Куыд зонæм, афтæмæй раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы территорийыл арæзт цæуы дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары. Ацы  хæдзæрттæ хауынц, 2020 азæй чи рахызт æмæ Инвестицион программæмæ гæсгæ чи рæзы, уыцы объекттæм. Аразы сæ арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг». Хæдзæрттæй сæ иу ныридæгæн цæттæ у. Цæрынæн дзы уыдзæн æппæт фадæттæ дæр. Йæ фарсмæ арæзт цы хæдзар цæуы, уый дæр практикон æгъдауæй арæзт фæцис. Ныртæккæ уым бирæ кусджытæ нæ архайы, фæлæ арæзтады хистæр куыд зæгъы, афтæмæй уыдон фаг сты мидæггагон куыстытæ кæнынæн. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ кусджытæ иу уысм дæр æгуыст кæй нæ вæййынц, æгæрыстæмæй, Ног азы улæфтыты дæр кусгæ кодтой. Ныртæккæ та куыст цæуы хъармгæнæн системæ монтаж кæныныл. Хæрзарæзт æрцæудзæнис йæ кæрт дæр æмæ  уый дæр цæттæ уыдзæн май-июны мæйтæм. «Æддаг бакастæй афтæ зыны, цыма хæдзары арæзтадыл куыст нæ цæуы. Фæлæ арæзтадон куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Сæрдмæ канд фатертæ нæ уыдзысты цæттæ, фæлæ ма йæ алфæмблай территори дæр. Ацы хæдзæртты кæрты уыдзæн хæрзарæзт улæфæн бынат: сабитæ сæхи кæм ирхæфсой, фæсивæдæн спортивон фæзуат æмæ ацæргæ адæмæн та æрулæфынæн фæхсбандæттæ. Арæзт ма дзы æрцæудзæн машинæтæн лæууæн бынат дæр.  Хæдзæрттæ сæ дыууæ дæр сейсмикон цæстæнгасæй сты фидар арæзт, сæ бон у бауромын зæххæнкъуысты рæстæджы 8 баллы», – зæгъы фадыджы хистæр Черчемты Александр.

Дыууæ цæрæн хæдзары æдæппæт ис 150 фатеры. Уыдонæй 50 сты æртæхатæнон, 50 – дыууæхатæнон, иннæтæ та – иухатæнонтæ. Хæдзæртты планировкæ у иттæг хорз. Ацы фирмæ ма ахæм хæдзæрттæ сарæзта ЦАРЗ-ы микрорайоны дæр. Уым ныр цæрынц, уыдон адæм æмæ иттæг райгонд сты сæ фатертæй. Уырдæм цæрынмæ ацæуын, ома, дам, дæрддзæф у горæтмæ. Фæлæ уырдæм арæзт æрцыд асфальт фæндаг. Хæдзæрттæ кæм сырæзтысты, уымæ хæстæг цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны кæртытæ дæр æрцыдысты асфальт.

Цалдæр азы размæ республикæйы разамынады инициативæмæ гæсгæ Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, раздæры профтехахуыргæнæндонæн цы æмдзæрæндон уыд, уый бынаты дæр сырæзт фондзуæладзыгон хæдзар. Уый дæр ныр цæттæ у æмæ æнхъæлмæ кæсы, кæд æм æрбалидздзысты цæрджытæ. Ацы районы ма ацы аз сырæздзæнис сабитæн рæвдауæндон дæр. Уым ивгъуыд аз бакодтой сыгъдæггæнæн куыстытæ, ацы аз куыддæр боныгъæдтæ фæхуыздæр уой, афтæ та йын ныккалдзысты бындур. Ацы хæдзары арæзтад раздæр нысан цыдис нæ горæты Гаглойты Владимиры уынджы. Фæлæ Президент Бибылты Анатолийы фæндмæ гæсгæ уый рахаст æрцыд Гуыбаты æфсымæрты уынгмæ. Цæмæй, зæгъгæ, рæза æмæ рæсугъддæр кæна ацы микрорайон дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.