Хуссар Ирыстонæй Афганистаны хæстмæ фæцыд дыууæ сæдæйæ фылдæр хæстоны. Уыдонæй фæстæмæ йæ Райгуырæн уæзæгмæ нал æрыздæхт 6 адæймаджы, иу та дзы фæцис æбæрæг сæфт. Афгайнаг хæсты иннæ хъæбатыр ветерантæй дæр бирæтæ хæсты хъæдгæмттæ хæссынц, чи йæ буарыл, чи йæ хъуыдыйы… Уыцы æхсарджын лæппутæ хорзæхджын цыдысты Советон Цæдис æмæ Республикæ Афганистаны уæлдæр паддзахадон хорзæхтæй.

Æрвылаз дæр хæстон – интернационалистты сгуыхтдзинæдтæн кад кæнын æмæ уыцы тугуарæн хæстæй сæрæгасæй чи нал æрыздæхт, уыдон рухс ном арыны цытæн цытджын мадзал уагъд æрцæуы микрорайон БАМ -ы постаментыл æвæрд Афганистаны хæсты хайадисæг вертолеты цур. Уым ма афгайнаг хæсты хайадисджыты номыл æвæрд æрцыд цыртдзæвæн дæр.

Ныр дæр та, историйы ацы нысаниуæгджын бон нысан кæныны цытæн ацы бынатмæ æрæмбырд сты хæстон – интернационалисттæ, сæ бинонтæ, Республикæйы къухдариуæгад æмæ Хуссар Ирыстоны дислокацигæнæг Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ.

Афгайнаг хæстонты номыл цырты раз веноктæ сæвæрдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов. Дидинджытæ æвæрдтой Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид,  министрадтæ æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, æфсæддон службæгæнджытæ дæр.

Афганистаны хæсты ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн, кæй нæ рох кæнынц афгайнаг хæсты ветеранты сгуыхтдзинад æмæ уыцы тохы быдырæй сæрæгасæй чи нал рыздæхт, уыдон рухс нæмттæ. 9 аз æмæ 2 мæйы, чи ахаста, уыцы хæст, кæй зæгъын æй хъæуы, уæззау фæд ныууагъта – 15 мин саветон солдаты нал æрæздæхтысты сæрæгасæй сæ Райгуырæн уæзæгмæ. Гуыцмæзты Мурат ма адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, чысылнымæц Хуссар Ирыстон дæр афгайнаг хæсты хайад райсыны хъуыддаджы фæстæ кæй нæ фæлæууыд.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли хæстон – интернационалисттæм йæ ныхас аздахгæйæ банысан кодта, чи цыфæнды ма дзура, уæддæр, зæгъгæ, сымах къухты бафтыд уæлахиз уæды рæстджы цы терроризм гуырд, уый ныхмæ тохы.

«Америкæ цы æнæзакъонон æфсæддон баиугæндтæ цæттæ кодта, уыдон æххæст кодтой террористон акттæ. Уымæ гæсгæ Советон Цæдисы бахъуыд йе ‘фсад Афганистанмæ бакæнын»,- дзырдта Президент. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ УФ-йы Паддзахадон Думæйы райсинаг сты, Афганистаны хæстæн политикон аргъ кæм æрцæудзæн, ахæм уынаффæ, цæмæй æфсæддонтæ раздæрау сæрыстыр уой, нæ иумиаг Советон Цæдисæн се ‘мбæстагон хæс аккагæй кæй бафыстой, уымæй. Æнæамæлгæ кад ссардтой сæхицæн афгайнаг хæстонтæ æмæ, æцæгæйдæр, мингай æвзонг лæппутæ тырныдтой, цæмæй дунеон терроризмы ныхмæ тоххайад райстаиккой Афганистаны зæххыл. Бирæтæ та тырныдтой æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, цæмæй уый фæстæ сæ службæ адарддæр кодтаиккой Афганистаны уæвæг Советон æфсады контингенты.

Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады номæй хæстон – интернационалисттæн бузныг загъта, дард Афганистаны зæххыл цы фæд ныууагътой, цы æхсардзинад равдыстой, уый фæдыл. Абон, зæгъгæ, сымах хъаруджынæй дарддæр кæнут ам бынаты уæ архайд алы структурæты, уе стыр фæлтæрддзинад фæзминаг у кæсдæр фæлтæрæн дæр. Уый та нысан кæны бирæ азты кæй службæ кæндзыстут уæ бæстæ æмæ адæмы хæрзæбонæн, кæй уыдзыстут – Фыдыбæстæмæ уарзондзинады æмæ йын кад кæныны дæнцæг.

Хуссар Ирыстоны УФ-йы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов йæ раныхасы банысан кодта, ацы бон кæй иу кæны афгайнаг цауты хайад чи райста, æппæт уыдоны. Стыр аргъ скодта ацы хæсты хайадисæг хæстонты æхсардзинадæн. Æрымысыд, уыцы уæззау бонты, æцæгæлон зæххыл кæй цард аскъуыд, уырдыгæй нæмыгдзæфæй æрыздæхгæйæ чи фæхъуыд, уыдон рухс нæмттæ. Бузныг загъта, ацы хæсты хайад чи райста, уыдон хиуæттæн, ахæм хъæбатыр лæппуты чи схъомыл кодта. Афгайнаг æфсæддонтæ номыл дæр загъта æгæрон бузныджы ныхæстæ.

***

Афганистаны зæххæй фæстаг советон салдаты ракæныны боныл 30 азы сæххæсты цытæн мадзал адарддæр Профцæдисты хæдзары æмбырдгæнæн залы. Мадзаламонæг Чехойты Алик дзырдта хæстон-интернационалистты хъæбатырдзинадыл. Дарддæр мадзалы хайадисджытæн фадат уыд Ирыстоны æмæ Беларусийы аккаг фырт, капитан Бекъойты Павелы æнæмæлгæ хъæбатырдзинады фæдыл документалон фильммæ бакæсын. Уый РХИ-йы Президенты æххуысæй бацæттæ кодтой Коштэ Къоста æмæ Лохты Джамбулат. Æрмæг бацæттæ кæныны нысанæн йæ автортæ уыдысты Минскы, ныхас кодтой Павелæн йæ бинонтимæ, йæ хæстон æмгæрттимæ. Бекъойты Павелæн, Белорусийы Афганистаны хæсты цытæн цы мысæн цыртытæ æвæрд ис, уым алы ран дæр фыст ис йæ ном. Автортæ ма цы Мемориалон комплекс бабæрæг кодтой Минскы, уым цырт «Остров мужества и скорби»-йыл ис, 771 æдзард хæстонты  ‘хсæн ис Павелы ном дæр.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы номæй арфæйы фыстæг æмæ зынаргъ лæвар радтой Павелы фыд Викторæн. Павелæн йæ ингæныл та сæвæрдтой венок. Виктор дæр бузныджы ныхæстæ загъта нæ бæстæйы къухдариуæгадæн, дард ран дæр кæй нæ рох кæнынц æмæ кад кæнынц ирон æмбæстæгтæн.

Афганистаны ветеранты цæдисы сæрдар Гуыцмæзты Мурат бузныг загъта фильмы, автортæн æмæ Президент Бибылты Анатолийæн Президенты аудгæ ахасты руаджы ныртæккæ цæдисы минæвæрттæ хайад исынц ацы боны цытæн Мæскуыйы уагъдцæуæг мадзæлтты дæр

Ацы бон ма мах арæм. Афганистанæй чи нал æрыздæхт, стæй нæ бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ, локалон хæстыты рæстæджы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ дæр. Гуыцмæзты Мурат бахатыд æмбырды хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой уыдоны рухс нæмттæ.

Уыимæ банысан кодта зæгъгæ, стыр кадимæ æмæ аккагæй сæххæст кодтой сæ интернационалон хæс.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли стыр сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ равдыста дзæнæттаг Бекъойты Павелы тыххæй æрмæгмæ бакæсгæйæ, зæгъгæ, æз сæрыстыр дæн нæ ахæм æмзæххонтæй.

«Уый уыд уникалон советон æмбæстаг, интернационалист æмæ патриот, кæцы тырныдта уæлдæр зонындзинæдтæ райсынмæ, архайта фæллой кæныныл. Уый алыварсонæй уыд диссаджы адæймаг. Ныртæккæ ахæмтæ махæн сты фæзминаг», – дзырдта Президент.

«Абон кæд истори зыгъуыммæ кæныныл архайынц, уæддæр уыдонмæ нæ хъæуы хъусдард здахын. Уымæн æмæ æппæтдæр арæзт цæуы, цæмæй æрныллæг кæной советон æмбæстаджы кад. Сымах æрхастат уæлахиз дæр уыцы хæсты быдырæй, уымæн æмæ мах тох кодтам рæстдзинадыл, æмæ нæм цы æргъадтæ ис, уыдоны сæрыл», – банысан кодта уый.

Уый фæстæ бæрæгбоны цытæн йæ барамындæй афгайнаг хæсты ветеранты иукъорды схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн» майдантæй.

Хуссарирыстойнаг хæстонтæ  интернационалисттæн ма арфæ кæнынмæ Уæрæсейæ æрцыд уыцы тохты хайадисæг дæлбулкон Миронов. Уый мысыд Афганистаны зæххыл йæ цард чи рауæлдай кодта, уыдон æнæмæлгæ хъæбатырдзинад. Мæ сæрæй та, зæгъгæ, ныллæг кувын, æмæ арфæ кæнын, чи нæм æнхъæлмæ каст фæстæмæ æрæздæхынмæ, уыдон быхсындзинады раз.

Мадзал адарддæр горæты администрацийы тыхтæй бацæттæгонд культурон мадзалæй.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.