Алан йе ‘нусон бæстæмæ афардæг. «Фæндараст!» ын загътой, цы фæзуаты йын гуырдис йæ адæмимæ æмзонддзинад, сæрибармæ тырнындзинад. Кæрон æрцыд йæ уæззау хъысмæтæн, йæ царды зилдухæнтæн, йæ хауæггаг цардæн. Æнамонд уыд, кæйдæр зæххыл æвæндонæй йæ зæры бонтæ кæй æрвыста, уымæй?

Æнамонд мах стæм: нæ хорзæй «хорз!» дзурын кæй нæ фæразæм, нæ риу æнæраст хъуыддаджы ныхмæ кæй нал æвæрæм. «Мæн ма хъыгдарæд — æмæ чи цыфæнды кæнæд!»

Нæ цард æхцайæ, амалджын, мулкджын зонгæтæй, хиуæттæй — барæм. Дæндагæй хæцæм царды кæрæттыл, æрмæстдæр ма: «Мæнæн! Мæнæн!»

Ферох нæ ис, иумæ куыд цыдыстæм абоны цардмæ, Алан нæ куыд æмбырд кодта ацы фæзуаты, йæ дзыхы дзырдмæ хъусынмæ йын дард кæмттæй дæр куыд цыдыстæм…

Æмæ та нæ абон дæр æрымбырд кодта иумæ.

Ногæй та нæ арф ныхъхъуыды кæнын кодта. Кæййонг уыд йæ гени, уый нырма дæр не ’мбарæм. Фæлæ ахæм хицауæй æнæхицау нæхи куыд фæкодтам, нæ рæхыстæ цæуылнæ тыдтам, цæуылнæ йæм фæцыдыстæм æмæ йæ йæ райгуырæн зæхмæ Уæлахизимæ цæуылнæ æркодтам?!! Уымæн æмæ генийы хъысмæт афтæ кæй вæййы, уый зыдта.

«Амондджын уыд, — дзырдтой йæ уæлхъус абон, — уымæн æмæ цы хæдбардзинадыл уыд йæ тох, уый йæ адæмæн æрæййæфта, йæхи цæстæй федта йæ тохы фæстиуджытæ…»

Рухсаг у, нæ цытджын Алан!

Хæрзмæ ауд Ирыстоныл!

Алан сæрыстырæй фæцæуы йе ‘нусон бæстæмæ — æмæ диссаг! — уадзы нæ дарддæр Аланы къухты. Ирыстоны абон, йæ сомбон, йæ хъысмæт — Аланы ‘вджид: уый æнæхъуаджы нысан нæу…

Тедеты Индирæ

28 октябры Цхинвалы театралон фæзуатæй

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.