Юмористон радзырд

Сибистъор Хъæвдыны фырт, горæты цы куыстуæттæ ис, уыдонæй сæ иуы хицау у. Куыстуат æнæрæгъыдзыд нæ уыд, хуыздæртыл нымад чи уыдысты, уыдоны ’хсæн уыдис йæ бынат. Горæты хъуыддæгтæ куыд цæуынц, уый фæдыл-иу йæ хицæуттæ æмбырд куы сарæзтой, уæд-иу раппæлыдысты куыстуатæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Сибистъор Хъæвдыны фыртæн йæхицæй дæр.

Гъе, æмæ ацы куыстуатмæ иу афæдзы размæ Сибистъор Хъæвдыны фырт куыстмæ райста, цыппор азы бæрц кæуыл цыдаид, кæмæй йын раппæлыдысты, хорз кадр у, зæгъгæ, уыцы инженер Мосейы æмæ уымæй куыстуаты конторæйы кусджытæ ноджы иу фæфылдæр сты.

Йæ куысты фыццаг бонты, æцæгæйдæр, йæхи æвзæр нæ равдыста, бæрæг уыд, йæ куыст хорз кæй зыдта.

О, фæлæ куыстуатмæ Мосе йæ къах иунæгæй не ’рбавæрдта. Йемæ, растдæр зæгъгæйæ та йæ пальтойы мидæггаг дзыппытæй сæ иуы уыдис доминоты къопп, иннæйы та къæбæлтæ кæуыл ис, ахæм чысыл нымайæн. Мосе йæ бынат ссардта инженерты къабинеты столтæй сæ иуы фарсмæ бандоныл. Æмæ йыл æрбадт. Сæ бынат ссардтой доминоты къопп æмæ нымайæн дæр. Мосе сæ нывзылдта, йе стъолы бын цы лæгъзтæ уыдис, уыдонæй уæлладжы, цæмæй сыл йæ цæст арæхдæр хæцыдаид.

Мосе куыста, йæ фарсмæ иннæ инженертæ куыд куыстой, афтæ æмæ лагъзы та дзæгъæлы лæзæрыдысты доминотæ сæ къоппы æмæ нымайæн. Фыццаг бонты сæ кой нæ кодта, фæлæ цас хъуамæ быхстаид æмæ дын иу ахæмы, хæрæндоны басихор кæнгæйæ фæстæмæ кабинетмæ йæ акомкоммæ бадæг Уарданимæ куы баздæхтысты, уæд бацымыдис кодта, цахæм ахаст ын ис доминотæм æмæ йæ афарста:

— Куыд у, доминотæй хъазынмæ нæ арæхсыс?

— Стыр дæсны нæ дæн… кæддæрты-иу ахъазыдтæн… — уыд йæ дзуапп уымæн.

— Цæй, æмæ иу хъазт акæнæм, нырма куыст райдайынмæ рæстæг ис…

— Кæд дæ афтæ фæнды, уæд, гъа… — йæхи бакъултæ кодта йе ’мкусæг æмæ æрбадт Мосейы стъолæн иннæ фарсæрдыгæй. Хъазыдысты сабыр, æнæхъæлæбайæ. Уæдмæ æрбахызт æртыккаг стъолы хицау Тотыр дæр.

— О, о, хорз куыст ссардтат, — бадис сыл кодта уый.

— Мæнæ цалынмæ куыст нæ райдыдта, уæдмæ, зæгъын, иу хъазт акæнæм, — йæхи раст кæныныл схæцыд Мосе.

Хъазты, кæй зæгъын æй хъæуы, Мосе рамбылдта, стæй доминоты амбырд кодтой æмæ лагъзы сæ бынаты февзæрдысты. Райдыдта куысты рæстæг, уымæ та фæныхилæн нæ уыд.

Доминотæ-иу арæхæй арæхдæр сгæпп кодтой лагъзæй стъолмæ æмæ та-иу дыууæ хъазæджы къухты февзæрыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы, сихоры улæфты рæстæджы. Куысты рæстæгмæ, куыд ма загътам, афтæмæй фæныхилæн нæ уыд.

О, фæлæ ма кабинеты уыд æртыккаг кусæг Тотыр дæр. Райдианы йе ’мкусджытæм хæцаг галы каст кодта. Уый доминойæхъазджытæн сæ зæрдæмæ нæ цыд æмæ афæлвæрдтой хъазтмæ йæ æртасын кæныныл.

— Дæ хорзæхæй, мæнæ-ма иу хъазт акæн, æз тамако адымон, — бадзырдта йæм Мосе.

— Æз?.. Æз сæ хъазын нæ зонын… — багуым-гуым кодта уый.

— Цæй, цы зонын дзы хъæуы, уæлдæр математикæ куынæ у, мыййаг, — йæ ныхас баппæрста Уардан дæр.

— О, фæлæ…, цæй, гъа! æмæ æрбадт Мосейы бандоныл.

Æмæ куыд æнхъæлут? Рамбылдта! Æниу йæ ныхмæлæууæг дæр мæлæты сираг хъазæг нæ уыд.

Йæ зæрдæмæ фæцыд Уарданæн, кæй рамбылдта, уый. Йæ зæрдæмæ фæцыд доминотæй хъазт дæр. Æмæ йе ’мкусджытæ-хъазджытæм æввахсдæр балæууыд. Куы-иу сын сæ хъазтмæ каст, куы та-иу, чи фембылд, уый бæсты дæр ахъазыд.

Доминойæ хъазт ахæм у æмæ дзы сабырæй зын хъазæн у. Кæм дзы стъолыл доминойы дзæхст райхъуысы, кæм — хъазджыты хъæлæба. Мосе æмæ йе ’мбæлттæн дæр сæ хъæлæба хатт айхъуысы æттæмæ, коридормæ. Уым та кусджытæ дыууæрдæм кæнынц. Æмæ дын сæм иу афоны сыхаг кабинеты кусæг, куыстуаты ифтонгады хайады хицау Садул, дуар бакæнгæйæ, йе стыр, хъуынджын сæр куы бадарит.

— Гъе!. Доминойæ хъазут! Кæцы уæ тыхджындæр у, уый ма мæ разы æрбадæт æмæ йæ хъазын ацахуыр кæнон, — мидæмæ дзургæ бахызт æмæ дыууæ хъазæджы фарсмæ уырдыг слæууыд.

Уæдмæ та Мосе рамбылдта æмæ хъастыл схæцыд:

— Аккаг ныхмæлæууæг мын нæй æмæ мæ хъиутæ хæрын. Æрбад-ма æмæ дæу дæр афæлварон, — æхсызгон ын куыннæ уыд йæ фæзынд.

Хъазт, æцæгæйдæр, æндыгъд рауад, адаргъ ис æмæ ма кусгæ рæстæгæй дæр «ахордтой». Фембылды Мосе! Доминоты лагъзы хъуыр-хъуыргæнгæ нывзылдта æмæ мæстæйдзагæй бавнæлдта йæ куыстмæ. Фæлæ ма цæй куыст! Йæ хъуыдытæ уыдысты, сом кæд æрбалæудзæн æмæ йæ маст кæд райсдзæн, уыимæ.

Афтæ доминотæ цадæггай сæ дæлбар бакодтой Мосейы кабинеты кусджыты æмæ-иу сæ куыд-ничи базыдтаид, афтæ кусгæ рæстæгæй дæр «ахордтой». Æниу ын басусæггæнæн дæр кæм уыд. Фæцайдагъ сæм ифтонгады хайады хицау Садул дæр. Цайдагъ кæнын сæм райдыдтой, доминойæ хъазын чи уарзтой, ахæмтæ æмæ кæс ды Мосейы кабинетмæ — бирæты-иу хъазт йæ фæдыл асайдта æмæ-иу сæ сихор бакæнын дæр айрох. Хъазджытæ æгæр куы сбирæ сты, уæд райдыдтой æмбæлттæй хъазын — дыууæйæ дыууæйы ныхмæ. Уыдон столы цыппар фарсæрдыгæй бадтысты, фæлæ-иу лæугæ та цалæй кодтой! Алчидæр дзы кæйдæр æвварс хæцыд æмæ цымыдисæй каст, столы уæлæ доминотæй тох куыд цæуы, уымæ. Бирæтæ та æнхъæлмæ кастысты, иутæ дзы кæд фембылды уыдзысты æмæ сæм кæд бахуддзæн хъазыны рад æрхауыны амонд.

Мосейы къабинеты цытæ цæуы, уыдон фæхæццæ сты Сибистъор Хъæвдыны фырты хъустæм. Æмæ дын иу ахæмы йæхи куы фæцæуæг кæнид йæ кабинеты рæзты. Нæма йæм бахæццæ, афтæ хъусы, доминойы дзæхст куыд фæцæуы, хъуысы хъæр-хъæлæба.

— Домино раст æрæвæр æмæ хæрæмттæ ма кæн! базыдта йæ хъæлæсæй, уый сæрджын, ома хайады хицау Садул кæй у.

— О, раст æвæрд нæ фæцис, хатыр! — уый та йæ хæдивæг Илушайы лыстæг хъæлæс у.

— Бауадзут ма мæ! Æуым ма дыууиссæдз æрфысс! — базыдта Мосейы барджын хъæлæс дæр.

Куыстуаты хицау дын уайтагъд фæмидæг кабинеты. Исдуг ницы сдзырдта, акæстытæ кодта алырдæмты. Чидæриддæр дзы уыд — цы уавæры сæ баййæфта, ахæм уавæры æдзæмæй баззадысты. Мосейæн йæ рахис цонг размæ ивæзт, амонæн æнгуылдз нымайæнмæ амоны, афтæмæй.

— Цы аразут уый кусгæ рæстæджы! Ардæм ма æрисут уыцы доминоты! — схъæр сыл кодта хицау.

Доминотæ уайтагъд сæ къоппы февзæрдысты æмæ йæм æй авæрдтой.

— Нымайæны дæр!

Уый дæр ын йæ къухы фæсагътой.

Хицау рахызт кабинетæй æмæ къæлидоры тагъд-тагъд араст кæронмæ. Рудзынг байгом кодта æмæ æдтейæ цы тулдзбæлас зад, ууыл сæ ныххуырста. Уыдон йæ сыфтæрджын къалиуты ’хсæн æрбайсæфтысты, стæй доминотæ, гом къопп æмæ нымайæн дæр хицæнтæй йæ бынмæ гуыркъотау æрызгъæлдысты.

Мосейы кабинет уайтагъд раафтид, аззадысты ма дзы æрмæстдæр сæхæдæг æртæйæ æмæ тæвдæй сæ бынæтты фæбадæг сты.

— Адæттæ иууылдæр дæ аххос сты. Ды нæ фæцайдагъ кодтай доминотæй хъазыныл, — буцтæгæнгæ бадзырдта Тотыр Мосемæ.

— Ницы кæны, æрсабыр та уыдзæн, — алцыдæр хорз кæй уыдзæн, уымæй сæ ныфс бауагъта Уардан.

— Цæй æвзæр рæстæджы æрбацыд. Мах æмбылдтам… — сагъæсхуызæй бакодта Мосе æмæ ма доминоты тыххæй дæр йæ хъуыды раргом кодта. — Схæссын сæ хъæуы.

— Нæ куыстæй нæ суринаг фæкæндзынæ, — батыхст Тотыр.

— Нæ сихоры улæфты рæстæгмæ нын чи цы бар дары, уæд-иу ахъаздзыстæм, — йæ фæнд нæ фæивта уæддæр Мосе.

Æмæ та доминотæ ногæй сæ бынат ссардтой Мосейы столы уæллаг лагъзы. Хъазыдысты сæ æрмæстдæр улæфты рæстæджы. Æрмæстдæр сæхæдæг — æртæйæ. Æмæ ма Садул. Хъазыдысты сабырæй, сусæгæй. Фæлæ та айхъуыст, ацы кабинеты та ногæй кæй хъазынц æмæ та сусæгæй, аивтæй æмбырд кæнын райдыдтой ардæм. Æмæ та ацы хабар дæр хицауы хъустыл æруад. Æмæ та иу бон йæ фæндаг ауылты ракодта. Æмæ та йæ хъустыл суад доминойы къæрцц. Раздæрау тынг нæ, фæлæ йæ уæддæр сыхъуыста. Стæй сæ ныхас дæр тынг нæ хъуыст. Фæлæ уæддæр байгом кодта дуар æмæ та бахызт мидæмæ.

— Цæй, куыд, райдыдтат та хъазын доминойæ?!

— Сибистъор Хъæвдыны фырт, нырма улæфты кæронмæ ссæдз минуты ис æмæ, зæгъын, нæхи чысыл аирхæфсæм, — чи æрæмбырд сты, уыдоны номæй нымдæй дзуапп радта Садул.

Хицау ницыуал сдзырдта, йæхинымæр багуым-гуым кодта æмæ хъуамæ раздæхтаид, фæлæ йæ хæдивæг, мæллæджытæ, лыстæгуачъи æмæ гæмæхсæр Илуш — уымæй æввахсдæр æм ничи лæууыд — йæ ныфс бахаста æмæ йæм бадзырдта:

— Сибистъор Хъæвдыны фырт, чизоны ды дæр дæхи аирхæфсай æмæ иу хъазт акæнай…

Хицау хъуыдыты аныгъуылд. Рахис къухы армæй бæрзæйы æууæрдæгау кæны. Æппынфæстагмæ, зæгъы:

— Уæвгæйæ, кæддæр æвзæр нæ хъазыдтæн, фæлæ ма ныр исты сарæхсдзынæн…

— Ау, уый фенгæйæ нæу! Табуафси, æрбад, — бацин кодта хайады хицау. Бацин кодтой иннæтæ дæр.

Кæстæр хъазджытæй сæ иу фестад æмæ йын йæ бынатмæ ацамыдта, сбад, дæ хорзæхæй, зæгъгæ.

Æмæ æрбадт Сибистъор Хъæвдыны фырт. Йæ хъазтæмбал хайады хицау — ныхмæбадæг. Мосе та кадрты хайады хицау Филушимæ уыд æмцæдис. Бацайдагъ тох æмæ Мосе йе ’мбалимæ фембылды. Уый та нысан кодта, Сибистъор Хъæвдыны фырт лæмæгъ хъазджытæй кæй нæ уыд. Уæдмæ фæцис улæфты рæстæг дæр æмæ æнæ уæлдай ныхасæй иууылдæр апырх сты сæ кабинеттыл. Сибистъор Хъæвдыны фырт йæ кабинетмæ цыд хъæлдзæг æмæ сæрыстырæй, раст цыма дунейы чемпион сси.

Дыккаг бон сихоры улæфт куы ’рбалæууыд, уæд рагацау асихор кодта æмæ йæ цæмæдæр гæсгæ йæ къæхтæ ахастой Мосейы кабинеты рæзты. Ам та уæдмæ хъазт сытынг æмæ кæд сабыр хъазыдысты, уæддæр сæ нымыгъта доминойы сæртæг къæрцц-кæрцц. Нал фæлæууыд æмæ байгом кодта дуар. Хъазджытæ та цавддурау фесты. Æрæджиау сæ иу æрчъицыдта æмæ загъта:

— Сибистъор Хъæвдыны фырт, улæфты рæстæг у æмæ, зæгъын, нæхи чысыл аирхæфсæм, — йе зноны дзуапп та сфæлхатт кодта Садул. Ацы хатт ныфсджындæрæй.

— Зонын æй, улæфты рæстæг у æмæ, зæгъын, æз дæр мæхи чысыл куы аирхæфсин…

— Табуафси, табуафси, Сибистъор Хъæвдыны фырт! — схор-хор кодтой алырдыгæйты, стæй та хъазджытæй сæ иу фæгæпп кодта æмæ йын йæ бынат авæрдта.

Доминоты ногæй сызмæстой æмæ ногæй райдыдта хъазт. Рæстæг афтæ тагъд згърдта æмæ ма кусгæ рæстæгæй дæр сахаты бæрц куыд раскъуыдтой, уый нæ бафиппайдтой.

Афтæмæй, бонæй бонмæ чи фылдæр кодтой, уыцы доминойæ хъазджытæм бафтыдис ноджыдæр иу хъазæг. Уый хуымæтæджы хъазæг нæ уыд. Уый уыд куыстуаты фыццаг, сæйраг лæг æмæ ныр иууылдæр рогæй сулæфыдысты — никæмæйуал тæрсдзысты, ничиуал сæ бафхæрдзæн.

Сибистъор Хъæвдыны фырт хъазын куы райдыдта, уæдæй фæстæмæ ноджы тагъддæр фылдæр кодтой, хъазын кæй фæндыд, уыдон. Се ’хсæн фæзындысты, цехты кусджытæй дæр ацы хъазтмæ æмхиц чи уыдысты, ахæмтæ. Ноджы фылдæр та кодтой, хъазджытæн чи табу кодтой, уыдон. Æмæ гъæйда-гъа! Мосейы доминотæн ма æрынцой уыд! Къухтæй нал хаудтой! Бынтон арт æмæ фæнык та дзы Сибистъор Хъæвдыны фыртæн нал уыд. Райсомæй куыстмæ æрбацæугæйæ иуцалдæр хъазты куынæ акодтаид, уæд куыд хъуамæ байгом кодтаид йæ кабинеты дуар! Уæдæ сихоры улæфты фæстæ дæр ноджы цас аххæссы сæ хъазт! Æгæрыстæмæй, изæры куысты фæстæ дæр бирæ хæттыты райхъуысы сæ доминоты дзæхст-дзæхст.

Хъуыддаг уымæ æрцыд æмæ куыстуаты коллектив цæрын райдыдтой доминотæй. Æгæрыстæмæй-иу хъазтмæ чи нæ каст, уый дæр-иу афарста, хъазтмæ чи каст, кæнæ, чи рамбылдта, зæгъгæ. Сибистъор Хъæвдыны фыртмæ кабинетмæ бахизгæйæ, гъе та йыл искуы уынджы амбæлгæйæ, чи нæ бафиппайдтаид, æмбылды фæцис æви æмбулгæ ракодта? Кæд йæ бæзджын æрфгуытæ стыр, тымбылзылд фындзы сæрмæ кæрæдзийыл сныхæстысты æмæ цæстытæ тызмæг, æрхуымæй кæсынц, уæд æй зон — фембылды ис. Ахæм рæстæджы хуыздæр у, мацы хъуыддаджы фæдыл æм бацæуын, æгæрыстæмæй, йын салам дæр-ма зæгъын. Кæд йæ цæсгом хурау худы, хъæлдзæг у, уæд уый та нысан кæны, кæй рамбылдта æмæ амондджын кæй у.

Æвзæр нæ хъазыд куыстуаты хицау. Ноджы ма-иу йе ’мхъазæг Садул куы бацис, уæд стæм хатт æмбылды кодта. Хъазгæ-хъазын нæ уарзта, исчи йын зæндтæ амыдтаид, уый. Нæ уарзта, исчи-иу æй хъуыддаджы фæдыл æрцагуырдта, уый дæр. Иу хъазты рæстæджы йæм йæ секретаршæ дуарæй бадзырдта, зæгъгæ, дæм цавæрдæр уазджытæ æнхъæлмæ кæсынц, цавæрдæр контракт сæ фæнды саразын нæ куыстуатимæ.

— Чысыл банхъæлмæ кæсæт, ныртæккæ фæцæуын, — мæстыйæ йæм адзырдта уый.

Рацыд цасдæр рæстæг, чызг-секретаршæ ногæй дуарæй йæ сæр бадардта æмæ та йæм бадзырдта:

— Сибистъор Хъæвдыны фырт, уазджытæ тагъд кæнынц æмæ сын цы дзуапп радтон?

— Фæлæуу-ма, цы мæ баййардтай, чысыл фæгæдзæ кæнæт, цы ’рцыдис! Æрцыдтæ дæ дур? Уæдæ мæ цыд у, — Уыцыиу рæстæджы чызгæн дæр дзуапп радта, йæ фарсмæбадæджы дæр афарста æмæ йæ цæуыны рад кæй у, уый дæр базыдта.

Хъазты рамбылдта Сибистъор Хъæвдыны фырт, фæлæ уазджыты нал раййæфта. «Уастырджи сæ фæндараст фæкæнæт», — йæхинымæр сæ афæндараст кодта æмæ уæлахиздзауы зæрдæйы равгимæ бахызт йæ кабинеты къæсæрæй.

Доминотæй хъазынæй куыстуаты хицауы дæсныдзинад бæрзондæй бæрзонддæр кодта. Афтæ рæзт сæ «квалификаци» æппæт иннæ хъазджытæн дæр. Фæлæ мардæрцыд уый мидæг уыдис æмæ куыстуаты хъуыддæгтæ та фæстæмæ лæууыдысты. Сибистъор Хъæвдыны фыртмæ æрæджы горæты активы æмбырдмæ куы дзырдтой, уæд хорз æмбæрста, уый тыххæй йæ кæй æфхæрдзысты. Æмæ цалынмæ нæ ацыд æмбырдмæ, уæд-мæ аскъуыддзаг кодта, цæмæй иу хъазт акæна доминотæй, йæ хъазтæмбал Садул куыд уа, афтæмæй. Ныфс æй уыд, кæй рамбулдзысты æмæ йæ фæндыд хорз зæрдæйы равгимæ ацæуын.

Фæлæ алы хатт адæймаг куыд фæхъуыды кæны, афтæ нæ рауайы йæ хъуыддаг. Хъазт цыдæр сæ пайдайæн нæ цыд æмæ мæсты кæнын райдыдта Сибистъор Хъæвдыны фырт. Домино æрдзæхст кæныны рад æм куы æрхауы, уæд кæс æмæ… цы ’рцæва, уый йæм нæй. Садул дæр фыдæнæнгæнæгау ницыуал фыссы. Хъуыддæгтæ мæгуырау сты тынг. Æмæ ахæмæй ацыдысты кæронмæ — фембылды сты. Ахæм рæстæджы-иу арæх дзырдта, хъæр кодта, хæрæмттæ ма кæнут, зæгъгæ, фæлæ йæ цуры чи бауæндыдаид схæрам кæнын?

Мæ фыдзæрдæ уыдаид Сибистъор Хъæвдыны бынаты! Нæ дæ хъæуы — мæстæйдзагæй бацу æмæ рабад, кæм дæ æфхæрой, уыцы æмбырды. Фæлæ дзы æндæр цы гæнæн уыд! Залы разæй бадт фæцис ноджы! «Уыцы сæрджын, уыцы сæрджын! Йæ сæр ныддынджыр кодта, фæлæ дзы зонд нæ бауагъта. Мæ доминотæн мын цæуыны фадат куыннæ радта, мæ рæзтæ мын куыд æхгæдта! Мæтæй сæ амарæт, æрмæст мæ доминотæй цыппарыссæдз снымадтой! Цыппарыссæдз!» — йæхимидæг æхсиды Садулмæ.

Æмбырд цæуы, фæлæ цæуыл дзурынц, уый Сибистъор Хъæвдыны фыртмæ нæ хъары. Уый йæ хъуыдыты æвзары, анализ аразы, кæм фембылд, уыцы хъазтæн. «Уыцы сæрджын æхсæз-цыппар куынæ æртъæпп ластаид, уæд цыппар-цыппар не ‘рцыдаиккой æмæ уыйбæрц нæ ныффыстаиккой, стæй мæнмæ дæр, чизоны исты разындаид…»

Горæты хицау дзуры сæудæджерадон куыстуæтты уавæрыл. Æрхæццæ Сибистъор Хъæвдыны куыстуатмæ дæр. Дзуры, фæстæмæ кæй алæууыд æмæ йæ директоры кæй хъæуы цæхгæр мадзæлттæ райсын. Йæ ном фехъусгæйæ, Сибистъор Хъæвдыны фырт фæхъæр ласта, хæрæмттæ ма кæнут, зæгъгæ, æмæ цыма фынæй уыд æмæ æвиппайды фехъал, уыйау фесхъиуæгау кодта.

— Ноджы ма мах хæрæмттæ кæнæм? — йæ кæсæнцæстыты бынты йæм ныккаст горæты хицау.

— Хатыр, æз сымахæй нæ, уыдонæй дзурын… Багъæцæт, æз сын фенын кæндзынæн! Æндæра чи рамбула!

Йæ ныхæсты йын райстой, кæй æркæсдзæн хъуыддæгтæм, кæй сæ рараст кæндзæн æмæ та куыстуат размæ кæй феггуырсдзæн.

Ацы æмбырды фæстæ Сибистъор Хъæвдыны фырт дæр ауагъта æмбырд куыстуаты æппæт кусджытæн. Иумæ фæцагуырдтой, сæ хъуыддæгтæ фæстæмæ цæмæн лæууынц, уыцы аххосæгты, фæлæ дзы уадиссаг ницы рабæрæг кодтой.

Æппынфæстаг ныхасы бар ракуырдта цехтæй сæ иуы гæс — Гæбил. Сибистъор Хъæвдыны фырт æй тынг нæ уарзта. Куыд кондады кусæг, афтæ йын аргъ кодта, фæлæ-иу хатт йæ ныхмæ дæр кæй сдзырдта, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд. Æгæрыстæмæй-иу ахъавыд йæ бынатæй йæ сисын æмæ йæ бригадир кæнæ рæнхъон кусæгæй авæрын, фæлæ йæ хæстæ хорз æххæст кодта, цехы хъуыддæгтæ хорз цыдысты æмæ уый тыххæй ирвæзтис. Ныр дæр куы сыстад, уæд дзы хорзæй зæгъынмæ ницæмæ æнхъæлмæ каст Сибистъор Хъæвдыны фырт. Фæлæ йæм æнæбайхъусгæ цы уыд.

Гæбил бирæ нæ дзырдта. Æрмæстдæр загъта:

— Махæн нæ хъуыддæгтæ размæ нæ ацæудзысты, цалынмæ уыцы доминотæ нæ фесафæм, уæдмæ!

Æмбырды бадджытæ схор-хор кодтой.

— Нæ хъуыддæгтæ кæй нæ цæуынц, уым доминотæ цы аххосджын сты?

— Кæм доминотæ, кæм — кондад!

— Доминотæ сты спорт æмæ спорты дæр хъуамæ архайæм!

— Ау, иууыл кусгæйæ вæййы, хи ирхæфсын дæр хъæуы! — хъуыстысты алы рæттæй хъæр ныхæстæ.

Гæбилы æвварс чи рахæцыдысты, ахæмтæ дæр дзы разындысты, фæлæ — хæрзцъус.

Ныхасы фæдыл йæ хъуыды загъта куыстуаты хицау дæр. Уый нырма уæхсчытыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ сæр се ’хсæн хъустæм нынныгъуылд, стæй загъта:

— Нæ зонын, уым фыдракæндæй цы ис, дæхи иучысыл куы аирхæфсай, дæхи иучысыл дæ хъуыддæгтæй куы фæиппæрд кæнай æмæ та стæй ногæй куы бавналай дæ куыстмæ?

Иудзырдæй, не сразы сты Гæбилы хъуыдыйыл, æмæ Мосейы кабинетæй доминоты дзæхст, хъазджыты сæнт хъæртæ раздæр куыд хъуыстысты, афтæ хъуыстысты дарддæр дæр.

Рацыд дыууæ мæйы бæрц æмæ куыстуаты кусджытыл æрцыд хъыгаг хабар. Мосе йæ куыст ныууагъта. Ноджы стырдæр бынатмæ, дам, æй аивтой. Гъе, æмæ йемæ æрбатары сты йæ доминотæ дæр. Æмæ дын раст куы разынид Гæбил. Уæдæй фæстæмæ дын куыстуаты хъуыддæгтæ ногæй размæ куы феггуырсиккой. Æнæнхъæлæджы чи фæзындысты æмæ æнæнхъæлæджы чи æрбайсæфтысты, уыцы кæлæнгæнæг доминотæй кусджытæ ногæй се ’ргом куыстмæ раздæхтой.

Биазырты Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.