Ныр æнусы дæргъы нæ бæстæйы æхсæнадон фæтк æмæ фыдракæндты ныхмæ тох  кæнынц милицийы кусджытæ. Кадджын юбилей нысан кæныны цытæн киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд бæрæгбонон цытджын мадзал, цыран хайад райстой министрады ветерантæ æмæ сæрмагонд сконд, бæстæйы къухдариуæгад, уазджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Цытджын æмбырды мидхъуыддæгты министр,  инæлар-майор Наниты Игорь йæ дæлбаруæвæг службæгæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн йæ арфæйы ныхасы æрдзырдта барадхъахъхъæнæг органты сырæзт æмæ архайдыл.

«Милицийы кусæджы дæсныйад нымад цæуы иууыл бæрнондæр æмæ æнæмæнгхъæуæгдæрыл барадон паддзахады уæвынады, йе ‘мбæстæгты сабыр царды æндидзынады хъуыдда-джы. Мах кæдфæндыдæр стæм цæттæ бæстæйы æмбæстæгты бартæ бахъахъхъæнынмæ», – дзырдта министр.

Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Мидхъуыддæгты министрады раз кæдфæндыдæр æнæаивгæйæ баззад дыууæ сæйраг хæсы – организацигонд фыдракæнддзинады ныхмæ тох æмæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæнын. Уыцы дыууæ хъуыддаджы тыххæй сæ уæхсчытыл æркодта уæлдай уæз Цæдисы ныппырх æмæ уый фæстиуæгæн гуырдзыйы агрессийы рæстæг. Уæд Хуссар Ирыстоны райтынг фæткхалæн цаутæ æмæ хæццæ рæстæг. Уыцы хъысмæтхæссæн рæстæг нæ бæстæйы адæм слæууыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæныныл. Уыдон фыццæгты æхсæн мидхъуыддæгты органты кусджытæ дæр. Æхсæвæй-бонæй лæууыдысты постыты æмæ æххуыс кодтой цæрджытæн.

Уый æрымысыд Мидхъуыддæгты министрады дæлхæйттæй сæ æмбæстагон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæхъуыд, уыдон нæмттæ. Уыдонæй сæ фыццаг уыд Коцты Гри.

Уыцы уæззау азты Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл йæ сæр нывондæн чи æрхаста, уыдон сæ хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинады тых-хæй хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй.

Министрады паддзахадон бæрзонд хорзæх – орден «Уацамонгæ»-йы кавалертæ сты 20 кусæджы. Хъыгагæн, уыдонæй 8 – сæ амæлæты фæстæ.

Ныхасгæнæг бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, æмырæй алæугæйæ сын сæ рухс ном ссарынæй.

Министр ныфс бавæрдта, Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æппæт дæр кæй араздзысты бæстæйы рæзт, закъон æмæ барвæтк сфидар кæнынæн. Уыцы куыст æххæст цæудзæн цæсгомджынæй æмæ намысджынæй.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли зæрдиаг арфæ ракодта мидхъуыддæгты органты сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн се ‘нусон юбилейы цытæн. Банысан кодта ацы структурæйы ахсджиагдзинад, куыд æдасдзинады гарант, афтæ.

«Уæ разы цы бирæнымæц ахсджиаг хæстæ ис, уыдон æххæст цæуынц рæвдз æмæ бæрзонд профессионалон æмвæзадыл», – дзырдта уый.

Президент стыр аргъ скодта Мидхъуыддæгты министрады кусджыты стыр хайбавæрдæн Фыдыбæстæ хъахъхъæныны хъуыддаджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ уагдоны бирæ кусджытæ гуырдзиаг тыхæрбахасты рæстæджы равдыстой патриотизмы бæрзонд дæнцæг æмæ се ‘вæджиаг хæсыл æнувыддзинад.

Фæлæ ныртæккæ, сабыр царды, бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, нæ разы лæууы уæлдай ахсджиагдæр хæстæ, фыццаджыдæр, адæмы æууæнк ноджыдæр милицийы кусджытæм раздахын, фыдракæнддзинады ныхмæ тох кæнын æмæ республикæйы территорийыл æмбæлон фæтк æрæвæрын.

Уый æрсидт бæрæгбоны хайадисджытæм, цæмæй аразой æппæт дæр,  адæмы æууæнчы сæраппонд, уымæн æмæ уыдон сты республикæйы æдасдзинады гарант.

Бибылты Анатоли ноджыдæр раарфæ кодта барадхъахъхъæнæг уагдоны кусджытæн, йæ цæст сын бауарзта, цæмæй дарддæр дæр кадимæ хæссой милиционеры ном æмæ сын бузныг загъта сæ æрвылбонон куысты тыххæй.

Уый фæстæ бæстæйы сæргълæууæг министрады иу цалдæр кусæджы схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй –  Кады грамотатæ æмæ  «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы», «Сабырад хъахъхъæныны фæдыл службæйы тыххæй», «РХИ-йыл 25 азы сæххæсты цытæн» майдантæй.

Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь цытджын æмбырды Президент Бибылты Анатолийы схорзæхджын кодта «Милицийыл 100 азы» сæххæсты цытæн Кады майданæй. Уыцы кадджын хорзæхы аккаг ма систы мидхъуыддæгты раздæры министр Уалыты Валери æмæ министрады ветерантæ.

Наниты Игорь ма бæрæгбоны цытæн схорзæхджын кодта йæ дæлбар министрады къорд кусæджы, цалдæрæй та райстой милицийы æнæрадон сæрмагонд нæмттæ.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры номæй бæрæгбонон арфæйы фыстæг бакаст Парламенты Сæрдары хæдивæг Харебаты Сергей. Парламенты номæй Мидхъуыддæгты министрады номыл цытджын уавæрты Кады грамотæ радта министр Наниты Игормæ.

Бæрæгбонон цытджын æмбырд адарддæр хиирхæфсæн концертон программæйæ.

Къæбулты Марина 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.