«Сæ хæдбардзинæдты сæрыл Хуссар Ирыстон æмæ Каталонийы тохтæн кæрæдзиимæ абарын раст нæу», –  Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Æвзонг политологты клубы фыццаг рабадты – тымбыл фынджы рæстæджы фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан.

Мадзалы темæ уыдысты Каталонийы æрцæугæ цаутæ. Уагъта йæ ИА «Рес»-ы къухдариуæггæнæг Уазæгты Юри. Уый куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны  æвзонг политологтæ æрæмбырд сты, цæмæй сæ хъуыдытæ зæгъой, абоны бон Каталонийæ цы ныхмæвæрд хабæрттæ хъуысы, уыдоны тыххæй, уыимæ ма банысан кæной, уыцы цаутæ Хуссар Ирыстоны алыварс уавæрыл куыд бандавдзысты, Каталонийы цауты фæстæ æвзонг паддзахадты банымайыны проблемæ æндæр æмвæзадмæ рахиздзæн æви нæ, æппæт уыдæттæ.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан, фæсивæдон организацийы «Иугонд Алани»-ы сæргълæууæг Коцты Михаил, Республикæ Хуссар Ирыстоны Приднестроваг Молдаваг республикæйы минæвар Коцты Егор, политикон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы политикон зонæдты кафедрæйы лектор Плиты Сослан, РХИ-йы Президенты Администрацийы информацион-аналитикон управленийы аналитикон хайады хистæр Джабиты Вячеслав æмæ æндæртæ.

КАТАЛОНИ ÆМÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ АДÆМТЫ ТОХЫ ‘ХСÆН ПАРАЛЛЕЛТÆ УАДЗЫН  РÆДЫД ХЪУЫДЫ У

Фæсивæдон организаци «Иугонд Алани»-йы сæрдар Коцты Михаил цыбыртæй радзырдта Каталонийы экономикæйы æнтысты тыххæй. Уый фæстиуæгæн каталойнæгтæ тырнынц паддзахадон хæдбардзинадмæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Испанийæ ахицæны тыххæй Каталони референдум куы ауагъта, уый фæстæ, соцхызæг æмæ Facbook-æй чи пайда кæны, уыдон кæрæдзи фæрстæм æвæрынц Хуссар Ирыстоны æмæ Каталонийы адæмты тохты, ома, Каталонийы æнтыст фæахъаз уыдзæн Хуссар Ирыстоны фарстмæ Европæйы ахаст фæивынæн. Каталойнæгты фыдæлтæ æмæ алантæн кæд хæстæгдзинады бастдзинæдтæ уыд, уæддæр ахæм хъуыдытæ сты рæдыд.

 

АЛАНТÆН КАТАЛОНИИМÆ ЦЫ ИУДЗИНАД ИС, УЫЙ ТЫХХÆЙ ИСТОРИОН БÆЛВЫРДГÆНÆН

Истори куыд амоны, афтæмæй 414 азы вестготтæ æмæ алантæ бабырстой Испанимæ, бацахстой йын йæ цæгат хай, сарæзтой сæхи паддзахад æмæ йæ схуыдтой Готалония. 476 азы та бацахстой Барселонæйы æмæ йæ сарæзтой сæ паддзахады сæйраг горæт. Историктæй бирæтæ зæгъынц, зæгъгæ, ном Каталония арæзт æрцыд «Готалония»-йæ.

429 азы алантæ æмæ вандалтæ, сæ сæргъ король Гейзерих, афтæмæй ныууагътой Испанийы æмæ Пиринейты æрдæгсакъадахæй ацыдысты Цæгат Африкæмæ.

Уымæн æмæ Каталонийы сепаратисттæ сæхæдæг дæр хорз цæстæй нæ кæсынц Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы националон-сæрибаргæнæн змæлдмæ. Уыдон хицæн паддзахад куы суой, уæддæр нæ банымайдзысты не ‘взонг паддзахадты хæдбардзинадтæ.

Æвзонг политик æрæмных кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Каталонийы цы референдумтæ ауагъдæуыд, уыдон. Кæд Каталонийы референдумы хайад райстой, хъæлæс дæттыны бар кæмæн уыд, уыдонæй æрмæстдæр 44 проценты, уæд Хуссар Ирыстоны 1992 азы референдумы та –  96,9 проценты, 2014 азы Республикæ Хъырымы – 81,3 проценты, Севастополы – 89,5 проценты.

Чизоны исчи зæгъа, зæгъгæ, Каталонийы референдумы бахъыгдардтой Испанийы полици. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм Хуссар Ирыстоны 1992 азы рефернендумы цаутæ. Уæд дæр Цхинвалы æмæ йæ алыварс ирон хъæуты алы ‘рдыгæй æхстой гуырдзиæгтæ, фæлæ уæд-дæр, адæм сæ цардæн тæссаг уавæрты æрцыдысты æмæ хъæлæс радтой. Уыцы референдум уагъд æрцыд хуссарирыстойнаг æмбæс-тæгты Гуырдзыстоны æрдыгæй мæлæтæй бахъахъхъæныны нысанæн. Ахæм тæссаг уавæрты уыдысты хъырымæгтæ дæр. «Каталонийы адæм тасдзинад нæ бавзæрстой æмæ сæм референдумы рæстæджы дæр тæссаг нæ уыд», – йæ ныхас балхынцъ кодта Коцты Михаил.

 

КАТАЛОНИЙЫ ПАДДЗАХАДОН ХÆДБАРДЗИНАДЫ БАНЫМАД ХУССАР ИРЫСТОНÆН НИЦÆЙ БОНУСТÆ РАТДЗÆН

Мадзалы раныхас кодта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Коцты Алан. Уый лæм-бынæгдæр бамбарын кодта Каталонийы абоны уавæр, радзырдта, Хуссар Ирыстонимæ сын цы хицæндзинæдтæ ис, уыдоны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, каталойнæгты тохæн фылдæр ис, политикон нæ, фæлæ экономикон уаг. Уый тыххæй сæ барты сæрыл æмæ хæдбардзинад райсыны тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Каталонийы адæмты тохæн нæй кæрæдзиимæ абарæн. Дунеон барады ис дыууæ принципы  паддзахады территориалон æнæхъæндзинад æмæ нациты æмæ адæмты хæдуагæвæрды принцип. Уыцы дыууæ принципы æдзухæй дæр кæрæдзиимæ знагиуæг кæнынц æмæ, æвæццæгæн, бирæтæм æвзæрын кæны фарст: иуæй-иу цауты рæстæджы цæмæн пайда кæнынц иу принципæй, иннæ цауты рæстæджы та – æндæр принципæй? Æмæ æнгæс цауты рæстæджы паддзахады территориалон æнæхъæндзинад æмæ нациты æмæ адæмты хæдуагæвæрды принциптæ сæйраг сты æви нæ? Æвæццæгæн, не сты, уымæн æмæ уыцы дыууæ принципы сты Иугонд Нациты Организацийы уставты фыст принципты иу номхыгъды. Уыдон кæрæдзи хъуамæ æххæст кæной. Нацийы куы куынæг кæнынц, кæнæ йын скуынæгæй тæссаг куы вæййы, уæд ын ис хæдуагæвæрды бар.  Каталонийыл куы дзурæм, уæд уымæн ис йæхи официалон – каталойнаг æвзаг. Уыцы æвзагыл арæзт цæуынц официалон документтæ дæр, ахуыр дæр уыцы æвзагыл кæнынц. Абон Испанийы ничи дæлдзинаг кæны каталойнæгты. Уыцы проблемæ Каталонийы нæй æмæ йæ каталойнæгтæ сæхæдæг дæр æмбарынц. Уый фæстиуæгæн, зæгъæн ис, Каталонийы уавæры хæдуагæвæрды прин-ципæй спайда кæнын нырма раджы у.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хъуыдымæ гæсгæ, дыккаг фактор та у адæмы мандат.

Уый дæр радзырдта Хуссар Ирыстон æмæ Каталонийы референдумты тыххæй æмæ сын банысан кодта сæ хицæндзинад.

Коцты Алан куыд загъта, афтæмæй дунеон æмæхсæнады æрды-гæй Каталони нымад куы æрцæуа хицæн паддзахадæй, уæддæр уымæй Хуссар Ирыстон ницы бонустæ райсдзæн. Уымæн æмæ дунеон барад ныры онг дæр баззад тыхджындæры барадæй. Хуссар Ирыстоны та йæ тыхтæ аздахын хъæуы мидæггагон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ, йæ паддзахаддзинад фидар кæнынмæ æмæ адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнынмæ.

 

НОГ БÆСТÆТЫ БАНЫМАЙЫНЫЛ ТАГЪД КÆНЫН НÆ ХЪÆУЫ

Каталони æмæ Хуссар Ирыстоны кæрæдзийыл абарын раст кæй нæу, уыцы хъуыдыимæ сразы Плиты Сослан дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны территорийыл хæлд цыд дунеон барады иууыл ахсджиагдæр закъон æмæ принцип – цæрыны, сæрибар уæвыны бар æмæ нæ адæм уый бахынцгæйæ, спайда кодтой хæдуагæвæрды барæй.

Бирæтæ Уæрæсейы аххосджын кодтой Испанийы конфликт цырын кæныны, фæлæ Европæйы æндыгъддзинад Уæрæсейæн зианы йедтæмæ пайда нæу. Уæдæ чи у аххосджын?

Æвзонг политолог куыд банысан кодта, афтæмæй Испанæй Каталонийы рахицæн пайда у æрмæстдæр Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ НАТО-йæн. Плийы фырт цæвиттонæн æрхаста Каталонийы премьер-министры уац, цыран уацы автор 2014 азы фехъусын кодта, Каталони НАТО-мæ цæуынвæнд кæй кæны, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстон æвзонг паддзахад у æмæ йæ тагъд кæнын нæ хъæуы ног бæстæтæ банымайыныл.

«Мах нæ тыхтæ хъуамæ аздахæм нæ паддзахадон институттæ сфидар кæнынмæ, нæ экономикæйы рæзтмæ. Уый хъуамæ суа нæ сæйрагдæр хæслæвæрд æввахс 10-15 азы. Уый фæстæ дарддæр цæудзыстæм нæ стратегион партнер Уæрæсеимæ», – йæ ныхасы кæрон банысан кодта Плиты Сослан.

Джабиты Вячеслав дæр сразы хæдбардзинадмæ Хуссар Ирыстон æмæ Каталонийы фæндæгты хицæндзинады тыххæй йæ коллегæты хъуыдыимæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй иу æнусы дæргъы ирæттæн æртæ геноциды сарæзтæуыд, Каталонийы та ахæмæй ницы уыд. Уым быцæудзинад сæвзæрын кодтой æрмæстдæр экономикон фарстатæ.

Йæ рады Коцты Егор дæр æнгæс цæвиттонтæ æрхаста, Приднестроваг Молдаваг Республикæ æмæ Молдавийы ‘хсæн цы цаутæ цыд, уыдонæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «ПМР йæ ных сарæзта хæдбардзинадмæ æмæ дунеон банымадмæ, Каталони та, æвæццæгæн, йæ проблемæтæ æндæргъуызы скъуыддзаг кæндзæн».

Мадзалы кæрон йæ хайадисджытæ банысан кодтой, радон тымбыл фынгы темæ кæй уыдзæн, йæ паддзахадон хæдбардзинад дарддæр банымайыны тыххæй Хуссар Ирыстон цы мадзæлттæ исы, уый фæдыл.

Осиаты Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.