Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй æввахс рæстæджы республикæйы  ставдкъах фосæн арæзт æрцæудзæнис картотекæ. Куыд фермерон, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты фосæн дæр сæ хъустыл конд æрцæудзæн сæрмагонд нысæнттæ, идентификацион номыримæ. Хъæууон хæдзарады министрады хыгъдты чиныгмæ хаст æрцæудзæн стуры тыххæй зонæнтæ, йæ æнæниздзинады уавæр. Уый фæстæ æмбæлон гæххæтт лæвæрд æрцæудзæн стуры хицаумæ.

Министрады куыд зæгъынц, афтæмæй æдæппæт республикæйы, куыд фермерон, афтæ хисæрмагонд хæдзарадты дæр нымадæуы ставдкъах фос 15 463 сæры бæрц. «Фосæн дæр ис сæхи низтæ æмæ бæлвырд низтæй рынчын фосы продукци фæлхасгæнджыты размæ хаст ма хъуамæ цæуа».

Хъыгагæн, фæстаг рæстæг адæмы ‘хсæн фосы тыххæй ахæлиу дам-думтæ, ома, фосæн картотекæ арæзт кæй цæуы уый,  нысан кæны, цæмæй сын фидын кæной хъалон. Уыцы ныхæстæн кæй ницы бындур ис, уый тыххæй æрæджы фехъусын кодта хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев дæр. Уый ма куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы разамынад архайы, цæмæй хъæууон фæллойгæнæгæн арæзт цæуа æппæт фадæттæ дæр ставдкъах фос фылдæр кæнынæн. Æввахс рæстæджы та, дам, фæнд кæнæм республикæйы фермерон æмæ хисæрмагонд хæдзæрттыл азилын, цæмæй бабæрæг кæной фосы сæ хицæуттæ цы уавæрты дарынц, зымæгмæ холлæгтæй куыд ифтонг сты, уыдæттæ.

Хуссар Ирыстонæй Уæрæсемæ дзидза ласæн кæй нæй, «Россельхознадзор»-ы уынаффæмæ гæсгæ, уымæн йæ сæйраг аххосаг у, нырмæ дæр фос идентификацигонд кæй нæ цыд. Ныр, хъæууон хæдзарады министр куыд зæгъы, афтæмæй уыцы низты фæзындтытæ аиуварс æрцæудзысты æмæ дзидзайы продукцийæн Хуссар Ирыстонæй ласыны бар уыдзæнис Уæрæсемæ. Уы-мæн æвдисæн, æрæджы «Растдон»-ы компанийы продукцийæн Уæрæсейы базармæ æмæ Таможнæйон цæдисы территоримæ ласыны фадат кæй фæзынд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр республикæйæн æдтæмæ æрвитын хъæудзæнис гъæдджын продукт. Нæ республикæ та аграрон бæстæ кæй у, уымæ гæсгæ æппæт рæстæджыты дæр нæ хъæууон фæллойгæнджытæн сæ цард баст уыдис фосдард æмæ зæххы куыстимæ. Советон дуджы дæр фосæн арæзт цыд картотекæ. Иумæйаг хæдзарадты цы фос дардтой, уый фыдызгъæл бахæрынæй тас нæ уыд, уымæн æмæ рынчын фосæн нæ уыд уæйкæныны бар.

Зындгонд аххосæгтæм гæсгæ хъæууон хæдзарад фæстæмæ алæууыд. Нал ис колхозтæ æмæ совхозтæ. Цæрджытæн дæр фадæттæ нал уыд фосдард æмæ зæххы куыст кæнынæн. Фæлæ ныр нæ республикæйы разамынад мадзæлттæ исы, цæмæй ногæй райтынг уа хъæууон хæдзарад. Фермертæн, фадæттæ цас амонынц, уымæй æххуыс кæны паддзахад, цæмæй рæза хъæууон-хæдзарадон продуктты æрконд.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.