Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы президент В. В. Путины бардзырдмæ гæсгæ, ацы аз 1-æм апрелæй, æххуысхъуаг сывæллæттæн фæцæрыны минимум кæмæн нæ фаг кæна, уыцы бинонты сывæллæттæн хъуамæ райдайой фидын социалон бафыстытæ.

Хуссарирыстойнæгтæн сæ фылдæр сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ æмæ уыдонæн дæр ис бар ацы закъонæй спайда кæнын. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы фарстатæ ам нæхимæ скъуыддзаг нæ цæуынц. Алкæмæн Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ’хсæн рацу-бацу кæныны фадат нæй. Уыимæ ма пенсион фонды рæзтмæ нæ бамбарын кæнынц хъæуæг гæххæттыты номхыгъд.

«Хицауад цæмæн зивæг кæны мах хæрзиуæгæн фарстытыл бакусынмæ? Цæмæннæ ис гæнæн, æмæ нæхи социалон лæггæдты фонды сбадын кæной иу адæймаджы æмæ мах уымæ хæссæм нæ гæххæттытæ. Раст нын дзы цы нæ вæййы, уый нын æмбарын дæр нæ бакæнынц, афтæмæй фыдæбæттæ кæнæм. Уый хыгъд фæзынд нæ горæты цалдæр адæймаджы, кæцытæ æхцайыл цæттæ сты гæххæттыл бакусын æмæ сæ интернет ресурсы руаджы „Госуслуги“-мæ баппарын. Уый хуызæн лæггæдтыл æркурынц 20-30 мин сомы иу сывæллонæй», — зæгъы Джиоты Элинæ.

Ахæм фарстаимæ мах дæр бацыдыстæм Социалон фонды кусджытæм. Фæлæ… дзуапп нæ райстам.

Закъон лæмбынæгдæр сахуыр кæнын хъæуы, социалон фиддонтæ кæцы ныййарджытæм æмбæлы, уыдоны. Социалон хайады кусджытæ бынтон ницæй тыххæй дæр раздахынц, ныййарджытæ сæм цы гæххæттытæ бадæттынц, уыдон.

Лæмбынæгдæр уын радзурæм, закъонæн цы тых ис, ууыл. Сывæллæттæн æнæмæнгхъæуæг продуктты минималон аргъ алы регионы дæр у хицæн æмæ хицæн. Уымæ гæсгæ иуæй-иу регионты фæфылдæр сты 50-70, иннæты та 100 процентæй. Ам ма хъусдард цæуы, бинонтæм мæйы мидæг цы æфтиæгтæ цæуы, уымæ дæр. УФ-йы президент уыцы ныстуан куы сарæзта адæммæ, уæдæй нырмæ алы регионы социалон хайадты кусджытæ дæр бакуыстой уагæвæрдыл. Уыцы куыстытæ цæуынц нырма дæр. Уыдонæй иу категори у инвалид сывæллæттæ кæмæн ис, ахæмтæ. Кæнод та райгуырдæй 1-аг къорды инвалид чи у. Ног закъоны ис ахæм пункт дæр: кæд æмæ ныййарджытæ карджын сты, уæд сывæллоны æфтиæгтæм бафтдзæн 100%.

Фæлæ, кæд бинонтæ сты куыстхъом, кæнæ кæнынц амалиуæджы куыст, уæд та сæм бафтдзæнис 50%. Бинонтæм цы æфтиæгтæ хауы мæйы мидæг, уыдон цы регионы цæрынц, уый фæцæрыны бæрцæй къаддæр куы уа, афтæмæй дын гыццыл сывæллæттæ куы уа, уæддæр дæм æмбæлы уæлæмхас социалон æххуыс. Ныййарджытæм афæдзы дæргъы кæд ницы æфтиаг цыд, уæд ацы уæлæмхас бафыст уыдзæн 100%. Æрмæст бæрæг цæудзæнис, цæй тыххæй уыдысты æгуыст æмæ сæм æфтиаг цæмæннæ цыд. Уый тыххæй та бавдисын хъæудзæнис гæххæттытæ. Кæд æмæ адæймагæй йæхицæй аразгæ чи нæу, ахæм аххосаг — зæгъæм, бирæсывæллонджын ныййарджытæй сæ иу уыд сывæллæттæм кæсæг, кæнæ иунæгæй сывæллон кæй хæссы, уымæ гæсгæ ныййарæг куыстхъом нæу, кæнæ сывæллоны райгуырды рæстæджы ныййарæг уыд студент (æрмæст ыл 23 азæй фылдæр хъуамæ ма цæуа, стæй фæсаууонмæ ахуыр дæр нымады нæ цæуы). Ныййарджытæй иу æрæздæхт æфсадæй æмæ уæдæй нырмæ æртæ мæйы нæма рацыд, кæнæ ныййарджытæй иу æртæ мæйæ фылдæр хос кодта, æгуыст кæй у ныййарæг, уый тыххæй регистрацигонд разынд куыст ифтонггæнæн центры, ныййарæг уыд ахст æмæ кæй ссæрибар, уымæй æртæ мæйы нæма рацыд æмæ а. д. Ацы ранымадмæ гæсгæ ныййарджытæ кæд æмæ æгуыст уыдысты, уæд сын бафиддзысты уæлæмхас социалон бафыстытæ. Уымæй дарддæр ма бинонтæ исбоны хицау куы уой, зæгъæм, цалдæр фатеры сæм куы уа æмæ афтæмæй иу адæймагмæ 24 квадратон метрæй фылдæр куы хауа, уæд сæм уæлæмхас бафыст не ’мбæлдзæн (нымад нæ цæудзæн, социалон æххуысы хуызы бинонтæн цы фатер радтой, уый).

Уазæгты Марфæ