Паддзахад Аланийы Паддзахадон хъахъхъæныны службæ йæ сырæзтæй фæстæмæ профессионалонæй æмæ бæрнонæй æххæст кæны нæ республикæйы тæссагдзинæдтæ ма æруадзын æмæ сæ аиуварс кæныны фæдыл хæстæ, афтæ ма паддзахадон æдасдзинады объекттæ хъахъхъæнын дæр.

Ацы службæйы сырæзтыл 20 азы сæххæсты цытæн нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Арфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты æмæ мадзалы хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæ арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, историйы  20 аз бирæ рæстæг нæу, фæлæ ацы службæ равзæрд растдæр уæд, Гуырдзыстон йæ террористон архæйдтытæ  паддзахадон æмвæзадыл куы дарддæр кодта Хуссар Ирыстоны уæлдæр къухдариуæгады, æхсæнадон змæлды лидерты, бæстæйы историйы зындгонд адæмы физикон æгъдауæй скуынæг кæныны фæдыл уынаффæтæ куы иста, уæд.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ ахæм дæнцæгтæ бирæ сты. Паддзахадон бæрнон кусджыты хъахъхъæнынад чи ифтонг кæны, ахæм структурæ саразыны уынаффæ уыд раст æмæ рæстæгыл. Уымæн æмæ ацы службæйы кусджытæ æвдыстой бæрзонд профессионализм, сæ цардæн тæссаг уавæрты хъахъхъæдтой адæмы цард.

Дарддæр ацы службæйы куыст æмæ архайды фæдыл дзырдта бæстæйы сæргълæууæг: «Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы сырæзты фæстæ Хуссар Ирыстонæн æмæ йæ цæрджытæн райдыдтой уæззау рæстæджытæ. Уыцы рæстæг аххæссыд суанг 2008 азы онг. Паддзахадон хъахъхъæныны службæ куыд хæстон иуæг, афтæ слæууыдысты нæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæныныл æмæ намысджын æмæ сæрыстырæй æххæст кодтой сæ разы æвæрд хæстæ. Бæстæйы æндæр хъахъхъæнджытау ацы службæйы кусджытæ хорзæхджын цыдысты паддзахадон бæрзонд хорзæхтæй, уыцы нымæцы «Уацамонгæ»-йæ дæр.  Иумиагæй сисгæйæ, Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы кусджытæн цы удыхъæд уыд æмæ ис, уый æххæстбæрцæй æвдыстой нæ республикæйæн уæззау азты рæстæджыты».

Нæ республикæйы ацы службæ æмгуыстад æмæ æмархайд кæны йæ уæрæсейаг коллегæтимæ, сæрмагондæй та, Уæрæсейы Федералон хъахъхъæныны службæимæ.  Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ сæ коллегæты руаджы сæ разылæууæг хæстæ бæстон кæнынæн ис хуыздæр фадæттæ. Ныртæккæ, зæгъгæ, бæрæг цæуы уыцы æмархайды бæрзонд æмвæзад. Уымæн æмæ службæйы кусджытæн фадат ис сæ профессионалон цæттæдзинад Уæрæсейы Федералон хъахъхъæнынады службæйы ахуырадон центрты фæбæрзонддæр кæнынæн. Уымæй дарддæр æнгом æмархайд кæнынц службæты къухдариуæгад æмæ уымæй ныфс æвæрæн ис, дарддæры плæнттæ æнтыстджынæй реализаци кæй цæудзысты.

Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, æрæджы нæ республикæйы нысан кæй цыд Паддзахадон æдасдзинады органты бон. Ацы органты системæйы ис Паддзахадон хъахъхъæныны службæ дæр. Мах, зæгъгæ, нæ зæрдыл дарæм, советон дуджы æппæт структурæтæ иумæ кæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Ныфс бавæрдта, абон ацы традицитæ кæй дарддæр кæнынц æмæ уыцы æмгуыстад кæй хъомысджындæр кæндзæн, цæмæй Хуссар Ирыстоны æдасдзинад ифтонг кæныны тыххæй нæ разы цы хæстæ лæууы, уыдон æнтыстджынæй æххæст кæнæм.

Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы архайдæн скодта бæрзонд аргъ. Зæрдыл æрлæууын кодта, гуырдзиаг полициæгты минæвæрттæ Хуссар Ирыстоны территоририйыл Уисты хъæумæ хæстæг æнæзакъонон пост куы æвæрдтой, уыцы рæстæджы дæр ацы службæйы дæлхæйттæ хайад истой уыцы бынатмæ хæстæг ирон цæрджыты æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы дæр.

«Намысджынæй сæххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ æмæ ныртæккæ Уисты хъæуы цæрджытæ сты æдас. Царды фæзынгæ проблемæтæ иуварс цæудзысты, фæлæ уæ фæрнджын архæйдтытæ баззайдзысты Хуссар Ирыстоны историйы», – банысан кодта Президент.

Бибылты Анатоли уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта Хъахъхъæнынады службæйы ветерантæн, кæцытæ йæ сырæзты фыццаг бонæй службæ кæнынц ацы системæйы æмæ сæ фæлтæрддзинад – паддзахадон минæвæрттæ æмæ паддзахады ахсджиаг объекттæ хъахъхъæныны системæйы – рæдауæй дæттынц æвзонг фæлтæрæн. Бузныджы ныхæстæ загъта уыдон бинонтæн сæ æмбаргæ ахаст æмæ быхсындзинады тыххæй, уымæн æмæ хæдзар æмæ бинонты уавæр хатт æндавы службæйыл дæр.

Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы сырæзтыл 20 азы сæххæсты цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйрагкомандæгæнæг, Президент Бибылты Анатоли йæ къух бафыста Хъахъхъæныны службæйæн хæстон тырыса радтыны тыххæй Бардзырдыл.

Бæрæгбонон мадзалы рæстæджы ацы службæйы сырæзты историйы фыццаг хатт Президент Бибылты Анатоли цытджын уавæрты хæстон тырыса радта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг Андрей Захарченкомæ. Уыцы тырыса уыдзæн сæ официалон символ æмæ æфсæддон реликви, кæцы æвдисæн у намыс, æхсар, кад æмæ хæстон традицитæн.

Уымæй дарддæр ма Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг Андрей Захарченкойæн, Президент Бибылты Анатолийы Бардзырдмæ гæсгæ, лæвæрд æрцыд радон æфсæддон цин «Инæлар-майор»- ы ном.

Къорд службæгæнæджы та бæстæйы сæргълæууæг схорзæхджын кодта ордентæ, майдантæй, кады грамотæтæй æмæ радон æфсæддон нæмттæй.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг Андрей Захарченко цытджын мадзалы рæстæджы æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта службæйы сырæзты историимæ.

Зæрдыл æрлæууын кодта ацы службæйы сæйраг хæстæ, зæгъгæ, ныртæккæ дæр уыдон бæлвырд æмæ бæрæг кæнынц паддзахадон хъахъхъæнынады объектты æдасдзинад, тæссагдзинад аиуварс кæныны фæдыл къорд мадзæлттæ аразын. Уымæй дарддæр ма ацы службæ ифтонг кæны паддзахадон хъахъхъæныны объектты æдасдзинад, æдзухон æмæ рæстæгмæ цы бынæтты вæййынц, уым.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ сырæзтæй фæстæмæ ацы службæ ифтонг кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны националон интерестæ æмæ суверенитет. Ацы ахсджиаг æмæ бæрнон мисси æххæст кæнынæн хъæуы патриотизм, ныфсхастдзинад, фæндвидардзинад, æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ адæмыл æнувыддзинад. Ацы æргъадтæй хайджын сты Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы кусджытæ. Уыцы цæттæдзинад æвдыстой гуырдзиаг агрессийæн аккаг ныхкъуырд дæттыны рæстæджы. Бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты сæ хъæбатырдзинады тыххæй паддзахадон хорзæхтæй.

Йæ раныхасы уый дарддæр æрдзырдта 2022 азы пълæнттыл – уагъд хъуамæ æрцæуа егъаунымæц ах-уырадон æмæ сæрмагонд æмбырдтæ Уæрæсейы Федералон хъахъхъæнынады службæйы базæйыл Хуссар Ирыстоны территорийыл. Уыцы мадзæлттæ здæхт сты службæйы æмкусджыты фылдæр хайы профессоналон æгъдауæй бацæттæ кæнынмæ. Ацы хъуыддаджы сын егъау æххуыс бакодта Президент Бибылты Анатоли.

Банысан кодта спорты фадыджы службæгæнджыты стыр æнтыстытæ. Се хсæн службæ кæны чемпионтæ æмæ дунейы рекордсментæ, спорты алы хуызтæй республикон турнирты призертæ æмæ уæлахиздзаутæ. Бирæтæ ныридæгæн сæ фæлтæрддзинад дæттынц рæзгæ фæлтæрæн.

Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ куыст цæуы Республикæ Абхазы æнгæс службæимæ сæрмагонд сразыдзинады бындурыл комплексон барадон бындур саразыны фæдыл æмгуыстадыл.

КАД ÆМÆ НАМЫСИМÆ ХÆСТОНТРАДИЦИТÆ ÆХХÆСТ КÆНГÆЙÆ

Службæйы къухдариуæгады уынаффæмæ гæсгæ арæзт хъуамæ æрцæуа æхсæнадон организаци – «РХИ-йы Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы ветеранты цæдис». Организацийы сæйраг нысан уыдзæн ветеранты хъарутæ баиу кæнын, социалон гарантитæ æмæ æмбæстагон сæрибардзинад хъахъхъæныны, æхсæнады аккаг бынаты ифтонг кæнын хъуыддаджы.

Андрей Захарченко ныфс бавæрдта, дарддæр кæй архайдзысты, цæмæй службæйы сæрмагонд сконды социалон уавæртæ хуыздæр кæной, фидар кæна сæ æфсæддон удыхъæд æмæ æппæт тыхтæ дæр кæй аздахдзысты, цæмæй сæ къухты æфта бæрзонд фæстиуджытæ Хуссар Ирыстоны Президент куыд бæрæг кæны мидæггаг æмæ æддаг политикæйы, уыдонмæ гæсгæ.

Паддзахадон хъахъхъæныны службæйы къухдариуæггæнæг бузныджы ныхæстæ загъта сæрмагонд скондæн сæ иузæрдион службæ æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй, нæ бæстæйы территорийыл æдасдзинад æмæ сабырадмæ хайбавæрды тыххæй.

Цытджын бæрæгбонон æмбырды ма раныхас кодтой æмæ зæрдиаг арфæтæ ракодтой ацы службæйы кусджытæн Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг Олег Ширан æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы официалон минæвар Евгени Рагозин.

Мадзалы рæстæджы ма фарст цыдысты ацы служ-бæйыл 20 азы сæххæсты цытæн арфæйы фыстæджытæ Уæрæсе æмæ Абхазæй.

Бæрæгбонон цытджын æмбырды фæстæ мадзал адарддæр ис хиирхæфсæн мадзалæй, хуссарирыстойнаг аивадон коллективтæ æмæ зарæггæнджыты хайадистæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.