Ацы базырджын хъуыдытæ нæ фарны лæг Джыккайты Шамилы тыххæй Нафи загъта. Æмæ тынг раст ныхас у. Шамил Ирыстоны арвыл съалыйау ссыгъди æмæ цæхæр калгæ рахауд уырдыгæй, стыр рухс фæд уадзгæйæ. Æмæ йæ  мысæм абон. Стæй æрмæст абон нæ, фæлæ цалынмæ ирон чиныгкæсæг уа, уæдмæ Шамилы ном никуы ферох уыдзæн.

Зынгæ поэты æмæ ахуыргонды, йæ адæмы мастæй зæрдæрыстæй чи фæцыд йе ‘нусон дунемæ, уыцы Шамилы 80 азы юбилейон мысæн изæрмæ ЦИПУ-йы библиотекæйы залмæ æрбацыд тынг бирæ адæм: йæ цардыбонты кæм фæкуыста, университеты уыцы студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ, фысджытæ, культурæйы кусджытæ, йæхицæн æмæ йе сфæлдыстадæн аргъгæнджытæ…

Газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис бирæ хъарм ныхæстæ загъта йæ мысинæгты Шамилы тыххæй: «Ирыстонæй цы фæхъуыд, уый бам-бæрстам, фæлæ, рæстæг куыд цæуа, афтæ йæ ноджы тынгдæр бамбардзыстæм. Шамилы хуызæн лæгтæ цы адæммæ нал уой, уыдон мæгуыр сты. Нæ фидæны поэт Дзомагъæй рацыд иуæндæсаздзыдæй, фæлæ бирæ æнкъарæнтæ рахаста йæ чысыл зæрдæйы æмæ сæ фæстæдæр йе сфæлдыстады парахатæй равдыста. Дзырд дæр ыл нæй, Шамил университеты куынæ куыстаид, уæд ын бирæ фылдæр бантыстаид сфæлдыстадон куысты, фæлæ хорз, курдиатджын адæймаг алы ран дæр хъæугæ у. Цалдæр хатты куырдиат ныффыста йæ куыстæй ацæуыны тыххæй, æмæ та-иу æй ректор ныскъуыдтæ кодта. Бæлвырд  зонын уый æмæ ирон факультеты студенттæн сæ фылдæр хай ардæм ахуыр кæнынмæ цыдысты Шамилы тыххæй. Хуссар Иры хæсты рæстæг сидтис адæммæ иудзинадмæ, ныфсытæ æвæрдта адæмæн, æххуыс кодта ахуыргæнджытæн. Нæ университет æппæт дæр сарæзта поэт æмæ ахуыргонды ном сæнусон кæнынæн. Факультеты йын иу аудитори скодтам йæ номыл. Нæ хъæппæрисæй йын йæ номыл скодтой нæ горæты уынгтæй иу. Бузныг зæгъын мæ фæнды, абон ардæм чи ‘рбацыд, Шамил рох кæмæй нæу æмæ йын стыр аргъ чи кæны, уыдонæн».

Барис ма радзырдта Шамилы драмон уацмысты тыххæй, бæлвырддæр æрлæууыд йæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Санаты Сем»-ыл, стæй фæндон бахаста поэты сфæлдыстадон бынтæ цалдæр томæй рауадзыны тыххæй.

Шамилы куыст æмæ сфæлдыстады тыххæй, сæ мысинæгтæ радзырдтой историон зонæдты доктор, профессор Мæхæмæтты Ахуырбег, профессор Тахъазты Харум, фыссæг Агънаты Гæстæн æмæ æндæртæ. Мыггаджы æмæ бинонты номæй изæры архайджытæн бузныг загъта Шамилы æфсымæр Джыккайты Мурат.

 Адæм сæ цæссыг нæ урæдтой сценæйыл æвæрд экраныл Шамилы раныхæстæм, стæй йе ‘мдзæвгæтæ куыд каст, уымæ хъусгæйæ.

Изæр сæ аивадæй срухс кодтой ансамбль «Къона», Дзанайты Ольгæйы нæлгоймаг зарæггæнджыты къорд, Бекъойты Вано… Сценæйыл ма бакастысты «Хъодыгонд зæд»-æй скъуыддзæгтæ. Шамилы фыст æмдзæвгæтæ та бакастысты аивадон факультеты студенттæ.

Джыккайты Шамилы тыххæй бирæ фыст æмæ загъд æрцыд йæ удæгасæй дæр æмæ йæ мæлæты фæстæ дæр. Ногæй ууыл исты зæгъын тынг зын у. Фæлæ зонæм бæлвырд уый æмæ мах хуызæн чысыл адæмæй Шамилы, Васойы, Нафийы, Бестауты Гиуæргийы, Хаджейы, Хадзы-Мураты хуызæн лæгтæ куы фæхъæуой, уæд наци фæсидзæрхуыз вæййы. Уæлдайдæр Шамилау æвирхъау мардæй. Уый тыххæй сты йе ‘мдзæвгæйы рæнхъытæ Дауырæйæн дæр газет «Рæстдзинад»-ы:                  

Ирыстоны кæмтты, Ирыстоны хæхтыл

Куы азæлыд хъарæг…

Æнусты æнустæм æлгъыстаг уыдзæнис

Шамилæн йæ марæг.

Ныр уадæмдых дымгæ, бæзджын мигътæ сурæг –

Æрвнæрдау нæрдзæнис,

 Джыккайты Шамилæн йæ базырджын намыс

 Мыггагмæ цæрдзæнис.

                                     *  *   *

Нæ дзæнæтыбадинаг номдзыд лæгтæ Джусойты Нафи æмæ Джыккайты Шамилы 95 азы æмæ 80 азы юбилейтæм  журнал «Мах дуг» ацы мæй сæ кæрон  бацæттæ кодта уыдоны кадæн сæрмагонд номыр. Журналы 2 номыр кæрæй-кæронмæ у дыууæ поэт æмæ  ахуыргондыл.

Журнал байгом редактор Хетæгкаты Оксанæйы разныхасæй. Уый зæгъы:

«Нафи æмæ Шамил… Дыууæ хæрзцыбыр номы, фæлæ се ‘мыдзаг – æрдхæрæны уарзондзинад æмæ æмбисонды лæгдзинадæй. Алчи дæр цыд йæхи фæндагыл, хаста йæхи уаргъ, хызт цæлхдурты сæрты. Фæлæ иу уыд сæ зарæг, иу уыд сæ нысан, сæ бæллиц – адæмы хæлардзинад, сæрибардзинад æмæ рæстдзинад… Ирон литературæйы дыууæ классикы, нæ сомыгæнæнтæ…Куыд сын æнтыст афтæ уарзын æмæ лæггад кæнын Ирыстонæн. Сæ дыууæ дæр сæ курдиат æмæ уды фарнæй дæллаг галтау фæлæггад кодтой ирон дзырдаивадæн…»

Журналы мыхуыр æрцыдысты дыууæ поэты фыст æмдзæвгæтæ, уыдонимæ мыхуыр чи никуыма уыд, ахæмтæ. Стæй сæ прозаикон уацмыстæ. Нафийæн: «Урс нымæт» æмæ «Азтæ цæуынц», Шамилæн: «Хæлæг æмæ хæзна» æмæ «Марды уæлхъус». Рубрикæ «Критикæ æмæ публицистикæ»-йы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Нафийы уац Шамилы тыххæй «Сагъæс æнæфыст чиныгыл» æмæ Шамилы уац Нафийы тыххæй «Нæ вæййы рухсæн сау талынг йæ ингæн», зæгъгæ. Мыхуыр ма æрцыд Шамилы уац «Кард – æхсар æмæ намысы хотых».

Рубрикæ «Сæ номæн, сæ кадæн»-ы бынмæ мыхуыр æрцыдысты Хъазиты Мелитон, кæсгон фыссæг Салих Гуртуев æмæ мæхъæлон фыссæг Джамалдин Яндиевы чызг Марьям Яндиевайы мысинæгтæ Нафийы тыххæй.

Шамилы тыххæй сæ мысинæгтæ загътой Ходы Камал æмæ Касаты Æмзор «Æхсоны цæв» æмæ «Шамил, æнусон у дæ ном», зæгъгæ, ахæм сæргæндты бынмæ.

Журналкæсджытæ цымыдисæй бакæсдзысты рубрикæ «Фыстæджытæ»-йы Нафийы фыстæг Гаглойты Владимирмæ æмæ Булкъаты Михалы фыстæг Шамилмæ, стæй цыбыр хъуыдытæ Нафийы тыххæй рубрикæ «Нафийы тыххæй загътой», зæгъгæ, уым.

Журналы ма дыууæ ахуыргонды тыххæй ис ноджыдæр бирæ мидисджын æрмæджытæ рубрикæтæ «Мах дуг»-ы равдыст», «Карз хæсты фæндæгтыл – Уæлахизмæ», «Нафийы хъуыдытæй» æмæ æндæртæ.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.