Ӕдылы адæймагæй йæ алыварс уæвджытæ фæтыхсынц, йæхæдæг ницæуыл фæмæт кæны. Ӕдылытæ схонæн ис бирæ бæстæты къухдариуæггæнджыты дæр.

Зæгъæм, æрæджы Эстонийы парламент Уæрæсейы Федерацийы рахуыдта терроризмы спонсор. Уымæй уæлдай ма террористон æфсæддон дæлхæйттыл банымадтой Донецк æмæ Луганскы республикæты æфсæддонты, афтæ ма уæрæсейаг сæрмагонд æфсæддон компани «Вагнер»-ы дæр. Ацы уынаффæ æмхъæлæсæй рахастой 88 депутаты.

Афтæмæй Эстонийæн йæ экономикæ иууылдæр баст у Уæрæсеимæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы фæстиуæгæн йæ экономикæ цы зиæнттæ баййæфта, уыдон фæстæмæ кæй баххæст кодта — йæ импорт æмæ экспорт раздæрау сты егъау гуырахсты. Æмæ санкцитæ та уæд цы фесты? Санкцитæ хорз сты, фæлæ хæрын дæр хъæуы. Эстонийы къухдариуæгад æй хорз æмбары, адæм куы стыхсой мæгуыр цардæй, уæд сын се ’дылы ныхæстæм ничиуал хъусдзæнис.

Диссаг уый у, æмæ Эстони йæхæдæг террористты хæрзгæнæг у, афтæмæй æнæбындурæй кæйдæрты азымджын кæны. Ӕрæджы Мæскуыйы террористон акты фæмардис зынгæ æхсæнадон архайæг Дарья Дугина æмæ лæгмар бамбæхст Эстонийы. Уый фæстæ срæмыгътой Хъырымы хид æмæ та уым дæр Эстони хайад райста.

Цалдæр хатты та Эстонийы арæнтæй æрбахызтысты террористтæ зенитон ракетон комплекстимæ, кæцытæ хъавыдысты Уæрæсейы территорийыл фыдракæндтæ саразын. Уымæй уæлдай ма Эстони у ахæм бæстæ, цыран пырх кæнынц советон æфсæддонты цыртдзæвæнтæ, нацисттæ æмæ дзы фашисттæ уадзынц парадтæ æмæ марштæ. Ӕмæ ныр ахæм фидиссаг бæстæйы къухдариуæгад йæ дзых схæлиу кодта Уæрæсейы ‘рдæм исты азымы ныхас зæгъынмæ.

Ахæм фæндон ма уый размæ августы мæйы рахастой Латвийы парламенты дæр. Ныридæгæн Европæйы Советы Парламенты ассамблейы дæр дзырд цæуы, цæмæй Уæрæсейы банымайой террористты хæрзгæнджытыл, фæлæ фæстиуджытæй тæрсынц æмæ нæ уæндынц. АИШ-ы конгрессменты иу хай дæр рагæй фæнд кæнынц ахæм фæндон рахæссын, фæлæ уым ацы къахдзæфæн дæттынц стыр нысаниуæг æмæ сæ нæ фæнды Уæрæсейы хуызæн хъомысджын паддзахадимæ сæ ахастытæ бынтондæр фехалын. Уымæ гæсгæ сардыдтой сæ къæбылаты, Эстони æмæ Латвийы хуызæн, æмæ алæрдыгæй «рæйынц» Уæрæсейыл.

Уæрæсейы паддзахады террористты спонсорыл куы банымайой, уæд уый фæстиуæгæн тынг бирæ бæстæтæ æвыд нал баззайдзысты, уæлдайдæр та АИШ æмæ «колонитæ». Ахæм къахдзæф саразыны фæстиуæгæн АИШ æмæ УФ-йы ‘хсæн бынтондæр нал уыдзæнис ахастытæ, скъуыд æрцæудзысты æппæт бастдзинæдтæ. Уæрæсеимæ нæ уадздзысты базарадон куыст кæнын, финансон операцитæ аразын æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ худæг уый у, æмæ ныридæгæн дæр уыйбæрц санкцитæ хаст æрцыдис Уæрæсейы ныхмæ, æмæ йæ терроризмы спонсорыл куы банымайой, уæддæр ын уæлдай ницыуал ракæндзысты.

АИШ цы барæнтæй барынц æмæ цæмæй азымджын кæнынц иннæ бæстæты, ахæм критеритæм гæсгæ сæхæдæг сты фыццаг претендент терроризмы спонсоры статусæн. Сирийы цы террористтæ ис, уыдон иууылдæр фи-нансон фæрæзтæ æмæ æхсæнгарз истой æмæ исынц АИШ-æй. Америкæйаг спецслужбæтæ ма 2016 азы Турчы активон хайад истой паддзахадон фæфæлдæхт саразыны хъуыддаджы, цæмæй Эрдоганы бæсты сæвæрдтаиккой «сæхи» адæймаджы. АИШ сарæзта террористон къорд «Исламское государство», кæцытæ стыр зиæнттæ хæссынц сабыр цæрæг адæмæн. Хайад ма райстой ноджы æндæр террористон къорд «Аль-Каида»-йы арæзтады, афтæмæй йæ сæргълæууæг Усама бен Ладен уыдис сæхи спецслужбæйы кусæг æмæ стæй цæствæлдахынæн йемæ тох бацайдагъ кодтой. Абоны бон дæр украинæйаг фашистон режимæн кæнынц алыварсон æххуыс — æхсæнгарзæй райдай æмæ финанстæй фæу.

Бирæ азты дæргъы та æнæбындурæй блокадæ аразынц Кубæйæн. Ацы номхыгъд ноджы бирæ факттæй ис адарддæр кæнæн.

Абоны бон террористты спон-сорты бæстæты номхыгъды сты Кубæ, Иран, Сири æмæ Корейы Адæмон Демократон Республикæ. Ирак дæр ацы номхыгъды уыдис, фæлæ Саддам Хуссейны куы амардтой, уæд æвиппайды «демократон» бæстæ фестадис. Ливийæн дæр раст ахæм статус уыдис Каддафийы рæстæджы, фæлæ та йæ амæлæты фæстæ нымад нал у террористты спонсорыл. Ацы номхыгъды ма уыдысты Йемен æмæ Судан дæр, фæлæ сæ æрæджы систой.

Куыд кæсæм, афтæмæй дæ АИШ террористты спонсорыл сæрибарæй банымайдзысты, сæ коммæ куы нæ кæсай уæд. Сæ дæлбар та лæгмар дæр куы уа, уæд дзы ацараздзысты иууыл «сыгъдæгдæр» адæймаг, «демократийы» принциптæ хъахъхъæнæг.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.