Нæ ирон адæмы хъысмæт афтæ рауад, æмæ хуссарирыстойнæгтæн се ‘мбисæй фылдæр фæстаг дыууæ æнусы дæргъы хуыздæр цардагур æмæ æдасдзинады нысанæн фæлыгъдысты Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы алы  къуымтæм.

Ӕмæ кæд мæнæн мæ бинонтæ 2008 азмæ Гуры районы Ренейы хъæуы цардысты, уæддæр дзы уыцы сæрд цæрæн нал уыд – алырдыгæй нæм лæбурдтой, дæлдзиныг нæ кодтой, мæ фыд (ныр дзæнæттаг) æмæ мын ме ‘фсымæры фыднад фæкодтой, нæ хæдзары кæрт æмæ нын нæ цæхæрадонæй брондон сарæзтой, нæ дуарыл нын алы æнæуаг ныхæстæ фыстой, фæ-лæ быхстам, цæмæндæр нæм афтæ каст, уыцы æбуалгъ ми-тæн сæ кæрон тагъд кæй æрæв-вахс уыдзæн.

Иу æхсæв нæм æрбамидæг, ирон мад кæй схъомыл кодта, нæ сыхæгты уыцы лæппу æмæ тыхстæй тагъд-тагъд адзырдта: – Исты амæлттæй ахсæв алидзут! Цыдæр æвирхъау хабæрттæ хъуысы æмæ мæ зæрдæ уемæ дзуры… Мах æй не ‘ппæт дæр бамбæрстам, æнæхъуаджы кæй не ‘рбацыд нæ сыхæгты лæппу æмæ сагъдæй аззадыстæм. Уæд мæ фыд арф ныуулæфыд æмæ афтæ: – Ахсæв нæ хæдзары стæм фæстаджы сахаттæ,  – æмæ йæ цæссыгтæ æрызгъæлдысты. Мах хорз  зыдтам уыцы судзгæ цæссыгты уæз – ХХ æнусы 20-æм азты та йæ фыды фыды бинонтæ лыгъдысты Цæгат Ирмæ, сæ фылдæр – фæндагыл басыдысты.

Хуыцауæй нæ иу амонд уыд æмæ нæ кæрты лæууыд мæ фыды зæронд хæдтулгæ.  Ныууагътам нæ ныййарджыты цæрæнбонты фыдæбон – сæ бирæ фæллæйттæ æмæ рараст стæм Ирыстоны ‘рдæм. Уый уыд 2008 азы 17 июлы. Куыддæрты æрхæццæ стæм Цхинвалмæ æмæ балæууыдыстæм мæ мады æрвадæлты къæсæрыл. Мæ фыды нæ фæндыд дырддæр ацæуын æмæ ам баззадыстæм. Нæ фысымтæ, Бекъойты бинонтæ  нын рæдауæй лæггад кодтой. Бæргæ нæ нал фæндыд Цхинвалæй ацæуын, фæлæ æрбалæууыд августы мæй… Æз нал фысдзынæн, цы дудгæбон æмæ зæрдæскъуыйæн цаутæн сдæн æвдисæн, уыдоны тыххæй  мингай уацтæ сыл  ныффыстæуыд.

Дзырд дардыл у, фæлæ мæ фыды нал бафæндыд Цæгат Ирыстоны æрбынат кæнын дæр.  Уырыс уæддæр Уырыс у, зæгъгæ, æмæ араст стæм Ростовы ‘рдæм. Бирæ фыдæбæттæ æмæ зындзинæдтæ бавзæрстам, фæлæ та ам дæр нæ къахыл слæууыдыстæм. Мæ фыд мын иууыл афтæ фæдзæхста: «Исты амæлттæй-иу ссар фæрæзтæ æмæ балæггад кæн нæ цхинвайлаг хæрзгæнджытæн». Арæх-иу мысыд нæ сыхæгты лæппу Никъойы дæр. Уый нæ куы нæ бафæдзæхстаид уыцы изæр, уæд цы бауыдаиккам, ууыл мæхимид дæр никуы ахъуыды кæнын…

Ацы аз мæ мады ‘рвадæлæн йæ лæппуйы лæппу фæци скъола, ныридæгæн у Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иуы студент. Уый фехъусгæйæ, сфæнд кодтон мæ фыды фæдзæхст сæххæст кæнын æмæ мæ чызгимæ æрцыдтæн Хуссар Ирыстонмæ.

Æрцыдтæн, фæлæ мæ аздæхын нал фæнды. Горæты уынгты рацу-бацуйæ не ‘фсæдын: рæсугъд, сыгъдæг, хæрзарæзт. Мæн никуы бауырныдтаид, æмæ ма Цхинвал йæ бынаты баззайдзæн 2008 азы фæстæ, алы диссæгтæ хъуыст, зæххы æмвæз æй скодтой, зæгъгæ… Алы изæр дæр цæуæм Къостайы цырты цурмæ, фæтезгъо кæнæм Октябры уынджы. Фырцинæй мæ  кæуын  фæфæнды, мæ зæрдæ уæрыккау скафы. Адæм – хæрзконд, зæрдæрай, цингæнаг.

Мæнæн дзы зонгæтæ нæй, фæлæ уæддæр аныхас кæнын ме ‘мирон адæмимæ. Тынг феппæлынц Хуссар Ирыстоны ныры Президент Тыбылты Леонидæй. Æз æй нæ зонын, телевизоры æмæ йын йæ нывтæ газетты фæрстыл йæ цы фенын, уымæй дарддæр, фæлæ йын зæгъын стыр бузныг æппæт ирон адæмы номæй. Республикæ æндидзы, размæ цæуы, æмæ куыд хъусын, афтæмæй уыцы æнтыстытæ æмæ бæстæйы размæ-дзыд хуссарирыстойнæгты къухы бафтыд сæ Президенты фæрцы. Арфæйаг у, Леонид Харитоны фырт, адæмы ныфс сафын кæй нæ бауагътай, Хуссар Ирыстоны пырхæнтыл ног бæстыхæйттæ, хъæутæм уæрæх фæндæгтæ æмæ амонд-джын цард аразынмæ адæмы  кæй разæнгард кæныс, уый тыххæй.

ЧИАТЫ Мери

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.