Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы æххуысæй РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты, нæ паддзахады алы æмæ алы арæзтадон фирмæты руаджы, дарддæр кæнынц нæ республикæйы арæзтадон, æндидзынгæнæн куыстытæ. Уый у нæ Райгуырæн бæстæйы размæцыды  бæрæггæнæнты сæйрагдæртæй сæ иу æмæ у ахсджиаг фарст.

2020-2022 азтæн ацы проекты фæлгæтты реконструкци цæуынц ноджы дыууæ уынджы. Уыдонæй сæ иу, Едысы уынджы арæзтадыл кусы генподрядон организаци «Дорэкспострой»-йы прораб Æлборты Джемалы  арæзтадон бригадæ. Уый куыд зæгъы, афтæмæй уынджы арæзтадмæ æрæвнæлдтой ацы аз, июны мæй райдианы. Сæйраджыдæр уал ам сæ куыст бакодтой Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы кусджытæ. Раивтой, æрдæг æнусæй фылдæры бæрц кæуыл цыд æмæ æдзæллаг уавæрмæ чи æрхауд, уыцы доны æмæ канализацион хæтæлтæ. Уый фæстæ æрæвнæлдтой уынджы арæзтады райдайæн  куыстытæм. Фыццаджыдæр уал раивтой рухсы цæджындзтæ æмæ  Энергоресурсы кусджытæ дæр бакодтой сæ куыст,  ауагътой телтæ, баиу кодтой æхсæвыгон фонартæ. Æлборыфырт куыд зæгъы, афтæмæй хъуыд уынджы уæлцъар бынмæ, дыууæ метрæй фылдæры бæрц ныиисын, ногæй йыл хуыр ныккалын æмæ йæ  сраст кæнын.

«Уынджы арæзтадмæ бавнæлдтам июны мæйы æмæ сметæйон проектмæ гæсгæ, хъуамæ фæуыдаиккам октябры мæйы. Фæлæ проекты нывæзты разынд, бынаты уавæрмæ гæсгæ раст чи нæ уыд, ахæм згъуыдтæ. Уыдон аиуварс кæнын æмæ сæ сраст кæныныл ацыд рæстæг». Ныртæккæ уынджы трассæйон хайыл æвæрд æрцыд асфальты иу цъар, тротуартыл бакодтой дурастæрд сæвæрыны агъоммæйы куыстытæ. «Уынджы иу фарс тротуарæн йæ фылдæр хайыл æвæрд æрцыд дурастæрд дæр, фæлæ нын аразæн æрмæг кæй нал уыд, уый тыххæй уал рæстæгмæ нæ куыст æрурæдтам. Ныртæккæ нын Ереды плиткæаразæн завод цæттæ кæны дурастæрд æмæ ацы бонты æрæвналдзыстæм нæ куыст адарддæр кæнынмæ», – загъта Æлборты Джемал.

Сметæйон проектмæ гæсгæ Едысы уынгæн йæ дæргъ у 350 метрæй фылдæр, йæ фæтæн та æдæппæт 11 метры. Уымæй 7 метры у машинæтæ цæуынæн æмæ 3- 4 метры та йæ фæйнæфарс тротуартæ. Иуæй-иу хæдзæртты раз тротуартæ æрбанарæгдæр сты, хæдзæртты равæрд куыд домдта, уымæ гæсгæ.

Æлборты Джемал куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ се ‘нхъæлмæкаст у заводы арæзтадон æрмæгмæ. «Кæд нæ боныгъæдтæ нæ бахъыг дарой, уæд  уынджы арæзтад кæрон-мæ бахæццæ уыдзæн къуырийы æмгъуыдмæ», – загъта прораб.

Ацы уынджы цæрджытæ бирæазты дæргъы æнхъæлмæ кастысты уынджы арæзтадмæ. Хастой  сæ хъаст алы æмæ алы инстанцитæм, фæлæ сын сæ фарстмæ æрдæг æнусæй фылдæр йæ хъус ничи дардта æмæ æййæфтой зындзинæд-тæ.

«Æввахс уынты канализацийы чъизи дон-иу ракалд  нæ сыхмæ æмæ-иу ам сæвзæрд,ахизæнтæ кæм нал уыд, ахæм цæдтæ. Афтæ фыдæбон кодтам бирæ азты дæргъы. Æвзæр уавæры уыдысты нæхи уынджы канализацийы хæтæлтæ дæр æмæ-иу куы кæм стыдта дон, куы – кæм. Уæлдай зæгъын ницы хъæуы, канализацийы дон уынджы кæрæй кæронмæ куы лæдæрса, уæд уым сæвзæргæ уавæры тыххæй»,- зæгъынц Едысы уынджы цæрджытæ.

Ахæм æмвæзадыл ис нæ горæты 4-æм æфсæддон базæйæ БАМ-ы микрорайонмæ цы ног фæндаг арæзт цæуы, уый дæр. Ацы фæндаг уыдзæн горæты 8-æм июны уынджы фæндаджы уæлæмхас фæндаг. Арæзтады прораб Пухаты Къоста куыд загъта, афтæмæ фæндаджы дæргъ у 600 метры, йæ фæтæн та 7 метры. Йæ иуфарсæрдыгæй арæзт æрцыд дондзæуæн æмæ иннæрдыгæй та къахвæндаг, тротуар. «Фæндаджы арæзтад райдыдтам июны мæйы. Куыстыты рæстæджы ницы проблеммæтыл æмбæлдыстæм, фаг нын уыдис хъæугæ техникæ æмæ арæзтадон æрмæг дæр. Фæлæ чысыл згъуыдты аххосæй, кæм – боныгъæдтæ, кæм та æндæр чысыл аххосæгтæм гæсгæ, куыстытæ чысыл ахызтысты проектон æмгъуыдæй», – загъта Пухайыфырт.

Уый куыд загъта, афтæмæй ам дæр тротуартыл æвæрд хъуамæ æрцæуа дурастæрд æмæ сæ каст у заводæй æрмæг райсынмæ.

«Куыддæр нæ къухты бафта арæзтадон æрмæг, афтæ нæ куыстытæ фæуыдзысты æппæты фылдæр, къуырийы æмгъуыдмæ»,- загъта прораб.

Ныртæккæ уал ам дæр æвæрд æрцыд асфальты иу уæлцъар æмæ тагъд рæстæджы уый дæр лæвæрд æрцæудзæнис эксплуатацимæ.

ХУЫГАТЫ Миленæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.