестæ. Республикæйы уæлдæр къухдариуæгад æмбæлон хъусдард здахы æфсадмæ æмæ рæзы æфсæддон служ-бæгæнæджы социалон æгъдауæй хъахъхъæнынад æмæ æнд.

Гассеты Ибрагим æрæмбырдуæвджытæн ноджыдæр арфæ ракодта  бæрæгбоны цытæн .

Республикæйы Гарзджын тыхтыл Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг Президент Тыбылты Леонид йæ раныхас райдыдта бæрæгбонон арфæйæ. Дзырдта нæ хъахъхъæнæг фæсивæды тыххæй, сæ бæстæ цыфыддæр знагæй бахъахъхъæныныл чи слæууыд, уыдоны æнæамæлгæ сгуыхтдзинæдтыл. Мах, зæгъгæ, нæ сæр ныллæг къул кæндзыстæм, нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты раз.

«Æрмæстдæр сымах руаджы уæвынад кæны Хуссар Ирыстон. Мах хæс та у, цæмæй нæ Гарзджын тыхтæ уой хъомысджын», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Дзырдта, зæгъгæ, раздæры Советон Цæдис бахъахъхъæныны тыххæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ фæцыдысты ирон адæм дæр. Тохы быдырæй чи нал æрыздæхт, зæгъгæ, уыдон мах хъуамæ хъуыды кæнæм. Æмæ ма рох кæнæм, гуырдзыйы агрессийы дæргъвæтин азты нæ адæм, нæ бæстæйы бахъахъхъæныныл чи слæууыд æмæ кæронмæ чи фæлæгæрста, уыдоны.

«2008 азы нæ адæм ссæрибар сты Уæрæсейы æфсады руаджы. Уыдонæй бирæтæ сæрæгас нал сты, фæмард сты Ирыстон знагæй ссæрибар кæныны тохы. Уæрæсейы уыцы ахаст махæй рох никуы уыдзæн», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

ИНО-йы Уæрæсейы Федерацийы æдзухон минæвар Виталий Чуркины æнæнхъæлæджы мæлæтыл фæмаст кодтой Хуссар Ирыстоны дæр. Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, уыцы адæймаг Ирыстонæн ИНО-йы бæрзонд трибунæйæ нæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ сарæзта, цæмæй нæ бæстæ ссæрибар уыдаит знагæй. Тыбылты Леониды фæндонмæ гæсгæ нæ горæты уынгтæй иуæн хъуамæ лæвæрд æрцæуа ацы зындгонд адæймаджы ном. Йæ барамындмæ гæсгæ, нæ адæм æмæ паддзахады раз йе стыр лæггæдты тыххæй Витали Чуркин йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр хорзæхæй орден «Уацамонгæ»-йæ.

Республикæйы Хъахъхъæнынады министрадыл 24 азы сæххæсты цытæн, сæрмагондæй, æрдзырдта нæ Гарзджын тыхты рæзт æмæ фидар кæнынмæ къухдариуæгады егъау хайбавæрдыл. Куыст æрцыд, цæмæй æфсад бахъахъхъæд æрцæуа, æввахс рæстæджы къухтæ фыст æрцæудзæн Уæрæсеимæ Стыр Бадзырды бындурыл уæлæмхас сразыдзинадыл. Банысан ма кодта, зæгъгæ, æфсæддон службæгæнджытæн 2004-2008 азтæ се службæйы иу аз нымад цæуа æртæ азыл.

Тыбылты Леонид бузныг загъта, бæрæгбонмæ цы уазджытæ æрцыд, уыдонæн, æфсымæрон Абхазы делегацийæн. Уыдон кæддæриддæр нæ фарсмæ сты.

Президент ма бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы æфсадæн, нæ республикæйы Гарзджын тыхтимæ кæй архайынц иумæ, нæ бæстæйы сабырад æмæ æнцойад кæй хъахъхъæнынц, уый тыххæй.

Тыбылты Леонид æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй алы рæстæ-джыты чи фæхъуыд, уыдоны рухс нæмттæ.

Абхазы Республикæйы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвыжба цытджын æмбырды хайадисджыты базонгæ кодта Хъахъхъæнынады министр, армийы инæлар Мераб Кишмарияйы арфæйы фыстæгимæ.

Цытджын мадзалы ма кастысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы хъайтардзинæдтыл фыст æмдзæвгæтæ.

Бæрæгбонон цытджын мадзал адарддæр кодтой хиирхæфсæн концертæй, кæцы бацæттæ кодта Культурæйы министрад.

 

***

Знон ма нæ горæты территорийыл уагъд цыд æндæр мысæн мадзæлттæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны раз Сæрибары фæзуаты «Хъынцъымгæнæг зæд»-ы, æмæ нæ горæты фæндзæм скъолайы кæрты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты мемориалы раз дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ, тыхон структурæты кусджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.