1992 азæй фæстæмæ Ирыстоны хуссар хайы адæм стыр кад æмæ аргъ кæнынц, Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдонæн, Ирыстоны адæмæн, кæцытæ уæззау рæстæджытæ бавзарыны фæстæ сабырад биноныг кодтой нæ зæххыл. Уыцы хъуыддаг ахсджиаг куыст уыд, уымæн æмæ фæлмæцыд уыдыстæм лæбурæг знаджы хæцæнгæрзты мæлæтхæссæг æхст æмæ хъæрæй. Иу адæймаг дæр нæ гуырысхо кæны, фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстоны зæхмæ сабырад кæй æрхастой æмæ йæ бирæ азты кæй хастой, ууыл.

Ацы операцийы стыр хайбавæрд ис уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæн. Уымæ гæсгæ ацы бæрæгбон æрмæст ирон батальоны нæу, фæлæ – иумиаг бæрæгбон.

Республикæйы территорийыл Фидауынгæнæг тыхты заставæтæ æмæ æртæфарсæрдыгæй хъусдарджытæ бакодтой активон æмæ эффективон куыст. Уымæ гæсгæ ацы мисси йæ архайд, йæ мидис æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырад бахъахъхъæныны хъуыддаджы нымад æрцыд уникалоныл. Суанг 2008 азы онг фидауынгæнæг тыхтæ намысджын æмæ аккагæй æххæст кодтой сæ разылæууæг хæстæ. Хъыгагæн, уæды рæстæджы Гуырдзыстоны политикон къухдариуæгад фæивынæй райдыдтой ардауæн митæ, куыд нæ сабыр цæрджыты, афтæ фидауынгæнæг тыхты службæгæнджыты ныхмæ. Сæ сæйраг нысан уыд, цæмæй фидауынгæнæг тыхтæ мауал уæвынад кодтаиккой Хуссар Ирыстоны зæххыл.

Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырад куы ифтонг кодтой, уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны агрессивон архайд мах хъуыды кæнæм  2004 æмæ 2006 азты. Уыцы рæстæджыты уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг тыхтæ – æппынæдзух служ-бæ кодтой фæтыхджындæргонд æфсæддон цæттæдзинады уавæрты. Уыцы архайдтыты кульминаци ссис 2008 аз æмæ йæ фыццаг уæззау цæф сæхимæ райстой фидауынгæнæг тыхты уæрæсейаг батальон. Гуырдзыстоны егъау æфсад сæ ныгуылæйнаг куратортæ, уыдон политикон æмæ моралон фарсхæцынадæй æфсæддон техникæ æмæ ифтонгады руаджы, æмæхсæвæджы æрбабырстой сабыр æмæ фынæй горæтмæ.

Уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ кæм службæ кодтой, уыцы бæстыхай ныртæккæ æвдисæн у, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фидауынгæнæг тыхты миссийыл мæнгарддзинадæн, Хуссар Ирыстоны территорийыл сабырадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кастысты, уымæн. Уыцыиу рæстæджы уый у уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхты бæрзонд æфсæддон удыхъæдыл дзурæг æмæ сæ кадджын мисси кæм æххæст кодтой, уыцы бынат хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой, уый цырт.

Банысан кæнын хъæуы, бæрæг рæстæджыты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтыл алы рæстæджы командæгæнджытæ Станислав Набздоров, Марат Кулахметов æмæ Цæгат Ирыстонæй фидауынгæнæг тыхтыл командæгæнджытæ: Суанты Станислав, Фриты Хъазбег æмæ æндæртæ, кæцытæ уыдысты æнæфæцудгæ хъаруйы хицæуттæ, ирд хъуыдыкæнынадимæ. Уыдон сæ разылæууæг хæстæ сæххæст кодтой æппæт æфсæддон домындзи-нæдтæм гæсгæ.

Уыдон номæй бузныг зæгъæм æппæт командæгæнджытæн – афицертæн, салдæттæн, старшинæтæн, кæцытæ службæ кодтой фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ифтонг кодтой сабырад.

Уæлдæр куыд банысан кодтам, уымæ гæсгæ 2008 азы фыццаг фидауынгæнæг тыхтæ слæууыдысты нæ республикæйы знаджы тыхтæй бахъахъхъæнынмæ. Хъыгаг у уый бамбарын, æмæ гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхтæ æхсæнгарз кæй райстой сæ коллегæты ныхмæ, уымæй фехæлдтой, цы мисси æххæст кодтой, уый нысаниуæг.

2009 азæй фæстæмæ фидауынгæнæг тыхты мисси урæд æрцыд, фæлæ се стыр хайбавæрд нæ республикæйы сабырдзинад æмæ хæдбардзинадмæ рох цæмæй ма уа, уый тыххæй уыцы рæстæджы арæзт æрцыд æхсæнадон штаб «Миротворец», кæцыйы сæргъ лæууы Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг, фидауынгæнæг тыхты ветеран Гæбæраты Таймураз. Штабы сты фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ-ветерантæ.

Гæбæраты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ конд æрцыдысты, нæ æвзонг республикæ иууыл уæззаудæр уавæры куы уыдис, уыцы рæстæджы.

Хуссарирыстойнаг фидауынгæнæг тыхты батальон пырх куы æрцыд, уæд сæвзæрд идейæ, цæмæй раздæры службæгæнджытимæ æмбæлой, кæрæдзи фæрсой æмæ хъуыды кæной службæйы бонтæ, уый тыххæй арæзт æрцыд ацы æхсæнадон фонд. 2009 азæй фæстæмæ фонд архайы йæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ, сæ къух сæ куыд амоны, афтæ æххуыс кæнынц фидауынгæнæг тыхты ветерантæн, кæмæн йæ æнæниздзинад, кæмæн цардуагон проблемæтæ бæстон кæныны хъуыддаджы. Уыцы хъуыддаджы сæм æмбаргæ ахаст ис бæстæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй дæр, уымæн æмæ бирæ ветерантæн фæцудыдта се ‘нæниздзинад æмæ сæ тыхы нæй иуæй-иу сæвзæргæ проблемæтæ бæстон кæнын. Ахæмтæм лæмбынæг хъусдард ис фонды ‘рдыгæй.

Куыд зонæм, уымæ гæсгæ Ирыстоны хæствæллад зæхмæ 14 июлы 30 азы размæ æрбацыдысты Псковы десантон дивизийы уæрæсейаг батальон, кæцыты рæнхъыты уыд бæстæйы раздæры сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр. Уымæй иу бон фæстæдæр та нæ зæхмæ æрцыдысты Цæгат Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты батальон. Уый фæстæ фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæ фæфылдæр сты хуссарирыстойнаг службæгæнджытæй. Уыцы хъуыддагыл стыр куыст бакодта дзæнæттаг Джиоты Алан (Парпат). Ротацийы фæстиуæгæн цадæггай цæгатирыстойнаг службæгæнджытæ ивд цыдысты бынæттон службæгæнджытæй.

Йæ рæстæджы фидауынгæнæг операци Ирыстоны зæххыл йæ миссимæ гæсгæ иттæг хорзыл нымад кæй æрцыд, уымæ гæсгæ йæ рæнхъыты службæгæнджыты социалон уавæр фæхуыздæр кæныны нысанæн, Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы министрад æрдомдта Хуссар Ирыстонæй фидауынгæнæг тыхты рæнхъыты чи службæ кодта, уыдон номхыгъдтæ. Хъæуæг документацийы бындурыл фидауынгæнæг тыхты ветерантæ цадæггай ифтонг цæуынц бæрæг фæрæзтæй сæ службæйы æмгъуыдмæ гæсгæ.

Ирыстон кад æмæ цыт кæны, Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ сæ уæвынадæй йæ службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ чи фæмард, æппæт уыдонæн. Уыцы салдаттæ æмæ афицерты номарынæн, кæцытæ сæ цардæй бахъахъхъæдтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ йæ адæмы, нæ горæты уынгтæй Фидауынгæнджыты ном чи хæссы, уым æвæрд æрцыд стелæ. Æрвыл азау ацы аз дæр абон Ирыстоны æхсæнад мысæн мадзæлттæй кад æмæ цыт кæндзысты 16 азы дæргъы нæ зæххыл сæртæг, фæлæ сабырад кæй руаджы уыд, уыдонæн.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.