Æхсæвæй куы хицæн кæны бон æмæ дуне йæ дзадджын фынтæй цадæггай хъал кæнын куы райдайы, раст ма уыцы афоны дæр ирдæй тæмæнтæ фæкалынц арвы æгæрон тыгъдады иугай стъалытæ. Ссудзынц цавæрдæр кæлæнгæнæг рухсæй æмæ афтæ фæзыны, уыцы рухсæй райгуыры бон æмæ стъалытæ сæхæдæг дæр боны рухс арвы уæлæ фестынц.

Афтæ уыд Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы сценæйыл зынгæ кафæг Джиоты Феликсы фæзынд дæр. Æрттивгæ, сæууон стъалыйау ссыгъди йæ курдиат ирон кафты аивады арвыл, стæй уыцы арфæйаджы курдиат райсомы цæхæркалæг стъалыйы рухсау рарттывта ирон сценæйæ. Ацы бонты Феликсыл сæххæст ис 65 азы.

Уæдæ, цæй мидæг ис Джиоты Феликсы æнтыст ирон кафты аивады?

Фыццаджыдæр, йæ удыйас уарзы ирон кафт, ирон музыкæ. Уарзы сæ фанатикон уарзтæй. Æмæ, канд уарзгæ нæ, фæлæ йын радта йе ’ппæт цард, снывонд ын кодта йæхи æгасæй дæр.

Джиоты Феликс ма хæрзкъаннæг куы уыд, уæд фæбæрæг ис, æрдз æй кафæджы арфæйаг курдиатæй кæй фæхайджын кодта, уый. Уайтагъддæр фæбæрæг сты музыкæмæ, кафты аивадмæ йе ’взыгъд-дзинæдтæ. Зæгъæн ис æмæ Феликсæн кафт йæ чысылæй фæстæмæ ссис йе ’мбæлццон. Уый йын кæддæриддæр бæрзонд кодта йæ зæрдæйы равг, уый руаджы тых кодта æмæ саста æппæт зындзинæдтæ дæр. Кафт ын агайдта йæ цардуарзаг зæрдæйы, æнæ кафт ын цард ад нæ кодта æмæ Феликс кафыдис алыран дæр. Сæ хъæуы иу чындзæхсæв куы уыд, кæнæ æндæр бæрæгбонты дæр, уæд ын кæд хъазтмæ рахизын афон нæма уыдис, хæрзкъаннæг ма уыд, уæддæр-иу иннæ кафджытæм гæсгæ кафыдис йæ мидбынаты йæ бицъынæг скъуыдта кафæн фæзмæ.

Джиоты Феликс райгуырдис 1951 азы 11-æм апрелы Дзауы районы бæрзонд хæххон хъæу Синагуры. Йæ фыд Гиуæрги уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, куыста сæ хъæуы скъолайы ахуыргæнæгæй. Йæ мад Остъаты Верæ та аудыдта сæ хъæубæсты адæмы æнæниздзинадыл, куыста медицинон хойæ. Ныййарджыты зæрдиагæй фæндыд, цæмæй сæ фырт ахуыры фæндагыл ныллæуа, адæмæн дзы пайдайы лæг рауайа. Иухатт сæ йе ’фсымæримæ сæ мад æркодта горæтмæ. Аивадмæ куыд æмхиц у, уый хатгæйæ сæ бакодта «Симд»-ы концертмæ. Уæдмæ никуы федта ацы ансамблы архайд Феликс. Нымдзаст ис артистты кæлæнгæнæг кæфтытæм. Кæсы сæм æмæ йæ зæрдæ цины æнкъарæнтæй йæ риуы нал цæуы. Сæ алы фезмæлд дæр æй дисы æфтауы. Афтæ йæм фæкастис, цыма, иу мады хъæбултау æнгæстæ сты, уæдæ сæ бакастæй зæгъай, сæ асæй, гъе сæ зондæй. Иуæй дæр дзы афтæ зæгъæн нæ уыд, æмæ дзы иу иннæмæй цауддæр у. Уыцы рæстæджы Феликсы зæрдæмæ бабырстой цахæмдæр уæлмонц цины æнкъарæнтæ. Цыма дзы истæмæн аирвæзынæй тарстис, уыйау сæрæй къæхтæм хъустæ æмæ цæстытæ фестадис. Йæ алыварс ма чидæртæ кæй бадтис, уый хатгæ дæр нал кодта. Тыхджын æмдзæгъдмæ-иу цыма йе ’муд æрцыд, афтæ уыцы рæстæджы иу каст фæкодта йе ’фсымæрмæ. Хъуамæ йæ афарстаид сæ диссаджы кафты тыххæй, фæлæ уый уыцы иугъæдонæй бадгæ куы ауыдта, уæд ницыуал сдзырдта, нымдзаст ногæй сценæмæ.

Джиоты Феликсæн уыцы изæр баззадис йæ зæрдæйы цæргæйæ. Уыцы бонæй фæстæмæ никуыуал ахицæн йæ удæй уыцы ныв, йæ зæрдæйы алы таг дæр «Симд»-æн нывонд уыд. Ныр дæр ахæм у йæ хъуыды Феликсæн, зæгъгæ, ма сæдæ хатты райгуырдтæн æмæ цы фæндагыл æрлæууон уый æвзарын, уæддæр мæ рацæугæ фæндагæй иу бон дæр нæ фæкæсин æндæрæрдæм. Æмæ раст зæгъы Джиойы фырт, йæ алы зæрдæйы цæф дæр сценæйæн, ирон кафтæн нывонд у. Æрдз æй æрмæстдæр уымæн сфæлдыста.

Йæ бæллиц сæххæст кæнынæн та йын фадат фæцис, йæ ныййарджытæ йæ горæтмæ куы æркодтой æмæ 5-æм астæуккаг скъолайы ахуыр кæнын куы райдыдта, уæд. Уæд районты скъолаты ’хсæн горæты уагъд цыдысты олимпиадæтæ, ирон кафт чи аивдæр сæххæст кæндзæнис, уый тыххæй æмæ Феликс ссис йæ активондæр хайадисджытæй сæ иу. Иу ахæм олимпиа-дæйы уый акафыдис «Æнæнкъуысгæ»” кафт Уалыты Людмилæимæ. Адæм сыл сæ цæст æрæвæрдтой. Нымад æрцыдысты фæуæлахизуæвджытыл. Уæд ыл цыдис 15 азы. Уый Феликсæн уыдис йæ фыццаг уæлахиз. Йæ зæрдæ цинæй байдзаг ис. Уæд фидарæй аскъуыддзаг кодта кафæг, æрмæстдæр кафæджы дæсныйад кæй райсдзæнис. Уыцы рæстæджы йæм йæ хъусдард аздæхта ансамбль «Симд»-ы солист Гуыцмæзты Хъазбег дæр. Фæхатыд ын йæ арæхстдзинад æмæ йæ бакодта ансамблмæ. Йæ рекомендацимæ гæсгæ йæ райстой куыстмæ. Уыцы аудындзинады тыххæй дзы абон дæр стыр бузныг у Феликс. Йæ цинæн кæрон дæр нæ уыд «Симд»-ы зындгонд артисттæ Цыбырты Валодя, Тъехты Петр, Тедеты Гиви, Галуанты Валодя, Æлборты Гемир æмæ æндæртимæ дæр куы базонгæ ис, уæд.

Джиоты Феликс «Симд»-ы кафгæйæ фæкуыста 1968 азæй суанг 1989 азмæ. Стæй нысан æрцыдис ансамблы балет-мейстерæй, фæстæдæр та уыдис йæ аивадон къухдариуæггæнæг. Уыцы рæстæджы ансамбль «Симд» гастролты æрзылдис канд раздæры СССР Цæдисы бæстæты нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр, куыд Герман, Кипр, Йемен, Иорданийы. Алыран дæр сыл сценæмæкæсæг æмбæлдис стыр æмдзæгъдимæ. Абон дæр нæ рох кæнынц уыцы бонтæ Феликсæй. Стыр хъарм зæрдæйæ æрымысы коллективы хъæрмуддзинад, сæ кæрæдзийыл аудындзинад. Раст æм чысылæй иу мады хъæбултæ куыд кастысты æмхуызæттæ, афтæ уыдысты æмхуызон зæрдæйæ дæр.

Уый йын йæ тыхтыл тых бафтыдта æмæ-иу ноджы зæрдиагдæрæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Афтæ никуы ничи загътаид æмæ уый йæхиуыл фаг нæ бакуыста, афтæмæй рахызтис сценæмæ.

Бирæ рæсугъд кæфтытæ сæххæст кодта Феликс, фæлæ дзы уæддæр йæ зæрдæйæн иууыл æввахсдæр уыдысты «Тауче», «Влюбленный Маштибад», «Свидание». Æвæццæгæн, ын уæлдай уарзондæр уымæн уыдысты æмæ сæ кæй кафыдис, стыр аргъ кæмæн кодта, йæ уыцы æмгæрттæ Мæргъиты Заирæ, Гугутишвили Медея æмæ Хъотайты Кларæимæ. Абон уыдон кæд кусгæ нал кæнынц, пенсийы сты, уæддæр кæрæдзимæ уыцы хъарм ахастытæ бахъахъхъæдтой цæстыгагуыйау.

Бирæ азты дæргъы ирон аивадæн йæ æнувыддзинад æмæ зæрдиаг лæггæдты тыххæй Джиоты Феликсæн лæвæрд æрцыдис Гуырдзыстоны ССР-ы сгуыхт артисты ном. Радтой йын «Куысты ветеран»-ы кадджын ном.

Джиоты Феликс бирæ азты дæргъы йæ зонындзинæдтæ æнæвгъауæй амыдта Цхинвалы районы культурæйы хайады ансамбль «Амонд»-æн. Йæ къухдариуæджы бын ацы ансамбль бирæ хæттыты ссис уæлахиздзау алыгъуызон конкурсты. 2007 азы ансамбль «Амонд» ссис Цæцæны Республикæйы уагъдцæуæг фестиваль «Мир Кавказа»-йы лауреат. Феликсæн йæхицæн та лæвæрд æрцыд Цæцæны республикæйы аивæдты сгуыхт архай-æджы ном. Уый бирæ азты дæргъы фæкуыста Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны кафджыты ахуыргæнæгæй.

Ныртæккæ Джиоты Феликс ис пенсийы. Фæлæ аивадмæ йæ уарзондзинад къад-дæр нæ фæцис. Уый нæ, фæлæ ма йæ хъус дары нæ республикæйы уæвæг ансамбл-тæм æмæ сын цин кæны се ’нтыстытыл.

Амондджын у Феликс йæхи сæрмагонд царды дæр. Йæ цардæмбал Наирæимæ цы æртæ хъæбулы схъомыл кодтой, уыдон царды сæ бынат ссардтой. Ис ын хъæбулы хъæбултæ æмæ сын сæ хорздзинæдтæм рæсугъд æмæ амондджынæй кæсæт.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.