Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон махæй алкæмæндæр у стыр æмæ зынаргъ бæрæгбон. 2008 азы 26 август махæн, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн ссис, æцæгæйдæр, ног царды, ног дуджы райдиан бон. Уæдæй нырмæ цæрæм сæрибар, æдас арвы бын, алыхатт дæр цытимæ банысан кæнæм ацы диссаджы бæрæгбон. Уый цытæн нæ республикæйы 26-æм августы уагъд æрцыдысты бирæ бæрæгбонон мадзæлттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы куыстыты равдыстæй райдыдтой бæрæгбонон мадзæлттæ,  кæцы конд æрцыдис нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы. Нывты экспозици организацигонд æрцыдис РХИ-йы Культурæйы министрадимæ иумæ æмæ йæ рахуыдтой «Мир, в котором мы живем», зæгъгæ. Равдысты адæмы рæгъмæ хаст æрцыдысты нæ адæмы цардыл дзурæг алыгъуызон цымыдисон нывтæ, афтæ ма хъæдæрмæгæй конд куыстытæ дæр. Экспозици цы хъæздыг æмæ мидисджын нывтæй конд уыдис, уыдон уыдысты 60 куыстæй фылдæр. Уыдонæн сæ автортæ иууылдæр уыдысты нæ республикæйы нывгæнджытæ, кæцытæ алыхатт дæр сæ аивад, алыгъуызон ахорæнты руаджы базонын кæнынц дунейæн Хуссар Ирыстоны. Нывгæнджыты цæдис кæддæриддæр активон хайад райсы нæ бæстæйы уагъдцæуæг æндæр æмæ æндæр мадзæлтты. Ногæй ногдæр æмæ бæркадджындæр кæны се сфæлдыстадон куырдадз, рагфыдæлтæй ныры дуджы онг, æмткæй Ирыстоны истори, ирон фæллойгæнджыты, Цхинвалы рагондæр уынгтæ, нæ адæмы рыст æмæ трагеди, ирон хæххон хъæу, Ирыстоны алæмæтон æрдз æмæ хорз фидæнмæ тырнындзинад, нæ хæдбардзинад нын чи банымадта, уыцы хъомысджын бæстæтæй сæ иу – Уæрæсеимæ сабыр арвы бын цæргæйæ, ног цард аразыны фæндæгтыл ныллæууын, зыны се сфæлдыстады тематикæйы. Нывтæ се ‘ппæт дæр уыдысты цымыдисон, адæймаджы зæрдæ-иу дзы бацагайдтой ахæмтæ куыд: «Долгожданная надежда» (автор Æлборты Æ). «Тяжелые годы» (автор Бежанты В.), «Цхинвал, 8 августа 2008г» (автор Сабанты А.), «Сладкий сон» (автор Цхуырбаты Т.) æмæ æн-дæртæ.

Бæрæгбонон равдыстмæ цыдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, уы-донимæ экспозицийæн аргъгæнæг уы-дысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæрълæууæг  Битарты Вячеслав.

Бæрæгбонон мадзал байгом кодта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан.

«Абон махæн у стыр бæрæгбон. Нæ республикæйы æмбæстæгтæ иууылдæр цин кæнынц ацы боныл. Абон мах бакодтам равдыст æмæ нæ фæнды, цæмæй нæ циндзинад адих кæнæм уе ‘ппæтимæ дæр. Хуссар Ирыстоны нывгæнджытæ сæ аивад нывонд кæнынц ацы диссаджы бæрæгбонæн, нæ фыдæлтæ бирæ азты дæргъы цæмæ бæллыдысты, ууыл мах кæй цин кæнæм, бæрæгбонæн кæй ис стыр аргъ. Равдысты хайад исынц 20 ныв-гæнæджы бæрц æмæ абон уыдзыстут аргъгæнæг сæ куыстытæн, кæцытæн сæ фылдæр хай сты ног», – загъта Цхуырбаты Тамерлан. Уый ма йæ раныхасы банысан кодта, афæдзæй афæдзмæ æдзухон æххуыс кæй исынц хицауадæй æмæ уый сæ куыстæн ахъаз кæй у.

«Зынаргъ æмбæстæгтæ, уазджытæ! Абон мах æрбамбырд стæм Уæрæсейы къухдариуæгады политикон фæндондзинады ирд æвдисæнæй чи баззад, уыцы 26-æм августы бæрæгбоны цытæн. Уый у диссаджы бæрæгбон. Уый у Уæрæсейы Федераци йæхиуæтты афтæ кæй нæ ныууадзы, уыцы факт. Афтæ ма Хуссар Ирыстоны адæмы цæгъдынмæ кæй хъавыдысты æмæ кæй аирвæзтысты, уыцы факт дæр. Уыдон бæрзонд ныхæстæ не сты, фæлæ реалондзинад. Мæн фидарæй уырны нæ республикæ сæдæгай азты дæргъы размæ кæй цæудзæнис æмæ адæмы фæндондзинад Уæрæсейы скондмæ бацæуыны    хъуыддаг дæр кæй сæххæст уыдзæнис. Уый æрцæудзæнис æнæмæнг», – загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли.

Уый йæ раныхасы стыр аргъ скодта хуссарирыстойнаг нывгæнджыты куыстытæн æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ. «Кæд абон къуындæг уавæртæ ис нæ нывгæнджытæн æмæ сын сæ равдыстытæн зал дæр нæй, уæддæр республикæйы къахдзæфты руаджы Уæрæсейы æххуысимæ, мах уыцы цухдзинæдтæ баххæст кæндзыстæм æмæ сын æнæмæнгæй уыдзæнис сæхи равдыстон зал. Фæнды мæ раарфæ кæнын сымахæн уе ‘ппæтæн дæр. Уырны мæ, фидæны сымахæн размæцыд кæй уыдзæнис æмæ бæрзонд æмвæзадыл арæзт фæзуæтты, куыд Уæрæсейы, афтæ æппæт дунейы дæр æвæрд кæй цæудзысты уæ диссаджы нывтæ. Абон нæ нывгæнджыты бирæ куыстытæ сты хисæрмагонд коллекциты. Зæгъын ма мæ фæнды уый æмæ дыууæ Ирыстоны нывгæнджыты минæвæрттæ дæр хайад кæй истой Европæйы бæстæты уагъдцæуæг егъау равдыстыты, уыцы нымæцы Бельги, Голланди, Герман æмæ Францы. Мах уыцы фæдыздæхты куыстытæ дарддæр дæр кæндзыстæм. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнын уый æмæ ивгъуыд аз Битарты Вячеслав йæхæдæг сæрмагондæй финансон æххуыс кæй бакодта ирон нывгæнджытæн Европæйы уагъдцæуæг нывгæнджыты равдысты хайад райсыны хъуыддаджы. Йæ фæрцы нын базыдтой нæ нывгæнджыты, нæ аивадæн нын аргъгæнджытæ уыдысты дунейы æппæт бæстæтæ æмæ йын зæгъын стыр бузныджы ныхæстæ. Фæнды мæ цæмæй дарддæр дæр æмбæлон æмвæзадыл аргъ кæной нæ нывгæнджытæн æмæ профессионалон æгъдауæй цæуой размæ. Нæ адæмæн та мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй кæддæриддæр сæрбæрзондæй нысан кæной 26-æм августы стыр бæрæгбон. Бузныг Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн ацы бæрæгбоны тыххæй дæр æмæ ма нæ республикæйы размæцыды хъуыддагæн цы къахдзæфтæ аразы, уыдон тыххæй дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Равдысты ма раныхас кодта мадзалы уазджытæй сæ иу – Уæрæсейы Федерацийы нывгæнджыты цæдисы уæнг, скульптор Светлана Серебрякова, кæцы хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдысты рахуыдта тынг цымыдисон æмæ банысан кодта, зæгъгæ, аивад у ахæм идеологион хæцæнгарз æмæ йæ кæй хъæуы парахат кæнын æмæ хæссын æгас дунейыл. «Куыд Ленинград, афтæ Цхинвал дæр бафæрæзта знаджы хæстон архайдтытæн æмæ куыд хъайтартæ, афтæ фидарæй слæууыдысты сæ райгуырæн зæххы сæрыл æмæ йæ бахъахъхъæдтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фæндæгтыл рацæуæг адæмæн æнцон нæ уыд, фæлæ абон сымах стут хæдбар паддзахад, Стыр Уæрæсе ис уæ фарсмæ», – загъта Светлана Серебрякова.

Нывгæнджыты цæдисы сæрдар ма куыд банысан кодта, афтæмæй ацы равдыст уагъд цæудзæнис иу мæйы бæрц, 20 сентябрмæ. Уæдмæ та бæрæгбонмæ фæнд кæнынц æндæр куыстыты равдыст бакæнын.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.