Хуссар Ирыстоны сывӕллоны барты фӕдыл ӕххӕстбарджын Козаты Гульнарӕйы хъӕппӕрисӕй 11 январы горӕт Цхинвалы кафе «Фатимӕ»-мӕ хуынд ӕрцыдысты нӕ республикӕйы бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, цыран уагъд ӕрцыдис конкурс «Цардамонд сывӕллӕтты ис», зӕгъгӕ. Ардӕм фӕуазӕг сты бӕстӕйы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады бӕрнон кусджытӕ.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатоли зӕрдиагӕй раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕмӕ банысан кодта, ахӕм мадзӕлттӕн кӕй ис стыр нысаниуӕг.

«Фӕнды мӕ сымахӕн зӕгъын стыр бузныг ӕмӕ уын мӕ сӕрӕй ныллӕг кувын. Фӕдзӕхст мын ут кӕддӕриддӕр Стыр Хуыцауӕй ӕмӕ Мады Майрӕмӕй. Ӕрӕджы банысан кодтам Чырыстийы райгуырд ӕмӕ уымӕй дӕр фӕдзӕхст ут. Сымах стут цӕвиттон нӕ бӕстӕйы иннӕ бинонтӕн ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй уат зӕрдӕрухс. Бирӕ сывӕллӕттӕ дарын стыр бӕрндзинад у, фӕлӕ дзы сымах нӕ фӕтарстыстут. Уӕ кӕстӕртӕ рӕзӕд ӕнӕнизӕй ӕмӕ сыгъдӕг арвы бын, ӕмӕ сын ӕдзухдӕр уынут сӕ ӕнтыстытӕ. Ӕрмӕст сымах нӕ, фӕлӕ ма сӕ мах дӕр сӕрбӕрзонд цы уӕм, уыцы амонд нӕ уӕд», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый фӕстӕ Козаты Гульнарӕ адарддӕр кодта конкурсон мадзал, цыран рабӕрӕг сты фӕуӕлахизуӕвджытӕ. Развӕлгъау мадзалы къухдариуӕггӕнджытӕ сывӕллӕттӕн ныффыссын кодтой сочиненитӕ, кӕцыты фӕрцы ноджы ӕнгомдӕр базонгӕ сты ацы бинонты цардимӕ, ӕмахастытимӕ, зындзинӕдтимӕ, фӕндиӕгтимӕ. Ахӕм алыварсон информаци райсыны фӕстиуӕгӕн мадзалы организатортӕ сарӕзтой хатдзӕгтӕ ӕмӕ рабӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕрты.

Нӕ республикӕйы бирӕсывӕллонджын бинонтӕ, ома, цыппар сывӕллонӕй уӕлӕмӕ кӕм ис, уыдон сты 60-йӕ фылдӕр, фӕлӕ дзы, хъыгагӕн, 18 бинонтæ йеддӕмӕ не сразы сты ацы мадзалы хайад райсыныл. Уыдонӕй дӕр ӕбӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ Къобесты бинон-тӕ уыцы бон нал ӕрбацыдысты конкурсмӕ.

Аивгъуыйгӕ азы иууыл ӕнтыстджындӕр сывӕллӕттыл нымад ӕрцыдысты Кокойты Дианӕ ӕмӕ Цхуырбаты Арсен. Цытджын ӕгъдауӕй сын Бибылты Анатоли радта дипломтӕ ӕмӕ фӕйнӕ 10 мин сомы та ӕхца. Кокойты Дианӕйы кой арӕх вӕййы нӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты, уымӕн ӕмӕ у профессоналон спортсменкӕ гимнастикӕйӕ. Куыд ам бынаты, афтӕ ма нӕ республикӕйӕн ӕдде дӕр бирӕ ерысты ссис уӕлахисдзау ӕмӕ 2019 азы  та йӕ ӕнтыстджын архӕйдтыты фӕрцы бахаудта Цӕгат Ирыстон-Аланийы ӕмбырдгондмӕ гимнастикæйæ. Цхуырбаты Арсен та у профессионалон футболист ӕмӕ ныридӕгӕн хъазы Дзӕуджыхъӕуы футболон командӕйы. Уыимӕ ма ноджы кӕны ахуыр дӕр уӕлдӕр ахуыргӕнӕндоны ӕмӕ ацы мадзалмӕ ӕрцыд сӕрмагондӕй Дзӕуджыхъӕуӕй.

«Хуыздӕр мад»-ы номинацийы фыццаг бынат радтой Ӕлборты Людмилӕйӕн, «Хуыздӕр фыд»-ы номинацийы та – Быценты Олегӕн. Фӕуӕлахизуӕвджытӕ райстой Президенты къухтӕй дипломтӕ ӕмӕ фӕйнӕ 20 мин сомы та – ӕхца.  Ӕлборты Людмилӕйыл ацы хабар сӕмбӕлд ӕнӕнхъӕлӕджы ӕмӕ йӕ раныхасы стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта, мадзал чи бацӕттӕ кодта, уыдонӕн дӕр ӕмӕ Бибылты Анатолийӕн дӕр. «Ӕз куыд бирӕ сывӕллӕтты мад, афтӕ фидарӕй базыдтон, алкӕцы сывӕллон дӕр хӕдзары бинонтӕн кӕй у ныфс ӕмӕ тых. Нӕ Ирыстоны сывӕллӕттӕ цас фылдӕр уой, уыйас нын рӕсугъддӕр сомбон уыдзӕнис. Кӕд царды фарн хистӕртӕй цӕуы, уӕд царды дидинджытӕ та кӕстӕртӕ сты», – банысан кодта йӕ раныхасы Ӕлборты Людмилӕ.

Цхуырбаты бинонтӕ систы конкурсы номинаци «Хуыздӕр бинонтӕ»-йы уӕлахиздзаутӕ.  Ацы бинонты ис 9 сывӕллоны, – кӕстӕр нырма хӕрзчысыл у, хистӕр та – чындзыдзыд. Президент сын балӕвар кодта диплом, профессионалон нывисæны сертификат ӕмӕ 50 мин сомы та – ӕхца.

Бибылты Анатоли сӕрмагондӕй раарфӕ кодта Козаты Гульнарӕйӕн йӕ бакӕнгӕ куысты тыххӕй ӕмӕ фӕндон бахаста, цӕмӕй бирӕсывӕллонджын бинонтӕн хицауадӕй ӕххуыс цӕуа ӕхцайы фӕрӕзтӕй. Президенты хъуыдымӕ гӕсгӕ цыппар сывӕллонӕй фылдӕр кӕцы бинонты ис, уыдонӕн алы сывӕллонӕн дӕр ӕрвылмӕй фиддзысты фӕйнӕ 1 мин сомы, цалынмӕ йыл 18 азы нӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ. Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Козаты Гульнарӕйӕн бахӕс кодта, цӕмӕй цыбыр ӕмгъуыдмӕ банымайой уыцы сывӕллӕтты нымӕц ӕмӕ йӕм номхыгъд бавдисой.

Кæронбæттæны алкæцы бинонтæ дæр Президентæй райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Цалдæр ныййарæджы ма рацыдысты ныхасы æмæ арфæйы ныхæстæ загътой бæстæйы къухдариуæгадæн, ахæм хъусдард сæм кæй ис, уый фæдыл. Мадзалы рӕстӕджы ма ӕрӕмбырдуӕвджыты сӕ рӕсугъд зарджытӕй бахъӕлдзӕг кодтой Икъаты Ибрагим ӕмӕ ӕвзонг зарӕггӕнӕг Харебаты Мартӕ.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.