Ныр дыууæ къуырийы дæргъы дунейы хъусдард здæхт у Каталонийы цæуæг цаутæм. Ныр дыууæ къуырийæ фылдæр Каталонийы столицæ Барселонайы уагъд цæуынц дзыллон акцитæ каталониаг политикты фарсхæцынады сæраппонд, кæцытæн 2017 азы регионы хæдбардзинады тыххæй референдум сорганизаци кæныны фæдыл тæрхондон уынаффæ рахаста дæргъвæтин азты дæргъы, ома, 9 азæй 13 азы онг ахæстоны фæбадыны тæрхон. Акцитæ райдыдтой 18-æм октябры. Ордер рафыст æрцыд Каталонийы раздæры лидер Карлес Пучдемоны æрцахсыны тыххæй дæр, кæцы ныртæккæ ис Бельгийы. Демонстрациты хайад райстой 500 мин адæймагæй фылдæр, уыцы нымæцы автономийы æндæр горæттæй дæр. Горæттæ Жирона, Вика, Берга, Таррега æмæ Таррагонайæ демонстрантты фондз колоннæ æрбацыд Барселонамæ. Аналитикты хъуыдымæ гæсгæ,  демонст-рациты бирæнымæц хайадисджытæ кæй ис, уымæ нæкæсгæйæ, Испаны хицауад хатыртыл нæ ацæудзæн парламентон æвзæрстыты размæ, кæцытæ уагъд æрцæудзысты 10-æм ноябры. Санчес æмæ къухдариуæггæнæг Социалистон партийы нæ фæнды æвзарджытæн сæ лæмæгъдзинад равдисын, уымæн æмæ уæд сæ позицитæ фесафдзысты. Фæлæ Каталонийы цаутæ уæддæр æнæ фæстиуджытæй  нæ баззайдзысты. «Цахæмдæр бадзырдтæ уагъд æрцæудзысты æрмæст Каталонийы тыххæй нæ, фæлæ иумиагæй Испаны федерализацийы тыххæй. Фæлæ æрмæстдæр  æвзæрстытæ уагъд куы æрцæуой æмæ ног хицауад куы фæзына, уый фæстæ», – банысан кодта Уæрæсейы зонæдты академийы Европæйы институты социалон æмæ политикон иртасæнты хайады сæргълæууæг Владимир Швейцер.

Демонстранттæ æмæ полицийы ‘хсæн æрцыд ныхмæ-лæудтытæ, кæцыты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой 500 адæймаджы бæрц, уыдонæн се ‘мбис уыдысты полициæгтæ.  Ахст æрцыдысты 128 адæймаджы. Развæлгъау бæрæггæ-нæнтæм гæсгæ, протестон акцитæй æрхæсгæ зиан ахызт 2,5 милуан евройæ. Эксперттæ куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ масштабон протесттæ æвдисæн сты уымæн, æмæ хæдбардзинады идеятæн кæй ис стыр популярондзинад каталониаг æхсæнады. Уыимæ уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, зынтæй бафтдзысты сæ къухты сæ нысæнттæ. Каталонийы цæрджытæ иугъуызон нæ хъуыды кæнынц хæдбардзинады фарсты тыххæй, – нымайы политолог Владимир Оленченко. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Каталонийы къухдариуæгады нæ фæнды Испаны хицауадимæ карз конфронтацийы бацæуын. Каталонийы регионалон президент Ким Торра фехъусын кодта, зæгъгæ, каталониаг лидерты æрцахсыны тыххæй тæрхондоны уынаффæ у «демократийы бафхæрд». Уый æрсидт, цæмæй кæрон скæной репресситæн, ссæрибар кæной политикон ахæстты æмæ сын фадат радтой сæ райгуырæн бæстæмæ æрбаздæхынæн. Уымæй дарддæр ма Ким Торра загъта, зæгъгæ, хъæуы ноджы иу референдум ауадзын регионы хæдбардзинады тыххæй. Испайнаг тæрхондоны уайтагъд сдзуапп кодтой Торрайы хъусынгæнинагæн æмæ йæм бартхъирæн кодтой барадон фæстиуджытæй референдум ауадзын куы сфæнд кæна, уæд. Каталонийы сæргълæууæджы раздæры хæдивæг, парти «Левые республиканцы»-йы лидер Ориоль Жункерас, кæцыйæн рахастæуыд иууыл фылдæр æмгъуыд – 13 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, фехъусын кодта, зæгъгæ, тæрхондоны тæрхон æрмæстдæр ахъаз кæндзæн Каталонийы хæдбардзинады тыххæй змæлд фæтыхджындæр кæнынæн.

Карлес Пучдемон испайнаг тæрхондоны уынаффæйы ныхмæ протестон акцийы тыххæй Брюсселы фехъусын кодта, зæгъгæ, каталониаг кризис иумиагæй хауы европæйаг демократимæ. Ацы проблемæ, зæгъ, æрмæст испайнаг кæнæ регионалон нæу, фæлæ европæйаг дæр. 2017 азы октябры Каталонийы уагъд æрцыд референдум Испанæй хæдбар-дзинады тыххæй. Уæд каталониæгтæ фылдæр хъæлæстæ радтой Испанæй ахицæн кæныны тыххæй. Фæлæ Испаны хицауад нæ банымадтой референдум æмæ йæ фæстиу-джыты. 27 октябры Испаны сенат æрурæдта Каталонийы автономи, регионы бакодтой комкоммæ управлени, хицауад æмæ парламенты та суæгъд кодтой.

Алцыдæр райдыдта 1714 азы, уæд испайнаг карол Филипп Y бацахста Каталонийы.  1979 азы Каталони, куыд ноджы цалдæр «историон» регионы, афтæ райста «автономийы» статус ног Конституцимæ гæсгæ. Фæлæ, «историон» регионтæ райстой æрмæстдæр дзырдæй автономитæ: зæгъæм, каталониаг хицауады æмæ парламенты цахæмфæнды уынаффæ дæр гæнæн уыд æмæ аивтаиккой Мадриды. Афтæ уыд цасдæр рæстæджы дæргъы. 2005 азы каталониæгтæ райстой  наци хуыйныны бар, испайнаг хицауад ацыд хатыртыл æмæ сæ ссæрибар кодта хъалонты фылдæр хайæ. Уый æнæразыдзинад расайдта Испаны æндæр регионтæм. 2010 азы Конституцион тæрхондон аивта Каталонийы автономон статусы реформæ æмæ каталониæгтæ ногæй фесæфтой сæхимæ хъалонты фылдæр хай бахъахъхъæныны, афтæ ма наци хуыйныны фадат дæр. Уæдæй фæстæмæ Каталонийы райдыдта протестон зæрдæйыуагы тагъд рæзт.

Испан конд у 17 регионæй. Уыдонæй Каталони нымад цæуы иууыл ахсджиагдæртæй сæ иуыл. Испан, куыд паддзахад, афтæ райдыдта уырдыгæй. IX-æм æнусы нырыккон Барселонæйы районы æрцардысты готтæ æмæ аланты знæмты баззайæццæгтæ. Уырдæгæй рацыд ном Каталони дæр. Каталониæгтæ тынг хицæн кæнынц испайнæгтæй. Уыдонæн ис сæхи æвзаг æмæ хисæрмагонд культурæ. Æрмæстдæр 1983 азы бафтыд сæ къухты сæйраджыдæр областы каталониаг æвзаджы бар, уæды онг хæсджын уыдысты испайнаг æвзагыл дзурын. Ныр скъолаты дæр ахуыр кæнынц каталониаг æвзагыл. Фæлæ ма протестты сæйраг аххосаг у испайнаг хицауад æфтиæгтæ куыд дих кæны, уый дæр. Каталониæгты хъуыдымæ гæсгæ, уыдон испайнаг бюджетмæ фидынц бирæ фылдæр, Мадридæй сæм фæстæмæ дотациты хуызы цы æрвитынц, уымæй.

Испаны цæмæннæ фæнды Каталонийы ауадзын? Иууыл фыццаг, Каталони куы ахицæн уа, уæд сепаратистон процесстæ райдайдзысты бæстæйы æндæр регионты дæр. Ныридæгæн ахæм идеятæ хъуысынц Баскты Бæстæйæ æмæ Валенсийæ. Каталонийы куы фесафой, уæд уый тынг фæзындзæн паддзахады бюджетыл. Нырттæккæ Каталони бæстæйæн хæссы æппæт æфтиæгты фæндзæм хай. Регионы æрвылазон финансон зылд схизы 230 миллиард евройы онг. Каталони ма у Испаны визитон карточкæ. Æрвылаз дæр Коста Бравыйы хурджын донбылгæрæтты бабæрæг кæнынц 20 милуан туристы. Каталони куы ахицæн уа, уæд Испан культурон къабазы дæр фесафдзæн бирæ зынгæ адæймæгты, куыд зæгъæм, нывгæнæг Сальвадор Дали, архитектор Антонио Гауди, оперон зарæггæнæг Монтсеррат Кабалье æмæ æндæрты. Испайнæгты фылдæр хайы та тыхсын кæны бæстæйы футболон командæйы фарст дæр. Уымæн æмæ футболон клуб «Барселона» у æрмæст национ сæрыстырдзинад нæ, фæлæ милуангай испайнаг фанатты дин.

Евроцæдисы позици. Кæй зæгъын æй хъæуы, Евроцæдисы нæ фæнды Каталони Испанæй ахицæн уа, уый. Уымæн æмæ Каталони хицæн паддзахад куы суа, уæд æй бафæзмдзысты æндæр регионтæ дæр; Бельгийы – Фландрия, Францы – Корсика, Румыны – Трансильвани, Германы – Бавари, Италийы – Падани æмæ афтæ дарддæр. Брюссель комкоммæ йæхи конфликты нæ хæццæ кæны, фæлæ бартхъирæн кодта, зæгъгæ, Каталони куы ахицæн уа, уæд Евроцæдисы хайыл нымад нал цæудзæн. Уæрæсейы позици фехъусын кодта Владимир Путин. «Махæн хорз ахаст ис Испан æмæ испайнаг адæммæ, йæ историмæ. Нæ историон ахастытæ сты арф. Мах нæ цымыдис кæнæм, цæмæй Европæйы бæстæтæ кæрæдзйы фæстæ ныппырх уой, уымæ».

Уæдæ куыд равдисдзæн йæхи официалон Мадрид? Фыццаг, Рахой сразы уыдзæн бадзырдтæ ауадзыныл. Уый та нысан кæны хатыртыл ацæуын автономийы статусы тыххæй, афтæ ма хъалонты проблемæ æрбæстон кæныны тыххæй. Премьер-министрæн ацы хъуыддаг саразын фæзын уыдзæн, уымæн æмæ уый йæхи равдыста куыд карз критик æмæ проблемæ тыхæй аскъуыддзаг кæныны фарсхæцæг, афтæ. Дыккаг вариант у тыхон. Протестгæнджыты асурын, оппозицион лидерты æрцахсын æмæ Каталонийы комкоммæ управлени бакæнын. Афтæмæй Европæйы центры Евроцæдисæн фæзындзæн йæхи Донбасс. Ныр та дуне æнхъæлмæ кæсы политикон уынаффæтæм, кæцытыл баст уыдзæн бæстæйы дарддæры уавæр.

Мыхуырмӕ йӕ бацӕттӕ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.