Президент Бибылты Анатоли Кады орденæй схорзæхджын кодта зынгæ ирон тележурналист, ПТРК «Ир»-ы алæвæрд «Путешествие по родному краю»-йы автор æмæ амонæг Габаты Владимиры.

Хорзæх ын лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны флорæ æмæ фаунæйы иртасынмæ йæ уæзгæ хайбавæрды æмæ йыл 80 азы кæй сæххæст, уый тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта юбилярæн æмæ йын загъта бирæ цæрæнбоны фæндиæгтæ.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ мæхи номæй мæ фæнды, зæгъон дын бузныг дæ архайды, адæмы нæ бæстæйы флорæ æмæ фаунæимæ кæй зонгæ кæныс, кæй сын æвдисыс æмæ сын уарзын кæныс Хуссар Ирыстон хъæздыг æмæ рæсугъд æрдз, уый тыххæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Габаты Владимир  бузныг загъта Президентæн йе ‘рхъуыдыйы тыххæй, афтæ ма йын цæрæнуат кæй радта, уый тыххæй дæр. Банысан кодта, зæгъгæ, дæргъвæтин рæстæджы цæмæй тыхст, уый никæй æндæвта.

«Бузныг дын, мæ куыстæн кæй саргъ кодтай, уый тыххæй. Уый тынг стыр хорзæх у. Хуыцау зæгъæд, æмæ йæ аккаг уон. Хуыцауы бафæндæд, æмæ цæрджытимæ нæ телевизион беседæтæ цы уой  хъæздыг. Дæуæн та, Анатоли Ильяйы фырт, стыр бузныг», – загъта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.