Ацы аз дæр та Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты цы уынгтæ арæзт цæуынц, уыдоны куыстытæ сты сæ тæмæны. Уый у æхсызгон цау, уымæн æмæ азæй азмæ нæ горæт кæны рæсугъддæр, йæ цæрджыты цард та æнцонвадатдæр.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй куыст кæуыл цæуы, уыдонæй сæ иу у Сабаны фырты уынг. Уымæн йæ дæргъ у-140,6 метры. Сæйраг фæндаджы фæзуат æдæппæт у 843,6 квадратон метры æмæ йæ тротуарты фæзуат та у 174 квадратон метры бæрц. Куыд иннæ арæзтцæуæг уынгты, афтæ ам дæр арæзтадон куыстытæм фыццаг æрывнæлдта Водоканал. Коммуникацион хæххытæ дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн æмæ раивтой доны хæтæлтæ. Уыцы куыстытæ уыдысты 1 356,15 мин сомы аргъ. Канализацион хæххытæ ивыны фæдыл куыстытæ та баконд æрцыдысты 3 465,29 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæ бакæныны тыххæй та рахицæн æрцыд 3 632,87 мин сомы.Фæндаджы хæрзарæзтад æдæппæт у 4 297, 79 мин сомы аргъ. Зæгъæн ис æмæ зæххы бын коммуникацион куыстытæ ацы уынгыл кæронмæ бахæццæ сты. Баиу кодтой хæдзæрттæм доны, канализацийы хæххытæ æмæ цæрджытæ не ‘ййафынц доны хъуагдзинад. Æппæт куыстытæ дæр бакодта Водоканал. Ныртæккæ ацы уынгыл цæуынц газуадзæн куыстытæ. Газуадзæн куыстытæ æххæст кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс».

Уынджы арæзтадыл кусынц 3 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй.

* * *

Ацы аз сæххæст уыдзæнис Сланы фырты уынджы цæрджыты бæллиц дæр, уымæн æмæ дзуапп нал лæвæрдта сæ домæнтæн. Ныр ацы аз ам дæр уалдзæджы æрбалæудимæ кусджытæ æрывнæлдтой сæ арæзтадмæ. Уынгæн йæ дæргъ у 185,7 метры. Сæйраг фæндаджы фæзуат у 1 114,2 квадратон метры бæрц. Тротуары фæзуат та – 426,5 квадратон метры бæрц. Дондзæуæн къанауы дæргъ та -185 метры. Æдæппæт уынджы хæрзарæзтадæн рахицæн æрцыд 9 387,03 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн -1 246,95 мин сомы, канализацион хæххытæн 3 248, 35  мин сомы æмæ газ уадзынæн та – 3 623,13мин сомы. Газуадзæн куыстытæ сæххæст кодта Энергоресурс  æмæ донуадзæн куыстытæ та – Водоканал.  Ныртæккæ ам кæнынц фæндаг асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Ласынц æм лыстæг хуыр æмæ йæ лæгъз кæнынц. Æдæппæт дзы кусынц 6 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы. Тротуарыл æвæрынц тротуарон плиткæ. Ацы куыстытæ æххæст кæны Дорэкспострой.

***

Арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Къозоны фырты уынджы дæр. Фæндаджы дæргъ у 368,15 метры бæрц. Сæйраг фæндаджы фæзуат та – 4 779,8 квадратон метры. Тротуары арæзтады фæзуат – 2 069 квадратон метры. Цъæхдарæнтæ кæм сагъд цæудзысты, уый фæзуат та æххæссы 704 квадратон метрмæ. Уынджы æппæт куыстыты аргъ у 27 936,71 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн дзы рахицæн æрцыд 3 607, 37 мин сомы, канализацион хæххытæ уадзынæн та – 4 503,39 мин сомы. Ныртæккæ ацы уынджы цæуынц фæндаг асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Куыст цæуы тротуартыл плиткæ сæвæрынмæ бацæттæ кæныныл дæр. Уынджы арæзтадыл кусынц 6 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы. Хæрзарæзтадон куыстытæ æххæст кæны Дорэкспострой.

* **

Тындзынц кусджытæ сæ куыстæгтыл Хъуылайы фырты уынджы дæр. Архайынц, цалынмæ сын боныгъæдтæ сæ къух амонынц, уæдмæ æппæт куыстытæ дæр рæстæгыл бакæныныл. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергейы ныхæстæм гæсгæ ам дæр куыст цæуы инженерон хызæгтæ баивыныл. Уынгæн йæ дæргъ у 357 96 метры. Йæ фæзуат – 25 21 квадратон метры. Цæрæн хæдзæртты кæртыты   фæзуат у 1131 квадратон метры æмæ дондзæуæн къанауы дæргь та – 744 метры. Æдæппæт уынджы хæрзарæзтады аргъ у 33 166,68 мин сомы. Донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 3 345,65 мин сомы, канализацион хæххытæ баивынæн 3 705,20 мин сомы æмæ газуадзæн куыстытæ бауадзынæн та – 4 657, 13 мин сомы. Ныртæккæ ам куыст цæуы канализаци æмæ доны хызæгтæ абоненттæм баиу кæныныл. Уыцы иурæстæджы ам куыстытæ æххæст цæуынц газы хæтæлтæ баивыныл дæр. Ацы уынджы арæзтадыл ныртæккæ кусынц æртæ адæймаджы æмæ техникæйы 1 иуæджы.

***

Ирæтты уынджы фæзилæн рагæй фæстæмæ дæр æдзæллаг уавæры уыд æмæ тынг тыхстысты йæ цæрджытæ, уæлдайдæр та къæвда бонты, азмæлæнтæ иу дзы нал уыд, афтæ ныдздзыхъхъытæ-ныкъуыппытæ ис. Цæрджытæ кæд алы инстанцитæм хъаст кодтой, уæддæр сæ хъастæй ницы цыд. Ныр ацы аз сæххæст уыдоны стыр бæллиц дæр. Æрывнæлдтой йæм аразынмæ æмæ цæрджыты цинæн кæрон нæй. Ацы объектæн йæ дæргъ у 117,51 метры, рахисфарсы æрдыгæй бацæуæн – 56,752 метры. Асфальт кæнинаг фæзуат у 851 квадратон метры. Ныридæгæн ам æххæст æрцыдысты газуадзæн куыстытæ æмæ æвæрд цæуынц газнымайæнтæ. Газуадзæн куыстытæ æххæст кæны Энергоресурс. Фæндагыл дæр калд цæуы лыстæг хуырдур, лæгъз æй кæнынц, нæмынц æй æмæ йыл стæй сæвæрдзысты асфальты фыццаг цъар. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй, кусынц дзы 7 адæймаджы æмæ техникæйы 4 иуæджы. Хæрзарæзтадон куыстытæ æххæст кæны Дорэкспострой.

Уынджы арæзтады аргъ æдæппæт у 2 957,88 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæн та рахицæн æрцыд 1223,95 мин сомы.

***

Гæззаты Валерийы уынгыл баконд æрцыдысты æппæт коммуникацион куыстытæ дæр. Фæндаг цæттæ у асфальты фыццаг уæлцъар ыл сæвæрынмæ. Йæ хæрзарæзтадæн рахицæн æрцыд 4 493,74 мин сомы. Уыцы нымæцы Донуадзæн куыстытæн – 995, 75 мин сомы æмæ канализацион хæххытæн та – 1 529,62 мин сомы.

***

Санахъойы фырты уынгыл кусджытæ дæр архайынц сæ куыст нысангонд æмгъуыдмæ бакæныныл. Райсомæй раджы æрлæууынц сæ куысты уæлхъус æмæ изæрмилтæм вæййынц сæ куысты уæлхъус. Фæндагæн йæ дæргъ у 270,6 метры, йæ фæзуат та 1725,8 квадратон метры. Цæрæн хæдзæртты кæртыты фæзуат – 294,1 квадратон метры, тротуарты фæзуат – 891 квадратон метры æмæ газоны фæзуат та 403 квадратон метры. Ам æххæст æрцыдысты æппæт коммуникацион куыстытæ дæр. Ныртæккæ куыст цæуы газуадзæн æмæ йæ абоненттæм баиу кæныны куыстытыл. Куыст цæуы уынг æмæ тротуартæ асфальтмæ бацæттæ кæныныл дæр. Йæ арæзтадыл кусынц 4 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы. Фæндаджы хæрзарæзтады аргъ у 9 215,96 мин сомы аргъ. Донуадзæн куыстыты аргъ -1 429,28 мин сомы, канализацион хæххытæ аразынæн рахицæн æрцыд 2 176, 26 мин сомы æмæ газуадзæн куыстытæн та – 2 081,13 мин сомы.

***

Цоцийы фырты уынджы фæзилæны æххæст æрцыдысты бакæнинаг куыстытæ иууылдæр æмæ цæттæ у асфальты фыццаг уæлцъар сæвæрынмæ. Фæндагæн йæ дæргъ у 109,9 метры. Асфальткæнинаг фæзуат – 607 квадратон метры, цæрæн хæдзæртты алыварс территориты фæзуат 44,8 квадратон метры, тротуары фæзуат та 232,4 квадратон метры. Уынджы хæрзарæзтадæн æдæппæт рахицæн  æрцыд 2 977, 59 мин сомы, газуадзынæн – 698,85 мин сомы.

***

Вокзалгæрон фæзуаты куыстыты иумæйаг гуырахст у 19 307 квадратон метры, асфальт-кæнинаг куыстыты фæзуат у 17,127 квадратон метры æмæ тротуарты фæзуат та -2 180 квадратон метры. Иуæйагæй фæзуаты хæрзарæзтадæн рахицæн æрцыд 35 734, 48 мин сомы. Ам кусынц 6 адæймаджы æмæ техникæйы 4 иуæджы.

***

Куыстытæ æххæст цæуынц Ирæтты уынджы 131-æм хæдзармæ фæзилæны дæр. Фæндаджы дæргъ у 476, 65 метры. Асфальт æвæрд кæуыл æрцæудзæн, уыцы хай у 3 790 квадратон метры æмæ тротуары фæзуат та – 300 квадратон метры. Донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 5 456, 88 мин сомы, канализацион хæххытæн – 8 056,85  мин сомы, газуадзæн куыстытæн – 1 898,48 мин сомы, фæндаг схæрзарæзт кæнынæн – 12 792,55 мин сомы. Ам баконд æрцыдысты æппæт коммуникацион куыстытæ дæр. Куыстытæ цæуынц газуадзыныл, абоненттæм сæ баиу кæныныл, æвæрд цæуынц газнымайæнтæ.

Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй æппæт уынгтыл дæр куыст цæуы сфидаргонд графикмæ гæсгæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ  арæзтцæуæг уынгтæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты рæстæгыл, банысангонд æмгъуыдтæм.

     БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.