23-æм февраль – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Ацы бæрæгбон мах, ирон адæм, нысан кæнæм сæрыстырæй, фæлæ уыцы иу рæстæджы æнкъард зæрдæйы уагимæ дæр. Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ мах кæд хъæбатырæй тох кодтам, уæддæр бирæ тугкалд æрцыдис. Уымæ гæсгæ æрвылаздæр, ацы бон  æрымысæм нæ зынгхуыст хъайтарты нæмттæ дæр, кæцытæ алы ирон адæймаджы зæрдæйыл дæр хъуамæ лæууой цæрæнбонтæм.

Ахæм хъуыдыйыл лæуд сты нæ горæты 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, фæнды сæ, цæмæй уыдон сæ ахуыргæнинæгты зонгæ кæной Ирыстоны историимæ, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ уд чи радта, уыцы зынгхуыст хъайтарты рухс нæмттимæ. Уыдонæн та сæ фылдæр хай ныгæд сты скъолайы кæрты æмæ дзы алкæцы ахуыргæнинаг дæр йæ хæсыл нымайы йæ удæй йын сæрибардзинад  æмæ сабыр цард чи æрхаста, уыдон рухс нæмттæн цæрæнбонтæм кад кæнын.

Ацы  скъолайы  ахуыргæнджытæ  æмæ  ахуыргæнинæгтæ дæр ацы боны цытæн бацæттæ кодтой цымыдисон мадзал. Сæ бæрæгбонон мадзал уыдон ауагътой се скъолайы нæ Ирыстоны историйæн цы сæрмагонд къуым ис «Мæ Райгуырæн бæстæ», – зæгъгæ, уым. Уый сын фæлыст у, нæ республикæ  цы фæндагыл рацыдис, уыцы цаутыл дзурæг æрмæджытæй æмæ йæ уд нывондæн чи æрхаста, уыдон къамтæй. Афтæ ма дзы йæхи сæрмагонд бынат ис, скъола кæй ном хæссы,  Советон Цæдисы уыцы хъайтар, инæлар Мамсыраты Хаджи-Умары биографийæн дæр. Уæдæ ацы скъолайæн дæр æрмæст йæ къултыл цы информаци ис, уый дæр фаг у нæ сомбоны фæлтæртæн, цæмæй аргъ кæной Ирыстоны ивгъуыд æмæ абонæн.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн 5-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ æрбахуыдтой Ирыстоны зынгхуыст хъæбул Тасойты Иналы мад Бекъойты Тамарæйы æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды офицертæ Гæззаты Вадим æмæ Тедеты Бондойы. Мадзал байгом ис Ирыстоны гимны зæлтæй. Уый фæстæ скъолайы хъомыладон фарстаты фæдыл хайады гæс  Тедеты Нонна æрдзырдта ацы боны тыххæй, куыд ын аргъ кæнынц, афтæ ма арфæйы ныхæстæ, загъта, Фыдыбæстæйы æппæт хъахъхъæн-джытæн дæр, зæгъгæ, мах уæ хъæбатырдзинады руаджы цæрæм хæдбар Ирыстоны сæрибар арвы бын, æмæ уын нæ сæртæй ныллæг кувæм.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, не скъолайы цы хъæбултæ ныгæд ис, гуырдзыйы агрессийы аххосæй фæмардуæвджытæ, уыдонæй 30 сты не скъолайы рауагъдонтæ, загъта, æнкъард зæрдæйы уагæй Тедеты чызг. Уымæ гæсгæ мадзалы фæлгæтты Рай-гуырæн бæстæйы сæрвæлтау æппæт фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æмырæй алæууынæй.

Дарддæр ахуыргæнинæгтæ бакастысты бæрæгбоны тыххæй алыгъуызон æмдзæв-гæтæ, æххæст кодтой зарджытæ, дзырдтой бæрæгбонмæ хауæг цаутыл.

Бæрæгбонон мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ скъолайы ахуыргæнинæгтæн бузныджы ныхæстæ загъта Бекъойты Тамарæ:

– Ацы скъолайы кæй ахуыр кæнут, уый уын бирæ ахъаз фæуыдзæнис, цæмæй æппæт дæр базонат. Мæн уырны, сымах чысыл патриоттæ кæй стут æмæ фидæны кæй уыдзыстут уæ Райгуырæн бæстæйыл æнувыд. Мæ чысыл хуртæ, сымах æй хъуамæ зонат, уе скъола бирæ маст æмæ æфхæрд кæй бавзæрста нæ чысыл Ирыстонау. Ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ, сæ ныййарджытимæ уыцы уæззау бонты бирæ цæссыг фæкалдтой, йæ кæрты цы хъæбултæ ныгæд ис, уыдоныл.

Сымахæн та абон ис бирæ фадæттæ, цæмæй хорз ахуыр кæнат, уат цæвиттойнаг æмæ фидæны уат Ирыстоны аккаг хъæбултæ.

Ирыстон цы уæззау фæндæгтыл рацыдис, уыдон сымахæн фыст æрцыдысты историйы фæрстыл æмæ сæ хъуамæ сымах ахуыр кæнат. Афтæ ма уын æз фæдзæхсын, цæмæй уарзат чиныг, ахуыр кæнынмæ ма зивæг кæнат, сымахæн ис тынг хорз ахуыргæн-джытæ æмæ сын сæ лæггад æмбарут. Мæ хуызæн рыстзæрдæ ныййарджытæ куы уынынц Ирыстон размæ цæуы, уæд нын æхсызгон вæййы. Мах ма буц стæм нæ фыдæлтæй, Нартæй, фæлæ уыдонæй сымах хуыздæр  хъуамæ уат!

23-æм февралы боны цытæн уагъдцæуæг мадзалы ма раныхас кодта скъолайы директор, Бестауты Азæ. Уый скъоладзаутæн радзырдта зынгхуыст хъайтар Тасойты Иналы тыххæй, афтæ ма, зæгъгæ, Ирыстоны йæ удæй чи хъахъхъæдта, абон не ‘хсæн чи нал ис, уыдон нымæц тынг бирæ у. Хæст та æгъатыр у, æппындæр никæуыл ауæрды, цæвиттон, скъолайы кæрты ныгæд чи сты, уыдонæй сæ иууыл кæстæр у иу аз æмæ æрдæг кæуыл цæуы, уыцы Тыбылты Витали, зæгъгæ. Уый кæмæн цы кодта, фæлæ æппæтдæр хæсты аххос у, – загъта скъолайы директор. Йæ ныхас адард-дæр кодта Бестауты Азæ, æмæ йæ кæс-тæртæн бафæндыдис, цæмæй цæрой сабыр Ирыстоны, амонд-джынæй, æппæт ахæм уæззау цаутæй та кæддæриддæр уой хызт.

Кæронбæттæны ацы скъолайы 4-æм кълæсты ахуыргæнинæгты айстой скъолайы ногдзауты организаци «Ногдзау»-ы рæнхъытæм.

Мадзалы хайадисджытæ РХИ-йы Коммунистон партийы номæй райстой чысыл зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.