РХИ-йы мыхуыр æмæ информацийы комитеты уыд пресс-конференци. Журналисттимæ фембæлдис Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Кадзты Гено. Цы фарстытæ йæм лæвæрдтой, уыдон хаудысты ныртæккæ горæты администраци куыстмæ. 

– Фыццаджыдæр зæгъдзынæн уый æмæ стыр хъусдард кæй здахæм горæты цæрджытæй нæм цы фыстæджытæ æрбацæуы, уыдонмæ рæстæгыл æркæсынмæ æмæ сын сдзуапп кæнынмæ. Æмбæлон куыст цæуы горæты хæрзарæзтады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ æндæр службæты хаххыл. Куыст цæуы, цæмæй нæ горæт уа рæсугъддæр æмæ дзы уа фæтк.

– Горæты рагондæр проблемæтæй сæ иу у гаражтæ æмæ æндæр арæзтадтæ æнæмбæлон бынæтты æнæзакъонæй æвæрын æмæ аразын. Цы куыст цæуы сæ сисын кæнæ ныппырх кæныныл?

– Ацы куыст цыдис мæ размæ дæр æмæ ныр дæр цæуы. Цæвиттон БАМ-ы 29-æм цæрæн корпусы цæрджытæн мах рахицæн кодтам сæрмагонд бынат æмæ бадзырдтам, цæмæй сæ цы рæтты сты, уырдыгæй сисой æмæ сæ рахицæнгонд бынаты иу рæнхъыл саразой, стæй хъуамæ æрцæуой æмхуызон арæзт æмæ аивæй зыной. Ацы куыст у вазыгджын, бирæты нæ фæнды сæ сисын æмæ æмæ семæ бахъæуы тох кæнын. Бирæтæн дзы, æгæрыстæмæй, вæййы дыгай гаражтæ дæр.

  – Горæты хицæн бынæтты цы зæронд кæлæтдзаг хæдзæрттæ ис, уыдон кæдмæ афтæ уыдзысты? Бирæтæ дзы ахæм уавæры сты æмæ тасдзинад æвзæрын кæнынц сæ фарсмæ цæрджытæн.

-Уыдонæй алкæцы хæдзарæн дæр ис хицау æмæ цæмæй сæ пырх кæнынмæ бавналай, уый тыххæй уал сæ хъуамæ сифтонг кæнай цæрæнуаттæй.

– Горæт кæй рæздзæн, уый тыххæй бакуыстæуыд генералон план. Исты куыст цæуы йæ фæдыл?

– Сæйраджыдæр горæт рæздзæнис цæгатырдæм. Ныридæгæн уал цæгаттаг микрорайонмæ хæстæг зæххы фадыг лæвæрд æрцыд хуссарирыстонæй ацæугæ æмбæстагæн, цæмæй дзы саразой 4 бирæфатерон хæдзары. Уымæй дарддæр ма ис ахæм адæймаг, уый дæр у Хуссар Ирыстонæй ацæугæ, æмæ йæ фæнды 6 бирæуæладзыгон хæдзары йæ инфраструктурæимæ саразын, ома, дзы уыдзæн магазин, сывæллæтты цæхæрадон æмæ æндæр ахæмтæ.

  – Дуканитæ Фарн, æмæ Сывæллæтты дуне – пырх кæнынц, раууатмæ цæуынц нæ цæстыты раз. Сæ хъысмæт цахæм уыдзæн?

– Уым фæнд кæнæм аивадон салон бакæнын. Мæ размæ дæр фæнд кодтой цавæрдæр базарадон объект бакæнын, фæлæ аргъуаны фарсмæ æз уый растыл нæ нымайын.

– Горæтæй цæгатырдæм цæугæйæ мах уынæм фæндагæн дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр зæххыты куыд бацахстой æмæ дзы алыгъуызон арæзтадтæ куыд аразынц, æгæрыстæмæй дзы фæндаг фæуæрæхдæр кæнынæн фадат дæр нал ис. Ацы хъуыддагмæ цы цæстæй кæсут, куыд у уæ хъуыды?

– Уый у чи нæ тыхсын кæны, уыдонæй иууыл риссагдæр фарст. Æз ныхас кодтон горæты архитекторимæ æмæ йæ бафæдзæхстон, фæндагмæ 10 метрæй æввахсдæр бар мауал радтæд объекттæ аразынæн. Арæзт чи æрцыдысты, уыдонæн та ныхас кæндзыстæм сæ хицæуттимæ, цæмæй сæ айсой æмбæлон дæрддзæгмæ. Дарддæр ахæм цаутæн æруадзæн нал уыдзæн. Ис ахæм цаутæ дæр æмæ ацы ран бирæтæ райстой зæххы фадгуытæ æмæ сæ ныр уæй кæнынц æндæртæн. Ацы хъуыддаг дæр мæнæн мæ зæрдæмæ нæ цæуы. Кæй нæ хъæуы йæ зæххы фадыг, уый йæ горæтмæ фæстæмæ хъуамæ радта.

– Централон парк  хæрзарæзт æрцыд, фæлæ ныридæгæн пырх кæнын фæцагайдта, афтæмæй  та нырма кæронмæ арæзт не ‘рцыдис. Куыд уыдзæн дарддæр йæ хъысмæт?

– Эксплуатацимæ йæ райстой дефекттимæ -9 милуан 300 мин сомы аргъ. Уыцы æхца хъæуы фæстæмæ горæты бюджетмæ раздахын æмæ дзы сывæллæттæн хиирхæфсæн атракционтæ сæвæрын.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис Згъудеры уæлмæрды бынат кæй нал ис æмæ йæ сæхгæнын кæй хъæуы, ууыл дæр проблемæйыл. Къадзты Гено куыд банысан кодта, афтæмæй ног уæлмæрдæн территори рахицæн кодтой Цхинвалы районы Къусреты хъæумæ хæстæг, фæлæ зианджынтæ нырма дæр сæ зиæнтты уым нæма æвæрынц. Ног уæлмæрды зиæнттæ ныгæд цæудзысты хæццæйæ нæ, фæлæ рæнхъгай. Згъудеры уæлмæрды афтæ кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дзæгъæлы бирæ бынат фесæфтис. Æмæ дзы ныр бынат кæй нал ис, уыцы нысанæн хаст цæуы уырдæм дæр. Гено ма куыд банысан кодта, афтæмæй горæты уæлмæрды цы къахвæндæгтæ ис, уыдоныл ныккалдзысты хуыр кæнæ асфальтгонд æрцæудзысты, цæмæй сыл æнцон цæуæн уа.

Журналисттæ ма дзуаппытæ горæты хицауæй райстой дзæгъæл куыйтæ, бронкалæн æмæ горæтгæрон цæрджытæ сæ фос дзæгъæл кæй уадзынц, уыцы фарстытæн.

       БЕСТАУТЫ Валя