Мадæлон æвзаг… Куыд зынаргъ æмæ адджын сты ацы дзырдтæ зæрдæйæн! Бирæтæ йæ абарынц мады стыр уарзтимæ. Æмæ, æцæгæйдæр, цас рæсугъд æнкъарæнтæ сæвзæрын кæнынц адæймаджы зæрдæйы.

Мадæлон æвзаг мады ад кæмæн кæны, фыдæлты æгъдæуттæ цæсты гагуыйау чи хъахъхъæны, уыдоны æмрæнхъ лæууынц нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр. Уыдонæн уæлдай адджындæр у сæ мадæлон æвзаг, уымæн æмæ се скъолайы кæрты æнустæм æнцойад кæнынц, сæ мадæлон æвзаг, сæ фыдызæхх зынаргъ кæмæн уыд æмæ сæ знæгтæй бахъахъхъæныны тыххæй, йæ сæрвæлтау сæ сæр нывондæн чи æрхастой, уыцы цардхъуаг фæсивæд.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ æмæ ахуыргæнджытæ дæр хорз æмбарынц мадæлон æвзаджы нысаниуæг царды æмæ сæ уд хъарынц, цæмæй се скъолайы ирон æвзаг æвæрд уа бæрзонд æмвæзадыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, мадæлон æвзаджы рæзтыл уæлдай æнувыддæрæй кусы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Битеты Мзия. Алыгъуызон кон-курсты, викторинæтæ æмæ æндæр цымыдисон мадзæлтты фæрцы ахуырдзаутæм гуырын кæны уарзондзинад мадæлон æвзагмæ, фыдæлты æгъдæуттæм. Цымыдисон æмæ мидисджын рауад, ацы аз ирон æвзаг æмæ литературæйы бонмæ Мзия цы мадзал, «Зон æмæ йын аргъ кæн», зæгъгæ, бацæттæ кодта, уый.

Мадзалы архайдтой 5 «а» æмæ 5 «б» къласы ахуырдзаутæ. Скъолайы аив фæлгонцгонд фойемæ æрбамбырд сты бирæ уазджытæ. Хайад дзы райстой нæ горæты æндæр æмæ æндæр скъолайы мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæ, скъолайы хистæркъласонтæ, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзауты ныййарджытæ. Цалынмæ мадзал нæ райдыдта, уæдмæ уазджытæн фадат уыдис фойейы къултыл ирон фысджыты хъуыдытæ мадæлон æвзаджы тыххæй, стæй ирон фысджытæн сæхи æмæ ирон цардуагыл дзурæг къамтæ фенынæн.

Бæрæгбон байгом Мзияйы раныхасæй. Уазджытæн æгасцуай зæгъыны фæстæ сын йæ цæст бауарзта, цæмæй кæддæриддæр хайджын уой нæ ирон фарн æмæ æгъдауæй, буц æмæ сæрыстыр та – Къостайы æвзагæй.

Хорз сарæхстысты мадзаламонджытæ Гаглойты Дианæ, Уалыты Аслан, Тулойты Аннæ, Къусраты Аннæ æмæ æндæртæ дæр. Уыдон афтæ аив дзырдтой мадæлон æвзаджы тыххæй сæ хъуыдытæ, се ‘нкъарæнтæ афтæ равдыстой, æмæ сын мадзалы хайадисджытæ къухæмдзæгъд нæ хæлæг кодтой. Сæ раныхæсты уыдон зæрдæбынæй дзырдтой, зæгъгæ, де ‘взаг дæхæдæг куынæ уарзай, куынæ йын аргъ кæнай, уæд ын æндæр нацийы минæвæрттæ кæм аргъ кæндзысты. Алы ирон адæймаг дæр сæрбæрзонд хъуамæ уа йе ‘взагæй. Ацы бæрæгбон Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны иумæ, 15-æм майы кæй бæрæг кæнынц, уый хуымæтæджы нæу. Уый баст у Къостайы «Ирон фæндыр»-ы рацыдимæ. Майы мæй йæхæдæг та у дидинæфтауæн рæстæг æмæ, уадз, нæ мадæлон æвзаг дидин æфтауæд кæддæриддæр. Махæй алчи дæр хъуамæ архайа, нæ уарзон Ирыстоны зæла ирон дзырд, ирон зарæг. Сæ раныхæсты уыдон сидтысты ирон фæсивæдмæ, нæ мадæлон æвзаг нæм æнусты сæрты кæй æрхæццæ ис фыдæлтæй æмæ йæ мах дæр рæсугъдæй кæй хъуамæ адæттæм фидæны фæлтæр-тæм. «Фыдыбæстæ, ныййарæг зæхх, мадæлон æвзаг, мæ Ирыстон. Цы у æнæ уыдонæй адæймаджы цард? Мурдæр – ницы», – дзырдтой ахуыргæнинæгтæ.

Бæрæгбоны цы æмдзæвгæтæ зæлыдысты, уыдон иу-уылдæр баст уыдысты Ирыстонимæ, ирон адæмимæ, се ‘гъдæуттимæ. Ахуыргæнинæгтæ сæ афтæ аив кастысты, æмæ сæм адæймаг хъусынæй нал æфсæст. Бынтон диссаг та, сценæмæ фæзынгæйæ, æмæ актерты ролы бацæугæйæ, йæ мадæлон æвзагыл чи суæлæхох, ахæмтыл худинаджы гакк чи æвæрдта, уыцы ахуыргæнинæгты хъазт уыдис. Иу дзырд – иронау, иннæ уырыссагау чи фæдзуры, ахæмтыл худтысты. Чысыл «актерты» фезмæлдмæ кæсгæйæ, сæ зæрдæскъæф ныхасмæ хъусгæйæ, адæймаг иста æхцондзинад. Бæрæг уыд, аивады курдиатæй хайджын кæй сты, уый.

Уæдæ ирон бæрæгбон æнæ ирон зарæг æмæ æнæ нæртон симдæй дæр кæм фидауы. Ам дæр хорз сарæхстысты ахуырдзаутæ сæ музыкæйы ахуыргæнæг Джиоты Ингæ æмæ скъолайы хореограф Сангулия Арифæйы разамындæй. Уыдон ма аив сæххæст  кодтой чызджыты кафт дæр.

Мадзалы хицæн эпизодæй æвдыст æрцыд йæ хъуыды æнæ хæццæ дзырдтæй радæттын кæмæн нæу, ахæм  адæймæгты тыххæй чысыл инсценировкæ. Æмæ уымæй мадзалмæ æрбацæуджыты фæхудын кодтой.

Скъолайы директор Туаты Мадинæ ирон аив дзырдæн чи табу кодта, ахæм ныййарджыты хæдзары схъомыл æмæ ныр цæвиттойнаг у йæхæдæг дæр. Æмæ та ныр дæр аив æмæ зæрдæмæдзæугæ хъæлæсыуагæй йæ фæдзæхст уыд ахуыргæнинæгтæн, цæмæй уæлæхох ма кæной се ‘взагыл, хъахъхъæной ирон адæмы удварны хæзнатæ æмæ сæ дæттой фæлтæрæй фæлтæрмæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.