29-æм ноябры киноконцертон зал «Чермен»-ы уыд рæсугъд бæрæгбон. Уым цытджын æгъдауæй йæ юбилейон 85 азы бон  банысан кодта  Хъоцыты Къостайы номыл нæ горæты 2-æм астæуккаг гвардион скъола. Уый у Цхинвалы рагондæр скъолатæй сæ иу. Скъола ссис бирæ зындгонд адæймæгты зонындзинæдты авдæн. 85 азы цъус не сты. Бирæ хъарм ныхæстæ загъдæуыд уыцы бон рауагъдонтæ æмæ ахуыргæнджыты адресыл.

   Бон сихорафон уырдæм æрбамбырд бирæ адæм. Фысымтæ се ‘рхонгæ уазджытыл æмбæлдысты уазæгуарзонæй æмæ хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ. Киноконцертон залмæ бахизæны  лæууыдысты скъоладзаутæ æмæ уазджытæн дзырдтой æгасцу. Залы фоейы къултыл конд уыдысты ацы скъолайы  алы æмæ алы азты рауагъдонты архивтæй ист къамтæ.

Юбилейон цытджын мадзалмæ фæуазæг сты РХИ-йы  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, профессор Цыбырты Людвиг, горæт Цхинвалы администрацийы ахуырады хайады, Парламенты æмæ Паддзахадон университеты минæвæрттæ, скъолайы раздæры сæргълæуджытæ æмæ ахуыргæнджытæ-ветерантæ, нæ горæты скъола-ты директортæ, рауагъдонтæ, ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Уæлдай зæрдæмæхъар-гæдæр уыдысты, ацы скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы ацæргæ адæймæгты фембæлдтытæ, кæцы-тæн кæрæдзийы фендæй сæ рустыл уадысты цины цæссыгтæ.

Бæрæгбонон мадзалмæ уыйбæрц адæм æрбацыд, æмæ дзы алкæмæн бынат не сфаг ис. Залы уыд хъарм, бæрæгбонон атмосферæ. Цытджын мадзал райдыдта экраныл  фильм равдисынæй, цыран æвдыст цыдысты раздæры директорты, ахуырдзаутæ, рауагъдонтæ, ахуыргæнджыты зæронд нывтæ. Фильм æвдыст цыд зарæг «Как мо-лоды мы были»-йы зæлты бын æмæ йын уый лæ-вæрдта уæлдай хъармдзинад. Экранæй ныхас кодтой скъолайы раздæры рауагъдонтæ, ахуыргæнджытæ. Уыдон иууылдæр банысан кодтой, зæгъгæ, 2-æм скъола у се ‘ппæты цард дæр.

Бæрæгбонон мадзал байгом кодта 2-æм скъолайы директор Ольга Михаилиди. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хъыгагæн, ацы залы нæ бацыдысты, бæрæгбоны хайад райсын кæй фæндыд, уыдон иууылдæр. «Иннæ юбилей нæ  бахъæудзæн горæты стадионы ауадзын. Абон ацы залы 8-æм рæнхъыл бадынц скъолайы æмбæйттæ, æмæ юбиляртæ». Михаилиди бакаст, юбилейы цытæн Санахъоты Феликс æмæ раздæры иннæ рауагъдонтæ цы арфæйы телтæ æрæрвыстой, уыдоны.

Уый фæстæ юбиляртæн РХИ-йы Президент  Бибылты Анатолийы номæй арфæ ракодта  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. «Æз кæд ацы скъола каст нæ фæдæн, уæддæр дзы ахуыр кодтон цалдæр азы æмæ абоны онг дæр тынг хорз хъуыды кæнын мæ ахуыргæнджыты иууылдæр. Абон ацы скъолайы цы æвзонг ахуыргæнджытæ кусынц, уыдон цæвиттон хъуамæ исой раздæры иттæг хорз ахуыргæнджытæй æмæ афтæмæй скъолайы кад хæссой бæрзонд», – загъта Хицауады Сæрдар. Уый фæстæ Пухаты Эрик 2-æм ас-тæуккаг скъолайы  фондз ахуыргæнæгæн Президенты номæй радта «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæ-нæг»-ы кадджын нæмттæ. Афтæ ма сын ныфс бавæрдта, сæ уагдонмæ сын Интернет кæй баиу кæндзысты, уымæй.

Юбиляртæн зæрдæбын арфæтæ ракодта  РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. «Къултыл конд нывтæм кæсгæйæ, æмба-рыс, уыдон æрмæст 2-æм скъолайы истори кæй не сты, фæлæ иумиагæй нæ паддзахады истори. Æппæт рауагъдонтæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амондджын цард, скъолайы коллектив та нысан кæнæд бирæнымæц юбилейтæ». Уый ахуырадон уагдонæн балæвар кодта дидинджыты букет æмæ зæлтыхджындæргæнæн аппаратурæ. РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр бирæ хъарм ныхæстæ загъта бæрæгбонгæнджытæн æмæ сын радта лæвары сертификат, кæцымæ гæсгæ уыцы бон бындур æвæрд æрцыд 2-æм скъолайы стыр оркестрæн. Культурæйы министр банысан кодта, зæгъгæ  йæ ныфс ис, фидæны бæрæгбон кæй нысан кæндзысты ног оркестримæ, уымæй.

Ольга Михаилиди бакаст РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игоры арфæйы тел. Уый фæстæ сценæмæ фæхуыдта ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимы. Ректоримæ сценæмæ схызт скъолайы раздæры рауагъдон, профессор Гаглойты Юри. Уыдон дæр зæрдæбын арфæтæ ракодтой скъолайы коллективæн, сæ зæрдæ сын загъта фидар æнæниздзинад æмæ стыр æнтыстытæ сæ ахсджиаг хъуыддаджы. «2-æм астæуккаг скъола у легендарон. Мæнмæ дæр æрхауд ацы скъолайы иу чысыл рæстæг бакусыны амонд. Стыр бузныг дæн уагдоны ахуыргæнджытæй, уымæн æмæ сæ хуыздæр рауагъдонтæ свæййынц нæ университеты абитуриенттæ», – загъта ректор. Уый дæр скъолайы коллективæн бакодта зæрдылдарæн лæвар. РХИ-йы Парламент та юбиляртæн балæвар кодта принтер.Сценæмæкæсджытæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты скъолайы раздæры ахуыргæнæг, бирæ фæлтæрты уарзон ахуыргæнæг Василий Клименкойыл, кæ-цы йæ уарзон скъолайы юбилеймæ æрцыд Кубанæй. Ольга Михаилиди банысан кодта, зæгъгæ, Клименко скъолайы истори бахъахъхъæдта йæ къамты фæрцы. «Мæнæ абон сымах цы къамтæ федтат, уыдон иууылдæр сты Клименкойы ист. Уый каст фæцис ацы скъола æмæ дзы уый фæстæ та ахуырдзаутæн амыдта хими, уагъта къамты кружок дæр», –  загъта скъолайы директор. Уый фæстæ номдзыд ахуыргæнæджы схорзæхджын кодта «Скъолайы цытджын ахуыргæнæг»-ы Кады грамотæйæ. Клименко йæхæдæг та скъолайæн балæвар кодта 80-æм азты Цæгат Ирыстоны рауадзгæ кафты мелодиты нотæтæ, кæцыты уый ссардта йæ архивы.  Уазæг баны-сан кодта, зæгъгæ, скъолайы архайы кафты диссаджы ансамбль æмæ сæ, зæгъгæ,   сæ дарддæры архайды нотæтæ æнæмæнгæй бахъæудзысты.

Скъолайы сырæзты историйæ

М. Горькийы номыл Сталиниры 2-æм астæуккаг гвардион скъолайæн бындур æвæрд æрцыд 1934 азы. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæс-тæджы бæстыхайы уыд эвакуацион госпиталь. Уыцы азты ахуырдзауты иу хайы ракодтой пединституты бæстыхаймæ æмæ иннæ хайы та –  педагогон ахуыргæнæндоны бæстыхаймæ. 1944 азы августы скъола ликвидаци æрцыд æмæ йæ бындурыл Хуссар Ирыстоны облæххæст-комы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Сталиниры нæлгоймæгты уырыссаг астæуккаг скъола æмæ уыцы иурæстæджы сылгоймæгты уырыссаг астæуккаг скъола дæр. 1948 азы Сталиниры нæлгоймæгты 2-æм астæуккаг скъолайæн лæ-вæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Константины ном. 1955-1956 ахуыры азты сентябрæй иумæ ахуыр кæнын райдыдтой лæппутæ æмæ чыджытæ. 1961 азы горæт Сталинир горæт Цхинвалмæ ивд  кæй æрцыд, уымæ гæсгæ  скъолайы ном дæр ивд æрцыд Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъоламæ. 1976 азы скъола ссис ирон астæуккаг скъола, æмæ 1980 азы та – иумиагахуырадон скъола.  1934 азæй 2019 азмæ скъолайы директортæ уыдысты Куымæридтаты Михаил, Гæджиты Александр, Ромащенко Николай, Пæррæстаты Федыр, Остъаты Никъала, Сиукъаты Зауыр, Хуыбиаты Владимир, Хъуылымбегты Торез, Тедеты Георги, Тедеты Гиви, Зубрицкий Булат, Джиоты Аллæ, Яшина Еленæ, Тасойты Майя, Абайты Сослан æмæ абон та уагдоны директор у Михаилиди Ольга. Алы æмæ алы азты скъолайы къæсæрæй рахызтысты ахæм зындгонд адæймæгтæ, куыд Цыбырты Людвиг, Хъуылымбегты Торез, Хуссар-Скæсæн Ази-йы бæстæты Советон Цæдисы минæвар Пæррæстаты Хъаймыр, Санахъоты Феликс, Мамиты Инал, Дзадтиаты Руслан, Зæгъойты Никъала, Галуанты Людмилæ, Хаситы Джульеттæ æмæ Лев,  Тедеты Æхсар, Коцты Гри, Къуылыхты Юри, Цхуырбаты Гурам, Гасситы Альберт, Гаглойты Роберт, Бестауты Азæ, Харебаты Тимур, Пухаты Константин, Дзиццойты Юри, зынгæ нейрохирург Дзукъаты Дмитри, Къæбулты Заирæ æмæ бирæ æндæр зындгонд адæймæгтæ.

Скъолайы фыццаг æххæст рауагъд уыд 1940 азы. Уæд хъомылады атестаттæ райстой 39 ахуырдзауы. Ацы рауагъды ахуыргæнинæг-тæй бирæтæ ацыдысты фронтмæ, фæлæ сæ алчи фæстæмæ нал æрыздæхт.

Скъола сæрыстыр у, кæй ном хæссы, уыцы номдзыд хъайтарæй

Хъоцыты Къостамæ 1933 азы   æрсидтысты службæ кæнынмæ Советон Цæдисы Æфсæддон-денджызон флотмæ. 1937 азы каст фæцис Фрунзейы номыл Æфсæд-донденджызон ахуыргæнæндон, уый фæстæ службæ кодта Сау-денджызон флоты. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианы ацыд фронтмæ. Уыд Сауденджызон флоты торпедон катерты 1-аг бригадæйы къорды командир. Хайад иста Одессæ, Севастополь, Новороссийскы  æмæ Хъырымы ссæрибар кæныны, афтæ ма  Керчы десантон операцийы. Йæ къухдариуæгады бын къорд сарæзта 250 хæстон рахызты знæгты æмæ сын сæ транспорт куынæг кæнгæйæ. 1944 азы 16-æм майы Советон Цæдисы Уæлдæр Советы Президиумы Указæй Хъоцыты Константи-нæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъайтары ном. Хæсты фæстæ цард Цхинвалы, дæргъвæтин рæстæджы хос кодта йæхицæн госпиталы. Амард 1946 азы 8-æм октябры бынтон æнæнхъæлæджы. Хорзæхджын ма уыд Стыр Тырысайы дыууæ орденæй æмæ къорд майдантæй. Горæт-хъайтар Севастополы йæ номыл ис уынг æмæ йын Сауденджызон флоты музейы  та рахицæн æрцыд хицæн къуым, цыран æвæрд æрцыд йæ бюст. Йæ номыл цырт  ис Цхинвалы. 2-æм астæуккаг скъолайы коллектив фæнд кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы 75 азы боны цытæн скъолайы кæрты Хъоцыты Къостайы среставрацигонд цырт сæвæрын.

Юбилейон изæры  алы æмæ алы азты рауагъдонты хор сæххæст кодта гвардион скъолайы гимнзарæг. Скъолайы хореографион студи «Кафт» сæххæст кодта цалдæр кафты Четион Мая æмæ хореограф Джиоты Къостайы  къухдариуæгадæй. Сæ рæсугъд зардæй сценæмæкæсджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой Тасойты Игорь, Слан-ты Ацæмæз, Хъуылымбегты Лей-лæ, Гаглойты Мæдинæ æмæ æндæртæ.

Мадзалы кæрон ахуырадон уагдоны коллектив – 98 ахуыргæнæджы иумæ рахызтысты сценæмæ æмæ сын сценæмæкæсджытæ æмдзæгъд кодтой лæугæйæ. Бæрæгбонон изæр алкæйы зæрдæйы дæр ныууагъта ирд тæлмæнтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.