Фæстаг азты нæ республикæйы хицæн æмæ хицæн рæтты фæзындысты, кæсаг кæм дарынц, ахæм бынæттæ. Ацы ногдзинад у пайдайы хъуыддаг æмæ цасдæрбæрцæй æххæст кæны цæрджыты домæнтæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй нæ цæугæдæттæ хъæздыг сты æндæр æмæ æндæр хуыз кæсæгтæй. Фæлæ дзы уæлдай арæхдæр æмбæлæм хъулон кæсаг кæй хонæм, ууыл. Нæ цæрджыты æхсæн бирæ уыдис æмæ абон дæр ис цæугæдæтты сæ æнгуырæй чи ахсынц ахæм кæсагахсджытæ, фæлæ ныр фадат ис сæрмагонд арæзт цæдты сæ дарынæн æмæ сæ цæрджытæн реализаци кæнынæн.

Ацы куыст райтынг кæнын кæй фæнды, уыдонæн æххуыс цæуы нæ республикæйы разамынады ‘рдыгæй дæр. Æххуыс сын цæуы кредиты хуызы æхцайы фæрæзтæй.

Кæсагдард хæрзиуæгон æмæ пайдайы хъуыддаг кæй у, уый хорз æмбæрста Дзауы районы Кæсаджджыны хъæуы цæрæг Гæджиты Леонид дæр. Сæ хъæуы фæрсты цы цæугæдон ис, уым бирæ ис хъулон кæсаг æмæ дзы цæрджытæ цух нæ уыдысты. Ахстой æмæ дзы хордтой, йæ пайдайы миниуджытæ йын зонгæйæ.

Рагæй зындгонд у æндæр кæсæгты æхсæн хъулон кæсаг. Медицинæйы бæлвырд у, уый уæлдай пайда кæй у адæймаджы æнæниздзинадæн. Йæ дзидзайы сконды бирæ ис урсæгтæ, кæцытæ сты æнцон тайæн. Афтæ ма дзы тынг бирæ ис аминокислоттæ æмæ уымæй бæлвырд цæуынц йæ пайдайы миниуджытæ. Ацы кæсаджы дзидза уæлдай тынгдæр амонынц анемия, зæрдæ-дадзинты низтæй рынчынтæн. Бирæ алыгъуызон витаминтæ дзы кæй ис, уымæ гæсгæ пайда у алы адæймагæн дæр. Уый ма ахъаз кæны туджы æвзæр холестерин къаддæр кæнынæн, иуварс кæны атеросклероз фæзыныны тасдзинад. Ацы кæсаджы дзидза арæх хæргæйæ, къаддæр кæны онкологион низты фæзыныны тасдзинад. Æгæрыстæмæй æххуыс кæны депрессийы рæзт ма æруадзынæн. Æвæрццагæй æндавы нуæртты æмæ хæлцтайынгæнæн системæйыл, игæры куыст хуыздæр кæнынæн.

Хъулон кæсагæй хæлцы пайда кæнгæйæ, хуыздæр кæны зæрдæйы равг, ахъаз кæны фæллад сисынæн. Хъахъхъæны организмы алыгъуызон инфекцитæй. Цъускалорион кæй у, уымæ гæсгæ нымад цæуы хорз диетикон продуктыл, пайда у, йæхи чи мæллæг кæны, уыдонæн. Иууыл цъусдæр калоритæ вæййы доны фых æмæ тæвд тæфмæ æрцæттæгонд кæсаджы. Æндæр хуызæтты æрцæттæгонд хъулон кæсаг диетикон нал уыдзæн.

Ахæм пайда кæй у адæймаджы организмæн, уымæ гæсгæ Леонид бирæ нæ хъуыды кодта, – кæд ын фадат ис æндæр кæсæгты мыггаг рапарахат кæнынæн, уæддæр сфæнд кодта хъулон кæсаг райтынг кæнын æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта, кæд æй бирæ фыдæбæт-тæ бахъуыдис, уæддæр.Кæд кæсагдардмæ куыдфæндыйы ахаст нæ дардта, уæддæр йæхи бафæлвæрдта æндæр хъуыддæгты дæр.

Цалынмæ дуг нæ сæмтъеры, уæдмæ 9 азы бæрц куыста экономисты дæсныйады фæдыл. Фæлæ рæстæг куы сызмæст, уæд куыд нæ республикæйы иннæ цæрджытæ, афтæ Леонид дæр аззадис æгуыстæй. Хъуыд царды амæлттæ кæнын æмæ Гæджийы фырт Дзауы æрбакодта дуркуыстгæнæн куыстуат. Мæскуыйы уый бадзырдта, йæ продукци йын чи истаид, ахæм куыстуæттимæ. Балхæдта куыстуатæн цыдæриддæр хъуыдис уыдон, дурцъæлгæнæнтæ, 3 КРАЗ машинæйы, Урал машинæ, трактор, иудзырдæй цыдæриддæр æй кусынæн хъуыдис, уыдон,  фæлæ йын сæ адавтой, ныпаплой сты. Фæхъыг кодта Леонид æмæ йæ кæд нæ фæндыд, уæддæр Уæрæсемæ фæцыд æндæр куыстагур. Фæлæ дзы йæ зæрдæ æнцойад не ссардта æмæ 2003 азы фæстæмæ æрыздæхтис йæ райгуырæн хъæумæ. Йæ зæрдæ уæддæр æхсайдта кæсагдардмæ æмæ сарæзта сæхи хъæуы чысыл цæугæдоны цад. Доны-иу кæсæгтæ æрцахста æмæ-иу сæ уым ауагъта. Бæргæ йæ фæндыд се сбирæ кæнын, фæлæ уалдзæджы зæй рацыд æмæ йын сæ аласта. Уæд бирæ хъуыдытæ кодта Леонид æмæ сфæнд кодта æндæр ран, Дзауы комы, искæцы доны кæсагдард райтынг кæнын. Систа 8 донæй æмæ сæ анализтæ аразынмæ ахаста Цæгат Ирыстонмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй иууыл хуыздæр дон кæсагдардæн разынд сæхи хъæу Кæсаджджыны æмæ Гуфта-Къуайсайы фæндагыл, ныртæккæ кæм æрбынат кодта, уым. Сæхи хъæуы æгæр гыццыл дон кæй у, уымæ гæсгæ равзæрста ацы бынат. Цæмæй абон куыд у, ахæм уагмæ йæ æркодтаид, уый тыххæй йæ бирæ фыдæбæттæ бахъуыд, фæлæ фæтых æппæт зындзинæдтыл дæр, ныссаста сæ, æмæ чысылгай йæ къахыл слæууыд. Ахæм уагмæ йæ æркæныны тыххæй хъуыд æхцайы фæрæзтæ. Иу фембæлды рæстæджы Зассеты Феликсæн радзырдта йæ плæнтты тыххæй. Уый та ахæм адæймаг у æмæ искæйы змæлгæ, архайгæ куы фены адæмы пайдайæн, уæд ын тынг æхсызгон вæййы. Ныр дæр Леонидмæ куы байхъуыста, уæд ын бацамыдта, йæ хæдзарад куыд сфидар кæна закъонон æгъдауæй – уыдæттæ. Уæдмæ Леонид нæ зыдта уыцы хъуыддаджы сусæгдзинæдтæ, æмæ дзы æгæрон бузныгæй баззадис. Баххуыс ын кодта кредит райсыны тыххæй дæр. Радтой йын иу милуан сомы бæрц. Уыцы æхцайы фæрæзтæй уый сарæзта сæрмагонд кæсагæфснайæн ныккæнд, балхæдта Ставрополы уазалгæнæн, сæрмагонд кæсагæфснайæн вакумтæ. Уыдон та йæ уый тыххæй хъæуынц æмæ удæгас кæсагæй дарддæр ма уый фæнд кæны сцæхджын æй кæнын, стæй йæ ныллыгтæ æмæ фынгмæ æрхæссыны æввонг æркæнын. Ныр уал йе ‘нхъæлмæ каст у, цæмæй кæсæгтæ суой 3-5 килограмты уæзæн, уæд фыдджындæр вæййынц æмæ хуыздæр у сæ цæхджын кæнын дæр. Æнæуый сæ хæрзчысылæй æрласы Дзæуджыхъæуæй. Ауадзы сæ бассейны æмæ сæм уырдæм базилы, стæй куы фестыр вæййынц, уæд сæ ауæй кæны. Хæринаг дæр сын балхæны Цæгат Ирыстоны. Ныр та фæнд кæны йæ бассейнтæ ноджы фестырдæр кæнын.

Гæджиты Леонид куыд зæгъы, афтæмæй йæм Цæгат Ирыстонæй дæр æрцæуы æл-хæнджытæ. Уыдон куыд дзурынц, афтæмæй нæхи доны чи схъомыл вæййынц уыцы кæсæгтæн сæ дзидза вæййы бирæ хæрзаддæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.