Зæххы къорийыл бирæ диссæгтæ фенæн ис, – уый дын алыгъуызон цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæ, æхсæрдзæнтæ, денджызтæ… Æппæт адæттæй бæрзонд хæхтæ адæймаджы къаддæр нæ цымыдис кæнынц, къаддæр рæсугъддзинад сæм нæй. Æмæ ма адæймаг йæхæдæг дæр хæхбæсты куы схъомыл вæййы, уæд ын бынтон æндæргъуызон ахаст вæййы ацы диссаджы æрдзон фæзындмæ. Хæхтæм фæлгæсгæйæ адæймаг æхцондзинад фæисы, хæхты бæрзæндтæ йæ сæхимæ æлвасын байдайынц, фæфæнды йæ, цæмæй йæ цъуппыл феста æмæ дæлæмæ рафæлгæса.

Адæм ма сæ равзæрдæй фæстæмæ хорз зонынц, хæхтæ кæй сты тæссаг алыгъуызон зæйтæ цæуыны фæстиуæгæн. Стæй ма дзы ахæм бæрзонд æмæ зынвадаттæ ис, æмæ сæм æдзæттæ адæймаджы бон нæ бауыдзæн цæуын дæр. Фæлæ сæ уæддæр иууыл тæссагдæртæ сты, вулкан йæ абухынæй кæм нæма æрлæууыд, кæнæ кæм хъавы скалынмæ, ахæмтæ.

Дзырд «вулкан» равзæрд рагон римаг æвзагæй «вулькано»-йæ æмæ райдианы нысан кодта  «Зынджы æмæ куырдалæгоны бардуаг». Италимæ ввахс ис чысыл сакъадах Вулькано номимæ æмæ ацы бынаты хуыдтой ацы бардуагы бадæн бынат, уымæн æмæ дзы цы егъау хох уыдис, уымæй арæх калд сау фæздæг, арт, фæйнæрдæм дзы тахтысты дуртæ æмæ фæнык, дардмæ-иу хъуыстис йæ нæрын. Фæстæдæр ахæм хæхты хонын райдыдтой вулкантæ, зæгъгæ.

Зæххыл активон вулканты нымæц хæццæ кæны 900, иу минмæ ввахс та сты нымæг вулкантæ. Денджызты æмæ океанты кæдон сты, уыдон нырма бæстон нымад никуы æрцыдысты. Иууыл тæссагдæртæ сæ кæцытæ сты, уый дæр ахуыргæндтæн зын сбæлвырдгæнæн у, уымæн æмæ вулкан цавæр тыхæй срæмудздзæнис, уый нæ базондзынæ ныры техникон фæрæзты руаджы. Стæй ма алы вулкан дæр рæмудзы рæстæггай. Тагъд-тагъд кæцытæ хъал кæнынц, уы-донæн сæ тых дæр бæрæг къаддæр вæййы. Фæлæ бирæ рæстæг куы нæ срæмудза вулкан, уæд уый нысан кæны, зæххы бын кæй æрæмбырд ис бирæ энерги æмæ йе срæмыгъдæй егъау зиæнттæ кæй рхæсдзæнис. Кæцыдæртæ дзы æрнымæг вæййынц цалдæр сæдæгай азтæм æмæ ахуыргæндтæй бирæтæ нымайын райдайынц, зæгъгæ, ацы вулканæн йæ рæстæг фæцис æмæ тæссаг нал у. Ныры дуджы бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ иу хохæй æмæ ма иунæг къаннæг къуылдымæй дæр афтæ зæгъæн нæй æмæ фидæны не срæмудз-дзæнис.

Кавказы хæхты кæд дæргъвæтин рæстæг вулкан нал уыд, цыдæр рæстæг-мæ æрнымæг сты, фæлæ уæддæр, зæххы историйы барæнтæм гæсгæ, афтæ бирæ азтæ нæма рацыд, цæмæй сæ æдас хæхтыл нымайæм. Стæй ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ацы хæхтæ сты æрыгæттæ æмæ та æнæ-мæнгæй кæй равдисдзысты сæ активондзинад, ууыл иу уысм дæр нæ хъæуы дызæрдыг кæнын. Ам дзырд нæ цæуы, «срæмудздзысты та Кавказы хæхтæ, æви нæ?», фæлæ «кæд райхъал уы-дзысты ацы вулкантæ ногæй?».

Азовы денджызæй Каспы денджызмæ адаргъ ис Кавказы хохрагъ æмæ Уæ-рæсейы территорийыл нымад цæуы иууыл бæрзонддæрыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй хæхтæ иууылдæр сырæзтысты вулканты активондзинады фæрцы. Уымæ гæсгæ Кавказ дæр кæддæр уыд лавæ æмæ фæнык быдыр, алæрдыгæй дзы гуылф кодтой æмæ пиллон арт уагътой вулкантæ, кæцыйы фæстиуæгæн ацы территорийыл цард рæстæгмæ банымæг. Æдзухдæр дзы дæсгай бынæттæй кæй рæмыгътой вулкантæ, уымæ гæсгæ дзы сырæзт тынг бирæ хæхтæ æмæ къуылдымтæ. Абоны бон дзы иууыл бæрзонддæрыл æрмæст Кавказы нæ, фæлæ ма æгас Европæйы континенты нымад у Эльбрусы хох, кæцыйы бæрзæнд хæццæ кæны 5642 метрмæ. Дыккаг егъау хохыл та нымад у Хъазбеджы хох, кæцыйы бæрзæнд та хæццæ кæны 5034 метрмæ.

Эльбрусы хох хауы стратовулканы хуызтæм, ома йыл лавæ хъæбæр кодта фæлтæргай æмæ-иу йæ райхъал кæныны афон куы æрцыд, уæд-иу срæмыгъта хæлæнхосау. Цы лавæ-иу дзы ракалд, уый-иу уыдис бæзджын æмæ лæхъир, æмæ-иу уымæ гæсгæ тагъд ныхъæбæр. Афтæмæй алы скалдæн дæр кодта бæрзондæй бæрзонддæр æмæ фæстагмæ йæ цъупп дыууæ дихы ацис. Хохæн йæ бындуры диаметр хæццæ кæны 18 километрмæ æмæ йæ дыууæ цъуппы хсæн та дæрддзæг ис 1500 метры. Хурскæсæны æрдыгæй кæцы пик ис, уый чысыл ныллæгдæр у иннæмæй – йæ бæрзæнд 5621 метры.

Æгас дунейы ма Эльбрусæй бæрзонддæр ис æрмæстдæр 7 хохы. Банысан кæныны хъæуы уый дæр æмæ Эльбрусы хох æрвылаз дæр иуылкъаддæр кæй рæзы 3 сантиметры бæрц, уымæн æмæ зæххы бын тектоникон плитæтæ нырма дæр кæрæдзийыл æмбæлынц æмæ уымæ гæсгæ, иумийагæй Кавказы хæхбæстæ бæрзонддæр кæны. Стæй ма ацы хохыл ис тынг бирæ мит æмæ их – æдæппæт 17 егъæуттæ æмæ 62 та – къаннæгдæр цъититæ. Сæ иумæйаг фæзуат хæццæ кæны 144 квадратон километрмæ, кæцыты ис 10 миллиард кубометры бæрц дон.

Эльбрусы хохы алыварс æмæ ма йæ фæхстыл абоны бон цард цæджджинагау æхсиды. Ис дзы хæххон лыжæты трассæтæ,курорттæ, санаторитæ æмæ æндæр хиирхæфсæн-спортивон объекттæ. Хохы рæбынты æмæ йæ алыварс территориты ис тынг бирæ геотермалон суадæттæ, суæрттæ. Йæ уæлхох та уæвынад кæны уазæгдон, кæцы ис 4140 метры бæрзæнды æмæ нымад у иууыл бæрзонддæр бынаты уæвæг уазæгдоныл. Уымæй уæлдай ма йæ фахсыл 5300 метры бæрзæнды ис хæдзаргæндтæ, кæцыты сæ фæллад суадзынц альпинисттæ. Фæлæ бæрæг нæу, адæм кæдмæ пайда кæндзысты æппæт ацы æрдзон лæвæрттæй, кæдмæ дзы уыдзæн ахæм æнцонвадат цард?

2016 азы ахуыргæндтæ сæ хъусдарды рæстæджы рахатыдтой, Эльбрусы хохы фæхстыл цыдæр бынæтты къæйтæ кæй стæвд вæййынц 21 градусы онг æмæ афтæмæй та уæлдæфы уазал фæхæццæ 20 градусмæ. Уыцы бынæтты мит батайы æмæ ма дзы къæйтыл разайы цæгæрхъуына дæр. Ацы фæзынд та ууыл дзурæг у æмæ хохы бын кæй цæуынц алыгъуызон процесстæ, кæй дзы тымбыл кæны энерги æмæ сомбон æнæмæнг кæй срæмудздзæнис.

Иртасæн куыстыты руаджы вулканологтæ сбæлвырд кодтой, Эльбрусы хохыл тыхджын срæмыгъд кæй уыд 1700 азы размæ, æмæ дзы иууыл иумæ та йæ равзæрдæй фæстæмæ ахæм срæмыгъдтытæ кæй уыд 15 хатты. Фæлæ астæузаманты къухфыстты куыд дзырдæуы, афтæмæй ма ацы хох райхъал 500 азы размæ дæр, фæлæ дзы, æвæццæгæн, уæд тыхджын срæмыгъд нæ уыд æмæ стыр зиæнттæ не рхаста адæмæн.

Кавказы хохрагъы истори райдыдта 3,5 миллуан азы размæ. Уæды заманты ацы бынаты уыд быдыр, кæцыйæн йæ хурныгуылæны æрдыгæй кæрдæг дæр нæ зад. Уый фæстæ дзы райдыдтой рæмудзын вулкантæ, æнæхъæнæй ацы территорийы зæхх хæрдмæ цæуын райдыдта æмæ дзы фæзынд фыццаг цъититæ. Эльбрусы бынаты та фыццаг вулкан стыдта 250 мин азы размæ æмæ уæдæй нырмæ йæ активондзинад нæ мынæг кæны, фæлæ ма куыд фæстагмæ ноджы иу срæмыгъдæй иннæйы хсæн вæййы къаддæр рæстæджытæ.

Ацы хох иннæ вулканты хсæн хъомысджыныл нымад кæй у, ууыл дзурæг сты йæ алыварс лавæйы къуылдымтæ дæр, кæцытæ адаргъ сты 16 километры бæрц. Цы вулканы фæнык-иу скалдта, уый та-иу ахæццæ суанг Астраханы горæты онг, ома 750 километры бæрц. Эпицентрмæ хæстæг та-иу вулканы фæныкы бæзн хæццæ кодта 10-15 метрмæ.

Фæлæ æрмæст лавæ æмæ вулканы фæнык не сты фыдбылызхæссæг. Иу зианхæссæг ма дзы хуыйны пирокластикон лæсæн, кæцыйы тæвд фæхизы 800 градусы онг æмæ йе сконды вæййынц вулканы фæнык, хохдуртæ æмæ алыгъуызон газтæ. Вулканы срæмыгъды фæстæ цъититæ уайтагъд батайынц æмæ баиу вæййынц ацы пирокластикон лæсæнимæ, æмæ рахæлбурц кæнынц хохы цъуппæй 700 километры сахатмæ тагъдадæй.  Скуынæг кæны æпæт цæрæгойты æмæ зайæгойты, фæивы æгасæй ландшафт. Ахæм лæсæнтæ рагон заманты ахæццæ сты 150 километры онг Эльбрусы хохæй.

1985 азы Колумбийы райхъал ис хох Невадо-дель-Руис, кæцыйы бæрзæнд хæццæ кæны 5300 метрмæ. Æрдæг сахаты мидæг батадысты йæ цъититæ æмæ пирокластикон лæсæнимæ ракалдис горæт Армеройыл, кæцы уыд 65 километры дæрддзæфæн вулканмæ. Æнамонд цау æрцæуыны фæстиуæгæн фæмардысты 25 мин адæймаджы. Ацы вулкан срæмудзыны хæдразмæ вулканы басгæрстой италиаг специалисттæ æмæ банысан кодтой, зæгъгæ, хох йæхи стабилонæй нæ дары – йæ фæхстæй æмæ йæ кратерæй цæуынц газтæ. Фæлæ бынæттон бæрнон кусджытæ ахуыргæндты ныхæстæ ницæмæ æрдардтой, ома 140 азы дæргъы никуы райхъал æмæ дзы ныр дæр ницæй вулкан уыдзæнис. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ Эльбрусы хохыл цы мит æмæ их ис, уый 5 хатты фылдæр у Колумбийы вулканæй.

Кавказы хæхтæй ма Эльбрусы фæстæ иууыл егъаудæр у Хъазбеджы хох – йæ бæрзæнд – 5034 метры. Ацы вулкан дæр бирæ къаддæр фыдбылыз нæ хæссы, уымæн æмæ йæ уæлæ уæвæг мит æмæ их цъус къаддæр йеддæммæ не сты Эльбрусы хохæй – 135 квадратон километры. Йæ фæхстыл æмæ хохмæ ввахс ис бирæ суæртæ, кæцыты бирæнымæц нысан кæны, – зæххы бын кæй цæуынц магмæ тымбыл кæныны процесстæ.

Ацы вулкан ма адæмæн фыдбылыз хæссы ахæм «фынæй» хуызы дæр. Зæгъæм, 2002 азы Хъæрмыдоны комы хохы фахсæй раскъуыд цъити æмæ зæйы бын фесты 128 адæймаджы. Ацы трагеди фыццаг æрмæст цъитийы фсон кодтой, ома азæй-азмæ стыр кодта æмæ стæй йæхи уæзæй рахауд дæлæмæ. Фæлæ фæстæдæр ахуыргæндтæ куыд сбæл-вырд кодтой, афтæмæй цъитийы хæдбынæй цæуын райдыдтой тæвд газтæ, йæ бындур ын бадон кодта æмæ стæй доны уæлæ ныцъелф кодта уыцы егъау, уæззау мит æмæ ихы массæ. Ахæм трагедитæ ацы бынаты регуляронæй цæуынц æмæ уый та нысан кæны, – ацы хох рæстæгæй-рæстæгмæ кæй рауадзы йæ газтæ.

Ныридæгæн Уæрæсейы Федерацийы специалон службæтæ маниторинг кæнынц тæссаг вулканты, цæмæй развæлгъау базоной вулканы активондзинад æмæ удызиæнттæ ма æрцæуа. Фæлæ геофизикæйы институты зонадон кусæг Михаил Докунин куыд æмбарын кæны, афтæмæй ахуыргæндтæн сæ бон у æрмæст цалдæр боны раздæр базонын вулканы срæмыгъд, кæцыдæр ситуациты та ноджы къаддæр рæстæгмæ. Æмæ кæд абоны бон Кавказы хохрагъы  нырма ницы бæрæггæнæнтæ ис вулкан срæмудзынæн, уæддæр сом цы уыдзæн, уый вулканологтæ сæхæдæг дæр нæ зонынц.

Джиоты Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.